11 кълас. Цæгæраты Максим Мады зарæг

стСл.1 Темæ: Цæгæраты  Максим        "Мады  зарæг" "Фæндыр æрмæст цæгъдын нæ, фæлæ ма дзурын дæр зоны"                                                                                          Ахуыргæнæг:                                                         Козаты А.Б.             Д з æ у д ж ы х ъ æ у Сл2 Темæ:   Цæгæраты  Максим  " Мады зарæг".   Нысан:1. Фыссæджы цардæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын 2. Радзырд” Мады зæрдæ“ кæронмæ равзарын. 3.Йæ аивадон темæ,сюжет æм композицийы хицæндзинæ...
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

стСл.1

Темæ:

Цæгæраты Максим

"Мады зарæг"

"Фæндыр æрмæст цæгъдын нæ, фæлæ ма дзурын дæр зоны"

Ахуыргæнæг:

Козаты А.Б.

Д з æ у д ж ы х ъ æ у

Сл2

Темæ: Цæгæраты Максим " Мады зарæг".

Нысан:1. Фыссæджы цардæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын

2. Радзырд" Мады зæрдæ" кæронмæ равзарын.

3.Йæ аивадон темæ,сюжет æм композицийы хицæндзинæдтыл æрныхас кæнын.

4.Мад-сылгоймагæн аргъ кæнын зонын.

5.Ахуырдзауты ахуыр кæнын уацмыс анализ кæнын, хатдзæгтæ кæнын,хъуыдыты хал раст æвæрыныл.

6.Адæймаджы фæзминаг миниуджытыл æрдзурын.





Сл3

"Хæрамæй кæсын æлгъаг низ у,

Адæймаг хъуамæ йæ хорздзинæдтæй,

Йæ хъуыддæгтæй фæуæлахиз уа

йæ фыдгултыл".


Цæгæраты Максим

І.Организацион хай.

Ацы эпиграфæй мæ фæнды райдайын мæ урок.

"Хæрамæй кæсын æлгъаг низ у,

Адæймаг хъуамæ йæ хорздзинæдтæй,

Йæ хъуыддæгтæй фæуæлахиз уа

йæ фыдгултыл".


Цæгæраты Максим

Сл4 Максимы ныв

Сл5 Максим Хæхты йе 'мбæлттимæ

Сл6 Ирон зындгонд сылгоймæгты хуызистытæ.

Сл 7Дæ фарн бирæ-ирон сылгоймаг!

ІІ. Х/ к бафæрсын.

1.Цæгæраты Максимы цард æмæ сфæлдыстадæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын.

( иу ахуырдзау нæ зонгæ кæны Максимы биоргафийы сæйраг хабæрттимæ).

2. Кæцы азы рацыд æмæ чи уыдысты чиныджы цыппар авторы?

Дзуапп:

Мыртазты Барис, Дзахохты Музафер, Цæгæраты Максим, Кочысаты Мухарбег.

3. Максим тынг хæларæй кæй цард фысджытæ æмæ поэттимæ, уый нысаниуæг у,нæ разы цы ныв уынæм,уый….

4 Дæ фарн бирæ,ирон сылгоймаг!(ахуыргæнæг)

8сл.

Хъуысы музыкæ

9-10сл.

Афайы чызджы чызджы цагъд хъисынфæндырæй.

Афæйы йæ хъуыдытæ дард кæдæмдæр ахастой…

Цымæ цæуыл у йæ хъуыды?

2. Рахизæм радзырдмæ:

1. Музыкæйы æвæджиау зæлтæ залыбадджытæм цы æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой?

2. Цавæр хъуыдытыл бафтыдта Дзерассæйы цагъд Афайы?

3 Абарут Афай æмæ Бексолтаны фырты уаг,Азауханы фалгонцы.

5. Тексты ссарын æмбисæндтæ æмæ базырджын дзырдтæ. Бамбарын сын кæнут сæ аивадон нысæниуæг.

12сл. 6. Йæ заронд хæдзар йæ зæрдыл æрлæууыд…Йæ уарзон Азаухан…Афай æнхъæл дæр нæ уыд йæхицæнАзауханы рæсугъды…

13сл.Фæцæуы Афай уынгты……

14сл Раттут раст дзуаппытæ.

Цавæр ныхас ацахстой Афайы хъустæ?

Ссарут чиныджы уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.

Цагъдмæ гæсгæ Афæйы хъусты гуыр-гуыр кодтой арвы цæлхъытæ,къæвдæйы сæх-сæх, дæтты уæззау уынæр,хиды лæсæнтæй сыгъдысты йе ногдаст рустæ,зæрдæ æхызгон рыст кодта.

Цæмæн кæсы Афаймæ ,цымæ дзы йæ чызджы чызг йæ цæстытæ ныццавта?

Кæд,мыййаг,æрмæст Афаймæ афтæ кæсы?

Радзурын хи ныхæстæй Афайы бинонты цардуæхи сарæзт пъланмæ гæсгæ.

Цавæр лæгдзинады миниуджытæ бафиппайдтат Афаймæ?

Цæмæй нæу раст?

Уæ хъуыдытæ зæгъут уый тыххæй.

III.Æрмæг ныффидар кæнын.

Æрныхас кæнын уæды рæстæджы ирон хъазты рæсугъд æгъдауыл.

Цæмæй хицæн кæны нырыккон ирон хъазт?

Уæ хъуыдыты хал райхалут.

Радзырды автор цавæр аив æвзагæй пайда кæны?

Радзырды композицийы хицæндзинæдтæ равзарын.

IV .Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

V.Хæдзармæ куыст.

Нывæцæн ныффыссынахæм темæйыл:

"Фæндыр æрмæст цæгъдын нæ,фæлæ ма дзурын дæр кæй зоны"

© 2010-2022