Сценарий мероприятия День рождения К. Л. Хетагурова

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Музыкæ…


Люблю я целый мир, люблю людей бесспорно, Люблю беспомощных, обиженных сирот, Но больше всех люблю, чего скрывать , позорно, - Тебя, родной аул и бедный наш народ. За вас отдам я жизнь все помыслы и силы, Всего себя лишь вам я посвятить готов… Вы так мне дороги , так бесконечно милы, Что сил нет выразить ,что высказать нет слов. Ацы ныхæстæ Къостайæн уыдысты йæ царды сæйрагдæр нысан. Уый æппæтæй дæр йæхи снывонд кодта йæ адæмы амондæн: Я счастия не знал ,но я готов свободу , Которой я привык как счастьем дорожить, Отдать за шаг один , который бы народу Я мог когда-нибудь к свободе проложить . Къоста! Ирон адæмы уарзондæр хъæбул , йæ намыс , йæ цæсгом, Иры цырагъдар,æфхæрд дзыллæты сæрхъуызой, сидзæрты рæвдауæг, Адæмты хæлардзинады зарæггæнæг, дзырды зæрингуырд. Нæ, ахæм лæджы аккаг дзырдтæ æнцон ссарæн не сты.
Мæнæ та нæ æрбамбырд кодта Нарон, Ирыстоны ахсджиаг хъæбул Къоста йæ номыл арæзт кадджын бæрæгбонмæ.
Абон, рæсугъд фæззыгон бон та ныл æхсызгонæй сæмбæлд Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы 155-æм азы райгуырды бон.
Мах зæрдæрайгæйæ æрбамбырд стæм, уымæн æмæ алкæмæн дæр йæ зæрдæйы арф æвæрд у Къоста.Рох никæмæй сты йæ арфæйы дзырдтæ: «Ме 'фсымæртæ! Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут». Къоста!.. Уыцы ном алы адæймагæн дæр у тырысайау.Уый нæ хоны ахуырады бæрзæндтæм, рæсугъд фидæнмæ, хæлардзинад æмæ уарзондзинады уæлтæмæнмæ. Йæ «Ирон фæндыр» та нын у цырагъдæр. Поэт, прозаик, публицист, этнограф, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Къостайы диссаджы зарджытæ та абон райхъуысдзысты нæ кадджын бæрæгбоны: Мæ аргъуан - зæхх! Мæ дзур у уарзондзинад! У Дун-Дуне фыдыбæстæ мæнæн!
Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау: æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Бæрæгбон, фурды донау, æнхъæвзы суанг Пятигорскмæ, Стъаврополмæ, Украинæмæ, Мæскуымæ, Петербургмæ. Къостайы рухс номимæ баст бынæттæ ирон адæмæн сты кувæндонау: Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахон университет, Культурæ æмæ фæлладуадзæн парк, Къостайы номыл проспект Дзæуджыхъæуы, Культурæйы галуан Дзæуджыхъæуы (Ирыхъæуы) Къостайы номыл музей, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, Цыртдзæвæнтæ ирон театры раз æмæ культурæ æмæ фæлладуадзæн парчы Къостайы номыл преми, Денджызон нау Къоста Мемориалон фæйнæг Стъараполы Хетагкаты Къостайы хъæу Хъæрæсейы, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола æмæ а.д. Бæрæгбоны адæм гуылф кæнынц Уæлладжыры коммæ, Нарыхъæумæ. Ног æмæ ногæй хъуысынц поэты диссаджы зарджытæ: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, Дунеты сеʾппæт мæхимæ куы 'рхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. Махæй алкæмæн дæр ис йæхи Къоста.Уый у нæ царды ныфс, рæсугъд фидæнмæ фæндагамонæг. Уарзæм ын йæ нывтæ, кæнæм йæ зарджытимæ, кæсæм йæ уацмыстæ: Зарæг «Мæ хуры хай»… Æмдзæвгæ… Къостайы размæ ирон дзырд æнæрцæф æфсургъау уыд. Фæлæ Къоста уыцы æфсургъæн разынд æппæты аккагдæр барæг æмæ йыл стахти дзырдаивады тæккæ бæрзонддæр цъупмæ.

