Внеклассное мероприятие Мой Коста

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат rar
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

- Осетия - чудесный край отчизны

Где быстротечный, сбегая шумно с гор,

Поёт наш Терек песнь о новой жизни,

Ведёт о новых нартах разговор.

- Зарджытæ, сабитæн

Чи фыста, чи уыд ?

Чи ратта ирæттæн

Диссаджы чиныг ?

- Чи уыд ? Куыд чи уыд ?

Урзон Къоста !

Сауæрфыг, саурихи,

Сауцæст Къоста !

- Кæм дæ, Къоста, ды не стыр ныфс нæ уарзт дæ.

Æнæ дæу сидзæр Иры зæхх, æдзыт.

О, Хетæджы - фырт, чи загъта, ды мард дæ ?

Фæзын, æрвнæрдау, азæла дæ дзырд.

- Къоста - йæ кад æмæ йæ зарæг,

Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!

Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг

Зæххыл йæ зарæгæй æдзух.

- 2014 аз Ирыстоны схуыдтой Къостайы аз. Уымæн æмæ ацы аз у юбилеон, Къостайыл сæххæст уыдзæн 155 азы.

- Къоста афтæ уарзон у Иры адæмæн æмæ йæ хонынц æрмæст йæ номæй. Кæд йæхæдæг нал ис, уæддæр йæ ном цæрдзæн æнустæм

- Чи у, чи нæм кæсы къамæй ?

Чи у, уыцы хæрзконд лæг ?

Уый, сывæллæттæ, Къоста у,

Иры уарзондæр фыссæг.

- Уый сымах куыд бирæ уарзта,

Иры сабион фæлтæр.

Уый нын амондау æрхаста,

Хорз хæзна - «Ирон фæндыр»!

- Æрæджы мæ иу скъоладзау бафарста, Къоста, дам, дзуар уыд зæххон адæймаг.

- Къоста зæххон адæймаг уыд, фæлæ йыл адæм афтæ баууæндыдысты, сæ царды тыххæй сын ахæм æцæгдзинæдтæ фыста, æмæ сæм дзуары хуызæн кæсын райдыдта.

- Цæмæй нæ бауырна Къоста дæр мах хуызæн адæймаг уыд, уый тыххæй байхъусæм нæ иртасджытæм. Уыдон нын радзурдзысты Къостайы царды бонтæй цымыдиссаг хабæрттæ.

- 1859 азы иу хæххон хъæуы райгуырд Хетæгкаты хæдзары лæппу. Хæрзчысыл мА уыд, афтæ амард йæ мад Гуыбаты Мария, æмæ йæ хæссынмæ радтой се рвадæлты ус Чендземæ.

Нары райдиан скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназийы, стæй та Стъараполы гимназийы. В.И.Смирновы амындмæ гæсгæ Къоста 1881 азы ахуыр кæнынмæ ацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ.

- Æппæтæй æххæстæй сыздæхт Ирыстонмæ. Куы федта йæ адæмы зын уавæры, уæд йæ хъæлæс ныннæрыд мæстылгъæд æмæ зæрдæриссæй. Цыбыр рæстæгмæ йæ ном айхъуыст Ирыстоны æппæт къуымты. Йе мдзæвгæтæ адæмы хсæн къухæй - къухмæ цыдысты, систы зарджытæ.

( сывæллæттæ зарынц « Додой» )

-Бирæкъабузджын уыд Къостайы сфæлдыстадон куыст. Уыд нывгæнæг, этнограф, публицист, поэт, драматург, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг.

- Уыди сæрæн, цымыдис, тæригъæдгæнаг, зæрдæхæлар, зæрдæргъæвд.

- Байхъусæм не мбæлттæ æмдзæвгæтæ куыд дзурынц, уымæ.

ФÆЗЗÆ

Æхсæлы ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур...

Мигъ бады цæгаты, -

Нæ йæ тавы хур...

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ, нæ хос...

Чи кусы йæ мусы,

Чи 'лвыны йæ фос...

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы...

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы! . ЗЫМÆГ

Хъызт зымæг, тыхст зымæг -

Нæ катай, нæ мæт!

Йæ бонтæ - фыдбонтæ,

Йæ бахсæв - мæлæт.

Нæ хъæутæ - лæгæттæ,

Нæ фезмæлд - зæйуат.

Фыдæлтæй нын баззад

Зæйы сæфтæн рад.

Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,

Æнæхай куыстæй,

Хуыцаумæ дзыназынц

Æстонгæй, сыдæй..

ЗÆРВАТЫКК

Зæрватыкк - æнæхъыг,

Æнæмаст цæрæг!

Дæ зарæг - нæ дарæг,

Нæ уалдзæггæнæг!

Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй

Фæхæтай фæрнæй

Нæ хæхты, нæ бæсты,

Æлдар кæмæн нæй

Алчи зыдгæнæджы

Бирæгъ фæхоны.

Бирæгъ зыд кæй кæны, -

Чидæрид зоны...

Раджы та иу бирæгъ

Нард хæдмæл хордта,

Афтæмæй адæмæн

Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ, -

Цас ын æнтысти!

Уалынмæ уæныстæг

Хурхы нынныхсти.

Атылди, адаргъ и,

Нал уыд йæ сæрæн...

Амонд йæ хъахъхъæнæг

Ахæм æвзæрæн!

Хърихъупп хæстæджыты

Донбылтыл зилы...

Бирæгъ йæ цыппæртæ

Хърихъупмæ тилы.

- Ай та цы диссаг у? -

Рагæй æрæгмæ

Никуы мæм бабæллыд

Бирæгъ хæстæгмæ...

Хърихъупп фæзæрдæлхæд,

Абадт йæ цуры:

- Цæй-ма, цы мæ кæныс?..

Сырд ма кæм дзуры!

Иу цæст ма фезмæлыд,

Иннæ ныдздзагъыр...

Хърихъупп цæстæнгасыл

Рагæй уыд ахуыр, -

Бирæгъы хъæлæсы

Фатау фæцавта

Даргъ бырынкъ, афтæмæй

Уæныстæг сдавта.

Бирæгъ ысулæфыд...

Фервæзт нæ рынчын!..

Хърихъупп æм бадзырдта:

- Цæй-ма, мæ мызд мын!

Сырд дын фæхъæрласта:

- Гъæ, дзæгъæлхæтæг!

Гас мын кæй баззаддæ

Абон дæхæдæг!

Бузныг цæуылнæ дæ,

Гайтма мæ дзыхæй

Де взæр лæгуын къоппа

Райстай дзæбæхæй?!.

Барст дын уæд ацы хатт,

Ацы тыхтона!

Искуы ма фембæлæм, -

Додой дæ къона

- Иу бон мысынæн чысыл у

Басгуыхт æнусон дæ цыт

Абон дæр фарнæн фысым у

Зондзæн ирон лæг дæ цыт

- О нæхи Къоста,

Сабиты уарзон фыд.

О нæхи Къоста,

Иры сахъдæр гуырд.

- Ракæс, байхъус нæм,

Чи дæ фылдæр уарзы?

Дзурæм дын де мдзæвгæтæ стырæй чысылæй

Зарæм дын дæ зарджытæ хохæй быдырæй.

- Он вечно жив в сердцах народа,

Великий сын поэт Коста.

Как будто молод он,

А жив сегодня больше ста.

Он будет жить и двести, триста

И много- много тысяч лет

Таких как он певцов народа

Мир не забудет вечно.


Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…

( Хетæгкаты Къстайы 155 азы райгуырдмæ )



Бацæттæ кодта : Бæцойты Анжелæ


© 2010-2022