Нæртон хъæзтыты сценарийы равдыст

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Нæртон хъæзтыты сценари

Командæтæ:

  1. 10 «А» 2. 10 «Б» 3. 10 «В»

Кудзагов Тамик Дзагкаев Азамат Туаев Славик

Елбакиев Дима Валиев Сослан Валиев Азамат

Томаев Сослан Хубулов Давид Валиев Ацамаз

Кокаев Хетаг Габеев Георгий Пухаев Азамат

Бурашвили Гурам Хубулов Давид Хачиров Вильям

Хъуысы мелоди …

Кувæг: О, Дун-дуне скæнæг Хуыцау!

Нæ сæртæ бæрзонд кæмæй хæссæм, нæ Ир сæрыстыр æмæ буц кæмæй у, нæ кæстæртæн кад æмæ намыс чи у, фыдæлты туг кæй уæнгты æхсысти, Аланты йæ фыны чи уыдта, гъе уыцы куырыхон æмæ нæртон гуырд Хеттæгкаты Къостайы ном цæрæд æнусты дæргъы.

О, сыгъзæрин уастырджи, курæг дæ стæм, цæмæй сæххæст кæнай Къостайы бæллиц:

Хæрзиуæг скæн йе ' мтуг адæмæн,

Фыдбылызæй бахиз йæ уарзон Ирыстоны!

Разныхас -ахуыргæнæг:

Мах стæм Хуыцауæй арфæгонд адæм: нудæсæм æнус нын радта Хеттæджы фырты, кæцыйыл ацы аз æххæст кæны 155 азы. Æмæ мах дæр хæсыл банымадтам, Къостайы райгуырды номыл равдисын нæ нæртон æгъдау, зонд æмæ ныфс.

Нарт нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл.

Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинад йеддæмæ куы ницы дзырдта.

Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой.

Мелоди хуысы, зæлы…

Æмдзæвгæ «Хуры цот». Зассеты Мария

Мæнæ та Хуры цот абон

Размæ ныфсджынæй цæуынц,

Нарты фарн азæй уæд азмæ

Ноджы бæрзонддæр хæссынц.

Ис дзы Сослан дæр, ис дзы Батрадз

Се 'хсæн фæзындзæн сырдон дæр.

Зонут, æрхæсдзæн уæлахиз уæддæр

Чи уа тыхджындæр, сæрæндæр.

Æмдзæвгæ дзуры амонæг.

Нæ фыдæлтæй æз ахæм ныхас хъуыстон:

Дæ уды хъармæй бахъахъхъæн нæ арт,

Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон,

Æнæ фæндыр мæгуырдæр кæны цард.

Рахызтысты фæзмæ 10 «а» къласы ахуырдзаутæ æмæ ирон кафт «Хонгæ» кафынц.

Рахизæм нæ ерыстæм. Архайынц æртæ командæйы.

«Хуры цот»

дзурынц сæ девиз:

Мах стæм Хуры цот

Хæссæм фыдæлты фарн

Ис нæм лæгдзинад, ис нæм æфсарм.!

«Аланты хуртæ».

Мах Аланты хуртæ

Нарт та у нæ фыд.

Махæн уыд сæ ныстуан Хъахъхъæнын æвзаг.

«Фыдæлты хæзнатæ».

Махæн нæ фыдæлтæй баззад хæзнатæ:

Хистæрæн кад кæнын, кæстæрыл аудын,

Уазæгæн ' гъдау дæттын,

Сылгоймагæн аргъ кæнын,

Зонын нозтæй бæркад!

Иумæ: Ахæм у махæн нæ дин æмæ уаг!

Доулисттæ рацыдысты…

Нартæн сæ хъæзтытæ диссаг уыдысты. Алы командæйæ дæр иу адæймаг æвзары йæ хъару алы хъазты дæр. Фидардæр кæцы командæйы архайджытæ разынной, уый нымад цæудзæн рамбулæгыл.

Афтæмæй уал

  1. Фыццаг хъазт - дур исын.

  2. Армæй хæцыны хъазт(хæцынц дыууæ командæйы уæнгтæ, амбулæг хæцы æртыккаг командæйы уæнгимæ.)

  3. Дæргъмæ гæппкæныны ерыс.

  4. Нарт канд тыхæй зындгонд нæ уыдысты, фæлæ ма сæ зондæй дæр:

    1. Чи æрхъуыды кодта Нарты адæмæй бæгæны?

    2. Ранымайут-ма Нæртон хъæбатырты.

    3. Нартæн смæ хинæйдзагдæр чи уыдис?

    4. Нартæ цал мыггагыл дих кодтой?

    5. Чи уыдис Нарты мад?

    6. Нартæн сæ хистæр чи уыдис?

    7. Фæндыр чи сарæзта? Цæмæй?

    8. Нартæн сæ зарæггæнæг чи уыдис?

    9. Чи балæвар кодта Ацæмæзæн уадындз?



  1. Бæндæн ивазыны ерыс.

  2. Зæххæй исыны ерыс хи уæзæй.

Ерысты фæстæ ныхасы бар лæвæрд цæуы жюрийы уæнгтæн.

Скодтам хатдзæгтæ.

Гъер-та, табуафси, рахизут Зилахары фæзмæ æмæ æркафут нæ нæртон СИМД, Дунейыл йæ кой кæмæн райхъуыст, уыцы диссаг СИМД!

(симынц командæты архайджытæ, симынц ахуыргæнджытæ).



Гуытьиаты Индирæ

















© 2010-2022