Брейн-ринг по осетинскому языку

Залы оформлени. (плакаттæ) 1.Не  'взаг- нæ хæзна 2.Куы нæ уа не 'взаг,    Нал уыдзыстæм мах дæр,    Нæхи сæфтмæ цæмæн    бæллæм, зæгъ-ма?    Фæдисонау цæгъдын    дзæнгæрæг Ирыл,    О, бахъахъхъæнæм    Не стырдæр хæзна!                                      Галуанты Л. 3.Сты зондæн     уацхæссæг æппæт     дунейы 'взагтæ,     Нæ дзы взары хæстæг     æмæ дæрддаг,     ныххойыс     зæрдæйы къæсæртæ,     æрмæстдæр ды,     мæ Мадæлон æвзаг! Монтаж. 1.Скъ,    Уæ ном уын фæндыры                    зæлтæй ... А Г   Х О   Х О Х   Х Æ Ф С   Х А Л О Н   Х А Р Б Ы З   Х Æ Р И Н А Г     А Р С   А С И Н   А В Д Æ Н   А Б Ы Р Æ Г   А Г У Ы В З Æ     4.4-æм хæслæвæрæд уыдзæн ахæм. Растдзынæн уын сыгъдæн сыфтæ æмæ дзы 2 минутмæ хъуамæ æмæ номдартæ дывæргод æмхъæлæсонтимæ. Уыцы дзырдтæй иу фонетикон æгъдауæй равзардзыстут. 5.Ныр та сбæрæг кæндзыстæм æмбисондтæ куыд зонут уый. Лæвæрд уын æрцæудзæн фæйнæ æмбисонды, æмæ йын хъуамæ бамбарын кæнат йæ хъуыды. 1.Чи цы у, уый адæм зонынц. 2. Хонæг дæ куы нæ уа, уæд хæддзуйæ ма цу. 6.Ныр та уын уе сфæлдыстадон ьыхтæ сбæрæг кæндзыстæм. Ратдзынæн уын каточкæтæ мивдисджытимæ. Уе хæс у, ацы мивдисджытæм...
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

8

Залы оформлени. (плакаттæ)

1.Не 'взаг- нæ хæзна

2.Куы нæ уа не 'взаг,

Нал уыдзыстæм мах дæр,

Нæхи сæфтмæ цæмæн

бæллæм, зæгъ-ма?

Фæдисонау цæгъдын

дзæнгæрæг Ирыл,

О, бахъахъхъæнæм

Не стырдæр хæзна!

Галуанты Л.

3.Сты зондæн

уацхæссæг æппæт

дунейы 'взагтæ,

Нæ дзы взары хæстæг

æмæ дæрддаг,

ныххойыс

зæрдæйы къæсæртæ,

æрмæстдæр ды,

мæ Мадæлон æвзаг!

Монтаж.

1.Скъ,

Уæ ном уын фæндыры

зæлтæй арæм,

Цæут нæм æлыбон æгæс!

2. Фæндырдзагъд.

3.''Ирон чызджы монолог''.

4.Кафт ''Хонгæ''.



Амонæджы арфæ.

Нæ буц уазджытæ!

Алыбон æгас нæм цæут! Абон уæ тæрхонмæ рахастам нæ ерыс.

Рæстзæрдæ æвдисæнтæ йын фæут!

Уæ хорзæхæй, нæ ерысгæнджытæ, размæ рацæут.

Рацыдысты дыууæ командæйы:

''Хыры тынтæ'' æмæ '' Иры стъалытæ»

-Ныхасы бар командæтæн!

Табуафси, уæхи нын бацамонут.

Мах стæм- ''Иры стъалытæ''

Нæ девиз у:

''Съалытау цæхæртæ калæм

Мах нæ тых ''тынтимæ'' барæм.

Нæ ном хуйны- ''Хуры тынтæ''

Нæ девиз у:

Хуры тынтау рухс,

Хуры тынтау хъарм,

Хуры тынтау ирд,

Ракафæм- мæ симд!

Сæ къусты сæ девизты лозунгтæ бæрзонд систой).

Кафт ''Симд''

  1. Уæдæ рахизæм нæ 1-аг хæслæвæрдмæ. Уæ газеттæ бахъахъхъæнут. Жюрийы уæнгтæ, сымах та уæ хъус æрдарут ацы ерыстæм æмæ сын 5 баллонсистемæтæ гæсгæ бæрæггæнæнтæ сæвæрут.

