Тематическое планирование по осетинскому языку

Раздел Русский язык и Русская литература
Класс 4 класс
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон - Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.

Ирон æвзаг - нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ - Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.

Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.

Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.

Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;

- сывæллæттæ зоной: æхсæнады адæмты ΄хсæн ног ахастытæ кǽй ис, иннæ æдæмы хæттыты сывæллæттæ дæр ирон æвзаг кæй ахуыр кæнынц, æмæ сæ уый кæрæдзийыл фидардæр кǽй бǽтты; сæ алыварс цæрæг адæмтимæ хæларæй цæрын кǽй хъǽуы,уый;

- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;

- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;

- райдайæн скъолайы сывæллæтты лингвистикон зонындзинæдтæ рæзын кæнын хуымæтæг хуызы, цæмæй кæсын фыссын базоной;

- адæймаджы хъуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын.

- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;

- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын. Чингуытæм, иннæ ахуырадон предметтæм сæм аудыны цæстæнгас рæзын кæнын.

Скъолайы иннæ ахуырадон предметты ′хсæн ирон æвзаджы нысан у ирон æвзагæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æмæ сывæллæтты æхсæны культурæ бæрзондæр кæнын:

1-аг нысан - зонындзинæдтæ фылдæр кæнын. Ам скъоладзаутæн æмбарын кæнын хъæуы æппæтдунеон наукæйы иу къабаз кæй у, йæ сæйрагдæр хæйтты йын зонын кæй хъæуы; уыцы зонындзинæдты бындурыл та аразын логикон хъуыдыкæнынад.

2-аг нысан - æхсæны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ хауы скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинад, ома дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзт, монологон æмæ диалогон ныхас, раст æмæ æнæрæдыдæй фыссын. Уыдон иумæ сты адæймаджы иумæйаг культурæйы бæрæггæнæнтæ.

Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Æмкъай зылангонтæ æмæ æзылангонтæ (в-ф, г-к, дз-ц, гъ-х, з-с) кæрæдзийæ иртасын.

Æмхъæлæсонтæ г-к, (кк), къ-йы ивынад, дж-ч, (чч), чъ-мæ хъæлæсон ы-йы разæй (уынг-уынджы, карк-карчы æмæ а.д.).

Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ раст дзурын æмæ фыссын (фæллой, лæппу æмæ а.д.).

Дзырд. Дзырды хæйттæ. Кæрон. Уидаг. Æмуидагон дзырдтæ. Уидаг фæсæфтуантимæ. Фæсæфтуанты руаджы дзырдтæ аразын æмæ раст фыссын. Уидаг æмæ разæфтуан. Рæзæфтуантæ æнæ-, æм-, а- æмæ а.д.

Лексикон фæлтæрæнтæ. Разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты руаджы ног дзырдтæ аразын, сæ нысаниуæг куыд аивы, уый бæлвырд кæнын.

Иумæйаг æмбарынад ныхасы хæйтты тыххæй: номдар, миногон, мивдисæг

Номдар. Номдарты нысаниуæг. Номдарты нымæцтæ. Удджын æмæ æнæуд предметтæ æвдисæг номдартæ. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ. Сæрмагонд номдарты растфыссынад. Номдарты кæрæтты ивынад æндæр дзырдтимæ бастæй.

Миногон. Миногоны нысаниуæг. Миногоны фæрстытæ. Миногонты дих æууæлтæм гæсгæ.

Мивдисæг. Мивдисæджы нысаниуæг, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты.мивдисæджы æбæлвырд формæ фæсæфтуан - æн-имæ, мивдисæджы афонтæ (нырыккон, ивгъуыд, суинаг).

Ныхасы хæйттæ нысаниуæг æмæ фæрстытæм гæсгæ кæрæдзийæ иртасын.

Дзырдуатон куыст. Ныхасы хæйттæй алкæмæн дæр сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ агурын; фæлтæрæнты бирæнысаниуæгон дзырдтæ агурын æмæ сæ кæрæдзиуыл барын, семæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразын.

