Рабочая программа по развитию осетинской речи 1 класс

Раздел Начальные классы
Класс 1 класс
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:




Рабочая программа по развитию осетинской речи 1 класс.

Рабочая программа по развитию осетинской речи 1 класс.

Рабочая программа по развитию осетинской речи 1 класс.

Æмбарынгæнæн фыстæг.

Райдайæн скъола æвæры бындур сывæллæтты хъомылад æмæ ахуырадæн, сæ алывæрсыг рæзтæн. Хъуамæ сын ратта фæлтæрддзинад æмбаргæ æмæ аив кæсынæн,æнæрæдыд æмæ раст фыссынæн,рæзын сын кæна сæ хъуыдыкæнынад,сæ ныхасы культурæ. Ахуыр æмæ хъомылады хæстæ скъолайы кæрæдзиуыл хъуамæ уой æнгом баст.

Ацы ахсджиаг хæстæ сæххæст кæнынæн егъау фæрæз у мадæлон æвзаг, уымæн æмæ уый национ культурæйы бындур: æргом кæны нæ адæмы миддуне,нæ фыдæлты истории, сæ царды сусæгдзинæдтæ.

Райдайæн скъолайы абетæ ахуыр кæныны рæстæг у ирон æвзаг æмæ ныхасы рæзтыл куыстæн йæ бындур.

НЫСАНТÆ:

  • сывæллæттæ лæмбынæг хъусын æмæ иронау раст дзурын ахуыр кæнын;

  • кæрæдзиуыл баст ныхасы хуызты руаджы сæ фæлтæрын хъусын æмæ дзурыныл,кæсын æмæ фыссыныл;

  • сабиты ахуыр кæнын сæ ныхасы ирон æвзагæй пайда кæнын;

  • парахат кæнын сабиты активон æмæ пассивон дзырдуат,бамбарын сын кæнын грамматикон ныхасы арæзт;

  • рæзын кæнын сабитæн сæ иумæйаг арæхстдзинæдтæ æмæфæлтæрддзинад чиныг æмæ текстимæ кусынæн (сæйраг хъуыды рахицæн кæнын,æххуысгæнæн дзырдтæ ссарын,фæрстытæ дзуапп дæттын).

  • сывзæрын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, фæбæрзонддæр кæнын иумайаг æвзагзонындзинады культурæ.

ХÆСТÆ:

  • фæуæрæхдæр кæнын ирон æвзагзонынады æвналæнтæ,фæарфдæр кæнын ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ ирон æвзагæй;

  • сывæллæтты фæцалх кæнын хибар куыстыл,цæмæй æвзаг тынгдæр бауарзой,уый тыххæй;

  • ахуыргæнинæгты сфæлдыстадон зæрдæргъæвддзинад рæзын кæныныл кусын.

Программæйы мидис

1-аг темæ: Адæмон дзургæ сфæлдыстад. (3 сах)

1. Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ.

2. Фольклоры ахадындзинад адæмы царды.

2-аг темæ:Нарты кадджытæ. (2 сах.)

1. Нарты кадджыты сæйраг хъайтартæ.

2. Нарты адæмы хуыздæр миниуджытæ.

3. Батрадз æмæ Сосланы фæлгонцтæ.

3-аг темæ:Аргъæуттæ. (4 сах.)

1.Аргъæутты хуызтæ.

2. Цардыуаджы,алæмæты æмæ цæрæгойты аргъæуттæ.

3. Æрхъуыды æмæ æцæгдзинад аргъауы.

4-æм темæ:Ирон адæмы хъæзтытæ.(3 сах.)

1. Ирон адæмон хъæзтытæ (афæлгæст).

2. Сывæллæтты хъæзтытæ (Чызджыты хъæзтытæ. Лæппуты хъæзтытæ).

3. Хъæзтыты ахадындзинад сабиты хъомылады.

5-æм темæ: Ирон царды уаг æмæ æгъдæуттæ. (4 сах.)

1. Ирон царды уаг æмæ æгъдæуттæ (афæлгæст).

2. Адæмон æгъдæуттæ бинонты царды.

3. Кæстæр бинонты ′хсæн. Бинонтæ æмæ æхсæнад.

