Наукон, аив литературон, публицистон, хуымæтæг ныхасы стильтæ

  Наукон, аив литературон, публицистон, хуымæтæг ныхасы стильтæ     Æвзаг, дзырд    1.   Не 'взаджы дзырдуаты дзырдтæ иу карæн не сты: ис дзы тынг бирæ зæронд дзырдтæ  - историзмтæ æмæ архаизмтæ, ног дзырдтæ - неологизмтæ. Зæронд дзырдтæ уый бæрц зынаргъ сты æвзаг æмæ адæмы историйæн, æмæ сæ ахуыр кæны сæрмагонд наукон ахуырад - историон лексикологи. Ирон историон лексикологи хорз иртæстгонд æрцыд Абайты Васойы «Историкон-этимологион дзырдуаты». Ацы дзырдуаты зынгæ бынат ахсы географион (топоним...
Раздел Математика
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:


Наукон, аив литературон, публицистон, хуымæтæг ныхасы стильтæ

Æвзаг, дзырд

1.

Не 'взаджы дзырдуаты дзырдтæ иу карæн не сты: ис дзы тынг бирæ зæронд дзырдтæ - историзмтæ æмæ архаизмтæ, ног дзырдтæ - неологизмтæ. Зæронд дзырдтæ уый бæрц зынаргъ сты æвзаг æмæ адæмы историйæн, æмæ сæ ахуыр кæны сæрмагонд наукон ахуырад - историон лексикологи.

Ирон историон лексикологи хорз иртæстгонд æрцыд Абайты Васойы «Историкон-этимологион дзырдуаты». Ацы дзырдуаты зынгæ бынат ахсы географион (топонимон) нæмтты равзæрд. Уыдон махæн, нæ адæмы историйæн зынаргъ сты, æвдисынц нæ рагон цардыуаг æмæ цæрæнбынæттæ. Уыдоныл зыны скифты, сарматты æмæ аланты географи, этнографи æмæ истори. Уыцы лексикæйы руаджы уырыссаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ сбæрæг кодтой, скифты æмæ сарматты æвзаджы сæйрагдæр кæй уыд ирайнаг элемент, уый.

(Гагкайты Хъазан)

Рагзаманты цæрæг эллинтæ се 'взагæн стыр аргъ кæй кодтой, ууыл дзурæг у ацы цау.

Иуахæмы Демосфен сфæнд кодта форумы сенаты уæнгты раз раныхас кæнын. Йæхи бацæттæ кодта æмæ æрлæууыдис йе 'мбæстæгты цур. Нæ сын фæцагайдта сæ зæрдæтæ йæ раныхас. Кæронмæ дæр æм нæ байхъуыстой.

-Бар чи радта Демосфенæн адæмон æмбырды дзурынæн, цардæгас æвзагæй пайда кæнын куы нæ зоны, уæд ? Махæн, эллинтæн, нæ баззад мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй пайда кæнын нæ зонын, - тызмæгæй загъта сенаторты хистæр …

Цы ма уыдаид карздæр æфхæрд æрыгон ораторæн ? Фæлæ йæ ныфс нæ асаст, - уымæн йæ риуы куыста патриоты зæрдæ.

«Нæ, - загъта Демосфен, - æз хъуамæ ме 'мбæстæгты баууæндын кæнон , нæ мадæлон æвзагыл мæ бон мидисджын ныхас кæнын кæй у, ууыл». Æмæ райдыдта йæхиуыл кусын. Цыбыр рæстæгмæ фæхорз ис йæ хъæлæс, ныхасы мыртæй алкæцы дæр йæ бынат ардта.

Цыбырдзырдæй, мадæлон æвзаджы сусæгдзинæдтæ базыдта, æмæ сæм кæд уый размæ йæ хъус нæ дардта, уæлдайдæр ныхасы культурæмæ, уæд ныр сеппæтæн дæр фæдзæхста, цæмæй, адæмы раз ныхас кæнгæйæ, ораторæн бæрзонд уа йæ ныхасы культурæ, ноджы бæлвырд зона литературон æвзаджы растдзурынады æгъдæуттæ.


(Дауыраты Харитонмæ гæсгæ)

2. «Дыууадæс дзырды».

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты…Уæддæр

Дыууадæс дзырды сеппæтæй хуыздæр.

Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн

ЦАРД.

Йæ фидауц уымæн - арвы стъæлфæн -

АРТ.

Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у

МАД.

Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц -

ФАРН.

Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин -

ÆФСАРМ.

Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр -

ХÆЛАР.

Ыскæны мах Хуыцауы 'мсæр

ÆХСАР.

Лæджы нысан - СÆРИБАР æмæ КАД.

Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.

Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур,-

Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.

(Джыккайты Шамил)

3.

Дзырд марг у, марæн

фат - æхсынмæ,

Дзырд маргъ у -

базырджын хæзна,-

Дзырд знагæй аразы

æфсымæр,

Дзырдæй æфсымæр

фесты знаг.

(Гæлуаты Аким)

2. Лæмбынæг бакæсут текст. Зæгъут, цавæр у йæ сæйраг хъуыды?

