Урочы темæ: «Цы хорз у, чи сбуц кодта мады æмæ йын чи радта æгъдау, » - Цæгæраты Гигойы радзырд «Мураты бандон»-мæ гæсгæ

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темæ: «Цы хорз у, чи сбуц кодта мады æмæ йын чи радта æгъдау,» - Цæгæраты Гигойы радзырд «Мураты бандон»-мæ гæсгæ.

Урочы эпиграф: «Зæххыл ис иунæг хæзна царды, æмæ уый Мад у, мæ хур, Мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары, фæсуры зæрдæйы фæллад».

ХъодзатыÆхсар

Урочы нысантæ:

  1. Хæдзармæ куыст равзарын.

  2. Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад ныййарæгмæ.

  3. Адæмон сфæлдыстады хуызтæй пайда кæнын.

  4. Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, нывтæ мады фæлгонцимæ, зарæг мады тыххæй.

Урочы цыд:



  1. Организацион хай.

Скъоладзауты куыстæввонг скæнын.



  1. Разныхас. Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Абон сымах фендзыстут диссаджы ныв. Цæвиттон, 2-æм къласы ахуырдзаутæ æрæджы куыддæртæй бахаудысты ивгъуыд цардмæ, бæлвырддæр та - Нарты бæстæм. Тынг диссаг сæм фæкаст, кæдæм бахаудысты, уый. Уæд сæм бæркадкъух Сатана рауад æмæ сыл баузæлыд, куыд æмбæлы, афтæ сæ суазæг кодта. Уазæг - Хуыцауы уазæг, зæгъгæ сæ мидæмæ бакодта, хорз сæ федта æмæ сæм дзуры: «Æз, Сатана, Нарты мад, хъуамæ абон базонон, уæ дуджы мадæн цы аргъ æмæ кад ис, уый. Йæ алыварс сæ тымбыл сбадын кодта, æмæ сыл ныхас бацайдагъ.



Сатана: Ехх, æвæдза… Сабитæ, Мад... Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ бамбарæн ис, циу амонд. Мад - царддæттæг. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мады уарзондзинадæй æфсæст чи у, уыдонæн сæ удтæ хъæздыг æмæ рæсугъд сты. Зæгъут-ма, сымах та куыд æмбарут дзырд «Мад»? Дзуæппытæ: Сатана: Сывæллæттæ, тынг раст зæгъут сымах. Алкæмæн дæр йæ мад у хуыздæр, алчи дæр йæ мады уарзы. Цæй диссаг у, æвæдза, мады уарзт, йæ рæвдыд. Ницæимæ йæ ис абарæн. Ныййарæг мад фыдæбон кæны æхсæвæй, бонæй, æнæрынцойæ, цæмæй йæ хъæбул мацæмæй батыхса. Æгъуыссæг æхсæвтæ æрвитгæйæ, уый æппынæдзух дæр хъуыды кæны сымахыл. Æмæ йын хъуамæ сымах ӕххуыс кæнат.

Куыд æххуыс кӕнут сымах та уæ ныййарджытæн?

Дзуæппытæ.

Сатана: Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уыдон уæ хызынты цытæ сты æмæ уӕ цæмæн хъæуынц?

Дзуæппытæ

Æмæ кæм сахуыр стут чиныджы кæсын?

Дзуæппытæ.

Ехх, æвæдза, мах дуджы куы уыдаид скъолатæ, уæд, бæргæ, хорз уыдаид. Зæгъут-ма, æмæ дзы цавæр уацмыстæ сахуыр кодтат мады тыххæй?

Дзуæппытæ.

- Мæнæ цы диссаджы хорз сабитæ стут! Уæдæ-ма уæ чингуытæ байгом кæнут æмæ бакæсут радзырд «Мураты бандон». Æз та уæм лæмбынæг байхъусон.

Сывæллæттæ кæсынц радзырд Сатанайæн .

- Уæ, мӕ къонатӕ, цæй диссаджы дзæбӕх лӕппуйыл фыст у. Фæлæ-ма мæ фæнды, цæмæй мын радзырд лæмбынæгдæр бамбарын кæнат.

- Чи уыд Мурат?

- Кæм вæййы йæ мадСофиимæ?

-Куыд ӕххуыс кæны йæ мадæн?

-Цы уарзы Мурат бирæ æмæ цæмæн ?

-Цавæр лæппу у Мурат?

-Мураты мад бацин кодта лæварыл? Цæмæн?

-Ныр ма Мураты бынаты сæвæрут уæхи.

Алчидæр уæ афтæ бакодтаид?