Æмдзæвгæ «Чи дæ?» (скъуыддзаг) «Ирон фæндыр»-ы зæлтæ нын нæ удыхъæд, нæ хъуыдытæ кæнынц рæсугъддæр, базырджындæр. Уыдон нын амонынц нæ царды нысантæ, нæ бæрзонд хæстæ:
Æмдзæвгæ «Ныббар мын»… Ныббар мын, кад-иу дæм мæ зарæг кæуагау фæкæса мыййаг, Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, уый зарæд йæхи фæндиаг.. Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин ,куы бафидын искуы мæ хæс…
Цалдæр æнусы дæргъы сау къæйты астæу цæрдудæй ныгæды хуызæн чи уыд, уыцы æфхæрд адæмы зæрдæхалæн фæдис - хъæр Къоста скодта йæ зарæджы сæр.
Музыкæимæ Æмдзæвгæ «Додой».
Къоста æмтъерыйы дзæмбытæй ратыдта «арфæйы дзырд», Ирон ныхасæн скодта уаг фæтк æмæ аккаг аргъ: «Æз мæ дзырдæй сæудæджер никуы кодтон, мæ фыстытæй иу рæнхъæн дæр æхца никуы никæмæй райстон æмæ фысгæ дæр, фыссон æмæ мыхуыр кæнон, зæгъгæ, ахæм зондæй нæ кæнын, бирæтæ куыд кæнынц, афтæ. Нæ! Ахæм фыстæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ пайда дæр… Æз фыссын, мæ рыст зæрдæйы уромын цы нал фæфæразын, уый», - фыста Къоста.

Æмдзæвгæ «Салам» Зын фæлæ арфæйаг у Къостайы цард йæ райгуырдæй йæ кæронмæ, уæларвон зæдау-йæ сурæт. Музыкæ, ирон æнкъард цагъдимæ….
1859-æм азы 15-æм октябры хæхбæсты зæронд Нары хъæуы Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу.Сæвæрдтой йыл ном Къоста: «Æз райгуырдтæн хохы…æвгъæддон уыд уæд» - Уый онг. Йæ мад уыди Гуыбаты Маро, амарди. Æрхæндæг зæрдæйæ Леуан æрхатыди хиуæттæм: «Дунейы хæрзтæ дæр нæ бавгъау кæндзынæн, ацы сабийы йæхимæ чи райса, уымæн». Хетæгкаты уæздан чындз Чендзе сабийы райста, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ загъта: «Æмæ йæхицæй хæзнадæр цы ис ацы дунейы».. Мæн иу ус фæхаста…. Сызгъæрин зæрдæ уыди Чендзейæн, мады ад Къоста уымæй базыдта, фæлæ йæ мады куыд тынг мысыди, ууыл дзурæг сты йæ уацмыстæ. Къоста йын йæ ныв хиуæтты ныхæстæм гæсгæ куы сарæзта, уæд æй уыдон банымадтой бынтон æнгæсыл Мароимæ. Мады рухс ном ардта йæ зарджытæ-сагъæсты: «Ды куы уаис, Куыд бирæ…
Къоста байдыдта йæ сидзæры бонта тонын. Йæ ахуыры азтæ райдыдтой Лабæйы станицæтæй иуы, стæй 1871-æм азы бацыд Стъараполы гимназмæ. Наронæн йæ зæрдæ ссыгъди ног царды зынгæй. Райдыдта таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ уырыссаг æвзагыл фыссын. Зæрдæмæ арф хъары йæ интимон лирикæ.

«Расстаться не трудно…»

«Скрывать, молчать…» Ам Къоста æвдисы диссаджы курдиат ныв кæнынмæ. Гимназы ахуыргæнæг Василий Смирнов сразæнгард кодта Къостайы Бетъырбухы Аивæдты академимæ.
1881-æм азы Къоста æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ Бетъырбухы Аивæдты академимæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта. Фæлæ йын йе стипенди кæй баурæдтой, уый тыххæй йæ кæронмæ каст нæ фæци. Ам федта стыр тохы цард. Ирон æвзагыл ныммыхуыр кодта хицауады ныхмæ дзурæг æмдзæвгæтæ.

