Ирон зарæджы сценикон равдыст Фыдыбæстæйы Стырт хæсты темæйыл

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон зарæджы сценикон равдыст Фыдыбæстæйы Стырт хæсты темæйыл.

Кочысаты Мухарбег . Æмдзæвгæ «Фыстæг мæ мадмæ»- йыл зарæг, æмдзæвгæ «Адæмы маст».

Ахуыргæнæг Гуытьиаты Индирæ

Сценæ :Ирон хæдзар. Кæрты гыццыл тымбыл стъол,йæ цуры бандон. Стъолыл фыстæджытæ,къамтæ. Мад æнкъардæй кæсы къаммæ.

Сценæйы иннæ фарс :Акъоппы бадынц хæстонтæ. Чи йæ хæцæнгарз сыгъдæг кæны, чи йæ дзаумамæ зилы.

Салдæттæ иугай дзурынц æмдзæвгæ.

1-аг салдат Мæ мастæн æрæнцайæн нæй

Мæ фæндтæн тызмæг у сæ ахаст

Зæгъут-ма, æмбæлттæ,цæмæй

Цы карздæр,цы фыддæр дзырдтæй

Зæгъон æз мæ зæрдæйы сау маст.

2-аг салдат Мæстæлгъæд фыдхорты æрдонг

Æрбабырста абон нæ бæстæм

Æгъгъæд сын нæ уыди ныронг

ÆмÆ та сæ бафæндыд ног

Æсфæлварын тохы нæ гæрзтæ.

3-аг салдат Знаг йе сæфт æдзухдæр уыдта

Нæ сæрибар адæмты цардæй

Æмæ нæм кæд худгæ дзырдта

Уæддæр æй мах тынг хорз зыдтам

Кæй ныл цæудзæн иу бон мæнгардæй

4-æм салдат Нæ фыдæлтæм иу ныхас уыд

Цæргæйæ сæдæ азы баззад

Æстыр раст ныхас у бæлвырд

Мæлдзыгæн,дам, йе сæфт æрцыд

Æмæ, дам, ыл базыртæ баззад.

5-æм салдат Цы кæны, кæд афтæ у- хорз

Кæд сæрра сты абон лæгмартæ

Уæд сын мах æссардзыстæм хос

Æзды æмæ сау топпыхос

Куыд никуал æсдзæбæх уой,афтæ

6-æм салдат Æмбæлттæ,æрцыди рæстæг!

Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн

Нæ къухмæ,цæй,райсæм гæрзтæ

Куыд уарзæм нæ Фыдыбæстæ

Уый равдисæм абон æзнагæн!

7-æм салдат Æмбæлттæ,мæ дзырд у рæстмæ

Фыдгулæн йæ бæрзæй сæтдзæни

Йæ сау рыг ыскалдзæн хæрдмæ

Рæстдзинад у мах фарс,æмæ

Уæлахиз дæр мах фарс уыдзæни!

Хъуысы мелоди (зарæг: фыстæг мæ мадмæ) Лæппу сыстад æмæ кæсы дардмæ (сценæйы иннæ фарсмæ),йæ цæстытыл уайы йæ мад. Дзуры:

Мæ фын фæлыгъди,хуыссæг та мæ н ахсы

Хæстæг у бон ,æвæццæгæн ,хæстæг…

Уæдæмæ ,цæй,мæ райгуырæн Кавказмæ

Ныффыссон æз гъе ацы хсæв фыстæг.

Ыссыгътон цырагъ ныккæнды æдæрсгæ

Мæ чысыл пецы бафу кодтон арт.

Зары. Салам дæуæн мæ райгуырæн хæхбæстæ,гъей

Æнæниз у, мæ ныййарæг,мæ мад!

Æрвитын дын хæсты быдырæй абон

Æрвитын дард Украинæй салам.!

Дæ буц хъæбул дæ иунæг фырт,дæ уарзон

Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.

Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ

Нæ хъæдынкъул,нæ æлыгбон хæдзар

Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ

Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.

(Ныййарæг мад зарæджы ныхæстæм гæсгæ æвдисы,куыд æнхъæлмæ кæсы,уый. Фыстæг райста йæ къухмæ æмæ йæ кæсы)

Салдæттæ иумæ дарддæр зарынц. Мæ цæстыл уайыс алы бон ныййарæг

Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр

Æз зонын хорз,дæ хъуыдытæ,дæ фæндтæ

Кæй у дæуæн æнæ мæн,нана,зын

Æмбарын æз,кæй мыл риссы дæ зæрдæ

Кæй дæм фæзыны хаттæй хатт цæссыг.

Еана,дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ

Дзæгъæлы ма кæ,ма,нана, æнкъард,

Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг

Нæ дæ ды дæр, гъе афтæ иу,мæ мад.

ДЗуры. Фæуыдзæн хæст,нæ рæстдзинады кардæй

Æзнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст

ÆмÆ дæм уæд,ныййарæг мад,æз дардæй

Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

© 2010-2022