Хъуыдыйад. Таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйæдтæ раст хъæлæсы уагæй кæсын зонын. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ: сæйрат æмæ зæгъинаг. Хъуыдыйады фæрсаг уæнгтæ. Хъуыдыйады мидæг дзырдты кæрæдзиуыл бастдзинад. Цыбыр хъуыдыйæдтæ даргъдæр кæнын.

Ныхасы рæзтыл куыст. Ахуыргæнæджы æххуысæй цыбыр текстæн пълан аразын. Чысыл текст скъоладзаутимæ иумæ арæзт пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын æмæ фыссын. Мидисджын нывтæм гæсгæ дзырдтæ се ууæлтæм, архæйдтытæм гæсгæ къордтæ кæнын; предметы нæмттæ æмæ се ууæлтæ æвдисæг дзырдтæй дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ аразын. Нывмæ гæсгæ цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын. Сывæллæттæн сæхи цардæй ист цаутыл цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын. Хибарæй чысыл радзырдтæ æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын.

Сыгъдæгфыссынад. Фыссыны æгъдæуттæ фидар кæныныл архайын. Сывæллæтты цæттæ кæнын иухаххон тетрæдты фыссыныл рахизынмæ. Зынфыссæн стыр кæнæ гыццыл дамгъæтæ фыссын.

Æртыккаг къласы кæронмæ скъоладзау хъуамæ зона:

-æмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ;

-дзырды хæйттæ: разæфтуан, уидаг, фæсæфтуан, кæрон;

-ныхасы хæйттæ: номдар,миногон,фæсæфтуан, кæрон;

-хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ: сæйрат.зæгъинаг.

æмæ арæхса:

-дзырдтæ мырон- дамгъон æвзæрст кæнынмæ;

- дзырдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ æвзарынмæ;

-ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ иртасын, сæграмматикон æууæлтæ сын зонынмæ;

-хъуыдыйады мидæг дзырдты бастдзинæдты хуызтæ бæрæг кæнынмæ;

предметты нæмттæ æмæ сæ æууæлæвдисæг дзырдтæй дзырдбæстытæ аразынмæ;

-иумæйаг пъланмæ гæсгæ сочиненитæ æмæ изложенитæ фыссынмæ (60-70 дзырды онг).



Литературæ



  1. Никандров Н.Д., Рыжаков М.В., Кондаков Л.М. Примерные программы начального общего образования.ч.1. М. «Просвещение» 2009.

  2. Багаты Л. Ирон. æвзаджы чиныг. 3къл. Дзæудж. 2007

  3. Гуыриаты М.., Райдайæн кълæсты мадæлон æвзаджы методикæ. Ордж., 1978

  4. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж, 2010

  5. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Джæудж., 2010

  6. Моурауты М. дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Джæудж., 2010

  7. Майрæмыхъуаты Ф. Дидактикон æрмæг текст æмæ хъуыдыйадыл кусынæн. 1-4 кълас. Дзæудж., 1997

  8. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ. 1-11 къл., Дзæудж,2005

  9. Пагæты З. 1-4 къл.ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2002

  10. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне. Дзæуджыхъæу: «Ирыстон» 2003.

  11. Уалыты Т.Цалдæр ныстуаны æрыгон ахуыргæнæгæн. Дзæудж. 2005.

  12. Уалыты Т., Джусойты К. 3-æм къласы ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм хæслæвæрдтæ. Влад. 1997

  13. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 1-11 къл., Дзæудж. 2005

Къæлиндарон-тематикон пълан


Темæ

Сах.

дих

Равзаринаг фарстатæ

Практикон куыст

I.

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын

2

Дзырдты мидæг уæнгтæ, мыртæ, дамгъæтæ равзарыныл дарддæ.р кусын. Предмет, миниуæг æмæ

архайдæвдисæг дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын.

1. Текст бакæсын. Хъуыдыйæдты нымæц нымайын. Тетрадмæ сæ фыссын. Ǽрхæцæн нысæнттæ æвæрын.(1-3)Дзургæ-дзурын æмæ фысгæ-фыссын иу хъуыдыйад иннæмæй цæмæй хицæн кæны (фæлт.1-4).

2. Фарст чи? Æмæ цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ домынц, уыдон иртасын. (4-8).