Æмдзавгæ... «Бирæгъ æмæ хърихъупп»
Бетъырбухы Къоста базонгæ Репин, Маковский, Суриков æмæ æндæр стыр уырыссаг нывгæнджыты сфæлдыстадимæ. Врубель, Серов, Самохинимæ ахуыр кодта иу рæстæджы. Бетъырбыхы Къоста лæмбынæг сахуыр кодта уырыссаг литературæйы классиктæ Грибоедов, Лермонтов, Некрасов, Пушкин, Крылов, Островский, Гоголь æмæ Гончаровы сфæлдыстад. Зыдта Шекспиры, Шиллеры, Гётейы уацмыстæ. Стыр аргъ кодта уырыссаг культæйæн.

«Памяти П.И. Чайковского» 1883-æм азы рацыди академийæ. Йæ ирон зæрдæ агуырдта «йæ ныййарæджы зæронд Ирыстон» (Гаппо).

Æмдзæвгæ «Ракæс».


1885-æм азы Къоста ссыди Дзæуджыхъæумæ æмæ дзы фæцард суанг 1891-æм азмæ. Йæ зæрдæ мæстæй рысти йæ мæгуыр Ирыстоныл, йæ уарзон ирон адæмыл. Арвы нæрынау азæлыд йæ хъарæг Кавказы кæмтты. Къостайы тохмæ сидæг æмдзæвгæтæ мæгуыр адæмæн лæвæрдтой ныфс, знæгтæн састой сæ тых.

Æмдзæвгæ «Катай»


1889-æм азы Пятигорскы М.Ю.Лермонтовы цырт гом кæнгæйæ ирон интеллигенцийы номæй Къоста бакаст æмдзæвгæ «Перед памятником». «Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта», -дзырдтой уырыссæгтæ

Æмдзæвгæ «Перед памятником».


1890-æм азы Инæлар Кахановы фæндонæй хъуамæ æхгæд æрцыдаид Дзæуджыхъæуы ирон чызджыты скъола. Уый фæдыл Къоста стыр тохы бацыд хицауадимæ. Скъла йæ бынаты баззад, фæлæ инæлар Каханов «змæнтæджы» бафхæрдта -Къоста æрвыст æрцыд Ирыстонæй.
1895-æм азы Къоста æрыздæхт Ирыстонмæ. Каханов та ногæй æфсон агурын райдыдта æмæ Къоста дыккаг хатт æрвыст æрцыд Херсонмæ.

Кочысаты Мухарбег «Къоста Херсоны»
А.Пушкины Бенкендорф скаст куыд нæ уагъта, афтæ Къостайæн дæр йæ фæдыл зылди инæлар Каханов. Уый фæндæй ахæстонæй æддæмæ нæ рацыдаид. Каханов уæлдæр хицауадмæ фыста «Ирон фæндыр»-ы ныхмæ, сæ автор «змæнтæг» у,зæгъгæ. Йе 'мдзæвгæтæ та сты хицауады ныхмæ арæзт. Фæндыры цагъдмæ ахуыргæнинаг кæсы æмдзæвгæ «Æнæ хай». Иу бон куы уыди, уæд хурзæрины тын æрбакаст рыстзæрдæ Къостамæ йæ уарзон Ирыстонæй. Йæ разы лæууыд, цæхæртæ калгæ, йæ Кады тырыса, йæ ирон чиныг «Ирон фæндыр». Чиныг мыхуыры рацыд 1899-æм азы З.Шуваловы типографийы, А.С.Пушкины 100 азы юбилей кадджын уавæры куы бæрæг кодтой, уæд. Минуты сочтены, повсюду бьют тревогу…. Уж брезжит луг зари, играя на штыках, И обновленный мир отдастся вечно миру, С презреньем бросит нож, запекшийся в крови….
Стыр ахуыргонд - æвзагиртасæг Абайты Васо фыста: «Мæ фыццаг чиныг уыдис «Абеты чиныг». Дыккаг -«Ирон фæндыр». Æрмæст уыцы диссаджы чиныг бакæсыны тыххæй дæр хъуыдис кæсын базонын». Къоста йæ зæрдæйы тæгтæй кæй сарæзта, уыцы «Ирон фæндыр»-ы зарджыты «хъусæм» мæгуыр адæмы хъæрзын, æххормаг сидзæрты кæуын, сидзæргæсты уæззау хъарæг.

Инсценировкæ «Сидзæргæс».


