Открытый урок к Абета 1 класс

Раздел Начальные классы
Класс 1 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урок в «Абета» в 1 классе.

Учитель начальных классов Кадзаева Эльвира Мироновна

Урок: Абетæ.

Темæ: К.Д.Ушинский: « Алчи йæ куысты уæлхъус».

Урочы нысан:

1. Сабиты базонгæ кæнын К.Д. Ушинскийы радзырд: « Алчи йæ куысты

уæлхъус»- имæ.

2. Кæсыны фæлтæрдзинæдтыл кусын.

3. Сывзæрын кæнын рæзгæ фæлтæры зæрдæты уарзондзинад
фæллоймæ, сахуыр кæнын сабитæ кусын.

Урочы фæлгонц:

К.Д. Ушинский портет, чингуытæ, хъазæн бæх, цъиу, мыдыбындз,
дзырдбыд, презенгтаци урокмæ.

Урочы цыд:

I.- Организацион хай.

- Салам раттын уазджытæн.

- Фехъусын кæнын къласæн урочы темæ æмæ нысантæ.

II.- Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

- Сабитæ цавæр аргъау уын лæвæрд уыдис хæдзармæ?

( Арс, рувас æмæ бирæгъы æргъад).

- Цы ссардтой арс, бирæгъ æмæ рувас?

- Куыд асайынмæ хъавыдысты рувас æмæ бирæгъ арсы?

- Цы загъта бирæгъ?

- Цы загъта рувас?

- Цы дзуапп сын радта арс?

- Чи радзурдзæн аргъау хи ныхæстæй?

III.- Нæ темæмæ рахизын.

- Сабитæ, нæ урочы райдайæнмæ райстон Хуыттыкаты Цыппуйы ныхæстæ.

- Бакæсут- ма сæ.

Цæй æмæ куыстафон

Ма кæнон æнцой.

Царды тынтæ уафон

Царды тых фæллой.

(Хуыттыкаты Цыппу)

-Цæмæ тырны поэт?

-Куыд æмбарут фæстаг дыууæ рæнхъы?

-Уæдæ абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм?

( Фæллой).

2. Беседæ.

- Цы зонут фæллойы, куысты тыххæй?

- Æнæ куыстæй цард ис?

- Уæ мадæлтæ, уæ фыдæлтæ кæм фæллой кæнынц?

- Сымах та цы фæкусут?

- Кусын уæ бирæ чи уарзы?

- Кусын чи нæ уарзы, уыдоны та куыд фæхонынц адæм?( магуса, зивæггæнаг).

- Цæмæн сæ хонынц афтæ?

Чи уæ зоны магусайы тыххæй æмбисæндтæ?

«Магусайы ничи уарзы».

«Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы».

«Зивæггæнаджы мад мæгуыр у».

«Магуса æмæ зивæг сыхæгтæ сты».

«Зивæггæнаг йæ фос дардæй хздахы».

Разныхас:

Уæ алыварс дзаумайæ, предметæй, цыдæриддæр ис, уыдон фæллойы фæрцы сты. Æнæ куыстæй цард нæй. Алкæкæмæн дæр йæ хæс у фæллой кæнын. Фæллой цин, хъæздыгдзинад хæссы. Скъоладзауæн йæ сæйраг куыст у фæллой кæнын. Фæллой уарзын хъæуы, æмæ дæм уæд уыдзæн бæркад дæр. Кусын хъæуы æмвæндæй. Раздæр - иу йæхи куысты МИДæг хорз чи равдыста колхозы, быдыры, уымæн лæвæрдтой Фæллойы хъæбатыры ном. Зæгъæм: Багаты Назир, Годжысаты Назо, Црмартаты Афæхъо, Нфхъуысаты Дæгко, Милдзыхты Париж æмæ æнд.

- Абон базогæ уыдзыстæм К.Д. Ушинскийы радзырд « Алчи йæ куысты уæлхъус»-имæ.

К.Д. Ушинский райгуырд 1824-1870 азы, у уырыссаг фыссæг. Раздæр сабитæн нæ уыд чингуытæ, нæ зыдтой дамгъæтæ. Ушинский тынг бирæ уарзта сабиты æмæ сын ныффыста кæсыны чингуытæ, суанг ма сын

«Букварь» дæр, цæмæй касын баззыдтаиккой, уый тыххæй. Ушинскийы радзырдты архайынц цъиутæ, цæрæгойтæ, хæдзарон фос. Ушинский радзырдтæ ахуыр кæнынц кусыныл, кæрæдзийы уарзыныл, æрдз хъахъхъæныныл…(бавдисын чингытæ).

Сырдон:

Æрбахоста, Мидæмæ æрбацыд, салам радта.

- Сабитæ, кæцы кълас стут?

- Уæдæ мæ сымах хъæуыт. Цас уæ агшуырдтон, уый куы зониккатт.

-Базыдтат мæ, чи дæн æз?

-Æз æрцыдтæн дард бæстæй- Нартæй.

(сывæллæты дзуæппытæ).

