Рассказ Бон цауы. Творчество учителя

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.

(Радзырд, æцæг хабар.)
Æвæдза, диссаг у цард. Чи йын зоны йæ сусæгдзинæдтæ. Цавæр бынат ахсы адæймаг æрдзы хъæбысы? Куыд баст у адæймаг ивгъуыдимæ æмæ фидæнимæ? Рæстæг у æнæкæрон фидар рæхысы æнгæс. Цыма цы хуызы баст сты рæхысы цæгтæ сæ кæрæдзийыл . Дунейы тыгъдады кæм ис сæ райдайæн æмæ кæдæм у сæ фæндаг. Бæлвырд у иу хъуыддаг: алцыдæр змæлы, рæзы, тулы, ивы. Нæй иу хъуыддаг дыууæ хатты фенæн. Æмхуызон раст аргъ скæнæн нæй цыфæнды æцæгдзинадæн дæр дыууæ хатты. Ахæм алыхуызон хъуыдытæ мæ сæры кæрæдзийы ивгæ æнахуыр хуызы фæтыбар-тыбур кæнынц алы хатт нæ горæты, Барбашовы уынджы аргъуаны размæ куы схæццæ вæййын, уæд. Уыдис ахæм хабар дæр: мæ хæдтулгæ æрурæдтон æмæ æдзынæг кастæн аргъуаны рæсугъд фæлыстмæ. Кастæн аргъуанмæ, мæ цæстыты раз та сæвзæрдысты иу дæс æмæ ссæдз азы размæ, мæнæ ам цы зæронд хæлд уæлмæрдтæ уыд, уыдон. Се хсæнты куыд рацу бацу кодтон æмæ цы уыдтон, уыцы нывтæ. Бæлвырд бæрæг нал уыдысты уæлмæрдты бынæттæ. Цыдтæн иуæй иннæмæ, лæмбынæг кастæн цыртыты дуртæй ма зæххæй уæлæмæ цы хæйттæ зындысты, уыдонмæ, фæйнæджыты гæбæзтæм, æфсæйнаг решёткæты мидæг цы дзуарæвæрд цыртытæ уыдис, уыдонмæ. Цас фæзылдтæн, цас фæцагуырдтон: сахат, дыууæ, æртæ… бæлвырдæй нал æрхъуыды кодтон, фæлæ не ссардтон цы ном æмæ мыггаг агуырдтон, уыдон. Куыд æвиппайды фæзынд мæ цæстыты раз рагбонты ферттывд, афтæ æвиппайды цыдæр æрбаци. Æмæ та æдзынæг кастæн расугъд аргъуанмæ. Мæхинымæр фарстон мæхи, фæлæ нæдæр фарст, нæдæр дзуапп кæронмæ алыг кæнын не рцахста мæ хъуыды. Нæй… ничи… нæдæр хион, нæдæр æмгар, нæдæр фæдон нæ бабæстон кодтой хорз адæймаджы уæлмæрд афоныл. Ныр та мæнæ ам, йæ бынаты диссаджы аргъуан, кувæндон, бæстыхай - чырыстон дины тыгъдадмæ рухс дуар. Диссаджы æхсызгон æнкъарæнтимæ æрымысын уыцы рагбонтæ. Студенттæ, ахуыргæнджытæ, фысджытæ æмæ уазджытæ бадтыстæм ЦИПУ-йы егъау залы, цытджын уавæры бæрæггонд цыд Гæдиаты Секъайы гуырæн бон. Абон дæр ма мæ хъустыл уайынц Дзесты Куыдзæджы фæлмæн зæрдæбын ныхæстæ. Секъайы чызджы раныхас: «Чи мын зæгъдзæн, чи мын ратдзæн дзуапп мæ фарстæн, кæд фыста мæ фыд йæ уацмыстæ?». Фæстæдæр раныхас кодта нахи ахуыргæнæг. Йæ ныхасы уыд ахæм хабар, зæгъгæ, Секъа Дзызæлы фæндаджы уæлбыл цы зæронд