Фæлæ поэт йæ уацмысты цы æрдхæрæны фæлгонцтæ сарæзта, уыдон се 'ппæт сæхи хъысмæты æвджид нæ бакодтой. Се 'хсæн ис, сылгоймаджы ном дæлдзинæг чи кодта, уыцы фыдæлтыккон карз æгъдæутты ныхмæ ныфсджынæй чи æрлæууыд, ахæмтæ.

Поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг.


Æнкъард уыдысты поэты зарджытæ. Уый не 'вдæлди хъæлдзæг зарджытæ фыссынмæ, уый судзгæ кодта адæмы хъыг æмæ мастæй. Сæ зынтæ сын афтæ хæстæг айста йæ зæрдæмæ, æмæ йæхи цардæн аккаг аргъ скæнын йæ зонды дæр никуы уыдис.

Музыкæимæ æмдзæвгæ «Зонын».


«Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, уымæй дзæвгар раздæр зыдтой, къухфыстытæй кастысты ирон адæм Къостайы æмдзæвгæтæ. Фæлæ бирæ рæстæджы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы «Ирон фæндыр» Байаты Гаппойы чысыл ивддзинæдтимæ куы фæзынд мыхуыры, уæд тынг смæсты Къоста. Фæлæ Гаппойы фæндыд, цæмæй «Ирон фæндыр» рухс федтаид. Уый бахаста æрмæст чысыл ивддзинæдтæ хицауады ныхмæ æгæр карзæй дзурæг рæнхъытæм. Гаппо æмбæрста, йе 'мдзæвгæты йæ мæгуыр адæмы сæрыл кæй дзырдта, уый, æхца бакусын йæ зонды кæй никуы уыд. Къоста йæхæдæг суанг йæ уарзон чызг Цæлыккаты Аннæмæ дæр афтæ фыста: «Æз мæ цард баиу кæндзынæн æрмæст ахæм сыгоймагимæ, кæцы йæ царды сæйраг нысаныл нымайдзæн адæмы амонд».

Æмдзæвгæ «Хæрзбон»


1891 азæй фæстæмæ Къостайæн райдыдтой йæ царды тæккæ зындæр æвзарæнтæ. Бынтон иппæрдæй æхсæнадон цардæй æгуыстæй, æрхуымæй йæ цæрæн бонтæ тонын райдыдта. 1891-æм азы январы мæйы поэтыл æрцыд хъысмæты ноджы фыддæр цæфтæ: йæ уарзон чызг Цæлыккаты Аннæ йын æнæ ракæ-бакæйæ ком нæ радта. Йæ цардæй ахицæн йæ уарзон фыд Леуан. 1898-æм азы 6-ом октябры Къоста йæ писмойы Аннæмæ фыста: «… Смерть отца окончательно потрясла мои нервы… Я чувствовал себя совершенно одиноким во всем мире…». Фæлæ Къоста æрæмбырд кодта йæ фæстаг тыхтæ æмæ райдыдта ноджы фылдæр кусын: фыссы æмдзæвгæтæ, аразы нывтæ, кæны æхсæнадон куыст. Къостайы поэтикон уацмыстæ Иры дзыллæйæн систы ирон поэзийы налхъуыт-налмастæ. Уыдонæн ис уæззау ивгъуыд нæ абон æмæ рухс фидæн. Гъе уымæн систы йе' мдзæвгæты фылдæр хай ирон æмбисæндтæ: - Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны. - Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæг мын бæзз. - Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд. - Лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр. - Цырд лæппуйæн - кæф. - Тæхуды, йæ дзыллæйы раз чи ракæны барджын ныхас. - Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды. - Адæмон зæхх у сæ дарæг. - Лæджы хуызæн лæг нæм ыстæм. - Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы. - Фесæфай, фесæфай, уастæм нæ фæсивæд, иу бахъахъхъæнæг дæ нæй. - Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн. - Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры. - Куыст - цардæн фæрæз. «Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не' рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй» (С. Михалков). Рох не сты нæ фæсивæдæй йæ фарны фæдзæхстытæ:

Чтите науки, любите искусства,

Без малодушья беритесь за труд.

Дети! Тогда благородный чувства,

В вас благодатную почву найдут.

Сейте доброе, вечное, разумное!

«Балцы зарæг»

Цæйут, æфсымæртау,
Радтæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй.
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг...
Гъе, мардзæ, магуса!
Фесæф, нæуæндаг!.

8


© 2010-2022