Сценарий праздника Абеты бӕрӕгбон

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сценарий праздника Абеты бӕрӕгбон.Сценарий праздника Абеты бӕрӕгбон.Абеты бӕрӕгбон. Нæ зынаргъ, сабитæ, нæ чысыл хуртæ! Хæрз æрæджы, 1-æм сентябры, сымах æрбацыдыстут фыццаг хатт фыццаг къласмæ. Абетæ кæсын, фыссын базонынмæ. Ам сымахæн лæваргонд æрцыд уæ фыццаг ахуыргæнæн чиныг «Абетæ». Ацы чиныджы руаджы ныр сымах базыдтат кæсын, фыссын, зарын. А А -йыл, дам, уӕхсчытӕ нӕй, Афтӕмӕй хӕбӕцц ӕрлӕууыд. Зоны - хайджын у фӕрнӕй, Иууыл абетӕн сӕ цӕу у. Æ А- йӕн Æ йӕ хо, йӕ фаззон, Æ дӕр йе фсымӕрау уаз у. Б У ӕгъдауимӕ ӕмдзӕрин- Дары сиахсау худ кӕддӕрид… В Ды кӕсӕнцӕстытӕ зоныс, Мӕн сӕ халдих хонынц. Г Г цӕвӕгыл цӕуы барст- У цӕвӕджы хуызӕн раст. Гъ Доны сӕрты чи акӕны гӕпп, Уый фӕзӕгъы цингӕнгӕйӕ «Гъопп!» Д Д- хӕдзары сӕры халдих, Кӕс- къӕвдайы дон дзы ртагъди. Дж Джитъри- митъри Къабуска, Неси харбызы Рабырста. Дз Дзывыл - дзывыл, Дзывылдар, Цӕмӕй конд у Дӕ хӕдзар? - Кӕрдӕг хӕлттӕй Мӕ хӕдзар, Æнӕ рудзынг, Æнӕ дуар. Е Æ - дыууӕ дамгъӕйӕ арӕзт, Цӕй, лӕмбынӕг - ма йӕм бакӕс, А - ма рахицӕн кӕн Æ - йӕ Æмӕ агӕпп ласдзӕн Е - йӕ. Ё Ёлкӕ циу иронау, ёлкӕ?- Бафарста Илас. Фарстӕн дзуапп дӕтты Алёнкӕ: - Уый у заз бӕлас. Ж Федтай, кӕд цӕугӕ хъӕндилы- Цыма Ж дамгъӕ фӕхилы. З У зырнӕйзылд дамгъӕ З, Уый «ӕртӕ»- йӕн дӕр бӕззы. И Иуӕй иннӕ хахмӕ хахх- Дӕлейӕ уӕлӕмӕ, Базыдтам та афтӕ мах Ног дамгъӕ уӕдӕмӕ. Й Ног мӕй И-йы сӕрмӕ абадт, И-йӕ ног дамгъӕ куы рауад. К К - йӕн ис зырнӕйзылд сытӕ, Уыдон дзы хъӕуы хӕссын дӕр! Къ Къамбец хор фӕласта Къоппытӕй ӕгӕр. Къуди, мӕгуыр, бастад, Къогъотӕй - ӕфхӕрд. Л Л- йӕн нӕу йӕ фыссын зын- Д- йӕн мауал ыскӕн бын. М Л - йыл - ма ӕндӕр къах бафтау - М дамгъӕ фысгӕ у афтӕ. Н Цармӕ дын мӕ схизын бахъуыд, Асин та нӕм уӕд куы нал уыд. Дамгъӕ Н-тӕ ссардтон цалдӕр, Авӕрдтон дзы иуыл иннӕ, Ацӕттӕ мӕ асин цармӕ, Нал уыди кӕрон мӕ цинӕн… О О тӕлы у, тулы, тулы, Бакодта цӕрмыстъыгъд нулы. П Пысыра куы сӕрра- Уынгӕджы фӕдӕн- «Ныууадз мӕ, пысыра, Цӕмӕн судзыс мӕн?» Пъ Пъырыпъыф ныссырх и, Мӕнӕргъыйау раст. Пъӕртт, зӕгъгӕ, ныппырх и Пъырыпъыф ӕваст. Р Федтон музейы ӕхсаргард, Цӕстытӕ дзы нал истон- Уый у агургӕ- нӕ аргӕ, Р дамгъӕ- йӕ сау фистон. С Ног мӕй фӕсрагъӕй кӕсы,- Мӕй нӕ, фӕлӕ дамгъӕ С. Т Т зонын дӕ кӕд фӕнды,- Халамӕрзӕн сис, уый- Т. Тъ Тъизын ма хӕсс, ма, дӕ сӕрмӕ, Тъизаг никуы кӕны фсӕрмы.

