Темæ: Плиты Грис Авд цухъхъайы

Темæ: Плиты Грис "Авд цухъхъайы".   Урочы нысантæ: 1.     Ахуырдзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын. 2.     Хъæбатыр хæстонтæн, хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын сывæллæтты. 3.     Аивад æмæ  цард кæрæдзиимæ æмбаст кæй сты, ууыл æрныхас кæнын. 4.     Ныхасы рæзтыл бакусын.   Эпиграф:                                         Хæст лæгмар у, цард та дзы-æнуд,       Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…                                    Адæм цæнгтæ бафистæг кæнут,            ...
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

4

Темæ: Плиты Грис "Авд цухъхъайы".

Урочы нысантæ:

  1. Ахуырдзаутæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.

  2. Хъæбатыр хæстонтæн, хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын сывæллæтты.

  3. Аивад æмæ цард кæрæдзиимæ æмбаст кæй сты, ууыл æрныхас кæнын.

  4. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Эпиграф:

Хæст лæгмар у, цард та дзы-æнуд,

Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…

Адæм цæнгтæ бафистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

Плиты Грис.

Урочы цыд: I. Организацион хай.

  1. Хæдзармæ куыст бафæрсын.

    1. Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадæй докладтæм байхъусын æмæ презентациты æрмæгыл бакусын.

    2. Литературæйы теори куыд бамбæрстой,уый сбæрæг кæнын. Сфæлхатын балладæ.

  2. Ног æрмæг.

1.Ахуыргæнæджы разныхас:

Хæст….Æрмæст йæ ном фехъусгæйæ дæр адæймаджы зæрдæ бауазал вæййы. уæнгтæ баризынц, сæрыхъуын арц сбады. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ æмæ кæд хæст банцад, кæд Уæлахизы бон æрцыд, уæддæр 70 азы фæстæ дæр хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты . Бирæ уацмыстæ ис фыст хæсты темæйыл ирон литературæйы. Уыдоны ' хсæн зынгæ бынат ахсы Плиты Грисы балладæ "Авд цухъхъайы".

?

2.Цы хонæм балладæ?

Дзуапп:

Бальяре - италиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд, амоны кафын. Чысыл сюжетон æмдзæвгæ, кæцыйы поэт æвдисы æрмæст, йе нкъарæнтæ æмæ хъынцъым нæ, фæлæ ма йæм уыдон чи æвзæрын кæны, уыцы цаутæ.

?

Цы равдыста Грис балладæ"Авд цухъхъа"-йы?

Дзуапп:

Грис"Авд цухъхъайы" равдыста Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад, сæ кадджын мæлæт æмæ сæ ныййарæг мады æвирхъау уавæр хæсты рæстæг.

? Цы цæстæй кæсы поэт йæ уацмысы хъайтартæм?

Дзуапп:

Поэтæн йæ зæрдæ тынг фæрыст Гæздæнты авд æфсымæрыл, сæ ныййарæг мадыл.

Хатдзæг:

Грис ма арæхстджынæй спайда кодта балладæйы миниуджытæй Гæздæнты авд æфсымæры æмæ сæ ныййарæг мады уæззау уавæр равдисынæн Грисмæ уыд диссаджы поэтикон миниуæг - раздæр фæхъынцъым кæны, цæуыл фысдзæн, уый æцæгдзинадыл. Фæстагмæ равзæры уацмыс дæр. (могнитофоны лентæйыл байхъусын Грисы цардæмбал Дзугкойты Афассæйы ныхæсмæ).

? Цавæр уавæрты фæмард сты æфсымæртæ?

Дзуапп:

Алчидæр сæ фæмард хъæбатырæй. Райгуырæн бæстæ знагæй

бахъахъхъæнын банымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл. Æгаддзинад сæ иу дæр йæ

сæрмæ не рхаста. Алчидæр сæ йæ царды фæстаг минут, мæлæты дзыхмæ

кæсгæйæ, архайдта лæгдзинад равдисын, хъæбатырæй амæлын.

Бакæсын чиныджы, куыд фæмард сты æфсымæртæ, уыцы бынæттæ.

? Куыдæй бантыст поэтæн ныййарæг мад авд зынгхуыст хъæбулы æвирхъау хъысмæт равдисын?

Дзуапп: Поэт спайда кодта балладæйы миниуджытæй тынг дæсныйæ, ома, фæлхатгонд рæнхъытæй:

Мад ын ныр йæ цухъхъа дауы

Æмæ хус цæстæй лæууы…

Айнæг сау фæрчытæй хауы,

Арв цыхуырджытæй кæуы.

? Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт?

Дуапп: Эпитеттæй: "сау рыг", "уынгæг бон", "ныллæг хæдзары", "фыдбоны балцы".

Олицетворенитæй: «Бонгай хæст куы фæци давд», «Арв цыхцырджытæй кæуы» æмæ а.д.

Барæнтæй: «ингæнау ныссабыр къæс», «фатау смидæг дæн».

? Цы цæстæй кæсы Грис хæстмæ?

Дзуапп: Хæст у Грисæн æнæуынон. Уымæн æмæ хæст лæгмар у. Знаджы хоны "сырд", "фыдгул", "знæгтæн у æгъатыр".

? Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс "Авд цухъхъайы"?

Дзуапп: Гæздæнты æфсымæртæ авдæй дæр бацарæфтыд сты Фыдыбæсты Стыр хæсты азарæй. Ницыуал баззад йæ фырттæй ныййарæгæн сæ цухъхъаты йедтæмæ.

? Цавæр фæлгонц у мад балладæйы, реалон æви символикон?

Дзуапп: Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй Грис равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт.

? Цы цæстæй кæсынц æфсымæртæ сæ мадмæ?

Дзуапп: Уыдон сæ ныййарæгыл сты æнувыд. Сæ ныхас мадимæ у фæлмæн. Алчидæр йæхи хъахъхъæны мады зæрдæхудтæй. Ныййарæг мад сын у зынаргъ, райгуырæн бæстæ - адджын.

Черчесты Георгийы радзырдмæ байхъусын.

Iv.Аулæфт

v. Æрмæг ныффидар кæнын.

1.Ахуыргæнинæгтæ дзурынц æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæ, адæймаджы кад, намыс, сæрыстырдзинады тыххæй:

Æнусон цардæй æнусон кад - хуыздæр.

Райгуырæн бæстæ адджын у.

Кадæн агурæн нæй, йæ фæдыл цыфæнды згъорд та у æнæпайда.

2. Бакæсын скъуыддзаг Гаджиты Георы æмдзæвгæ "Мад" - æй.

…Банцад хæст, ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы рахуыдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

Фæлæ мад ныййарæг мад, уæддæр

Не ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл…

… А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…

vI. Хæдзармæ куыст: Сахуыр кæнын æмдзæвгæйæ скъуыддзаг наизусть


© 2010-2022