Открытый урок по осетинскому языку 3 класс

Раздел Начальные классы
Класс 3 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ : Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.

Нысан : бацамонын сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ, сæ растфыссынад.

Урочы цыд :

1.

- Уа бон хорз!

- Æрбадут.

( фæйнæгыл ) « Исты базонын кæй фæнды, зонгæ дæр уый кæны.»

- Æмбисонды хъуыдыимæ разы стут ?

- Сымах цæттæ стут исты базонынмæ ?

2. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

- Рацыд æрмæгыл бакусдзыстæм, чысыл тестыл бакусгæйæ.

Тест :

- Бацамонын дзырды хай, кæцы лæууы уидаджы разæй æмæ уый фæрцы аразæм ног дзырдтæ :

А) уидаг

В) фæсæфтаун

С) кæрон

D) разæфтуан

Е) бындур

- Бацамонын дзырды хай, кæцы хъуыдыйады дзырдтæ бæтты кæрæдзиуыл :

А) уидаг

В) фæсæфтуан

С) кæрон

D) разæфтуан

Е) бындур

- Адæймаг цы дзырдтæ нысан кæнынц, уыдон цавæр фарста домынц ?

А) цавæр?

В) цы ?

С) чи ?

D) цыхуызæн ?

Е) цы кæны ?

- Предметы ном цы дзырд æвдисы, уый куыд хонæм ?

А) миногон

В) мивдисæг

С) номдар

- Уавæр дзырд фæцух хъуыдыйады ? ( Хетæгкаты Леуаны фырт … у сывæллæтты уарзондæр фыссæг.) :

А) Секъа

В) Къоста

С) Къола

D) Мысост

( тест сбæрæг кæнын )

3. Ног æрмæг.

- Байгом кæнут уæ тетрæдтæ, ныффысут абоны нымæц.

( бакæсын фæйнæгыл фыст дзырдтæ)

Къоста ( Алагир, Æрыдон, «Ногдзау», Кировы уынг - СÆРМАГОД НОМДАРТÆ)

Къæбыла ( гæды, гæлæбу, чызг - ИУМÆЙАГ НОМДАРТÆ )

- Цæмæй иу кæнынц лæвæрд дзырдтæ ?

- Хицæн та цæмæй кæнынц ?

- Номдар та цы у? Куыд ивы? Æрхæсс дæнцæгтæ.

- Цавæр номдартæ ма фыссæм стыр дамгъæйæ ?

- Гыццыл дамгъæйæ та ?

( стыр æмæ гыццыл дамгъæйæ цы дзырдтæ фыссæм, уыдон фыссын дзырдтæ « Къоста» æмæ «къæбыла» -йы фæстæ.)

- Рауад нæм номдарты дыууæ къорды.

- Чи зæгъдзæн, куыд хуыйны фыццаг номдарты къорд ? Дыккаг та?

- Уæдæ нæ урочы нысан цавæр у?

4. Чиныгимæ куыст.

- Уимæ та нæ базонгæ кандзæн нæ чиныг. ( 52 фарс, кæсæм раиртæст )

Цавæртæ вæййынц номдартæ ? Куыд сæ фыссæм ?

- Уæдæ фыццаг нодарты къорд цавæртæ сты ? Дыккаг номдарты къорд та ?

- Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут нæ урочы темæ.

5. Улæфты рæстæг ( физминуткæ )

Къах лæууы, лæууы, лæууы

Къах цæуы, цæуы, цæуы

Къæхтæ згъорынц, згъорынц, згъорынц

Къæхтæ кафынц, кафынц, кафынц

Ох, мæ къæхтæ, ох!

Æмæ æрбадынц.

6. Æрмæг ныффидар кæнынæн фæлтæрæн куыстытæ.

Чиныг 53 фарс, 187 ф - н. ( къæйттæй куыст )

- Кæуыл цæуы дзырд тексты ?

- Кæм райгуырд Къоста ?

- Йæ мады амарды фæстæ чи хъомыл кодта Къостайы?

- Фыдыус цавæр цæстæй каст Къостамæ ?

- Цæмæн уарзæм Къостайы ?

( къордтæй куыст )

Волгæ, Алагир, Хъулон, Гино, Терк, Муртуз, Индийы океан, Уæрæсе, Нарыхъæу, Сау денджыз, Барбос, Цæгат Ирыстон, Æрыдон, Цъипп, Фыййагдон, Марта, Хъилхъус, Урсдон, Дзæуджыхъæу.

- Лæвæрд номдартæй рафыссын :

а) Хæдзарон фосæн лæвæрд нæмттæ

в) Дæтты, денджызты, фурдты нæмттæ

г) Бæстæты, горæтты, хъæуты нæмттæ

7. Кæронбæттæн.

- Раздæхæм та фæйнæгыл цы æмбисонд ис, уымæ

« Исты базонын кæй фæнды, зонгæ дæр уый кæны.»

- Дæу фæндыд исты базонын æмæ цы базыдтай ногæй нæ урочы ?

- Ныр та уæ алчидæр йæ куыстæн аргъ скæнæд. Зæгъут, чи уæ куыд бакуыста урочы.

- Бузныг уæ куыстæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, уæ фæндтæ уæ къухы бафтæнт. Кæддæриддæр уæ зæрдыл лæууæд æмбисонд - « Исты базонын кæй фæнды, зонгæ дæр уый кæны.»

8. Хæдзармæ куыст : 52 фарс, 185 ф - н.

Хæрзбон.






ГОМ УРОЧЫ ПЛАН

ИРОН ÆВЗАГÆЙ

3 КЪЛАСЫ


БАЦÆТТÆ КОДТА : РАЙДИАН КЪЛÆСТЫ АХУЫРГÆНÆГ

БÆЦОЙТЫ АНЖЕЛÆ


2013 АЗ.

© 2010-2022