Сценари. Къостайы гуыран бон 255азы

Сценари Литературон- музыкалон композици     Хетæгкаты Къостайы  цард æмæ сфæлдыстадæй                                                                          Дзæуджыхъæу 2014 Сценæйыфæлгонц; 1.Къостайыуацмыстæмгæсгæ  сывæллæттыконднывтæ. 2. Къостайычингуытæйравдыст" Нæ дзыллæйызæрдæ". 1 разамонæг. Зылангдæрцæгъд, иронфæндыр, иронадæмыиумæйагбæлццон, хохæйбыдырмæ хъуысæнтдæ зæлтæ.Алыхатт, дæумæ хъусгæйæ  , адæймаг æндзæвыйæ фыдæлтыл, адæмондзургæ сфæлдыстадыл. 2 разамонæг. Рагон нæртон лæгау за...
Раздел Русский язык и Русская литература
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сценари

Литературон- музыкалон композици

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй









Дзæуджыхъæу 2014

Сценæйы фæлгонц;

1.Къостайы уацмыстæм гæсгæ сывæллæтты конд нывтæ.

2. Къостайы чингуытæй равдыст" Нæ дзыллæйы зæрдæ".

1 разамонæг. Зылангдæр цæгъд, ирон фæндыр, ирон адæмы иумæйаг бæлццон, хохæй быдырмæ хъуысæнт дæ зæлтæ.Алы хатт, дæумæ хъусгæйæ , адæймаг æндзæвы йæ фыдæлтыл, адæмон дзургæ сфæлдыстадыл.

2 разамонæг. Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ кæуын хъæлæс,-

Дунеты се 'ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин сын уæд мæ зæрдæйы маст.

1разамонæг. Ацы ныхæстæ сты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы.

2 разамонæг.,Поэт, прозаик, драматург, публицист, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг. Æрмæст йе сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайдæй базмæлын кодта Ирыстоны культурæ æмæ истори, райхъал кодта адæмы хиæмбарынад.

1 разамонæг.Æнæмæлгæ Къоса йæхицæн цыртдзæвæн скодта йæ кад æмæ намысæй, Уый тынг уарзта йæ Райгуырæн бæстæ, йæ адæмы. Къоста æрмæст поэт нæу. Уый адæмæй æмæ рæстæгæй никуы иуварс кодта йæхи.

2 раз-г: Æмдзæвгæ "Ныстуан"( Залеты Таня -5б къласы ахуырдзау)

1раз: Алы аз дæр æппæт ирон адæм бæрæг кæнынц поэт, прозаик, нывгæнæг, публицист, драматург, æхсæнадон архайæг Къостайы гуырæн бон. Ацы аз ыл сæххæст 154 азы, йæ" Ирон фæндыр"- ыл та 114 азы. Александр Фадеев Къостайы схуыдта "Леонардо да Винчи осетинского народа".

Хъуысы ирон музыкæ.

"Катай"

2раз: Къоста фыста: Æз дæн нывгæнæг æмæ адæмон поэт". Къоста йæ размæ егъау хæстæ æвæрдта,кæд се'ппæт нæ бафтыдысты йæ къухы, уæддæр.

1раз: "Ирон аив литературæйæн Къоста ссис фидар бындурæвæрæг, йæ цæугæ хох,йæ лæугæ мæсыг."Ирон фæндыр " та йын баззади цырагъдарæй"-фыста номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.

2 раз: Къостайы сфæлдыстады ис æмдзæвгæтæ, поэмæтæ,æмбисæндтæ, таурæгътæ, зарджытæ," зæрдæйы сагъæстæ".Уыцы "зæрдæйы сагъæсты" бындурыл фыст у Къостайы сæйраг чиныг" Ирон фæндыр ". Йæ зæрдæ рыст æмæ мæстæй фæйнæрдæм рæдывта йæ райгуырæн зæххыл, йæ мæгуыр "æфхæрд адæмыл".

Елдзарты Аминæ -4в "Къоста-Иры зарæггæнæг"

Дзукъаты Дианæ, Батæгаты Дзерассæ -3а «Къоста»-Чеджемты Геор

"Мæгуыры зæрдæ" (Гугкаты Алинæ-6Б)

"На смерть горянки " ( Меренкова Диана-6В)

1 раз: Къоста йæхæдæг афтæ фыста:"Мæ рыст зæрдæйæ æддæмæ цы рæдувы, уымæй дарддæр ницы фыссын"

« Сагъæс» (Абаева Карина -8А)

Къостайæн уæззау хъарæгау хъуыст йæ диссаджы æмдзæвгæ,кæцы сси зарæг

"Додой" Наниева Диана (9А)

2раз:1899 азы майы мæйы "Ирон фæндыр" куы фæзынд мыхуыры, уымæй раздæр базыдтой адæм Къостайы æмдзæвгæтæ. Сæ кæсынæй æфсæдгæ дæр нæ кодтой, къухфыстæй сæ кастысты, арæзтой сæ зарджытæ.

"А-лол-лай"(зарæг)

Къоста фыста ирон æмæ уырыссаг æвзагыл иухуызон хорз. Стыр уарзондзинады уæлтæмæн æвдисæг сты,уырыссаг æвзагыл цы лирикон æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон.

"Грёзы любви"

"Мæ хуры хай"(зарæг) И. Г. 4 Б класс

Цæллаккаты Мæдинæ- 5"Б" кълас " Привет"Николаева Настя " Мать сирот"

( на русском ) и Качмазова Диана (на осетинском)

Малкарова Ангелина"Сидзæргæс" 6В (на осетинском)

Кукарина Настя 6А "Æрра фыййау",

Казаков Костя "Лæгау",Стрепенюк Саша "Коста" Чеджемов Геор,

Зарæг "Уасæг"

Къубалты Алыксандр "Къостайы сурæтмæ"- Хамикоева Кристина 11А

Къоста йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмимæ тугыстæг баст у, уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ, уымæн вæййы куы мады къухтау фæлмæн æмæ рæвдауæг,куы тохмæ сидæг, фæдисау зæлланггæнаг.

Æмдзæвгæ "Ракæс"

Байхъусут Къостайы баснятæм: "Бирæгъ æмæ хърихъупп"

" Марходарæг"…

Кафынц скъоладзаутæ.

Зарæг Зарæг…

"Хъуыбады"

Фæнды нæ, Къоста фæндагамонæг кæмæн уыд, уыцы поэттæ æмæ фысджыты æрæмысын . 2013азы юбиляртæ сты Цæрукъаты Алыксандр, Плиты Грис æмæ Токаты Алихан.Байхъусут уыдоны æмдзæвгæтæм дæр:

Гогаты Миланæ 8Г. Цæрукъаты Алыксандр "Кæуæг бæрз",

Дреты Лаурæ Цæрукъаты Алыксандр "Кæсы мæм афтæ"

Цæллаты Викæ . Цæрукъаты Алыксандр "Рох симфони"

Кафт…

Ууыл нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ..



© 2010-2022