Открытый урок во 2 классе Тема «Уӕнг. Дзырдтӕ уӕнгтыл дих кӕнын»

Раздел Начальные классы
Класс 2 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон æвзаджы урок 2-æм къласы. /

/Ахуыргæнæг: Магкæты Фатимæ Æхсарбеджы чызг/

Урочы темæ: Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.


Урочы ахуырадон нысæнттæ: 1.Бацамонын скъоладзаутœн уœнг. Куыд дих кæнæм дзырдтæ уæнгтыл. 2.Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Хъæлæсонтæ, æмхъæлæсонтæ. З.Скъоладзауты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

4. Ахуыр кæнын скъоладзауты

- хъуыды кæнын, - хатдзæгтæ аразын, сæхицæн æмæ кæрæдзийы куыстытæн аргъ кæнын.

5. Сыгъдæгфыссынады æгъдæуттæй пайда кæнын.

6. Мыртæн мырон-дамгъон анализ кæнын

7. Дзырдуатон куыст бакæнын.

Хъомыладон хæс:

1. Разæнгард кæнын скъоладзауты мадæлон æвзаг ахуыр кæнын, уарзын æмæ йæ хъахъхъæнын.

2. Æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы пайда кæнын.

Зонадон хæс:

Ног куысты хуызтимæ скъоладзауты базонгæ кæнын.


Урочы ифтонг: компьютер, интерактивон фæйнæг, чиныг, тетрад.

