Дзасохты Музафер 7кълас литература

Темæ: Дзасохты Музаферы цард æмæ сфæлдыстад. Радзырд "Бæхы цæссыгтæ" Нысан:1.Базонгæ кæнын ахуырдзауты фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ.               2. Æрдзурын уацмысы æвзаджы хицæндзинæдтыл,Къоста газет уадзыны хъуыддагыл куыд архайдта,ууыл.                 3. Скъоладзаутæм æвзæрын  кæнын  уарзон  æмæ  аудæг  цæстæнгас  хæдзарон  фосмæ. Урочы цыд: Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст. 1.Куыд аргъ кæны æмдзæвгæйы автор Къостайæн? 2.Куыд æмбарут ацы ныхæстæ: Йæуарзты хурæй арæзта хæдзар. 3. Цæмæн зæгъы ... Дзасохты Музафер у зындгонд поэт,фыссæг,тæлмацгæнæг æмæ журналист. Журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор,фыссæг æмæ тæлмацы дæсны. Музафер райгуырди 1937 азы Красногоры(Бæрæгъуыны) хъæуы. Хæрз сабийæ баззад сидзæрæй,йæ фыд Созырыхъо  Фыдыбæстæйы хæстæй нал сыздæхт,цалдæр азы фæстæ æвирхъау хуызы фæмард йæ мад. 1955 азы Музафер фæци каст астæуккаг скъола æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ.Фæстæдæр Мæскыйы каст фæци СЦКП-йы цур Уæлдæр партион скъола сырх дипломимæ.   1960-1971 азты Музафер куыста газет "Рæстдзинад"-ы,раздæр литературон кусæгæй,стæй та культурæйы хайады сæргълæууæгæй.    1971азæй 1973 азмæ уыди фæс...   А. Камюйы "Калигула",А.Островский "Доходное место", М. Булгаковы"Пушкин", В. Розовы "Затейник",  А.Вампиловы"Старший брат", С. Моэмы"Непобедимая",   Я. Илекы "Гонзæ",   Ш. Чкадуайы"Кукла"…   Фыссæг ирон æвзагмæ раивта В. Шекспиры,  А. Пушкины, М. Лермонтовы,    Л. Толстойы, И. Тургеневы,А. Чеховы,Дж. Стейнбекы,П. Меримейы,С. Цвейгы,А.Сент-Экзюперийы,Э. Сетон-Томпсоны,Э. Успенский,А. Линдгрены,Д.Родарийыæмæ бирæ радзырдтæ æмæ уацаутæ. Мыхуыры рауагъта тæлмацгонд чингуытæ: Хетæгкаты Къостайы " Дзæбидырдзуан",О. Хайямы "Рубаитæ",В. Шукшины "Сыгъдæ... Раттын дзуапп фæрстытæн: -Радзырды сæйраг архайджытæ чи сты? -Цæмæн сæм смæсты колхозы сæрдар,цы фыдми ракодтой? -Фыдмийыл æй нымайут? -Цавæр рагон хъазты кой ис радзырды? -Цы бæллæх æрцыд Агуыбейыл? -Цæуыл фæдис кодта лæппу,бæхы куы федта,уæд? -Цавæр радзырдтæ ма зонут ирон литературæйы,бæхы тыххæй фыст кæм ис,ахæмтæ.     Хæдзармæ куыст. 1.Дзасохты Музаферы цард æмæ сфæлдыстад.                                  2.Радзырд "Бæхы цæссыгтæ" бакæсын æмæ фæрстытæн дзуапп дæттын.  
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Дзасохты Музаферы цард æмæ сфæлдыстад. Радзырд "Бæхы цæссыгтæ"

Нысан:1.Базонгæ кæнын ахуырдзауты фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

2. Æрдзурын уацмысы æвзаджы хицæндзинæдтыл,Къоста газет уадзыны хъуыддагыл куыд архайдта,ууыл.

3. Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын уарзон æмæ аудæг цæстæнгас хæдзарон фосмæ.

Урочы цыд: Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

1.Куыд аргъ кæны æмдзæвгæйы автор Къостайæн?

2.Куыд æмбарут ацы ныхæстæ:

Йæуарзты хурæй арæзта хæдзар.

3. Цæмæн зæгъы поэт:

Йæ хæдзар æрдæгарæзтæй баззад?

4.Цæй символ у Къостайы хæдзар?

5. Цæмæ сиды Хъодзаты Æхсар йе 'мдугонтæм?

6. Куыд æмбарут метафорæ "фестын кæнæм урс дуртæ нæ удтæ"?

