Тематическое планирование по осетинскому чтению

Раздел Русский язык и Русская литература
Класс 3 класс
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ахуырадон программæ

Ирон литературон кæсынадæй


3 кълас

Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.

Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.

Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн.

Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;

- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;

- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;

- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;

- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.

Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.

Кæсыны урокты хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц сабиты миддуне, ахъаз сын сты сæ эстетикон рæзтæн, æвзæрын сæм кæнынц алыхуызон бæллицаг æнкъарæнтæ. Ахуыр сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдзы рæсугъддзинад æмбарын, хистæрæн, ныййарæгæн кад кæнын, фæллой уарзын æмæ а.д. Иудзырдæй сæ алывæрсыгæй хъомыл кæнынц. Хъомыл кæнын та, В.Г. Белинскийы загъдау, цытджын хъуыддаг у, адæймаджы хъысмæт уымæй аразгæ у.

Литературон кæсынад сабитæн æнкъарын кæны нывæфтыд ныхасы ад, йæ аивдзинад, амоны йын ныв æмæ фæлгонц уынын. Райдайæн кълæсты литературон кæсынадæн йæ сæйраг нысан у скъоладзауты раст æмæ æмбаргæ кæсыныл сахуыр кæнын.

Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр цы у, уый рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын, сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.

1 модуль. Адæмон сфавлдыстад.

1 темæ. Адæмон сфæлдыстад

2 темæ. Нарты равзæрд

3 темæ. Нарты Батрадз æмæ хъулонзачъе уæйыг

4 темæ. Батрадз æмæ æлдар

5 темæ. Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта

6 темæ. Сырдон та Нарты асайдта

7 темæ. Теуа йе 'нæзондæй куыд фесæфт. Аргъау

8 темæ. Рувас-хадзы. Аргъау

9 темæ. Диалог æмæ монолог

10 темæ. Уызын æмæ паддзах. Аргъау

11 темæ. Мады хох. Таурæгъ

12 темæ. Хур æмæ Мæй. Таурæгъ

13 темæ. Авд хойы. Таурæгъ

14 темæ. Æмбисæндтæ

2 модуль. Райгуырæн бæстæ.

1 темæ. Ирыстоны тырыса. Гасынты Ж.

2 темæ. Ды дæ уый, ды, мæ Ирыстон! Цырыхаты М.

3 темæ. Дзæуджыхъæу. Айларты Измаил

4 темæ. Дзæуджыхъæуы герб. Хуыгаты Сергей

5 темæ. Нæ хæхбæсты тых. Уырымты Петя

6 темæ. Ирыстоны хæхты. (Нывмæ гæсгæ куыст)

7 темæ. Абайты Васо

8 темæ. Тæбæхсауты Бало. Темыраты Дауыт

9 темæ. Гергиты Валерий

10 темæ. Андиаты Сослан. Дзасохты Музафер

11 темæ. Хъантемыраты Алибек. Виктор Маръяновскиймæ гæсгæ

12 темæ. Едзиты Сослæмбег. Дзантиаты Анатолий

13 темæ. Ирыстон. Уалыты Лаврент

3 модуль. Ивгъуыд царды нывтæй.

1 темæ. Хетæгкаты Къоста. Нигер

2 темæ. Рагон ирон хæдзар æмæ хæдзары дзаумæттæ.

3 темæ. Къоста. «Особа»-йæ

4 темæ. Дурсæтджытæ. (Нывмæ гæсгæ куыст)

5 темæ. Æмбæлттæ. Барахъты Гино

6 темæ. Хохæгтæ - лигъдæттæ. Хъаныхъуаты Инал

7 темæ. Мæ рыст дæуæн дзурын, Ирыстон. Æлбегаты Азæмæт

8 темæ. Хъæбатыры мæлæт. Дзаттиаты Тотырбег

9 темæ. Æвддæс мин цæрынхъуаг адæймаджы. Дзесты Куыдзæг

4 модуль. Сыгъзæрин фæззæг.

1 темæ. Зæрдылдаринаг

2 темæ. Фæззыгон хъæды нывтæ. Токаты Асæх

3 темæ. Сыгъзæрин фæззæг. Беруаты Барис

4 темæ. Фæззыгон. Челæхсаты Михал

5 темæ. Базон-базон. Хозиты Макар.

