15 май - Ирон æвзаджы бæрæгбон

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: 15 май - Ирон æвзаджы бæрæгбон

Бæрæгбоны райдайæн: хъуысы фæндыры цагъд «Ханты цагъд»

Скъоладзау: «Ирон æвзаг» - æмдзæвгæ

1 амонæг: Уæ бон хорз, зынаргъ уазджытæ!

2 амонæг: Æгас нæм цæут, æмæ уыл рæсугъд бæрæгбонтæ цæуæт.

«Иналы зарæг» - зарынц сыв-тæ.

Лæппу: Ныр цымæ ацы æдылытæ та сæхи зарынæй цæуыл марынц, цы рцыди, цавæр бæрæгбон у?

2 ам.: Абон нæ республикæйы адæм ирон æвзаджы бæрæгбоныл цин кæнынц.

Лæппу: Æмæ йæ абонмæ цы рхастат? Æндæр бон æй сбæрæг кæнын æй нæ уыди?

1 ам.: Ай, æцæг куы ницы æмбарыс. 1899 азы 15 майы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Уымæ гæсгæ нæ республикæйы уæды президент, Дзасохты Алыксандр, 2003 азы бафыста ахæм указ - алы аз дæр 15 майы бæрæг кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Бамбæрстай? (æвдыст цæуынц слайдтæ)

Лæппу: Бамбæрстон! Мæн дæр ма бауадзут уæ бæрæгбонмæ.

2 ам.: Хорз. Æрмæст дæхи уæздан дар.

Лæппу: Тыхсгæ дæр ма ма кæнут.

2 ам.: Мах та дарддæр кæнæм нæ бæрæгбон. Иу бон газеты ахæм ныхæстæ бакастæн, адæм, дам, сæ 'взаг куы ферох кæной, уæд уыцы адæмæн фидæн нæй.

Лæппу: Ау, уый та куыд? Ирон æвзаг куы ферох кæнон, уæд дзурдзынæн уырыссагау кæнæ англисагау.

2 ам.: Æз дын афтæ нæ загътон, дæхи хорз дар?! Æдылы ныхæстæ ма кæн. Ахæм æмбисонд никуы фехъуыстай: «Булæмæргъ дæр мА йæхи æвзагыл зары».

Лæппу: Куыд нæ фехъуыстон. Ахæм æмбисонд дæр ма зонын: «Мадæлон æвзаг мады ад кæны» кæнæ «Адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у». Уæдæ ма мын иу хъуыддаг бамбамбарын кæн. Ардæм куы æрбацæйцыдтæн, уæд кæсын, æмæ кæрты цалдæр сырды бадынц æмæ кæрæдзимæ ииронау дзурынц.

1 ам.: Диссæгтæ, сырдтæ иронау дзырдтой?

Лæппу: О, æвæццæгæн, ирæттæ уыдысты.

2 ам.: Æмæ цымæ цæуыл ныхас кодтой?

Лæппу: Афтæ зæгъынц, ирон æвзаджы бæрæгбон, дам, уалдзæджы хуымæтæджы нæ вæййы. Уый дæр, дам, махмæ фенхъæлмæ кæсы. Цыдæр лæвар уын æрцæттæ кодтой.

2 ам.: Дæ хорзæхæй, мидæмæ сæ æрбахон.

Лæппу: Сырдтæ, дзурынц уæм.

(Ирон цагъдмæ æрбацæуынц сырдтæ)

Лæппу: Сырдтæ мын зæгъынц, сæ лæвар аргъау кæй у, уый. Хуыйны «Тымбылæг». Бакæсут - мА йæм.

Аргъау «Колобок»

Лæппу: Бузныг, нæ хъæддаг хæлæрттæ. Уæ равдыстæй нын нæ зæдæтæ барухс кодтат.

2 ам.: Уæ хорзæхæй, нæ уазджытæ, æрбадут. Мах та адарддæр кæнæм нæ бæрæгбон. Алы адæмыхаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у æппæтæй стырдæр хæзна. Ирон адæмæн дæр - афтæ. Ирон æвзагыл фыстой æмæ фыссынц нæ хуыздæр поэттæ се'мдзæвгæтæ. Байхъусут сæм.

Æмдз. «Мадæлон æвзаг», Дауырæ

Æмдз. (уырыс.) «Язык осетинский…»

Æмдз. «Ирон æвзаг», Цомартаты Д.

1 ам.: Æнæмæнгæй, алы ирон бинонтæ, алы ирон сывæллон дæр хъуамæ зона ирон æвзаг, хъуамæ кæрæдзимæ иронау дзурой. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййы куырыхон хистæрты ныхас: «Йæ мадæлон æвзаг чи ферох кæны, уыцы адæймагæн нæй цæсгом, нæй фидæн».

Ирон кафт

1-аг скъ-ау: Алы ирон адæймаг дæр хъуама зона йæ мадæлон æвзагыл аив дзурын. Æз уарзын мæ райгуырæн зæхх, мæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ сыл мæ зæрдæ никуы сивдзынæн.

Аргъау «Гида…»

2-аг скъ-ау: Ирон æвзаг у мæнæн æппæттæй уарзондæр. Гыццыл саби куы уыдтæн, уæд мын мæ мад авдæны зарджытæ иронау кодта, ныр та мын нана фæдзуры ирон аргъæуттæ, фыдæлты таурæгътæ иронау. Искуы æндæр горæтмæ куы ацæуон, уæддæр никуы ферох кæндзынæн мæ уарзон мадæлон æвзаг.

Аргъау «Æртæ хæлары»

3-аг скъ-ау: Иронау куы фæдзурын, уæд мæ зæрдæйы сæвзæрынц рæсугъд æнкъарæнтæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма бæстæ фæрайдзастдæр вæййы, хур тынгдæр тавын райдайы, цъиутæ хъæлдзæгдæр базарынц.

Æмдзæвгæ «Ирон фæндыр»

1 ам.: Бамбæрстон дæ, ирон бæрæгбон æнæ рæсугъд фæндырцагъдæй, æнæ аив кафтæй нæ фидауы.

Фæндыр цæгъды, «Хонгæ» кафт кафынц.

Хъуысы Ханты цагъды мелодии. Рацыдысты чызг æмæ лæппу ирон дарæсы сæ къухты бæгæныйы къус æмæ æртæ чъирийы.

Лæппу: О, Стыр Хуыцау! Фыдрæстæгæй нæ бахиз. Нæ кæстæрты нын раст фæндагыл сараз. Цæмæй ма рох кæной сæ мадæлон æвзаг, сæ рæсугъд æгъдæуттæ!

1 ам.: Нæ абоны бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.

2 ам.: Цины брæгбæтты æмбæлут!

© 2010-2022