-Кæм кусынц уæ мадæлтæ, æмæ сын куыд æххуыс кæнут?

Дзуæппытæ.

-Уæ, мæ хуртæ, æз сымахæй абон цы бузныг дæн! Зæгъут-ма, радзырды фæстæ та цы ис?

-Æмдзæвгæ.

-Æмæ сымахæй ничи зоны æмдзæвгæтæ мады тыххæй? Тынг зæрдиагæй сæм байхъусин!

Скъоладзаутæ æмдзæвгæтæ дзурынц мады тыххæй.

-Цы рæсугъд сæ радзырдтат!

-Ацы æмдзæвгæты та мад куыд æвдыст цæуы?

Дзуæппытæ.

-Уæ мадæлтæ та цавæртæ сты?

-Дзуæппытæ (Нывтæ æмæ сæ хъуыдытæ сæ мадæлты тыххæй).

-Уæдæ уæ кæй мад у хуыздæр? Цæмæн уæм афтæ кæсы?

Дзуæппытæ. Сатана: Сывæллæттæ, тынг раст зæгъут сымах. Алкæмӕн дæр йæ мад у хуыздæр, алчи дæр йæ мады уарзы.

- Тынг хорз. Мæнмæ-ма æрæджы уазæгуаты уыдысты хистæр кары сывæллæттæ, æмæ уын æз ныртæккæ радзурдзынæн диссаг…

Нæ фысджытæ ныффыстой радзырдтæ, æмдзæвгæтæ мады тыххæй, нæ композитортæ - музыкæ, нæ нывгæнджытæ та - нывтæ. Фæлæ-ма æз базыдтон иу хъуыддаг.

Сымах зонут Хетæгкаты Къостайы, æз та йæ æрæджы базыдтон. Уый йæ мады нæ зыдта æппындæр, уынгæ дæр æй никуы фæкодта, къам дæр ын нæ баззад, афтæмæй йын адæмы ныхæстæ, æмæ йæм йæ мидзæрдæ куыд дзырдта, афтæмæй йæ сурæт сныв кодта. Йæ мад Маргъойы чи зыдта, уыдоны дисæн кæрон нал уыд - бынтон йæхи хуызæн рауад.

- Куыд уæм кæсы, цæмæн?

(Уымæн æмæ йæ æгæрон уарзтæй уарзта).

- Ныртæккæ та уын æз бакæсдзынæн диссаджы таурæгъ мады тыххæй.

Каст цæуы таурæгъ «Мады зæрдæ». (Равзарын таурæгъ).

- Раст бакодта лæппу? Цæуылнæ?

- Чызг дзы цæмæн бадомдта йæ мады зæрдæ?

Дзуæппытæ.(Фæлваргæ йæ кодта).

- Лæппу йæ къах куы скъуырдта, уæд æм мады зæрдæ куыд сдзырдта?

- Лæппу йæ ныййарæджы уарзы? (Дзуæппытæ).

- Цæмæн уæм афтæ кæсы?

- Сымах та куыд бакодтаиккат? (Дзуæппытæ).

- Скъоладзаутæ, исчи уæ зоны æмбисæндтæ мады тыххæй? (Скъоладзаутæ дзурынц æмбисæндтæ, æвзарынц сын сæ хъуыды).

«Мады зæрдæ дур халы».

«Мады зæрдæ зонаг у».

«Мады ад - ныфсдæттæг, мады уарзт- тыхдæттæг».

- Цæй бирæзонаг стут, мæ чысыл хуртæ!

Æз абон сымахæй баззадтæн тынг разыйæ.

Æмæ мæ уырны, уæ дуджы сылгоймаг - мадæн стыр аргъ æмæ кад кæй ис, уый.

Æмæ мæ уырны, уыцы кад сымах дæлæмæ уадзын кæй нæ бауадздзыстут, уый.

Сымахмæ хъусгæйæ, æз дæр бирæ ногдзинæдтæ базыдтон.

Фæлæ-ма мын ныр иу хатт зæгъут, цавæр хæзна ис уæдæ зæххыл?

Æмæ хæзна цæмæн у?

Алчи дæр уæ хъахъхъæнæд йæ мады, æмæ цардæй уæд рæвдыд уыдзæн.

- Зарæг «Мадыл» зары Хуытыгты М.

Ууыл абон нæ ныхас кæронмæ æрхæццæ. Сымах дæр уæ хæдзæрттæм цæуын хъæуы, фæлæ мæ иууылдæр ацæудзыстут лæвæрттимæ- бæрæггæнæнтимæ.

Фæндараст. Тынг æхсызгон мын уыд уæ фенд.

© 2010-2022