Тест по осетинскому языку: Ныхасы хæйттæ ныффидар кæнынæн. Номдар. Миногон. Мивдисæг (3-аг кълас)

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Тесты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Номдар у:

а) дзырды хай;

æ) ныхасы хай;

б) хъуыдыйады хай.

Номдар æвдисы:

а) архайд;

æ) миниуæг;

б) предмет.

Номдар домы фæрстытæ

а) цавæр? Цыхуызæн?

æ) чи? Цы?

б) цы ми кæны? Цы кæны?

Номдарæн ис:

а) дыууæ афоны;

æ) дыууæ нымæцы;

б) дыууæ æууæлы.

Иугай предметтæ фæнысан кæнынц номдартæ... ... .

Дыууæ кæнæ фылдæр предметы фæнысан кæнынц номдартæ ... ... .

Стыр дамгъæйæ фыст номдартæ хонæм..... .

Чысыл дамгъæйæ фыст номдартæ хонæм..... .

Номдартæн æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ ивынц:

а) сæ нымæцтæ;

æ) сæ кæрæттæ;

б) сæ уидæгтæ.

Номдарты кæрæттæ æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ ивынц:

а) афонтæм гæсгæ;

æ) фæрстытæм гæсгæ;

б) нымæцтæм гæсгæ;

Миногон у:

а) дзырды хай;

æ) ныхасы хай;

б) хъуыдыйады хай.

Миногон æвдисы:

а) архайд;

æ) миниуæг;

б) предмет.

Миногон домы фæрстытæ:

а) чи? Цы?

æ) цавæр? Цыхуызæн? Кæцы?

б) цы ми кæны? Цы кæны?

Мивдисæг у:

а) дзырды хай;

æ) ныхасы хай;

б) хъуыдыйады хай.

Мивдисæг æвдисы:

а) миниуæг;

æ) архайд;

б) предмет.

Мивдисæг домы фæрстытæ:

а) чи? Цы?

æ) цавæр? Цыхуызæн?

б) цы ми кæны? Цы кæны?

Цавæр формæ ис мивдисæгæн:

а) бæлвырд;

æ) архайд;

б) æбæлвырд.

Мивдисæджы æбæлвырд формæ дзуапп дæтты фæрстытæн:

а) цы ми кæны? Цы кæны?

æ) цы ми кæныс? Цы кæныс?

б) цы ми кæнын? Цы кæнын?

Мивдисæджы æбæлвырд формæтæн сæ кæрæтты ис фæсæфтуан:

а) -ыс;

æ) -ын;

б) -ыстæм.

Цал афоны ис мивдисæгæн?

а) 2

æ) 3

б) 4

Мивдисджыты афонтæ сты:

а) ивгъуыд, суинаг, нырыккон;

æ) суинаг, ивгъуыд, нырыккон;

б) нырыккон, ивгъуыд, суинаг.

Нырыккон афоны мивдисæг æвдисы... ... ... ... ... .

Архайд раздæр кæй æрцыд, æвдисы ... ... ... .

Мивдисæджы нырыккон афоны фæрстытæ:

а) цы ми кæндзæн? Цы кæндзæн?

æ) цы ми кæны? Цы кæны?

б) цы ми кодта? Цы кодта?

Мивдисæджы ивгъуыд афоны фæрстытæ:

а) цы ми кæны? Цы кæны?

æ) цы ми кæндзæн? Цы кæндзæн?

б) цы ми кодта? Цы кодта?

Мивдисæджы суинаг афоны фæрстытæ:

а) цы ми кодта? Цы кодта?

æ) цы ми кæндзæн? Цы кæндзæн?

б) цы ми кæны? Цы кæны?



© 2010-2022