Сценарий на пантеон Наш Коста

Раздел Воспитательная работа
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:





Сценари

пантеонмæ

Аразæг: Бигъаты Дианæ





Сценарий на пантеон.

-Вступительное слово Камала Ходова

Дети в нац. костюмах стоят на входе и около пантеона.

  1. Играет скрипка (все время, что будет выступление)- 3 «Б »

  2. Слова Ведущих из другого сценария

1-аг амонæг: Уæ бон хорз зынаргъ æмбæлттæ æмæ уазджытæ. Абон сымахæн зæрдиагæй, салам зæгъы Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола кæцы кад æмæ радимæ, сæрыстырæй, хæссы Ирыстоны кадджын хъæбулы ном, Хетæгкаты Къостайы ном.

2-аг амонæг: Абон æппæт Ирыстоны адæмæн у бæрæгбон. Мин астсæдæ фæндзай фарæстæм азы, фынддæсæм октябыры, хæхбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном Къоста.

1-аг амонæг: Къоста…æрмæстæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъуызой, йæ цардæгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.



  1. Æрттивгæ стъалы (4- а кълас монтаж)

Ирон аргъуаны фарнæйдзаг хъæбысы,

Æрттивгæ стъалы, рухс зæдау, хуыссы!

Йæ фæллад зæрдæ дугты маст нæ быхсы,

Æрвылбон Ирыл, рухс хурау, - тыхсы.

Нæхи Къоста, дæ зæрдæйы цæхæр рухс,-

Æнусты тарæй абонмæ кæсы.

Дæ зонды суадон рæстæгæй нæ бахус,-

Æппæт дунейы арф фурдмæ бырсы!

Ирон дзырд уыд дæ фæнддаггаг дæ царды,

Æлвæст - дæ хъуыды, топы фатау -раст.

Нæ сыгъд дæ фæдзæхст дам-думты цъæх-арты,

Уый азты сæрты дард æнустæм каст.

Æристай арвæй судзгæ стъалы де рттæм,

Æмæ йын Ирыл байуæрзтай йæ хъарм.

Æнусмæ уымæй рухсзæрдæ уыдзыстæм,

Ды дарыс махыл абон дæр дæ арм!

Цыфæнды рæстæг раивæд нæ дуджы,-

Къоста уæддæр тырысадар уыдзæн!

Йæ «Балцы зарæг» бацарди нæ туджы,

Нæ дзыллæйæн цырагъдарæн уыдзæн!

Æмæ нын дуне ахæм фарн æрхæссæд,-

Дæуæн,Къоста,-фæстагонтæн куыд бæззæм!

«Ирон фæндыр» та ног цинтæ æрхæссæд,

Йæ хъарм уддзæф нæ зæрдæты куыд хæссæм!



  1. Амонæг:

Адæммæ исбоны мыггагæй цы ис, уыдонæн сæ тæккæ ахсджиагдæр у се взаг. Уый адæмы характер æппæты цардхуыздæрæй æвдисы æмæ йæ æппæтæй фидардæр бæтты иумæйаг культурæйымæ. Афтæмæй Хетæгкаты Къоста дæр тох кодта йе взаг æмæ ирон адæмы сæрыл.



  1. Æмдзæвгæ «Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй». (Айларты Михал)

(6 учеников) (монтаж из 3 «Б» и 4 «Б»)

Тæрсын, ирон куы нал дзура иронау,

Куы нал зона йæ мадæлон æвзаг.

Къостайы взагыл хъуамæ дзурын зона,

Нæ разы уæд æдых уыдзæн ызнаг.

Нæ ирон фарнæн ма ссæуæд йæ ахуырст,

Иронау, цæй, мæ рухс фæнттæ зæгъон:

Ирон хæдзарæн райдзаст уæд йæ агъуыст,

Бæрæг куыд уа, кæй дзы цæры ирон.

Ирон дæ ды? Уæд дзур, мæ хур, иронау

Къостайы взаг -æрдхæрæны æвзаг.

Мæйдар æхсæв ныррухс кæны уый бонау,

Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.

Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон,

Гъе, Уастырджи, фыдбылызæй нæ хиз!

Мæ Ир, дæ зæххыл бирæ дон фæнызтон,

Æмæ фыдфынау фесæфтис мæ низ.

Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй,

Ироны уæнджы - ныфс æмæ æхсар.

Зыдтой ироны рагæй дæр нæртонæй,

Иронмæ исты фау, азым ыссар.

Мыййаг ирон йæ дард балцы куы тыхса,

Æркæсæд ыл ирыстойнаг зынгхур.

Ирон йæхи ирон донæй куыд æхса,

Ирон зæххыл ирон æвзагыл дзур.

Ирон дæ ды? Уæд дзур, мæ хур, иронау,

Къостайы взаг-æрдхæрæны æвзаг.

Мæйдар æхсæв ныррухс кæны уый бонау,

Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.



  1. Амонæг: Къоста йæ удæй фылдæр уарзта сывæллæты. Æнæвгъауæй цын фыста æмдзæвгæтæ, кæцытæ уарзынц гыццылæй - стырмæ иууылдæр. Байхъусæм нæ чысыл сабитæм.



  1. (1,2,кълæстæ)

Æрра фыййау (мальчик)

Раджы хохы цъуппæй касти

Иу æрра фыййау.

Мигъ æнгои йæ бынмæ бадти,

Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ,-

Тæккæ был гæрон

Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:

«Агæпп æм кæнон,-

Загъта,- фосуал ам мæ сæрмæ

Хизæд уæзæгыл,

Æз фæхуысдзынæн изæрмæ

Уыцы бæмбæгыл…»

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста.-

Гопп!-зæгъгæ, йæхи

Пуртийы зыввытт фæласта…

Лæг ныххæррæгъ и!


ГИНО (Агаева Фатима)

Гино, гино,гисс!

Иу гæды нæм ис,

Хъарм, фæлмæн кæрц дары,

Къонайыл хуыссы,

Аргъæуттæ мысы,

Хъал зæрдæйы зары…


ФЫДУАГ (мальчик)

О цъиусур,

Мам æм дзур!

О рувас,

О рувас, мæм уас!

Хуысгæ ма кæнын.

О цæргæс,

Мам æм кæс!

О тæрхъус,

Мам æм хъус!-

Кæрдзыныл кæуын!...

ДЗЫВЫЛДАР (Бигаева)

Æнгуырдар-дзывылдар,

Кæм хæтыс зымæг?

Цы бæстæ, цы хæхтæ

Фæтæхыс уынæг?

Кæм рæзынц, кæм цæрынц

Дæ хотæ, дæ мад?

Тæхуды, тæхуды,

Кæмæн ис дæ цард!

УАСÆГ (мальчик)

О уасæг, уасæг,

Сызгъæрин копа!

О уасæг, уасæг,

Сырх зæлдаг боцъо!

Куыд раджы фестыс,

Куыд хъæрæй зарыс?-

Нæ буц лæппуйы

Хуыссын нæ уадзыс.

ЗÆРВАТЫКК (Чызг)

Зæрватыкк - æнæхъыг,

Æнæмаст цæрæг!

Дæ зарæг - нæ дарæг,

Нæ уалдзæггæнæг!

Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй

Фæтæхай фæрнæй

Нæ хæхты, нæ бæсты,

Æлдар кæмæн нæй!

Скъолайы лæппу (лæппу)

- Кæй фырт дæ?

-Толайы.

-Кæм уыдтæ?

-Скъолайы,

-Алы бон дæр дзы вæййын.

-Фæкæсын

-А-бе-тæ

-Фæфысын

-Бе-ве-тæ,

-Ахуыр кæнынмæ бæллын.



  1. Æрхæццæ та ис Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон. Мах, Къостайы ном хæссæг скъолайы ахуырдзауты фæнды, цæмæй йыл рæсугъдæй сымбæлой æрмæст Ирыстон нæ, фæлæ æппæт бæстæты рæстзæрдæ адæмтæ. Æнусæй-æнустæм ирон фæндыры фарн ма бамынæг уа, уарзæм æй æмæ йын йæ фарныл фарн æфтауæг куыд уæм ахæм амонд нæ уæд.

Æмдзæвгæ

Кæм дæ, Къоста

Ды не стыр ныфс, нæ уарзт дæ.

Æнæ дæу сидзæр Иры зæхх, æдзыт.

О, Хетæджы фырт, чи загъта ды мард дæ,

Фæзын, æрвнæрау, азæла дæ дзырд!









© 2010-2022