3.Фæрстытæ цавæр? цыхуызæн? æмæ цы ми кæны? цы архайы? цы дзырдтæ домынц, уыдон зонын(9-21).

II.

Мыртæ æмæ дамгъæтæ.

14

Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ. Ǽмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ. Ǽмхъæлæсонтæ г.к(кк), къ-йы ивынад дж,чъ-йæ хъæлæсон ы - йы разæй. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ.

1.Мыртæ фысгæйæ нысангонд цæуынц дамгъæтæй. Мыртæ æмæ дамгъæты нымæц куыд бæрæг кæнæм, уый зонын (фæлт.22-28).

2-3. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдау. Дыгай дамгъæтæй нысангонд дзырдтæ. (фæлт.30-42).

4-5. Нывмæ гæсгæ куыст. Бирæуæнгон дзырдтæ. (42-44).

6.Алфавит. (44-51).

7-9. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ.(52-66).

10-12.Ǽмкъай зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ. (67-86).

13.Ǽмхъæлæсонтæ г.к(кк), къ-йы ивынад дж, ч(чч), чъ-йæ хъæлæсон ы-йы разæй (87-95).

14. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ (96-115).

III.

Дзырд..

7

Дзырды хæйттæ. Кæрон. Уидаг. Уидаг фæсæфтуанимæ. Уидаг æмæ разæфтуан.

1. Дзырд. Дзырды хæйттæ. Кæрон. (фæлт.116-118).

2. Уидаг. Ǽмуидагон дзырдтæ. (фæлт.119-124).

3-4. Уидаг фæсæфтуанимæ (фæлт.125-134).

5-6. Уидаг æмæ разæфтуан. (фæлт.135-150).

7. Лексикон фæлтæрæнтæ. (фæлт.151-155)

IV.

Ныхасы хæйттæ:

30

Ныхасы хæйттæ:

1)Номдар.12

Номдарты нымæц. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ. Номдарты кæрæтты ивынад æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ фæрстытæм гæсгæ. 2) Миногон.8

Миногонты нысаниуæг, цавæр фæрстытæн домы дзуапп. Миногонтæ се ̕ууæлтæм гæсгæ къордтыл дих кæнын.

3) Мивдисæг.10

Мивдисæджы нысаниуæг, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты. Мивдисæджы æбæлвырд формæ. Мивдисæджы ивынад афонтæм гæсгæ.

Ныхасы хæйттæ.

1-2. Предметы ном æвдисæг ныхасы хай домы фæрстытæ чи? æмæ цы? Фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны?-йæн дзуапп дæтты предметы архайд æвдисæг ныхасы хай. Предметы миниуæг æвдисæг ныхасы хай дзуапп дæтты фæрстытæн: цавæр?цыхуызæн?(фæлт.156-164). Номдар.

3-5.Номдар(предметы ном æвдисæг ныхасы хай)(фæлт.165-167).

6. Нывтæм гæсгæ куыст(фæлт.168-169).

7-8. Адæймаджы ном æвдисæг номдартæ домынц фарст чи? Иннæ предметтæ æвдисæг номдартæм дæттæм фарст цы?(фæлт.170-173).

9-10. Номдарты нымæц (фæлт.173-181)

11. Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ (фæлт.182-187).

12. Номдарты кæрæтты ивынад æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ фæрстытæм гæсгæ. (фæлт.188-196).

Миногон.

1-4. Предметы миниуæг æвдисæг ныхасы хай домы фæрстытæ цавæр? цыхуызæн? кæцы? (фæлт.203-218).

5-8. Миногонтæ се ̕ууæлтæм гæсгæ къордтыл дих кæнын(фæлт.219-230).

Мивдисæг.

1-2. Предметы архайд æвдисæг ныхасы хай домы фæрстытæ цы кæны? цы ми кæны? цы архайы?( фæлт.231-241).

3. Мивдисæджы æбæлвырд формæ (фæлт. 242-250).

4-10. Мивдисæджы ивынад афонтæм гæсгæ (фæлт. 251-291).

V.

Хъуыдыйад

15

Хъуыдыйад. Таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ(сæйрат æмæ зæгъинаг). Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.