6 темæ. Мыстулæг. Гуацъветы Юрий

7 темæ. Скъолайы фæлварæн зæххы хай. (

8 темæ. Арвæй æнгуз æрхауд. Ситохаты Саламджери

9 темæ. Æнувыддзинад. Гуырдзыбеты Барис

10 темæ. Базон-базон. Гаглойты Григол

11 темæ. Уыци-уыци. Тохты Иван

12 темæ. Фæззыгон нывт. Хæмыцаты Албег

5 модуль. Урсзачъе зымæг.

1 темæ. Зæрдылдаринаг

2 темæ. Дзæбидыртæ. Ситохаты Саламджери

3 темæ. Зымæгон. Дарчиты Дауыт

4 темæ. Зымæгон хъæзтытæ. (Нывмæ гæсгæ куыст)

5 темæ. Ногбоны арт. Мыртазты Барис

6 темæ. Уыци-уыци. Къадзаты Станислав

7 темæ. Мæргъты фæдтæ митыл. Калоты Петр

8 темæ. Зымæг æмæ магуса. Тохты Иван

9 темæ. Зымæг хæхты. Кокайты Тотрадз

10 темæ. Æфцæджы сæрты. Дзасохты Музафер

11 темæ. Зымæджы лæвæрттæ. Цæгæраты Гиго

12 темæ. Зымæгон цъырцъырæгтæ. Тедеты Георгий

6 модуль. Æрвхуыз уалдзæг.

1 темæ. Зæрдылдаринаг

2 темæ. Уалдзæг. Уырымты Петя

3 темæ. Æгас цæуай, уалдзæг. Беруаты Барис

4 темæ. Базонут-ма, уый кæд вæййы? Абайты Амырхан

5 темæ. иу. (Нывмæ гæсгæ куыст)

6 темæ. Рагуалдзæг. Плиты Харитон

7 темæ. Уалдзæг. Айларты Измаил

8 темæ. Базон-базон. Гаглойты Григол

9 темæ. Къæвда. Калоты Хазби

10 темæ. Куадзæн. Къарджиаты Бекызæ

11 темæ. Иумæйаг у зæхх. Айларты Измаил

7 модуль. Тæмæнтæкалгкæ сæрд.

1 темæ. Зæрдылдаринаг

2 темæ. Дæу фæнды. Куыдæгты Валодя

3 темæ. Хъæддаг халсартæ æмæ гагадыргътæ. Айларты Измаил

4 темæ. Быдыры. Плиты Харитон

5 темæ. Аланы къæбыла. Гæззаты Иван

6 темæ. Уарын. Кокайты Тотрадз

7 темæ. Базон-базон, уый та циу? Айларты Чермен

8 темæ. Базон-базон. Гуыбаты Чермен

9 темæ. Дыргъдонгæс Вано. Мамсыраты Деебе

8 модуль. Æрдз - нæ дарæг.

1 темæ. Хъæдхой. Быгъуылты Чермен

2 темæ. Тымыгъ. Хостыхъоты Зинæ

3 темæ. Уыци-уыци. Богъаты Таймураз

4 темæ. Хъæддаг цæрæгойтæ æмæ хæдзарон фос. (Нывмæ

гæсгæ куыст)

5 темæ. Судзинты уызын. Айларты Чермен

6 темæ. Хæлынбыттыр. Уырыссаг æвзагæй Мамсыраты Мураты тæлмац

7 темæ. Базон-базон, уый та циу? Икъаты Владимир

8 темæ. Æдзæсгом фыр. Дзесты Куыдзæг

9 темæ. Дзæгъындзæг. Хъуппеты Мысост

10 темæ. Зæрватыкк. Хъайтыхъты Азæмæт

9 модуль. Адæймаг æгъдауæй фидауы.

1 темæ. Хистæр æмæ кæстæр. Дзасохты Музафер

2 темæ. Уæртджынхæфс æмæ йæ сыхæгтæ. Чеджемты Геор

3 темæ. Лæвар. Уалыты Лаврент

4 темæ. Тæргайгæнаг. Гуыцмæзты Михал

5 темæ. Хъохъо. Джыккайты Шамил

6 темæ. Хазби. Цæрукъаты Владимир

7 темæ. Сæрæнгуырд. Уалыты Лаврент

8 темæ. Йæхиуыл æрхудт. Цгъойты Хазби

9 темæ. Дада æмæ Андрейкæ. Сухомлинский В. А

10 темæ. Музыкæ. Гæдиаты Цомахъ

10 модуль. Фæллой - царды бындур.