6-æм темæ: Ирыстоны номдзыд адæм. (3 ах.)

1. Ирон адæмы уарзон хъæбултæ (Чермен,Бола,Къоста,Кучиты Юрий æмæ æнд.)

2. Нарты кадджыты сгуыхт хъайтары фæлгонц (Батрадз)

3. Ирон сывæллæттæн фыст уацмыстыл афæлгæст (сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ).

7-æм темæ: Ирыстон-мæ Райгуырæн бæстæ. (5 сах.)

1. Ирыстоны символикæ. Герб. Гимн. Тырыса.

2. Нæ горæты герб.

3. Ирыстоны сæйраг горæт. Ирыстоны горæттæ.

8-æм темæ: Ирыстоны æрдз. (10 сах.)

1. Ирыстон- аргъæутты бæстæ.

2. Адæймаг æмæ æрдз.

3. Ирыстоны хæхтæ.

4. Ирыстоны кæмттæ.

5. Нæ цæугæдæттæ.

6. Нæ хъæутæ.

7. Дидинджытæ.

8. Гагадыргътæ.

9. Бæлæстæ.

10. Мæргътæ.

11. Цæрæгойтæ.

9-æм темæ: Скъоладзауы равзæрст темæмæ гæсгæ презентацийы проект.

Программæ арæзт у ног стандарты домæнтæм гæсгæ æмæ йæ размæ æвæры ахæм нысан æмæ хæстæ:

  1. Ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.

  2. Ныхасы рæзтыл кусын.

  3. Ахуырдзауты иронау хъуыды кæныныл ахуыр кæнын.

  4. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад рæзын кæнын.

  5. Ирон æгъдæутты бындурыл адæймаджы хуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын.

Фыццаг къласы скъоладзаутæ ахуыры афæдзы кæрон хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

1. Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ кæрæдзийæ хицæн кæнын.

2. Нарты кадджыты сæйраг хъайтарты сæ хуыздæр миниуджытæм гæсгæ иртасын.

3. Аргъæутты хуызтæ. Аргъæуттæ хи ныхæстæй дзурын.

4. Ирон адæмон хъæзтытæ ранымайын, куыд хъазгæ сæ у,уый равдисын.

5. Бинонты царды æгъдæуттæ. Кæстæры бынат бинонты ′хсæн.

6. ирон адæмы номдзыд лæгты нæмттæ зонын, се суыхтдзинæдтæ сын радзурын.

7. Ирыстоны символикæ. Герб. Гимн. Тырыса. Ирыстоны сæйраг горæт. Ирыстоны иннæ горæтты нæмттæ æмæ стырдæр хъæуты нæмттæ зонын. Зайæгойты нæмттæ зонын (рацыд æрмæгмæ гæсгæ).

8. Хъуыстгонддæр таурæгътæ радзурын.








Программæмæ гæсгæ арæзт тематикон - къалендарон пълан

Сахатты

нымӕц

Урочы темæ

Равзаринаг фæрстытæ

Уæлæмхасæн æрмæг

Нымӕц

1

Адæмон дзургæ сфæлдыстад

Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ (аргъæуттæ, кадджытæ,тагъддзуринæгтæ, базонæ базонтæ) сæ ахадындзинад. Ахуырдзауы базонгæ кæнын адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтимæ.

Тагъддзуринæгтæ дзурын сахуыр кæнын.

2

Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ

3

Фольклоры ахадындзинад адæмы царды

4

Нарты кадджытæ

Кадджыты сæйраг архайджытæ. Сæ хуыздæр миниуджытæ.

Тугъанты М. «Нарты куывд» (нывты равдыст)

5

Нарты кадджыты сæйраг хъайтартæ

6

Нарты адæмы хуыздæр миниуджытæ

7

. Батрадз æмæ Сосланы фæлгонцтæ.

8

Аргъæуттæ.

Цардыуаджы,алæмæты æмæ цæрæгойты аргъæуттæ. Фæрстытæм гæсгæ дзуæппытæ дæттын.