Урочы цыд: 1.Бацæттæгæнæн рæстæг. Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ æмæ нæ абоны урочы уазджытæ. (сывæллæттæ се ргом здахынц уазджытæм æмæ сын сæ сæртæй кувынц) 2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын: - Сывæллæттæ абон уæ чи цы зæрдæйы уагимæ æрбацыд урокмæ, уый сбæрæг кæнæм.(æвдыст цæуы фæйнæгыл ныв). Уæдæ мæн фæнды, цæмæй уæм урочы кæронмæ дæр уа ахæм зæрдæйы ахаст æмæ иууылдæр баззайат нæ урокæй разыйæ. Ныр иууылдæр иумæ зæгъæм нæ урочы девиз: Цас уарзæм ирон æвзаг, Уый зæгъæн дæр нæй Мады рæвдыд, мады ад, Базыдтам дæуæй. (иу чысыл æрлæууын мадæлон æвзагыл). -Цы уын уыди лæвæрд хæдзармæ? (фæззæджы тыххæй æмбисонд адих кæнын уæнгтыл æмæ йын йæ мидис райхалын.) Фæз- зæг хор -зæн зæр -дæ -рухс. (абарут æй фæйнæгимæ, афтæ кæмæн у, уый йæ къух сдарæд.) - Цы хонæм уæдæ уæнг? - Уæнг арæзт вæййы хъæлæсон æмæ иу æмхъæлæсонæй; вæййы хъæлæсон æмæ иу къорд æмхъæлæсонтæй: уæнг аразы хъæлæсон дамгъæ иунæгæй дæр (а-бон). - Уæдæ абон нæ урочы дарддæр дзурдзыстæм «уæнг»-ыл, дзырд уæнгтыл куыд дих кæнæм, ууыл. «Уæнг» ма ноджы цы хонæм? (æрдзурын ыл цыбырæй) 3. Тетрæдты куыст. Рафæлдахут уæ тетрæдтæ, фыссæм абоны нымæц. Къласы куыст. (фыссын интерактивон фæйнæгыл) 4. Сыгъдæгфыссынад. Сыгъдæгфыссынадæн цы дамгъæ равзæрстон, уый хъуамæ базонат уæхæдæг. (æвдыст цæуы фæйнæгыл) Фыссæм дамгъæ «æ», æрхъуыды ма кæнут «æ»- йæ райдайгæйæ ном. Адихæй кæнут уæнгтыл «Æх -сар» -Цал уæнджы дзы ис? - Цæмæн? Фыссæм дарддæр ног рæнхъæй: Фæ , кæ, ба , сæ, джи. - Цы ныффыстам, уыдон цы сты? Уæнгтæ. - Уæдæ цы хонæм уæнг? ( раиртæст зæрдыл æрлæууын кæнын). Ахæццæ ма кæнут уæнгтæ цæмæй нæм дзы рауайа дзырдтæ. Дих сæ кæнут уæнгтыл афтæмæй. Фæт-къуы, кæр -до, бал, сæ -нæф -сир, джитъ-ри. - Бахахх дзы кæнут хъæлæсонты бын. Цалуæнгон дзырдтæ сты? -Абарут сæ фæйнæгимæ. Уæлдай дзырд дзы кæцы у? -Ахахх æй кæнут. 4. Хибарæй куыст. Саразут дзырдбæстытæ лæвæрд дзырдтæй. Абарут сæ фæйнæгимæ. Иу дзырдбастимæ дзы æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйад. Хъуыдыйады бахахх кæнут сæйраг уæнгтæ. Хъуыдыйады дзырдтæ адих кæнут уæнгтыл. Зæгъæм : Дыргьдоны зайы сырх фæткъуытæ. 5. Чиныгимæ куыст. æххæст цæуы фæлтæрæн - 43, 22фарс. Дих кæнынц дзырдтæ уæнгтыл æмæ сæ кæрæдзийæн бæрæг кæнынц. Кæд сын раст сты , уæд кæрæдзи къухтæ исынц. (цин кæнынц кæрæдзийы хорздзинадыл). 6.Улæфты рæстæг. (цæстыты фæллад сисынæн). Базонæм ма, уæдæ дарддæр кæй кой кæндзынæн, уый. Зарджытæ, сабитæн Чи фыста, чи уыд? Чи радта ирæттæн Диссаджы чиныг ? ! Чи уыд? (сывæллæттæ иумæ дзурынц), Куыд чи уыд! -Уарзон Къоста Сауæрфыг, саурихи, Сауцæст Къоста! (æвдыст цæуы Къостайы презентации, цыбыр разныхас Къостайы цардыл) Сывæллæттæ иу цалдæрæй кæсынц йе мдзæвгæтæ. 7. Къæйттæй куыст. (сывæллæттæй алкæцы къорды раз дæр хæслæвæрд). Ахæццæ кæнут хъуыдыйæдтæ: - Ралæууыд сыгъзæрин... - Атахтысты цъиутæ ... - Бæлæсты сыфтæртæ... - Бакæсут ма сæ кæрæдзи фæдыл. Цы нæм дзы рауад? (текст). - Цы йын нæ фаг кæны ? Сæргонд. - Куыд æй схонæн ис? Абарут æй фæйнæгимæ. 8. Тестытимæ куыст. (сывæллæттæй алкæйы раз дæр ис тестытæ). Уæнгтыл цы дзырдтæ нæ дих кæнынц, уыдон фæбæрæг кæн (+). - Абарут сæ фæйнæгимæ. рон + хæдзар
тас + бон абон +



9. Урочы кœронбæттæн. - Цæуыл дзырдтам нæ абоны урочы? Иухатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм «уæнг». Цæмæй арæзт у уæнг? - Цы фæцыд тынгдæр абоны урочы уæ зæрдæмæ? - Цы уæм фæкасти зын? Уæдæ нæ урок фæуыдзыстæм ахæм девизæй: Рæстæг у нæ царды барæн Аргъ кæнын ын зон. Сæфт рæстæгæн нæй ссарæн,- Нал уыдзæн «знон». - Мæнмæ гæсгæ, сывæллæттæ нæ рæстæг дзæгъæлы нæ фесæфт абон, сымахмæ та куыд кæсы? 10. Сывæллæтты зæрдæйы ахаст бæрæг кæнын урочы кæрон. (æвдыст та цæуы ныв) - Сывæллæттæ, кæд уæ абоны урокæй искæйы зæрдæ бацагайттон, уæд мын у тынг æхсызгон. Хæрзбон ! Нæ иннæ фембæлдмæ!



© 2010-2022