У Ацы дамгъӕ зоныс рагӕй- У- хъӕдын, дыкъухыг сагой. Ф - Уӕд дыууӕ О - йӕн сӕ астӕу Ауӕдз акодтой, ӕмраст хахх. Х Х - хӕсгард, хӕбӕцц ӕрлӕууыд, Нарӕг балвӕста йӕ рон, Хъуымацӕн йӕ туг ныллӕууыд - Загъта хӕсгард: «Цӕй, кӕрдон…» Хъ Хъарм бӕстӕм фӕтӕхы Хърихъуппыты хал. Африкӕйы зӕххыл Ныр цӕрдзӕн сӕ бал. Ц И- йы къахыл къӕндзы акӕн- Ц дамгъӕ цӕттӕ у махӕн. Цъ Цъӕх цухъхъаджын цъырцъыраг Сыртсыртгӕнаг, чырчыраг. Ч Мӕ чиныг, мӕ уарзон, Мӕ ахуыргӕнӕг! Мӕ зӕрдӕмӕ иууыл Хӕстӕг дӕ, хӕстӕг! Чъ Чъиллон - миллон худинаг, Чъизи саби - дзуринаг. Ш Е уӕлгоммӕ, кӕс, ӕрхуыссыд, Ныр ӕндӕр хуызӕн куы хъуысы. Щ Ш-йыл сиукъ фӕзынди- Дзурынмӕ фӕзын и. Ъ У хъӕбӕр нысан дӕгъӕл Диссаджы хӕдзармӕ, Къ, Пъ, Чъ, Хъ, Цъ, Тъ, Гъ Уым цӕрынц хӕларӕй. Ы Ма зӕгъ: «Дамгъӕ Ы цы пайда у- Уымӕй иу дзырд дӕр нӕ райдайы». Уый хыгъд астӕуӕй, кӕроны дӕр, Ы цы дзырдты мбӕлы - роны дзаг! Ь Б- йы худ, мӕ хӕлар, сис- Ныр фӕлмӕн нысан куы ссис. Э Æрдынӕн йӕ фат- цыбыр, Дамгъӕ Э дзы рауад ныр. Ю Юрийӕн йӕ мыггаг Зӕрдыл ӕз нӕ дарин, Фӕлӕ уыд нӕ фыццаг Космонавт Гагарин. Я Я дын зарыд цингӕнгӕ: У мӕ кӕнгӕ фсымӕр А. Ай куы зӕгъай иннӕрдӕм, Хъуысдзӕни уӕд афтӕ Я.

«Мах хъазгæ, худгæ уайæм

Скъоламæ цæрдæг.

Кæсæм, фыссæм, нымайæм,

Нæ зæрдæ у хъæлдзæг.

Мах уарзæм чиныг, уарзæм!

Мах ахуырмæ тырнæм.

Фæскуыст, фæсахуыр хъазæм.

Нæ фаг рæвдыд уынæм».

«Чиныг - зонды суадон,

Рухсгæнæг цырагъ

Алкæмæн дæр - уарзон,

Буц æмæ зынаргъ.

Чиныг - цард нывгæнæг,

Чиныг - бонты уаг.

Чиныг - ахуыргæнæг,

Чиныг - рухс фæндаг.

Чиныг - фарон зонæг,

Фидæнмæ кæсæг.

Чиныг - амонд хонæг,

Ахуырад хæссæг».

«Æрвон стъалы -

Æвзист бонвæрнон

Æхсæв бæлццонæн

Фæндагамонæг.

Мæнæн мæ чиныг -

Мæ ахуыргæнæг,

Мæ цины фæрдыг,

Мæ зондамонæг!»

«Цæй адджын дæ, цæй!

Мæ Абеты чиныг,

Мæ зæрдæйæн уарзон

Ды фæдæ æрдзæй!

Мæ зондджын, мæ иунæг,

Мæ ахуыргæнæг!

Дæ дамгъæтæ иууыл

Ды радтай мæнæн.

Æз дæр сæ кæронмæ

Ныр ахуыр фæдæн.

Æрмæст ма куы зонин

Сæ фыссын дзæбæх,-

Уæд цин кæнид мемæ

Мæ дада - Дзæрæх!»

«Ахуыргæнæг дзуры:

Зон дæ урок фаг!

Не ппæтæй дæр куры,

Ма уæм, цæй фыдуаг.

Хъусæм ын йæ дзырдмæ,

Амоны нын зонд.

Уый нæ хоны куыстмæ,-

Куыст та у бæрзонд.

Хъуамæ кусын уарзæм,

Чи куса- хæрдзæн,

Магусайы сафæм,

Магуса мæлдзæн,

Иу къух сисæд чиныг,

Иннæ та- дзæбуг,

Рухсмæ фæндаг айтынг,

Раивта йæ дуг.»

«Цæй адджын дæ, цæй!

Мæ Абеты чиныг,

Мæ зæрдæйæн уарзон

Ды фæдæ æрдзæй!

Мæ зондджын, мæ иунæг,

Мæ ахуыргæнæг!

Дæ дамгъæтæ иууыл

Ды радтай мæнæн.

Æз дæр сæ кæронмæ

Ныр ахуыр фæдæн.