1-3. Хъуыдыйад. Иумæйаг æмбарынад (фæлт. 292-300).

4-7. Таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ(фæлт.301-318).

8-10. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ (сæйрат æмæ зæгъинаг) (фæлт.319-331).

11-15. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ (фæлт.332-354).

VI.

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

2

Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Алфавит. Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ й æмæ у.

Дзырды хæйттæ. Ныхасы хæйттæ. Номдар æмæ миногон. . Мивдисæг. Хъуыдыйад. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. . Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.

1.Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Алфавит (фæлт.355-359).

2. Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ. Æмхъæлæсонтæ й æмæ у дæргъвæтин кæм хъуысынц, ахæм дзырдтæ иртасын (фæлт.350-362).

3. Дзырды хæйттæ(фæлт.363-364).

4. Ныхасы хæйттæ. Номдар æмæ миногон (фæлт.365-367).

5. Мивдисæг (фæлт.368-371).

6. Хъуыдыйад. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. 7. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. (фæлт.372-376).

VI1

Ныхасы рæзтыл куыст.

5

Пълан аразын. Текст хи ныхæстæй дзурын. Нывмæ гæсгæ куыст. Радзырд æрхъуыды кæнын.

1.Ахуыргæнæджы æххуысæй цыбыр уацхъуыдæн фарстон æмæ таурæгъон хъуыдыйæдтæй пълан аразын.

2. Чысыл текст скъоладзаутимæ иумæ арæзт пъланмæ гæсгæ хи ныхæтæй дзурын, фыссын.

3.Мидисджын нывтæм гæсгæ дзырдтæ сæ æууæлтæм, архайдтытæм гæсгæ къордтæ кæнын.

4. Нывмæ гæсгæ цыбыр радзырдтæ аразын.

VI1

Сыгъдæгфыссынадыл куыст

2

Фыссыны æгъдæуттæ фидар кæныныл куыст

1. Сывæллæтты цæттæ кæнын иухаххон тетрæдты фыссынмæ рахизынмæ.

2. Зынфыссæн стыр кæнæ гыццыл дамгъæтæ фыссыныл æмæ кæрæдзийыл бæттыныл фæлтæрæнтæ кæнын.


Ǽртыккæгæм къласы ахуыры кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ

зоной:


-æмкъай зылынгон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ;

-цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ;

-зылангон æмæ æзылангон мыртæ;

-дамгъуат;

æмæ арæхсой:

-дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ уæнггай хæссын;

-хъæлæсон у æмхъæлæсон у-йæ иртасын;

-дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ раст фыссын;

-дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын;

-дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хицæн кæнын;

-хъуыдыйады ныхас кæуыл, кæнæ цæуыл цæуы, уый æмбарын;

-æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын;

-дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æвзарын æмæ фыссын.

Литературæ



  1. Никандров Н.Д., Рыжаков М.В., Кондаков Л.М. Примерные программы начального общего образования.ч.1. М. «Просвещение» 2009.

  2. Дзампаты Л. Ирон æвзаг 2 къл. Дзæудж., ЦИППИ-йы рауагъдад 2011

  3. Гуыриаты М.., Райдайæн кълæсты мадæлон æвзаджы методикæ. Ордж., 1978

  4. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж, 2010

  5. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Джæудж., 2010

  6. Моурауты М. дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Джæудж., 2010

  7. Майрæмыхъуаты Ф. Дидактикон æрмæг текст æмæ хъуыдыйадыл кусынæн. 1-4 кълас. Дзæудж., 1997

  8. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ. 1-11 къл., Дзæудж,2005

  9. Пагæты З. 1-4 къл.ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2002

  10. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне. Дзæуджыхъæу: «Ирыстон» 2003.

  11. Дзытиаты Э., Гæбæраты Р. Диктанттæ æмæ сфæлдыстадон куыстытæ ирон æвзагæй 1-2 кълæстæн. Дзæуджыхъæу 2011.

  12. Уалыты Т., Джусойты К. Дзытиаты Э. Сывæллæтты литературæйæ хæслæвæрдтæ 2 къл.ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм. Дзæудж.2005

  13. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 1-11 къл., Дзæудж. 2005



© 2010-2022