  2. Дыккаг хæслæвæрдæй та сбæрæг кæндзыстæм, ребустæ куыд зонут, уыд.

Раздæр йæ дзуапп цæттæ кæмæн уа æмæ йæ рухс тагъддар кæмæн ссудза, уымæн 1-аг ныхасы бар.

Æрбакæсут нывтæм æмæ зæгъут, цавæр ирон хъæуы ном дзы ис æмбæхст. ( Хæтæлдон, Бирæгъзæнг, Хидыхъус).

3.Ныртæккæ алы командæйæн дæр ратдзынæн карточкæтæ, кæцыты ис къæпхæнтæ. Сымахæн уе хæс у баххæст кæнын ацы къæпхæнтæ номдартæц иууон нымæцы.

А

Г

Х

О

Х

О

Х

Х

Æ

Ф

С

Х

А

Л

О

Н

Х

А

Р

Б

Ы

З

Х

Æ

Р

И

Н

А

Г

А

Р

С

А

С

И

Н

А

В

Д

Æ

Н

А

Б

Ы

Р

Æ

Г

А

Г

У

Ы

В

З

Æ



4.4-æм хæслæвæрæд уыдзæн ахæм.

Растдзынæн уын сыгъдæн сыфтæ æмæ дзы 2 минутмæ хъуамæ æмæ номдартæ дывæргод æмхъæлæсонтимæ. Уыцы дзырдтæй иу фонетикон æгъдауæй равзардзыстут.

5.Ныр та сбæрæг кæндзыстæм æмбисондтæ куыд зонут уый. Лæвæрд уын æрцæудзæн фæйнæ æмбисонды, æмæ йын хъуамæ бамбарын кæнат йæ хъуыды.

1.Чи цы у, уый адæм зонынц.

2. Хонæг дæ куы нæ уа, уæд хæддзуйæ ма цу.

6.Ныр та уын уе сфæлдыстадон ьыхтæ сбæрæг кæндзыстæм.

Ратдзынæн уын каточкæтæ мивдисджытимæ. Уе хæс у, ацы мивдисджытæм гæсгæ быст радзырд сæргондимæ æрхъуыды кæнын æмæ йæ ныффыссын сыфыл.

1.Сфæнд кæнвн, ацæуын, фенын, фæстæрсын ссарын, хъазын, фембæлын, цин кæнын.

2.Бахæс кæнын, ныффысын, ахъуыды кæнын, бацархайын, рауайын, сауындзын, рæппæлын.

7. Сбæрæг кæнут дыууæрæнхъонты цухгонд дзырдтæ. Æызагзонывнады цы хуйнынц уый зæгъут сын сæ хъуыды бамбарын кæнут.

1. Кæмбайын рæвдз æфсиртæ тоны

иу гектар дæтты дæс тонны.

2.Уыгæрдæны федтон ахстон,

уым уæрцы лæппынтæ ахстон.

3.Сарæзта цæрнуат халон

Цæй, ныр ын æй æз куыд халон.

4.Кæд къæрмæг тъыст ис йæ хъус,

Гъе уæддæр нæ ныхас хъусы.

8. Капитанты конкуртæ.

Ныр та сбарæг кæнæм капитанты цæттæдзинад.

Ратдзынæн уын карточкæтæ дæмгъæтимæ. Уе хæс у, ацы дамгъæтæй саразын дзырд, баныхасывн æй гæххæтыл æмæ бæстон æрдзурын сæ нысаниуджытыл.

9. Капитанты иннæ хæс уыдзæн ахæм. Ныртæккæ ныффысдзыстæм сфæлдыстадондзырдуатон диктант. Алы камандæйæ дæр рацæуæт иу адæймаг. Уе хæс уыдзан лæвæрд нысаниуджытæм гæсгæ базонын дзырдтæ æмæ сæ ныффыссут.

1.Уый машинæ бауромы. (светофор)

2.Зымæг цы уары? (мит)

3.Скъолайы райсынц (бæрæггæнæнтæ)

4.Уыдонæй арæзт у нæ нвхас. (дзырдтæ)

5.Уый у ыæзæджы бæрæгбон. (Джеоргуыба)

6.Ирон газет. (Рæстдзинад)

7.Фæузæм авдæны. (сыввæллон)

8.Фæрæн бынат амонын. (адрис)

10.Рахизæм иннæ конкурсмæ. Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнут сæргондимæ цыбыр радзырд. Алы командæйæ дæр рахизæт фæйнæ фæймаджы. Ацы хæслæвæрдæн уын лæвæрд цæуы 2 мин. Радайут фыссын.