Æрмæст ма куы зонин

Сæ фыссын дзæбæх,-

Уæд цин кæнид мемæ

Мæ дада - Дзæрæх!» Ацы чиныг нæ базонгæ кодта бирæ зындгонд адæмимæ. Бирæ стыр ахуыргонд лæгтæ радта Ир. Сæ нæмттæ хъуыстгонд сты канд Иры нæ, фæлæ Уæрæсейы æмæ суанг фæсарæнты дæр. Мах базыдтам Абайты Васойы. Уый уыд стыр ирон ахуыргонд. Уый дунейы адæмты базонгæ кодта йæ гыццыл Ирыстоны историимæ, йæ рæсугъд ирон æвзагимæ. Æз та базыдтон Хетæгкаты Къостайæ. Уый уыд ирон литературæйы бындурæвæрæг. Къоста бирæ уарзта сабиты. Фыста сын æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæ. Къоста уыди нывгæнæг дæр. Æз та зонын Колыты Аксойы. Уый уыдис ирон ахуыргонд адæмтæй сæ фыццагдæртæй иу. Аксо йæхи хæдзары, йæхи хардзæй байгом кодта ирон чызджытæн фыццаг скъола. Æз та зонын Мамсыраты Темырболаты. Уый уыди фыццаг ирон поэт. Æз зонын Æлборты Барысбийы. Уый сарæзта ирон æвзаджы фыццаг чиныг. Æз зонын Плиты Иссæйы. Уый уыд ирон адæмы хуыздæр фырттæй иу. Нæ бæстæйы Дыууæ хаты Хъæбатыр. Æфсады инæлар. Дзæуджыхъæуы йын сарæзтой цырт. Адæм ыл йæ цæргæйæ скодтой зарæг. Æз та зонын Гергиты Валерийы. Уый у æппæт дунейыл хъуыстгонд дирижер. Æмæ ма бирæ фæзминаг хъæбултæ , йæ Райгуырæн зæххæн кад æмæ ном чи скодта бирæ ахæм адæмимæ нæ базонгæ кодта нæ абеты чиныг. Ацы чиныг уæм равзæрын кодта цымыдисдзинад мадæлон æвзагмæ. Мадæлон æвзаг… Цымæ дыл чи сæвæрдта ахæм фæлмæн æмæ буц ном? Цæмæн дын равзæрстой ахæм зæрдæмæ хæстæг, ныййарæгимæ æнгом баст ном?

Сты зонды уацхæссæг

Æппæт дунейы 'взæгтæ:

Нæ дзы 'взарын хæстæг æмæ дæрддаг,

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!

«Æцæгæлон æвзагыл адæймаг зонды мæсыг нæ самайдзæн.

Сывæллонмæ дзурын хъæуы, кæй зоны,

бинонты 'хсæн кæй хъусы, уыцы æвзагыл.»

«Кæмæн нæу адджын мадæлон æвзаг,

Уый никуы уарздзæн искæйы æвзаг дæр.»

« Сты зонды уацхæссæг æппæт дунейы 'взæгтæ.

Нæ дзы взарын хæстæг æмæ дæрддаг,

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг.»

«Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уæлдæр,

Ирон æвзаг равзæрдис дисæн

Цæмæн кæнæм не взаг нæхæдæг дæлдæр,

Æвзаг куы у удты æвдисæн.»

«Дунейы тæккæ стырдæр хæрзтæн

У сæ хуыздæр мадæлон æвзаг,

Чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй,

Гъе уый у нæ адæмы ызнаг.»

«Не 'взаг - нæ хъæздыгдзинад, не 'взаг - не знаг.

Уæвгæ та мах стæм уый знаг.

Нæ йæ зонæм, стæй æппæты хъыгагдæр та уый у,

æмæ йæ хуыздæр æмæ арфдæр зонынмæ

тырнгæ дæр нæ кæнæм.»

«Алы мыггагæн дæр йе 'взаг йæ хæзна у.

Цас хъæздыгдæр æмæ цыргъдæр уа

Не 'взаг, уыййас уæрæхдæр уыдзысты нæ царды фадæттæ.

«Адæймаджы бæгънæгæй куы ныууадзай,

Уæд дæр та ссардзæнис фæллой,

Фæлæ йын йе 'взаг куы айсой,

уæд зæххыл æбæрæг сæфт фæкæндзæн.»


«Кад æмæ лæджыхъæд зæххыл сты, æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис»,- зæгъы ирон æмбисонд. Фæдзæхсы нын фæллой уарзын, ахуырмæ, зонды бæрзæндтæм тырнын. Кадыл нымад у, нæ кæстæртæ, намысджын æмæ цытжын мыггагæй уæвын. Фæлæ уæ зæрдыл бадарут- уæлдай ахадгæдæр уаид, алчидæр йæ мыггаг æмæ йæ адæмы йæхæдæг каджындæр куы кæнид, уый. Азтæ тагъд тæхынц æмæ аргъ кæнут рæстæгæн. Цы бон аивгъуыдта, уый хуыздæр у абоны бонæй. Уый уæ зæрдыл дарут æмæ уæ ныййарджыты, уæ ахуыргæнджыты, уæ Райгуырæн бæстæйы фæндиагæй тырнут стъалытæм, ахуыры бæрзæндтæм».



© 2010-2022