- Нарты Уырызмæг мын куыст радта, æмæ мæ бон нæу уыцы куыст бакæнын. Афтæ мА банхъæлут æмæ æз кусын нæ уарзын, ам ахъуыды кæнын хъæуы:

- Аххуыс мын кæндзыстут? ( систа къонверт æмæ кæсы базон - базонтæ.)


  1. Æнæ дзæбуг, æнæ фæрæтæй скæны хæдзар. (Цъиу)

  2. Хæдзарин æфсин

Æрдузыл ратæх- батæх кæны,

Æрзилы дидинджытыл

Æмæ нæ мыдæй сбуц кæны. ( Мыдыбындз)

3. Хæдзарон фос, кусын бирæ уарзы, у бæрзонд, рæсугъд, æмбаргæ. ( Бæх)

Ис ма мæм ноджы куыстытæ, сбитæ скæндзыстут сæ?

Тагъддзуринаг:

Чъиллон- миллон худинаг

Чъизи саби дзуринаг.

- Иу куыст мА.

Уæнгон- мырон анализ скæнут ацы дзырдтæн:

бæх, цъиу, мыдыбындз.

Сырдон:

Хорз сабитæ, баххуыс мын кодтат. Стыр бузныг.

(Æз æй сбадын кодтон)

- Уæдæ абон цы радзырдтимæ базогæ уыдзыстæм, уым сæйраг архайджытæ чи сты?

(Æххуыс кæнын мæхæдæг).


  1. Дзырдуатон куыст.

Куысты уæлхъус - исты кусын.

Афардæг уыдзынæн - ацæудзынæн.

Схъыг- сфæлмæцыд.


  1. Ахуыргæнæджы фарста касты размæ.

а) Цæмæн схыдтф фыссæг йæ уацмыс афтæ?

б) Кæсын текст.

в) Сабиты дзуæппытæ ахуыргæнæджы фарстайæн.

IV- Физминуткæ.

Сырдон:

- Сабитæ, иу дадзыг кусæн нæй, кусты МИДæг улæфын дæр хъæуы. Цæй, æмæ нæ фæллад суадзæм. (кафынц 3 мин.)

- Сабитæ кæсынц радзырд сæхæдæг.

Æвзаргæ каст:

- Цы сфæнд кодта лæппу?

- Лæппуйы фæнд уæм раст кæсы?

- Куыд дзырдта лæппу бæхмæ?

- Бакæсут бæхы ныхæстæ.

- Цы загъта лæппу мыдыбындзæн?

- Цæуылнæ сразы мыдыбындз лæппуимæ хъазынмæ?

- Куыд загъта лæппу цъиуæн?

- Цъиуы ныхæстæ бакæсут.

- Лæппу йæ рæдыд бамбæрста?

Радзырды сæйраг хъуыды цы ран ис, уый ма ссарут.


  1. - Куыд зонæм, афтæмæй нæ радзырды ныхас цæуы, бæх æмæ мыдыбындзы тыххæй.

- Чи зæгъдзæн, цъиутæ нын цы пайда хæссынц?

- Цавæр цъиутæ зонут?

- Куыд хъахъхъæнын хъæуы цъиуты?

- Чи радзурдзæн цъиуты тыххæй æмдзæвгæ?


  1. Мыдыбындз та адæймагæн цавæр хорздзинад хæссы?

- Цæмæн хъæуы мыд?

- Радзурут мА уæдæ æмдзæвгæ мыдыбындз тыххæй.


  1. Бæх та цæмæн хъæуы адæймаджы?

- Кæмæ ис бæх?

- Куыд æм зилут?

- Сабитæ, нæ алыварс цыц æрæгойтæ ис, уыдоны хъахъхъæнын хъæуы. Адæймагæн æнæ цæрæгойтæй æмæ æнæ æрдзæй фæцæрæн нæй.

V- Æмбисонд:

«Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын сой»

Куыд æмбарут ацы æмбисонд? Цавæр æмбисæндтæ ма зонут куысты тыххæй?

Бирæ дзурынæй бирæ кусын хуыздæр у.

Цы байтауай, уый æркæрддзынæ.

VI - Хи ныхæстæй радзурут текст.

VII - Дзырдбыд.

ф

ы

с

г

æ

д

ы

п

ы

л

г

а

л

г

о

г

ы

з

м

æ

й

VIII- Кæронбæттæн:

- Абон цавæр радзырдимæ базонгæ стæм?

- Чи у йæ автор?

Радзырды сæйраг хъуыды цæй тыххæй у?

Нæ урок фæуыдзыстæм Хеттæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Кæмæн- цы»-йæ.

Хæдзармæ куыст:

Радзырд аив кæсын сахуыр кæнын.

Сырдон:

- Æз æй зыдтон, сымах фæллой уарзаг сабитæ кæй стут уый, æмæ уын нарты дыргъдонæй æрхастон фæткъуытæ.

(байуарут сæ).





Абетæ.

Гом урок 1-æм полилингвалон къласы.



Темæ: К.Д.Ушинский:

«Алчи йæ куысты уæлхъус».


Ахуыргæнæг:
Къадзаты Э.М.



Иран
2012 аз

© 2010-2022