Гом урочы пълан, 2 къл

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Гом урочы пълан

2 кълас





Чиныг: «Мах стæм æрдзы хъæбултæ»

Авт.: Хъæрджынты С.







Темæ: «Мæргътæ атахтысты»

Нысæнттæ: сывæллæтты дзырдуатон къæбиц фахъæздыгдæр кæнын. Ныхасы рæзтыл бакусын. Æрдз уарзын, æрдзы фæзындтæм, ивддзинæдтæм лæмбынæгдæр хъус дарын, ахуыр кæнын.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг

  2. Рацыд æрмæгыл бакусын:

  1. - Цæуыл дзырдтам раздæры урочы?

  • Цы радзырд бакастыстæм, уымæн йæ сæргонд цы хуыйны? («Æрдзæн феххуыс кæнæм»)

  • Чи ныффыста уыйы радзырд? (Хъæрджынты Симæ)

  • Цæмæй æрдзæн йæ рæсугъддзинад, йæ хъæздыгдзинад ма фесæфа, уый тыххæй мах цы кæнын хъæуы?

  • Куыд баххуыс кæнæм æрдзæн? (Къалиутæ сæттын не'мбæлы; дидинджытæ æд уидæгтæ тонæн нæй; мæргътæ марæн нæй; хъæдмæ улæфынмæ куы ацæуай, уæд дæ фæстæ бырæттæ бафснай; арт ахуыссын кæн; бæлас куы ралыг кæнай, уæд йæ бынаты ног тала ныссадз)

  • Æмæ бæлас та цæмæн акалынц?

  • Нæ фыдæлтæ бæласæн стыр аргъ кодтой. Уымæн æмæ хъæды æрмæгæй арæзтой хæдзары дзаумæттæ: къæрта, къус, уидгуытæ, дзыкказмæнтæн, халамæрзæн; арæзтой авдæнтæ, сынтæджытæ, æртæкъахон фынгтæ…

  • Æнæ бæласææй цæрæн нæй

  • Адæймагæй уæлдай ма кæмæн у пайда бæлас? (сырдтæн æмæ мæргътæн та мА у цæрæн бынат)



  1. - Байхъусут ма ацы уыци-уыцимæ, цавæр афæдзы афоныл дзы цæуы дзырд?

«Мæргътæн уазалы у зын æмæ хъарм бæстæм тæхынц. Адæм бафснайдтой тыллæг, ома ралæууыд …» (фæззæг)

  • Цавæр рæнхъытæй йæ базыдтат, фæззæгыл дзырд цæуы, уый?

  • Цавæр тыллæг бафснайынц адæм фæззæджы?

Хъазт: - Хъарм бæстæм атæхыны размæ нæм æрбатахт иу маргъ уазæгуаты, фæлæ йæ къалатийы бакодта цуанон. Фервæзын æй кæнæм.

  • Цæмæй йын баххуыс кæнæм,уый тыххæй нæ хъæуы фæззыгон æрдзы цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы, уыдон радзурын.(Бæлæсты сыфтæр згъæлы; хур тынг нал тавы; къæвда арæх уары; бон фæуазалдæр; мæргътæ хъарм бæстæм тæхынц; сцæттæ вæййынц дыргътæ æмæ халсартæ)

  • Цы хуыйны ацы маргъ?

  • Æмæ зæрватыкк та кæм цæры? Цы хуыйны йæ хæдзар?

  1. Ног æрмæг:

  1. - Уæдæ ацы уыци-уыцийæн та цавæр дзуапп ратдзыстут?

«Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар амайы»

  • Куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?

  • Цавæр мæргътæ зонут?

  • Ракæсут фæйнæгмæ, ацы мæргътæй кæцы зонут?

  • Кæцы маргъыл дзы ахуыр кодтам æмдзæвгæтæ? Чи цæ ныффыста? («Зæрватыкк», «Дзывылдар»)

(Улæфты рæстæг)

  1. - Абон бакæсдзыстæм Хъæрджынты Симæйы радзырд «Мæргътæ атахтысты»

  • Цæмæй радзырды мидис хуыздæр бамбарат, уый тыххæй сбæрæг кæнæм дзырдты нысаниуæг

Дзырдуатон куыст: æнусон - вековые

хицауиуæг кæны - хозяйничает

уыгæрдæн - луг

сæлфынæг кæны - моросит

хуссар - юг

сауцъиу - скворец

сырддонцъиу - воробей

цъиах - грач

(Ахуыргæнæг кæсы текст)

- Дзуапп мын раттут ацы фæрстытæн; чиныджы сæ ссарут, афтæмæй (текстмæ гæсгæ раттын фæрстытæ).

Текст кæсынц сывæллæттæ.

  1. Кæронбæттæн:

  • Цы радзырд бакастыстæм, уый цы хуыйны?

  • Æмæ афтæ та цæмæн хуыйны?

  • Иухатт ма мын зæгъут, кæдæм атæхынц мæргътæ фæззæджы?

  • Цавæр мæргътæ атæхынц хуссармæ?

(Фæйнæгыл мæргъты нывтæй æвзарынц)

Баззайынц ам Хуссармæ атæхынц

  • Уæдæ хуссармæ атæхынц?.............(сыв-тæ иумæ дзурынц мæргъты нæмттæ)

  • Абон мах зæгъæм хуссармæ тæхæг мæргътæн иумæ…..(фæндараст, æнхъæлмæ уæм кæсæм уалдзæджы).

© 2010-2022