Творческие работы учеников

Раздел Начальные классы
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

ХИСТÆРЫ ФАРН КÆСТÆРÆН БАЗЗАЙЫ

Хъесаты Ритæйы куыст, 9-æм кълас

Ирон адæмæн бирæ хорз æгъдæуттæ баззад сæ фыдæлтæй, фæлæ фарны хæдзарæн йæ астæуккаг цæджындз куыд уа, афтæ æгъдæутты ахсджиагдæр у хистæрæн кад кæнын.

Лæг-иу базæронд, цæстæй-иу нал уыдта, хъусæй-иу нал хъуыста, афтæмæй-иу кæстæртæ йæ цуры лæууыдысты кад æмæ лæггадгæнæгæй. Кадджын-иу хистæр уыл, цалдæр хатты кадджын та кæстæртæ сæхæдæг.

Хистæр-иу хъару æмæ зонæй йæ рæстæджы цы рæхснæг талатæ ныссагъта, уыдоны дыргътæй- иу зæронды бонты парахатæй минас кодта.

Хистæрæн кад кæнын хъуыстгонд у дунейыл ирон лæджы номимæ. Æмæ абон дæр æфтауы дисы бирæ адæмты. Æмæ куыннæ?..

Царды уылæнтæ бирæ фæйлауæнтæ фæкодтой, фæхастой бирæ ивддзинæдтæ. Уыдис ахæм хæстон рæстæг, æмæ лæг куывта: "Хуыцау, уыцы амонд мын ратт, æмæ тохы быдыры мæ адзал ссарон". Зæронд адæймаг уыд хъыгдарыны хос, йæхæдæг уыд хъахъхъæнинаг æмæ - иу æй йеʼмбæлттæ сæхæдæг фесæфтой.

Рацыд дзæвгар рæстæг, цалынмæ ацæргæ лæгæн йæ зонд æмæ йæ фæлтæрддзинады тыххæй аргъ кæнын райдыдтой.

Уыцы цаутæн æвдисæн Нарты кадджытæ: "Уырызмæджы фæстаг фосы конд", "Мачъидон Алыксаны балц мæрдты бæстæм" æмæ историон æвдисæндартæ.

Куырыхон хæдзары хистæр у дæсны хæстон разамонæджы хуызæн. Йæ уынаффæмæ гæсгæ бинонтыл кæнæ цард хæцы, кæнæ цæуынц сæфтмæ.

Ирон адæмон сфæлдыстады тынг бирæ ис арфæтæ, æмбисæндтæ, зарджытæ фæрнджын хистæр æмæ кадджын бинонты тыххæй.

"Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц".

"Уæздандзинады талатæ æвзæрынц æнгом æмæ хæлар бинонты астæу".

Бинонты æнгомдзинад баст у хистæры зондыл, æнцой кæны йæ уарзæгой зæрдæйыл.

"Хылгæнаг хæдзары фарн нæ лæууы".

Мæнæн зын бамбарæн у, бинонтæ цæуылнæ фæфидауынц, уый. Зæрдæхæларæй цæрын сæ цы фæхъыгдары?

Фæнды мæ радзурын æм фæлмæн баба æмæ мæ рæвдаугæ нанайы тыххæй. Уыдоны бæрны сты хæдзары дзаг бинонтæ: мæ хъæлдзæг фыдыʼфсымæр, йæ хæларзæрдæ бинойнаг, мæ фыдуаг хотæ, æмæ мæ уарзон мад æмæ фыды тыххæй.

Мæ баба æмæ мæ нанайы астæу ис тынг фæлмæн ахастдзинæдтæ. Æз уый никуы хъуыды кæнын, æмæ кæрæдзимæ схуыст, кæнæ тызмæгæй сдзырдтой. Кæрæдзийыл сты тынг æнувыд, æнæ сæ кæрæдз нæ фæразынц. Зæгъæм, нанайы искуыдæм цæуын куы фæхъæуы, уæд баба цыфæнды хъæлдзæгæй дæр йæ чемыл нал вæййы, уыцы минут дзы исты дæр ма сриссы.

Баба нæ хæдзары хистæр у: зондджын, хиуылхæцгæ, фæлмаст. Нæй дзы фехъусæн тызмæг дзырд. Архайы, цæмæй бинонты, хæдзары кад дæлдæр ма кæна. Цыфæнды хъуыддагыл дæр хъуыды кæны лæмбынæг, æмæ рæдийгæ дæр никуы фæкæны. Бабайæн нана у стыр ныфс. Уый у хæдзары къона хъахъхъæнæг. Нана у куырыхон сылгоймаг. Сыхагæй, хæстæгæй цæуынц æм уынаффæмæ, æмæ сæ æнæ дзуаппæй никуы ничи аздæхти.

Фидар æгъдау æвæрынц бинонты астæу дæр. Баба дæр æмæ нана дæр сæ чындзыты бирæ уарзынц, кад сын кæнынц. Нана -ма афтæ дæр фæзæгъ: "Мæ чындзыты мæ фырттæй къаддæр нæ уарзын". Стæй йын тынг хъыг вæййы, исчи йæ чындзыты кой куы фæкæны, уæд.

"Фæрнджын æфсин йæ чындзы кой æдде нæ ракæндзæн"

Уазджытæ нæм тынг арæх вæййы, æмæ сæ нана никуы ма ауагъта æнæ фынгыл æрбадгæйæ. Æмæ-иу истæмæй хæрзад у куы загътой, уæд-иу нана æппæлынмæ февнæлдта, мæ чындзытæ йæ скодтой, зæгъгæ, кæд иу æй йæхæдæг скодта, уæддæр.

"Æфсины хорз чындзыл зыны, чындзы хорз- æфсиныл".

Æдзухдæр - иу сын сæ хорзы кой кодтой: куыд æмбаргæ, куыд арæхстджын, куыд сæрæн сты. Хъулон сæ никуы никæй фæкодтой, уымæн æмæ зыдтой, сæ фыртты æнгомдзинад уыдонæй аразгæ кæй у, уый.

Гыццылæй нырмæ махæн, сывæллæттæн, нана амыдта:

"Æддæмæ хæдзарæй ныхас ма хæссут, мидæмæ дæр мæм макæй ныхæстæ хæссут". Мæнмæ гæсгæ, уый у сылгоймаджы хорз миниуджытæй иу.

Царды бирæ фæлварæнтæ ис. Мах бинонтæн ахæм фæлварæн уыдис бабайы низ. Уый уыдис æнæхъæн бинонты низ.

Зæронд рынчынæй фылдæр цы кæны, стæй мæлæтмæ дæр хæстæг кæй у, уый алчи дæр æмбары. Фæлæ мæнмæ нæ хæдзар æнæ баба кæсы афтид.

Мæ баба адзæбæх йæ уæззау низæй. Фæцудыдта, фæлæ йæ йæ бинонты хъарм æмæ уарзт нæ бауагътой афæлдæхын. Йæ бинонты фарн æй йæ къæхтыл слæууын кодта.

"Фыдæлты уаргъ кæстæр хæссы".

Зæххыл æвзæрдзинад æмæ хорздзинад баст у бинонты цардимæ. Сывæллон хæдзарæй рæвдыд куы уа, уарзæгой бинонты астæу куы схъомыл уа, уæд у амондджын. Амондджын адæймаг та знаггад никуы ракæндзæн.

"Уарзтæй фарн гуыры, фарнæй та амонд рæзы".

Æз мæхи амондджын хонын, æмæ фарнимæ уыцы амонд дарддæр хæсдзынæн царды адæмы астæумæ.



© 2010-2022