Бакæсын аргъæуттæ ахуыргæнæджы равзæрстмæ гæсгæ. Аргъæуттæм нывтæ скæнын.Практикон куыст:плвстилинæй саразын аргъауы персонажтæй иуы.

9

Аргъæутты хуызтæ.

10

Цардыуаджы,алæмæты æмæ цæрæгойты аргъæуттæ

11

Æрхъуыды æмæ æцæгдзинад аргъауы.

12

Ирон адæмы хъæзтытæ

Адæмон хъæзтытæ. Сæ ахадындзинад сывæллæтты хъомылады.

Сахуыр кæнын иу-цалдæр хъазты.Ерыстæ саразын.

13

Ирон адæмон хъæзтытæ

14

Сывæллæтты хъæзтытæ (Чызджыты хъæзтытæ. Лæппуты хъæзтытæ).

15

Хъæзтыты ахадындзинад сабиты хъомылады

16

Ирон царды уаг æмæ æгъдæуттæ.

Бинонты хистæр.Кæстæры бынат бинонты æхсæн,йæ сæйраг хæстæ.

Таурæгъ «Кæстæры рæдыд». «Æртæ чъирийы»

17

Ирон царды уаг æмæ æгъдæуттæ (афæлгæст).

18

Адæмон æгъдæуттæ бинонты царды.

19

Кæстæр бинонты ′хсæн. Бинонтæ æмæ æхсæнад.

20

Ирыстоны номдзыд адæм

Ирыстоны номдзыд адæмы сгуыхтдзинæдтимæ зонгæ кæнын.

«Чермен æмæ æлдар», «Мысты æвæрæн» Презентацийы проект»

21

Ирон адæмы уарзон хъæбултæ (Чермен,Бола,Къоста,Кучиты Юрий æмæ æнд.)

22

Нарты кадджыты сгуыхт хъайтары фæлгонц (Батрадз)

23

Ирон сывæллæттæн фыст уацмыстыл афæлгæст (сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ).

24

Ирыстон-мæ Райгуырæн бæстæ

Базонгæ кæнын Ирыстоны символикæимæ.Ирыстоны сæйраг горæт зонын.Зонын,чи цы горæты(хъæуы)райгуырд æмæ цæры,уый тыххæй дзурын.

Бакæсын Ирыстоны хъæуты тыххæй радзырдтæ.Презентацийы проект «Хъæутæ æмæ цæрæнтæ».Практикон куыст:хуызджын гæххæтæй саразын Ирыстоны тырысайы макет.

25

Ирыстоны символикæ. Герб. Гимн. Тырыса

26

Нæ горæты герб.

27

Ирыстоны сæйраг горæт. Ирыстоны горæттæ

28

Ирыстоны æрдз

Ахуырдзауты зонгæ кæнын Ирыстоны хæхты,кæмтты, цæугæдæтты, хъæуты нæмттимæ. Зонын афæдзы афонтæ, мæйы, къуырийы нæмттæ дзурын. Зонын зайæгойты, цæрæгойты, мæргъты нæмттæ иронау дзурын.

Презентацийы проект, кроссвордтæ,темæмæ гæсгæ фысджыты уацмыстæ ахуыр кæнын. Нывты равдыст.

29

Ирыстон- аргъæутты бæстæ.

30

Адæймаг æмæ æрдз.

Ирыстоны хæхтæ.

31

Ирыстоны кæмттæ.

32

Нæ цæугæдæттæ

33

Нæ хъæутæ

34

Дидинджытæ. Гагадыргътæ. Бæлæстæ. Мæргътæ. Цæрæгойтæ.

Литературæ ахуыргæнæгæн æххуысæн:

1. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне.

2. Джыккайты Ш. Нарты кадджытæ 1-5 т.

Дзæуджыхъæу, 2004-2010.

3. Калоев Б.А.Осетины. М. 1971

4. Уарзиаты В.С Народные игры и развлечения осетин. Орджоникидзе,1987

5. Уалыты Т.Уæлæмхасæн æрмæг ирон литературон кæсынады æмæ литературæйы уроктæм.Дзæуджыхъæу.2010.

6. Цаллаев Х.К. Традиции и обычаи осетин. Владикавказ,1996.


© 2010-2022