уæлмæрдтæ ис, уым ныгæд у. Йæ ныхасы кæрон та зæрдæмæ хъаргæ хъæлæсæй зæрдæбынæй загъта: «Хатыр. Хатыр стыр поэт æмæ стыр адæймаг - Гæдиаты Секъа, абон дæ номыл дæ уарзон Ирыстоны дæ ингæн дæр бæрæг кæй нæу, уый тыххæй. Чи зоны, ныхасы формæ æндæрхуызон уыди, фæлæ йæ æз афтæ бахъуыды кодтон, йæ мидис та бæлвырд афтæ уыд. Уыцы бон мæхицæн загътон цæуон уыцы уæлмæдтæм æмæ бацагурон Секъайы ингæн, чи зоны æмæ йæ ссарон. Цы нæ вæййы!.. Чи зоны, мæнæй размæ дæр ма йæ чидæртæ агуырдта, фæлæ уыдон хуызæн æз дæр ницы ссардтон. Ныр та, мæнæ бирæ азты фæстæ кæсын ацы бынатмæ, аргъуанмæ æмæ цин кæнын мæхинымæр. Фæнды мæ зæрдиаг арфæтæ ракæнын, фæлæ кæмæн, нæ йæ уынын, нæ йæ æмбарын, нæ йæ ахсы мæ зонд. Хаттæй-хатт мæ хъуыдыйы рацахсын ахæм æнкъарæнтæ. Куыд диссаг дæ дуне. Ды алцæмæн дæр æмæ алкæмæн дæр зоныс аргъ кæнын æмæ сæ бынаты æвæрын. Цы нæ сарæзтой хæсджын адæм, уый сарæзта Дунейы Фарн. Гæдиаты Секъа цы дины фæндагыл цыд Хуыцаумæ æмæ кæм æрынцад йæ зæххон царды, уым цыма дуар байгом æмæ хоны рухс фидæнмæ; уыцы бынат сси кувæн бынат. Фæрныг æмæ амондджын сты Гæдиаты мыггаг, ахæм хистæр кæмæн уыд. Хорз мыггаджы бæллиц алкæддæр уыд æмæ у кувæндон саразын. Гæдиаты мыггагæн та сæ куырыхон хистæр йæ зонд æмæ хæрзмæаудыны тыххæй сарæзта æнусон кувæндон йæ мыггагæн, йæ Ирæн, йе мдинон адæмтæн. Ныр Дзæуджыхъæуы, Барбашовы уынджы уæлбыл, ис æмæ æнустæм уыдзæн аргъуан, кувæндон, Гæдиаты Секъайы мысæн бынат. Мысдзысты йын йæ фæдзæхст дæр: адæймаг йæ царды хъуамæ уа хæрзгæнæг, æгад цард ма хæсса йæ сæрмæ, тырна æгъдауæй рæдауæй фæцæрын. Хъуыдытæ, хъуыдытæ…Нæма у уæ бон цæст цы уыны, уый куырм æлхынцъытæ æмæ тæмæнтæ калаг рæсугъддзинады сусæгдзинæдтæ æргом кæнын. Уæддæр бузныг Дунейы Фарнæн, зæрдæмæ рухс кæй уадзы абоны æцæгдзинад.

Музаты В.Т.

Мæ фæдзæхст.

Ис демæ де мбæлццон - дæ фыссæн,

Дæ зонды тых æвдисæн уарт.

Поэты зынгæн нæй æрхуыссæн,

Кæны цырендæр риуы арт.

Æмæ йæ балцы, дард фæндагыл

Тæхы уый размæ уадау тагъд.

Йæ пъеро фатау æмбæлы знагыл,

Йæ фæндыр циныл скæны цагъд.

Цы уа зæрдæйæн æсхуыст,

Нæ ара нæ царды бынат,

Уа æгъдау, гъе нæ царды исты фау,

Цы ссары - кæсæнау æвдисы алы цау.

Бæллыс дæ цард сæууон æртæхау

Дæ фæстæ ма фæуа æвæд.

Æрттивы, акæс, цард цæхæрау-

Æстъæлфæнау дзы уадз дæ фæд!

Музаты В.Т.

© 2010-2022