«Не’взаг – нæ хæзна»

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:













Литературон - музыкалон равдыст



«Не'взаг - нæ хæзна»

1 къласХæстæ: рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ; хъомыл кæнын сæрыстырдзинад нæ хистæртæм, дзырддзæугæ лæгтæм, райгуырæн бæстæмæ; ныхасы рæзтыл куыст.

Равдыст:

  1. Ирон мелодии хъуысы.

1-аг скъ-ау: Алы бон æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ. Фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ царды уидæгтæ сты. Хистæр кадджын кæм у, кæстæр æгъдаудæттæг, уым ирон фæрнæн сæфæн нæй.

Лæппу: О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон!

Дæу аккаг хæзна дзырд зæххы цъарыл нæй,

Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй,

Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй!

2-аг скъ-ау: Мадæлон æвзаг зонын æмæ уарзын у Райгуырæн бæстæ зонын æмæ уарзыны нысан. Нæ чысыл Ирыстоны цæры бирæ адæмы хæттытæ æмæ сæ фæнды, махау, ирон æвзаг зонын. Абон уый фæдыл, 1-æм кълæсты ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой чысыл равдыст. Бакæсæм-ма сæм…

  1. Сценкæты инсценировкæ:

  1. «Теуа йе'нæзондæй куыд фесæфт» (аргъау)

  2. «Уарын» (аргъау)

1-аг скъ-ау: Æвæдза, ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном.

Чызг: «Кæм дæ, Къоста, ды не стыр ныфс, нæ уарзт дæ.

Æнæ дæу сидзæр Иры зæхх.

О, Хетæджы фырт, чи загъта ды мард дæ?

Фæзын æрвнæрдау, азæла дæ дзырд»

1-æм къласы ахуырдзаутæ дзурынц Къостайы æмдзæвгæтæ: «Гино», «Уасæг», «Скъолайы лæппу», «Дзывылдар».

  1. Сывæллæттæ æвдисынц хъазт «Чепена».

2-аг скъ-ау: Фæзæгъынц, зæгъгæ, ныфс амæлы фæстагмæ. Æнæ ныфсæй цæрæн нæй. Кæд бирæ æнæгъдау митæ ис абон Ирыстоны, уæддæр нæ уырны, æмæ дзы кæй ис сахъгуырд фæсивæд дæр, кæцытæ нæ фыдæлты фарн сафын нæ бауаддзысты. Ууыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Бузныг уе'ппæтæн дæр!

© 2010-2022