11.Лæвæрд фæрстытæм лæмбынæг æркæсут æмæ зæгъут, цавæр хъуыдыйады уæнгмæ хацынц, уый. Радзурут ын йæ раиртæст.

1.Кæм? 2.Кæй?

Кæдæм? Цы?

Кæцæй? Кæмæн?

Кæдмæ? Кæмæй?

Куыд? Цæмæй?

Куыдæй? Кæуыл? Цæуыл?

Цæмæн? Кæимæ? Цæимæ?

12.Ацы хæслæвæрдæй та сбæрæг кæндзыстæм фразеологон дзырдбæстытæ куыд зонут уыц. Рамдзынæн уын карточкæтæ, сымах та фразеологизмтæн æрхъуыды кæнут синонимтæ.

1.Сæ мыды къæм бахаудта (фæхыл сты)

2. Иу хæдон дæр сын уæрæх у. (æмбалдзинад)

3.Йæ фæрсджытæ йын банымадтой. (фæнадтой)

4.Мæ къæхтæ мæ быны нал цыдысты. (бафæлад)

5.Авд хохы фæстæ. (дард)

6.Зæххы скъуыды ныххауд. (фесафт).

13.Лæвæрд дзырдтæй саразут хъуыдыйад æмæ йæ баныхасут уæнгтæм гæсгæ.

Æцæгæлон æвзагыл царды мæсыг нæ самайдзынæ.

14.Нæ æрвылбон царды арæх фæдзурынц сæ мадæлон æвзагыл уый. Ныртæккæ ахæм куыст бакæндзыстæм: лæвæрд дзырдбæстытæй раст арæзт кæцытæ не сты, уыдон базонут. Уæ хорзæхæй, мæнæ уын карточкæтæ.

1.Тæбæгъ ныббызгъуыр (нæу)

Тебæ æрттивы

Зæгæл ныдзылын

Фæрæст ныппырх (нæу)

Дзул басыгъд.

2.Стъол асаст

Кард ныхъкъуылых (нæу)

Сой атад.

Их схид (нæу)

Зæлтæ хъуысынц.

15. Базонут, ацы нывтæ цы фразеологон дзырдбæстæ сты æмбæхст.

1.Йæ зæрдæ фæцъæх.

2.Йæ Сæрыл сæ сбадын кодта.

3.Йæ зæрдæ йын балхæлдта.

16.Лæвæрд карточкæтыл фарсты ныффыссут хъæугæ дзырдтæ.

1.

Хъуыдыйады ?

уæнгтæ:

сæйрат ?



2.

?

сæйраг ?





3.

Хуымæтæг хъуыдыад

? ?

4.

Хъцыдыйады ?

уæнгтæ:

? ? ?


Нæ ерыс фæци.

Командæтæ, исты зæгъын мА уæ фæнды?

Ме 'взаг ды куы мæлæй,

Уæд æз дæр мæлдзынæн,

Фæлæ ды куы цæрай,

Уæд æз дæр цæрзынæн.

''Хуры тынтæ'' æмæ ''Иры стъалытæ''! Уæ цæрæнбон бирæ! Тынг арф зонын-дзинæндтæ равдыстат, мадæлон æвзæгæн стыр аргъ кæгут æмæ уæ дарддæры цард дæр рæсугъд æмæ амонджын уæд.

Ныр та цалынмæ нæ зынаргъ жюрийы уæнгтæ уынффæ кæнынц, уæдмæ уал уæ, нæ буц уазджытæ, хонæм нæ равдыстмæ.


Равдыст.

1.''Сасинкъа æмæ Дисинкъа'' 6-æм къл. ахуырдзаутæ.

2.''Ладимхан æмæ Ларочкæ'' 7-æм къл. ахуырдзаутæ.

3.''Хъазтæ'' 4-æм къл. ахуырдзаутæ.

4.''Бирæгъ æмæ хърихъуп'' 7- æм къл. ахуырдзаутæ.

5.''Автобусы'' 10- æм къл. ахуырдзаутæ.

6.''Сериффæ æмæ Стеллæ'' 10- æм къл. ахуырдзаутæ.

7.''Фатимæ'' 7-æм къл. ахуырдзаутæ. (скъуыддзаг)

Кафт ''Картули'' Санахъоты Кристинæ 11 къл.





© 2010-2022