1 темæ. Сабиты уарзон фыссæг

2 темæ. Хосгæрдæн. Хъайтмазты Аслæмырзæ

3 темæ. Цæуыл зарыд дон? Айларты Чермен

4 темæ. «Физонæггæнæг». Хъуппеты Мысост

5 темæ. Фæллойы урочы. (Нывмæ гæсгæ куыст)

6 темæ. Хъарманы сабиты зараэг. Цæрукъаты Алыксандр

7 темæ. Кæрчытæ, рувас æмæ Мила. Аргъау. Гуыцмæзты Алеш.

8 темæ. Арс æмæ хуытæ. Барахъты Гино

9 темæ. Арвы калм. Быгъуылты Чермен

10 темæ. Тъæпкъах. Хъуппеты Мысост

11 модуль. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын.

1 темæ. Цом, фæцæуæм! Плиты Грис

2 темæ. Дзотты Лазыр. Мæхæмæтты Ахуырбеджы уацау.

«Адæм, уæ фырт уæм дзуры»-йæ

3 темæ. Цæргæйæ баззадысты не 'хсæн. Гокъоты Хадзы-Мурат

4 темæ. Федтон аэз мæхи цæстытæй. Цæгæраты Гиго

5 темæ. Мæ хистæр æфсымæр. Черчесты Хъасболат

6 темæ. Æгъуыстаджы кадæг. Кадзаты Станислав

Афæдзы кæронмæ сывæллæттæ хъуамæ зоной:

-æмбаргæ,аив æмæраст кæсын;

-ахуыргæнæджы æххуысæй тексты архайджыты характеристикæ дæттæг дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ ссарын;

-тексты сæйраг хъуыды æвдисæг бынæттæ ссарын;

-ахуыргæнæджы разамындæй хи цæстдарæнтæм гæсгæ афæдзы афонты, æрдзы,боныхъæды æмæ хъазæнты тыххæй радзурын;

-амынд тексттæ наизусть дзурын;

-хæдзары цы чингуытæ кæсынц, уыдоны тыххæй радзурын.

..

Ныхасы темæ

Сахæтты дих

Тексты

сæргонд

Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ

Хъомыладон куыст

Практикон куысты хуызтæ

Уæлæмхасæн æрмæг, хибарæй куыст

1

1.Мыртазты Б.»Мæ чиныг.

Худгæ хурау. Цинæйдзаг хъæлæс. Царды рухсмæ сидæг.

Чиныджы хъомыладон æмæ ахуырадон нысаниуæг

Æмдзæвгæ аив кæсын, зæрдывæрдæй йæ ахуыр кæнын.

Адæмон сфæлдыстад

12

Адæмон сфæлдыстад. Нарты равзæрд.

Гуымирытæ. Уæйгуытæ. Тыхджын æмæ ныфсджын адæм Нарт. Æрдзы фарн.

Хуыцау цы адæмы ныууагъта, уыдоны сæйраг миниуджытæ.

Нарты æртæ мыггаджы миниуджытимæ базонгæ кæнын. Æнцойгæнæг дзырдтимæ куыст.


3-4.«Нарты Батрадз æмæ хъулон зачъе уæйыг»

Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой. Батрадз кувæггаг райста. Батрадзы хъæзтытæ.

Адæмы сæрыл тохгæнджыты нæмттæ мыггагмæ цæрынц.

Таурæгъ бакæсын æмæ йын йæ сæйраг хъуыды æмбарын кæнын. Ǽнцойгæнæн дзырдты мидис æмбарын кæнын


5-6.«Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта»

Гуыппырсартæ. Номдзыд хотыхтæ. Болат Батрадз. Уæларвмæ сфардæг.

Батрадз Нарты сæрыл кæддæриддæр цæттæ у тохмæ.

Таурæгъ кæсын, зынæмбарæн дзырдтæ æмбарын кæнын.


7.«Сырдон та Нарты асайдта»

Æнæбын цад. Нарт дисæй амардысты. Сайдæй рацæуын.

