Конспект по осетинской литературе на тему Илас Арнигон Челе

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Илас Æрнигон.

(1888-1940).

«Челе».

Урочы нысан:

1.Ахуыргæнинæгты базонгæ кæнын Илас Æрнигоны цард æмæ сфæлдыстадимæ.

2.Бакæсын æмæ равзарын уацмыс «Челе», æрдзурын йæ мидисыл æмæ хатдзæгтæ скæнын.

Хъомыладон хæс:

1.Лæг йæ хъуыддæгтæй лæг у.

2.Адæймаг йæ цæхх, йæ къæбæрæй лæггад кæнын дæр хъуамæ зона.

3.Адæм дæ цæмæй бирæ уарзой, уый тыххæй сæ фыццаг дæхæдæг хъуамæ бауарзай.

Æрмæг:

1.ахуыргæнæн чиныг.

2.техникон фæрæзтæ, уæлæмхасæн æрмæг.

Дзырдтæ:

Сигæц- цыргъгæнæн дур.

Фæсал- хус кæрдæг, кодтой-иу æй æрчъиты хъарм æмæ фæлмæндæры тыххæй.

Дæндаг- уæрдоны цалхы хай.

Сæмæн- цалх цæуыл зилы, йæ уыцы хай.

Æрдуан- хъæдхафæн дзаума.

Джидæ- хъæдгуыстгæнæджы фæрæт.

Сарт- хъæдгусæн дзаума.

Урочы цыд.

1.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фæрстытæ:

1.Куыд райдыдта уацмыс? Цæмæн хыл кæны Мызылон?

2.Цавæр хабар радзырдта Умархан йæ усæн?

3.Куыд базыдта пъырыстыф æхцайы хабар?

4.Мызылон æмæ Къомиан цавæр адæймæгтæ сты?

5.Цавæр адæймаг уыд пъырыстыф? Куыдæй уайы уæ цæстытыл?

6.Куыд сныв кодта автор Умарханы фæлгонц? Цавæр адæймаг уыди?

7.Пьесæйы архайджытæй уæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыди?

8.Цы уæм дзы фæкаст æппæты худæгдæр?

Ног æрмæг.

Илас Æрнигон- ацы рæсугъд номимæ ирон литературæмæ бацыд Тогызты Газакк. Хорз лæг æмæ хорз поэт скадджын кодта йæ мыггаг дæр æмæ йæ фæсномыг дæр. Абон » Илас Æрнигон» куы фæзæгъæм, уæд нæ хъусты азæлынц йæ уацмысты нæмттæ: «Челе», «Уайсадæг чындз», «Хæрзбон» æмæ а.д. Тогызты Иласы фырт Газакк райгуырди 1888 азы 10 декабыры Æрыдоны. Сабийыл фондз азы куы сæххæст, уæд йæ фыд амард. Зын уавæрты дæр зæрдæргъæвд лæппу тырныдта ахуырмæ. Скъола каст куы фæци, уæд уый фæстæ ахуыр кодта Æрыдоны семинары.

Цæргæ-цæрæнбонты ирон адæмæн семинарии уыди ирон айвад æмæ культурæйы куырдадз. Кæд дзы фылдæр ахуыр кодтой дины æгъдæуттæ, уæддæр стыр ахъаз уыди ирон адæмы зонды цæхæр райхалынæн. Уым ахуыр кодтой, канд Илас Æрнигон нæ , фæлæ ма нæ разагъды лæгтæ, нæ зындгонд фысджытæ. Уыдонимæ: Коцойты Арсен, Æмбалты Цоцко, Малиты Геуæрги, Гулуты Андрей, Нигер (Дзанайты Иван), Брахъты Гино, Брытъиаты Елбыздыхъо. Мамсыраты Дæбе дæр дзы ахуыр кодта, фала дзы уый æххæст дыууæ азы дæр нæ ацахуыр кодта, нæ йæ фæци каст кæронмæ. 1909 азы Газакк каст фæци семинар æмæ райдыдта кусын ахуыргæнæгæй. Сабиты тетрæдты ирон фыстытæ кæй фæзынд, уый нæ фæцыд скъолайы цæстдарæджы (инспекторы) зæрдæмæ æмæ Газакк йæ куыстæй фæхауд. Адæмы знæгтæ йыл фыстой хахуыртæ, уыйадыл ахст æрцыд, æмæ йын йæ цард аскъуыдтой 1938 азы 5 январы. Газакк уарзта йæ фыдыбæстæ, йæ адæмы. Мысыд йæ фыды æмæ æмдзæвгæтæ фыссын куы райдыдта, уæд литературон фæсномыгæн райста йæ фыды ном-Илас, йæ мыггаг та схуыдта Æрнигон.

Каст цæуынц радзырд «Челе»- йæн йæ дыууæ хайы.

Хатдзæгтæ скæнын:

1. Цы ` рцыди Тæнæг сыхы цæрджытыл?

2. Цы цæстæй йæм кæсынц сыхбæстæ æмæ йæ бинонтæ дæр Челейы уавæрмæ? Цæмæн?

3. Челейы кæцы миниуджытæ фауы автор?

4. Сымахмæ гæсгæ, Челе амондджын уыди?

Хæдзармæ куыст:



  1. Илас Æрнигоны царды хабæрттæ дзурын зонын.

  2. Кæронмæ бакæсын радзырд æмæ фæрстытæн дзуапп дæттын зонын.

© 2010-2022