Æппæт дзырдтæ дæр хорз сты, æмæ сæ алкæцы дæр бæззы поэтæн. Фæлæ дзырды фидауц, йæ аив æнгас разыны, æндæр дзырдтимæ куы баиу вæййы, уæд. Уæдæ цымæ цы хуызы баиу вæййынц дзырдтæ?

Фыццаджы-фыццаг кæрæдзиуыл баст æрцæуынц дзырдтæн сæ хъуыдытæ. Хъуыдытæ кæрæдзи бамбарынц, саразынц чындзæхсæв. Иугæр дзырдтæ баиу сты, уæд сæ хуыз скалынц, кæрæдзи фендæрхуызон кæнынц æмæ сæ райгуыры ног хъуыды.

Дзырдтæ куы баиу вæййынц, æрмæст уæд разыны сæ аивадон нысаниуæг. Дзырдтæ кæрæдзи кæм хъыгдарынц, схойынц, кæрæдзи къæхтыл кæм лæууынц, ахæм зындзурæн рæнхъытæ поэзийæн чысыл ахъаз сты. Дзырдтæ хъуамæ кæрæдзи хъæбыстæ æмæ рæвдаугæ кæной, дæларм-уæларм хæцгæйæ кафой, симой, зарой, дзæнгæрджытæ цæгъдой, худой, кæуой, кæрæдзимæ сидой, хъуамæ кæрæдзимæ сæ цæстытæ ныкъулой, кæрæдзийы сусæгтæ зоной, æмбарой, æнкъарой.

( Николай Заболоцкимæ гæсгæ)

1.Текстæй рафыссут, йæ темæ йын раргом кæнынæн æххуыс чи фæуыдзæн,

ахæм æнцойгæнæн дзырдтæ.

2.Куыд æмбарын кæны автор дзырдты бастдзинад тексты мидæг?

3.Цæмæ хъуамæ арæхса адæймаг, йæ хъуыдытæ тексты хуызы æргом

кæнгæйæ, текст аразгæйæ?

4.Тексты ссарут синонимтæ æмæ антонимтæ. Зæгъут, куыд æххуыс сты тексты сæйраг хъуыды раргом кæнынæн? Цавæр у сæ нысаниуæг тексты?


4.

Зылынтæ.

Иу хатт кæддæр иу хъæумæ пъырыстыф бацыди æмæ адæмы æрæмбырд кодта, сæ зылынты куыд радтой, уый тыххæй. Уыцы сахатыл хъæубæстæ къæнцылары пъырыстыфы уæлхъус цалдæр лæджы рæнхъ æрлæууын кодтой: чи гуыбыр, чи схъæл, чи иуварсырдæм къæдз, чи та хæрз зылынтæ æмæ дзурынц:

-Ай дын мæнæ нæ зылынтæ!.. Баууæнд ныл, æгас хъæуы адонæй зылындæртæ не ссардтам. Æцæг ма иу фыд-зылынтæ лæг зонæм Санибайы, æмæ уымæ та дæхæдæг ацу.

(Ирон таурæгъ).

1. Дзырд "зылын" цавæр у йæ нысаниуæгмæ гæсгæ?

2. Куыд уæм кæсы, цымæ хъæуы цæрджытæ æцæгæй дæр нæ бамбæрстаиккой, пъырыстыф цæй кой кæны, уый? Кæд барæй афтæ бакодтой, уæд сæ цавæр адæм схонæн ис?

15.

Тузар арæх сагъæс кодта, йæ чысыл лæппу æмæ чызг горæты хъомыл кæнгæйæ иронау кæй нæ дзурынц, ууыл. Сывæллæтты рæвдауæндоны - уырыссагау, скъолайы - уырыссагау. Хæдзары сæм иронау сдзур, æмæ дын сæ дзуапп:

-Что?

-Нæ, сæрды каникулты рæстæг сæ хъуамæ Нанамæ фæкæнон. Уый уырыссагау нæ зоны æмæ сæ ирон æвзагыл æнæмæнг фæцалх кæндзæн, - сфæнд кодта Тузар.

Æрхæццæ ис каникулты рæстæг. Дыууæ сабийы æртæ мæйы æмгъуыдмæ хъæуы фыдымады æвджид бакодтой. Мад æмæ фыд горæтмæ æрбаздæхтысты æмæ сæ куысты, царды кой кодтой. Мæй дæр нæма рацыд, афтæ сæ зæрдæ нал фæлæууыд, æмæ хъæуы сæ цоты бæрæггæнæг балæууыдысты.

Ныйарджытæ кулдуары цурмæ куы бахæццæ сты, уæд айхъуыстой зæронд Нанайы лæгъзтæ ныхас:

-Сосо, лесницæйыл ма хиз, рахаудзынæ. Стæй та :

-Зæли, къранты халоднæй вада цæуы, дæхи дзы ма хуылыдз кæн, фæпростуд уыдзынæ.

Тузар хорзау нал фæци, йæ сæр ныттылдта æмæ йæ усæн афтæ:

-Ай йын нæ хæйрæджытæ йæхи 'взаг дæр ма куы ферох кæнын кодтой!


(Ирон таурæгътæй).


© 2010-2022