Сайын нæ хъæуы. Хинтæ хи сæрыл цæуынц.

Таурæгъ кæсын, зынæмбарæн æмæ æнцойгæнæн дзырдтыл куыст

Дзургæ сочинени


8.Аргъау «Теуа йе ̕нæзондæй куыд фесæфт»

Рувасы ныхæстæ. Физонæггæнинæгтæ. Ныджджыгъгъытт кодта.

Зымæгмæ сæрды хи цæттæ кæнын хъæуы,цæмæй фондз æмбалы æмбисонд макæуыл æрцæуа.

Аргъау кæсын. Хи ныхæстæй йæ дзурын

Сæрды мысинæгтыл радзырд


9.Аргъау«Уызын æмæ паддзах». Диалог æмæ монолог.

Уызын .Паддзах. Зæрдæлхæнæн. Лæф-лæфгæнгæ. Зондджын дзуапп.

Рæстдзинад хорз у, фæлæ иуæй-иу хатт йæ дзурæгæн хæрзмæ нæ фæвæййы.

Аргъау бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын зæрдыл бадарын


10)Таурæгъ

«Мады хох».

Залым. Мады хох. Бæстырæсугъд. Сæнайы хох.

Бирæ адæмы сæрыл хи цард раттын-фæрнæйдзаг хъуыддаг у.

Таурæгъ кæсын. Зæринæйы сгуыхтдзинад цæй мидæг ис, уый бамбарын кæнын. Сæна æмæ Мады хох кæм сты, уый бацамонын.


«Фæззыгон хъæды» Хъуппеты М. «Æхсæртæ» Дарчиты Д.

Фæллой, бæрз бæлæсты сыфтæртæ, мæргътæ, хъарм бæстæ, фæззæг

Бæрз бæласы рæсугъддзинад, мæргътæ хъарм бæстæм тæхыны размæ. Фæззыгон хъæды хуыз.

Æмдзæвгæ æмæ радзырды иудзинад, аив сæ бакæсын, дзырдуатон куыст бакæнын


  1. «Сырддонцъиу» Ситохаты С.

Сырддонцъиу, къуырцц-къуырцц, æхсынæнтæ дзулы муртæ

Радзырды диссаг-сырддонцъиуы зонд, цъиутæн æххуыс кæнын.

Радзырд хайгай кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын.

Æндæр тæхгæ цъиуты миниуджыты тыххæй радзурын.


  1. Кæцы горæтмæ. Саламты А.

Цæгат Ирыстон, республикæ.

Ирыстоны истории, йæ горæттæ, хъæуты рæсугъдзинад

Радзырд кæсын, зæронд усы дзуаппы фæдыл зондамонæн беседæ саразын.

Радзырд «Горæтты рæсугъддæр»


  1. «Фыдыбæстæ»

Райгуырæн бæстæ æз мæ мад куы хонын, амонды фæндаг.

Цæмæн у фыдыбæстæ мад, хо, æфсымæр, фыд

Æмдзæвгæ кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бацамонын. Наиз. ахуыр кæнынмæ йæ бацæттæ кæнын.


  1. «Уазæгуаты ивгъуыдмæ. Дон». Болатты Хъ.

Донхорыг, хохаг дон, чындзы донмæ хонын.

Доны стыр нысаниуæг адæймаджы царды, донимæ баст ирон æгъдæу.

Радзырд бакæсын, ног дзырдтыл бакусын, æмбисæндтыл куыст.


  1. «Цин» Ходы К.

Райдзаст у нæ бæстæ, æнæкæрон-йæ фæз, зæхх,бæркад

Райгуырæн бæстæйы рæсугъдзинад, поэты зæрдæйы цин.

Æнцойгæнæг дзырдбæстытыл куыст, уыци-уыцитæ, нывтимæ куыст.

Сочинении (фысгæ кæнæ дзургæ) «Ис нæ хъæуы»


  1. «Æгъдау» Агънаты Æ. Хъант.К«Асл.»

Тыдж.Ю. «æхсарбег»

Алцæмæндæр æгъдау ис. Æххормагæй схуыссын, зынаргъ вазæ, хатыр курын. Ахуыры фæзминаг, коммæгæс, фæзминаг

Хатыр курын æрмæст йæ рæдыд чи бамбары, уый зоны. Æгъдау алы ран дæр хъæуы

Радзырды æртæ хайы дæр бакæсын, Аслæнбег дзы йæхи куыд дардта, уый равдисын. Аслæнбег йæ рæдыд цæй фæрцы бамбæрста, ууыл адзурын.