7. Цы у символ?

Ног æрмæг. Фыссæджы царды хабæрттææмæ йе сфæлдыстады тыххæй раныхас.

  1. Дзасохты Музафер у зындгонд поэт,фыссæг,тæлмацгæнæг æмæ журналист.

  2. Журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор,фыссæг æмæ тæлмацы дæсны.

  3. Музафер райгуырди 1937 азы Красногоры(Бæрæгъуыны) хъæуы. Хæрз сабийæ баззад сидзæрæй,йæ фыд Созырыхъо Фыдыбæстæйы хæстæй нал сыздæхт,цалдæр азы фæстæ æвирхъау хуызы фæмард йæ мад.

1955 азы Музафер фæци каст астæуккаг скъола æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ.Фæстæдæр Мæскыйы каст фæци СЦКП-йы цур Уæлдæр партион скъола сырх дипломимæ.

1960-1971 азты Музафер куыста газет "Рæстдзинад"-ы,раздæр литературон кусæгæй,стæй та культурæйы хайады сæргълæууæгæй.

1971азæй 1973 азмæ уыди фæсивæды газет"Æрыгон коммунист"-ы редактор, 1973-1975 азты куыста Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты хистæр ахуыргæнæгæй, æхсæз азæй фылдæр та-телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты хицауы хæдивæгæй.

1985 азæй нырмæ у журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор.

Ирон культурæмæ цы стыр æвæрбахаста Музафер,уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном.

2002 азы Дзасохты Музаферæн йæ роман "Дзæбидыры хъул"æмæ, Омар Хайямы цыппаррæнхъонтæ ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодта,уый тыххæй саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премии,2007 азы та йын лæвæрд æрцыд Ирыстоны адæмон поэты ном.

Музаферы фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1954 азы.

Йæ повесттæ æмæ романтæ:"Уалдзыгон стъалытæ","Урсдоны былыл Бæрæгъуын…","Менджы сой","Мысыры сыджыт", æмæ "Дзæбидыры хъул",-ы иу бинонты цардыл фысгæйæ равдыста,Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ ч райгуырд,тохы бонтæн æвдисæн чи уыд æмæ хæсты фæстæйы азты бирæ зындзинæдтæ йæхиуыл чи бавзæрста,уыцы фæлтæры хъысмæт.



  • А. Камюйы "Калигула",А.Островский "Доходное место",

  • М. Булгаковы"Пушкин",

В. Розовы "Затейник", А.Вампиловы"Старший брат",

С. Моэмы"Непобедимая", Я. Илекы "Гонзæ", Ш. Чкадуайы"Кукла"…

Фыссæг ирон æвзагмæ раивта В. Шекспиры, А. Пушкины, М. Лермонтовы, Л. Толстойы, И. Тургеневы,А. Чеховы,Дж. Стейнбекы,П. Меримейы,С. Цвейгы,А.Сент-Экзюперийы,Э. Сетон-Томпсоны,Э. Успенский,А. Линдгрены,Д.Родарийыæмæ бирæ радзырдтæ æмæ уацаутæ.

Мыхуыры рауагъта тæлмацгонд чингуытæ: Хетæгкаты Къостайы " Дзæбидырдзуан",О. Хайямы "Рубаитæ",В. Шукшины "Сыгъдæг арвы бын",Ч. Айтматовы "Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд".

Фæстаг азты рауагъта цалдæр чиныджы,уыдонимæ:"Цæразонты хъуытаз","дæллаг Ир","Заман æмæ замана".

Радзырд "Бæхы цæссыгтæ".

Бакæсын радзырд.

IV.Аулæфт.

V.Æрмæг ныффидар кæнын

Раттын дзуапп фæрстытæн:

-Радзырды сæйраг архайджытæ чи сты?

-Цæмæн сæм смæсты колхозы сæрдар,цы фыдми ракодтой?

-Фыдмийыл æй нымайут?

-Цавæр рагон хъазты кой ис радзырды?

-Цы бæллæх æрцыд Агуыбейыл?

-Цæуыл фæдис кодта лæппу,бæхы куы федта,уæд?

-Цавæр радзырдтæ ма зонут ирон литературæйы,бæхы тыххæй фыст кæм ис,ахæмтæ.

Хæдзармæ куыст. 1.Дзасохты Музаферы цард æмæ сфæлдыстад.

2.Радзырд "Бæхы цæссыгтæ" бакæсын æмæ фæрстытæн дзуапп дæттын.



© 2010-2022