Конспект урока по осетинскому языкуНОМДАР (Имя существительное) 3класс

Раздел Начальные классы
Класс 3 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темæ:Номдар

(предметы нæмттæ æвдисæг дзырдтæ).

Урочы нысан:бацамонын номдары нысаниуæг ,зæрдыл æрлæууын кæнын ныхасы хæйтты тыххæй цыбыр иумæйаг æмбарынад, сывæллæттæн бацамонын ,номдартæй ирон æвзаджы фарста ЧИ?-домы , адæймæгты нæмттæ чи нысан кæны, ахæм дзырдтæ, скъоладзаутæн уарзын кæнын сæ мадæлон æвзаг.

Кусæн æрмæг:проектор,компьютерон презентаци урокмæ.

Урочы цыд:

1.Бацæттæгæнæн рæстæг . Зивæггæнаг не стæм, Ахуырмæ цæрдæг стæм. Чиныг боныг ,тетрад- Нæ разы сты ,цæттæ сты!

Ахуыргæнæг:

-Уæдæ райдайæм нæ урок.

- Абон урочы уæ дзуаппытæн аргъ кæндзыстут ахуыргæнæджы

бæсты æмæ куыд бакусат, уымæ гæсгæ уæхæдæг æвæрдзыстут бæрæггæ -

нæнтæ.

Фæнды мæ, цæмæй хæларзæрдæ дарат кæрæдзимæ, æххуыс дæр иу

акæнат, чи фæкъуылымпы уа, уыдонæн.

1.Сыгъдæг фыссыны рæстæг æмæ дзырдуатон куыст:

Лæппу,сывæллæттæ,фыссын,хъулон,маймули,хъæддаг,бæрзонд.

2.Урочы темæ раргом кæнын.

-Сываллæттæ, ссарут ма ацы дзырдты æхсæн предмет чи нысан кæны, ахæм дзырдтæ.

(лæппу, сывæллæттæ, маймули).

.Ног æрмæгмæ бахизæн.

-Мах 2- æм къласы базыдтам , предмет æвдисæг дзырдтæ кæй домынц фарстатæ

ЧИ? Æмæ ЦЫ? Фæлæ ма ирон æвзаджы ахæм дзырдтæн ис иумæйаг ном---НОМДАР. Сываллæттæ бакасут ма нывтæм фæйнæгмæ.Ахъуыды ма кæнут , æмæ ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнут,фарста ЧИ?цавæр преметтæм дæттæм?(адæймæгты нæмттæм)

-Фарста ЦЫ?-та?( æнæуд предметтæм,сырдтæм,мæргътæм).

(Ахуыргæнæг дих кæны сывæллæтты 2-уæ рæнхъыл. Фæйнæгыл 2-уæ дихæй фыссынц дзырдттæ.Иуырдыгай ЧИ?-йыл ,иннæ рдыгæй -ЦЫ?Кæцы рæнхъ фылдæр базондзæн .)

3. Чиныгимæ куыст.

А)бакæсын раиртæст чиныгы.

Б)фæлтæрæн равзарын иумæйагæй æмæ йæ рафыссын тетрадмæ.

4.Физминуткæ.

Тæрхъус быдырмæ -сæпп,сæпп,сæпп.

Тæрхъус быдырмæ -гæпп,гæпп,гæпп.

Æз æй æрцахсин, æз йемæ хъазин.

Фæлæ мæ куы фæтæрса, мыййаг.

Тæрхъусы зæрдæ-тъæпп,тъæпп,тъæпп.

Тæрхъусы зæрдæ-хæпп,хæпп,хæпп.

Мæнмæ фæкасти, мæнæй фæтарсти,

Уæртæ ма кæсут-гæпп,гæпп,гæпп!

5.Фæйнæгыл фыст.(иумæйагæй куыст)

(хъуыдыйадтæ раст саразын)

ТАР,Цæры,тæрхъус,хъæды.( цавæр?-Тар кæм ?- хъæды цы ми кæны?- цæры- зæгъинаг цы?-тæрхъус-«сæйрат»)

(равзарын хъуыдыйад хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ)

Æз, бæстæ,мæ,уарзын,райгуырæн(.æз уарзын мæ райгуырæн бæстæ)

6. Хибарæй куыст.(карточкæты фыст дзырдттæ адих кæнын дыууæ къордыл-ЧИ? æмæЦЫ?-йыл)

7 Рефлекси.

- Цы баззыдтат урочы?

- Цымыдисаг уæм цы фæкаст урочы?

-Урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр куыст фæцыдис?

- Зындæр та уæм кæцы куыст фæкаст?

8. Бæрæггæнæнтæ.

-Стыр бузныг, урочы активон кæй уыдыстут, кæрæдзийæн кæй æххуыс кодтат.

- Уæ мадæлон æвзаг бирæ кæй уарзут, уый бæрæг у. Дзурут иронау æмæ уæ ныййарджыты зæрдæтæ рухс кæнут!

9. Хæдзармæ куыст.

Сахуыр кæнын раиртæст,бакусын фæлтæрæныл.


© 2010-2022