  1. Æххуысгæнджытæ (Дзесты К.)

Къаннæг хъуывгъан, æнæзонд, æххуысгæнджытæ.

Æххуыс дзыхы ныхæстæй нæу, фæлæ хъуыддагæй

  1. Радзырды 1 хайæн анализ скæнын, лæппутæй йæхи чи куыд равдыста, ууыл æрдзурын.

  2. Биттуйы архайд сын сæ ныхмæ æрæвæрын. Нывимæ куыст.

Дзесты К.

«Рынчынфæрсæг»


  1. «Хорз чызг» (Гуыцмæзты А.).

«Трамвæйы» Сегъынаты Л.

Кондджын, зондджын

Æвзæр боныгуырд, зæронд лæг æндыснæгæй къæдзтæ æнæгъдау, зивæггæнаг

Цы у хорз æмæ æвзæр, хи уарзыны æгъдæуттыл ныхас.

Хистæрæн кад кæнын трамвайы йын бынат дæттын æмæ а.д.

Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

Радзырды алгоритм ссарын, ныхмæвæрддзы цы дыууæ лæппуйы миниуджытæ ис, уый бамбарын кæнын.


  1. Коцойты Арсен «Хъæддзау»

Хъазæн фæрæт, хъæддзау, æцæг хъæддзауы хуызæн, бæлæсты хуыздæр, сгуыхт хъуыддæг, гæды ныхас ма зæгъон, сахъ лæг.

Æнæбары æвзæр хъуыддаг бакæнгæйæ йæ радыд чи бамбары, уымæн хатыр кæнын хъæуы.

Радзырд кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын. Хорз æмæ æвзæр хъуыддæгыл æрныхас кæнын.

Хуыгаты С. «Бæтæ æмæ Дзодзæ»

Нæ хæлар цæрæгойтæй чи куыд цæры


  1. «Хъулон» уарзт. Мамсыраты Д.

Сæрдыгон хизæнтæ, фыййау, фидар уæнгтæ, ирвæзынгæнæг

Хъулон уарзт фосы дæр нæ хъæуы!

Радзырд кæсын, йæ сæйраг хъуыдыйыл аив беседæ саразын, æнцойгæнæг дзырдтæй иуыл бакусын.


  1. Æз дæн… (Таурæгъ)

Уæлдзæг, мæргътæ хъарм бæстæй куы æртæхынц, хуссар бæстæ

Хиуыл феввæрсын-иуæй иу хатт фыдбылыз хæссы!

Аив бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын

«Изæрæй» Епхиты Т.


  1. «Зыдыкатæ» Мамсыраты М.

Фæлладуадзæн парк, арс Машæ, арсы лæппынтæ, зыдыка

Ӕрдзы диссæгтæ æнæкæрон сты!

Дзæуджыхъæуы, сырддоны тыххæй радзурын Арсы лæппынтæ кæцæй æрбафтыдысты,уыдоны тыххæй беседæ саразын (Дуровты цирк)


  1. «Сæныкк фæтæргай» Баситы М.

Сидзæр. Хъайтмазты А.

Сæныкк, баззади сидзæрæй, урс æхсыр мондагæй, марди æххормагæй

Цæрæгойтæ æнæхин сты-сайæн сæ нæй! Æрдз у рæсугъд æмæ хъæздыг!

Радзырд кæсын æвзарын. Хæдзарон фосы миниуджыты тыххæй беседæ. Æмдз. наиз.

«Дзæбидыр» Бекмæрзты А.

(кæсын)


  1. Зæрватыкк (Барахъты Г.)

Зæрватыкк, кæимæ хъазон, уый мын нæй, хъынцъым кæнын, тыргъмæ зæрватыкк æрбатахт

Саби æрхæндæг хъуамæ макуы уа!

Радзырд бакæсын; равзарын æй, раст фæрстыты фæрцы, зын дзырдтыл бакусын

Уыци-уыцитæ


  1. «Хъæбатыр тæрхъус» Дзесты Куыдзæг

Хъæбатыр тæрхъус, цæргæс, фæныфсджын, хуыкком

Лæгæй -лæгмæ тохы хъæбатыр уæвын зын у, фæсвæдмæ та-æнцон

Радзырды сæйраг хъуыды бамбарын кæнын

«Саг» Томаты Володя

1.

