ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС?

Темæ:ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС? Урочы ныантæ:Сывæллæттæн бамбарын кæнын æнæ æмбалæй цæрæн кæй нæй.Ӕцæг æмбал та царды зын ссарæн кæйу. Хъуамæ алчи дæр хъахъæна йе мбалы, гадзрахатæй йыл макуы цæуа. Ныхасы рæзтыл бакусын.  Урочы цыд.І. Организацион хай. ІІ.Хæдзармæ куыст бафæрсын.  4-æм фæлтæрæны текст аив кæсын, тæлмац кæнын зонын.  Уæ боныгты цы  ныффыстат, фыстæджытæ кæй райстат, уый тыххæй. Куыд спайда кодтой 4-æм, 5-æм æмæ 6-æм фæлтæрæнты æрмæгæй?     ІІІ. Ног æрмæг   1.     Чиныгимæ куыст 2. ...
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ:ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС?

Урочы ныантæ:Сывæллæттæн бамбарын кæнын æнæ æмбалæй цæрæн кæй нæй.Ӕцæг æмбал та царды зын ссарæн кæйу. Хъуамæ алчи дæр хъахъæна йе мбалы, гадзрахатæй йыл макуы цæуа. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Урочы цыд.І. Организацион хай.

ІІ.Хæдзармæ куыст бафæрсын.

4-æм фæлтæрæны текст аив кæсын, тæлмац кæнын зонын.

Уæ боныгты цы ныффыстат, фыстæджытæ кæй райстат, уый тыххæй. Куыд спайда кодтой 4-æм, 5-æм æмæ 6-æм фæлтæрæнты æрмæгæй?

ІІІ. Ног æрмæг


  1. Чиныгимæ куыст

  2. Байхъусут, бакæсут. Зæгъут, Тег æмæ Бег æцæг æмбæлттæ сты? Куыд æмбарут сымах та хæлардзинад?

Тег æмæ Бег

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн Бафтыдта йæхи уый цæсты,

Сарæзта контролон куыст. Сæр бынмæ æруагъта тынг.

Бег куы разынд тæккæ цауддæр2: Ахуыргæнæг æм ысмæсты,

Иунæг уый нæ радта фыст. Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг?!

− Бег, цы дæ мæнæн зæгъинаг,

Цæй, кæм ис дæ куыст, фæрсын?

- Тег мын фæкæны хынцинаг,

Уый та абон у рынчын …

Цæрукъаты Владимир

ДÆУÆН ДÆР АХÆМ ÆМБАЛ ИС?

3. Де 'мбал иронау хорз нæ зоны, зæгъыс. Ратæлмац ын кæн æмдзæвгæ.

1) Разынд тæккæ цауддæр - оказался хуже всех.

2) Бафтыдта йæхи уый цæсты - он уронил себя в чужих глазах.

3) Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг?! - Разве же ему это не было обидно?!

4)Цы дæ мæнæн зæгъинаг - что сажешь мне (в своё оправдание).

3. Æмдзæвгæйы мидис бамбæрста де 'мбал? Бафæрс-ма йæ. Дзуапп дæтгæйæ (отвечая) пайда кæнæд æмдзæвгæйы текстæй.

Цавæр куыст радта ахуыргæнæг скъоладзаутæн?

Чи разынди скъоладзаутæй контролон куыст фысгæйæ тæккæ лæмæгъдæр?

Куыд дардта йæхи Бег?

Куыд бафарста ахуыргæнæг Беджы?

Цы дзуапп радта Бег, йæ контролон куыст кæй не скодта, уый тыххæй?

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн радта контролон куыст.

Іv.Аулæфт

v.Ӕрмæг ныффидар кæнын.

4. Диалог де 'мбалимæ рольтæм гæсгæ бакæсут. Сымахæй ахæм æмбал никæмæн ис? Радзурут уый тыххæй.

- Де 'мбал Азæмæты дын рагæй нал федтон, - загътон иу бон мæ сыхаг лæппу Ацæмæзæн. - Кæм ис?

- Рынчын у Азæмæт, - дзуапп радта Ацæмæз.

- Æмæ куыд у? - бафарстон та æз лæппуйы.

- Скъоламæ нæма цæуы æмæ йæ нæ зонын, - куыдфæндыхуызæй мын дзуапп радта Ацæмæз.

- Уый та куыд? Дæ хорз æмбал куы у? - бадис кодтон æз.

- Нæ, - загъта Ацæмæз, - Азæмæт скъоламæ нæ цæуы, æмæ ныр Мурат у мæ хорз æмбал.

Журнал "Ногдзау"-æй

v. Хæдзармæ куыст.

Æмдзæвгæ "Тег æмæ Бег" наизусть сахуыр кæнын.

Бацæттæ кæнын 4-æм фæлтæрæны диалог рольтæм гæсгæ кæсынмæ.

© 2010-2022