• Преподавателю
  • Русский язык и литература
  • Хозиты Яков. «Сабитæ æмæ фæззæг» I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын. 2. Æмбисæндтæ йæм æрхæссын. II. Ног æрмæг. 1. Нывимæ куыст: – Цы уынут нывы? – Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг? – Цы хуызы равдыста нывгæнæг фæз

Хозиты Яков. «Сабитæ æмæ фæззæг» I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын. 2. Æмбисæндтæ йæм æрхæссын. II. Ног æрмæг. 1. Нывимæ куыст: – Цы уынут нывы? – Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг? – Цы хуызы равдыста нывгæнæг фæз

Раздел Русский язык и Русская литература
Класс 3 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Хозиты Яков. «Сабитæ æмæ фæззæг»

I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.

2. Æмбисæндтæ йæм æрхæссын.

II. Ног æрмæг.

  1. Нывимæ куыст: - Цы уынут нывы?

- Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг?

- Цы хуызы равдыста нывгæнæг фæззæджы æмæ цæмæн?

2. Дзырдты нысаниуджытæ бацамонын: æлгъин, домын.

3. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц уацмыс.

4. Фæрстытæ раттын:

- Цæмæн хонынц сывæллæттæ фæззæджы «бæркадджын, бурзачъе»?

- Цавæр лæвæрттæ æрхаста фæззæг йемæ?

- Стырдæр лæварыл цы банымадта æмæ цæмæн?

III. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын:

- Цы зæрдæ дары фæззæг сабитæм?

Цæмæй бæрæг у?

- Йæ ныхæстæ йын цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы?

- Сабиты ныхæстæ та?

IV. Рольтæм гæсгæ каст.

V. Англисаг фольклорæй зарæг бакæсын. Дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын: хъуылæгцæгъдæг, цæрвджын, нæлхæ.

Кæм дæ, кæм,

Кæм дæ, кæм?

Разын, нæлхæ, тагъддæр кæн!

Кæрты дуармæ Пит лæууы,

Уый цæрвджын гуылтæ хъæуы…

- Кæй номæй цæуы ныхас зарæджы?

- Худæг дæм дзы цы фæкаст?

- Сымахæй ничи федта, хъуылæг куыд фæцæгъдынц, уый?

Радзурут-ма йæ.

VI. Хатдзæгтæ скæнын:

- Цавæр уацмыс бакастыстæм? Чи у йæ автор?

- Цæмæн хонынц сывæллæттæ фæззæджы «царды хос хæссæг»?

- Стырдæр лæварыл цы банымадта фæззæг?

- Сымах та куыд хъуыды кæнут?

- Цы ма зонут фæззæджы лæвæрттæй?

VII. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ рольтæм гæсгæ кæсын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

© 2010-2022