Разныхас

1

  1. «Мæ чиныг» (Мыртазты Б.)

Чиныг, царды рухсмæ сидæг,дисæгтæ мæнæн арæхстгай фæдзырдта.

Чиныджы хъомыладон æмæ ахуырадон нысаниуæг

Æмдзæвгæ кæсын, зæрдывæрдæй йæ ахуыр кæнын. Æнцойгæнæн дзырдтыл куыст.

2.

Адæмон сфæлдыстад-адæмы хæзна

12

  1. Адæмон сфæлдыстад. «Нарты равзæрд»

Хуыцау дунейы сфæлдыста. Хуыцауы уынаффæ. Гуымирытæ. Ног адæм. Æртæ Нарты.

Нæртон адæмы тых,намыс æмæ хъæбатырдзинады тыххæй таурæгътæ.

Хуыцау цы адæмыхæттытæ сфæлдыста,уыдоны миниуджытæ.Ǽртæ Нарты. Æнцæйгæнæн дзырдтыл куыст

Улæфты бонты тыххæй радзырд

3.

5

  1. Аргъау «Рувас -хадзы»

Рувас. Хадзы. Чабæмæ кувынмæ цæуын. Удыбæстæ балхæнын.

Сайын хорз нæу. Хинæйдзагæн йæ хинтæ йæхиуыл цæуынц.

Аргъау бакæсын. Йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын. Æнцойгæнæн дзырдтыл кусын.

4.

Ды дæ мæ цин,мæ цардам…

5

  1. «Ирыстон». Дзасохты М.

Фыдыбæстæ-мад, кадджын, дæлвæз бæрзонд Ирыстон

Райгуырæн бæстæмæ уæрзондзинад

Нывимæ куыст (ф.30), æмдзæвгæ кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын.

5.

æгад митæ дæ сæрмæ ма хæсс…

5

  1. «Лæгау». Хетæгкаты Къоста «Чи фылдæр уарзы йæ мады».

Хызын, зондамонæг, æнæзивæг, мадæлты кой, уарзы йæ мады.

Æнæзивæг уæвын: хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæнын.

Æмдзæвгæйы мидис, радзырдæн анализ кæнын, мадмæ уарзондзинад дзыхы ныхастæй кæй нæу, уый текстыл равдисын.

Алчи йæхи мады тыххæй радзырд саразæд


Азы кæронмæ скъолаладзаутæ хъуамæ базоной:

- æмбаргæ, аив æмæ раст кæсын;

- хъæлæсы уаг раст аразын;

- чысыл текст хинымæр кæсын;

- цы уацмыс бакастысты, уый мидисæй фæрстытæн раст дзуæппытæ дæттын;

- сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг дзырдтæ иртасын;

- радзырд, аргъау,æмдзæвгæ кæрæдзийæ иртасын;

- зындгонд фысджыты нæмттæ зонын, сæ уацмыстæ сын ранымайын.


Литературæ:

  1. Дзапарты З.Кæсыны чиныг 2 къласæн. Дзæудж. 2011-10

  2. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж. 2011

  3. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Дзæудж. 2011

  4. Моурауты М Дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Дзæудж. 2011-10-12

  5. Уалыты Т.,Джусойты К., Дзытиаты Э. Сывæллæттæ литературæйæ хæслæвæрдтæ 2 къл. Ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм. Дзæудж. 2005

  6. Уалыты Т. Цалдæр ныстуаны æрыгон ахуыргæнæгæн. Дзæудж. 2005

  7. Бзарты Р. Нæ Райгуырæн бæстæйы истории. Алан æмæ Уæрæсе рагзаманты.

  8. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 1-11 къл. Дзæудж. 2005

  9. Пагæты З. 1-4 къл. Ахуыргæнинæгтæ кæсын- фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2003

  10. Ӕлдаттаты В. Нæ алыварсы дуне нывты хуызы. Дзæудж. «Ирыстон» 2003

ы Р.Кæсыны чиныг 3 къл. Дзæудж. 2005

© 2010-2022