День осетинского языка и литературы

Раздел Классному руководителю
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

15 май -Ирон æвзаджы бон.

Амонæг : Уæ бон хорз, нæ зынаргъ ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ. Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй сбæрæг кæнæм ирон æвзаджы бон.





Фæрныг ирон адæм цæрынц Ирыстоны, сæ фыдæлты намыс дарынц сæ зæрдыл; сæ рагон уæздан æгъдауыл нæ ауагътой сæ къух. Иронæн нырма фидар у йæ зæнг, парахат йæ зонд, йæ сæр хæссы сæрмæ; йæ кадыл æфтауы кад, йæ намыс фидар кæны зын царды дæр. Афтæ уыд, у æмæ уыдзæн, цалынмæ Ирон адæм хъуыды кæной сæ зæххон зæд сыгъдæг Къостайы фæдзæхст «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!»

О! Иры уидæгтæ, рухсы бадæг фыдæлтæ; мады æхсырау нын сты уæ мыртæ. Мæнæ рæсугъд фæсивæд, цæй æмæ та æнусты тарæй фæхъусæм нæртон арфæ- мады хъæлæс.

О, Стыр Хуыцау,

Фыдрæстæгæй нæ бахиз

Нæ чысыл Ирыл

Ма рауадз фыдæх

Куыд уой нæ фырттæ

Алы ран уæлахиз,

Куыд уа æнустæм

Амондджын нæ зæхх.

Мæ Ирыстонæн

Ма фесæфæд йе взаг.

Мæ Ирыстоныл

Ма рацæуæд зæй.

Æдзæттæйæ нæ

Ма феййафæд не знаг.

Мылазон мигъты

Ма бамбæхсæд мæй

О, Стыр Хуыцау,

Лæгъстæгæнгæ дæм кувæм:

Нæ рыст дзыллæйæн

Нарты ныфсæй радт.

Нæ байзæттæгтæн

Царды хæрзтæ курæм.

Ирыстонæн та-намыс æмæ кад!

Зæххыл цæрынæй хуыздæр ницы ис, уæлдайдæр та дæм куы уой нæртон адæмы хорз миниуджытæ: æфсарм,æгъдау, ирон фарн,хистæрты нымайын æмæ сын лæггад кæнын, кæстæртæн зонд амонын æмæ рæвдауын. Æмæ мах хъахъхъæнын хъæуы, нæ куырыхон хистæртæ нын цы хорз æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон, цæмæй мА бамынæг уа нæ фыдæлты артдзæст, цæмæй уый æхсида æнусмæ, цæмæй сæ дæттæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

- Фынгыл уа, уынджы уа, арæх фехъусдзынæ:- «Æз ирон дæн», æмæныххойы йæриуы гуыдыр.

- Уый цы хоныс, зæгъгæ йæ куы бафæрсай, уæд бæлвырд дзуапп нæ фехъуысдзынæ. Уæдæ хъуамæцавæр уа ирон лæг?

Ирон лæг хъал ныхæстæ, схъæл митæ йæ сæрмæ нæ хæссы. Мæнæуы æфсир цас дзагдæр баййафа, уыййас тынгдæр æркъул уыдзæн зæхмæ. Зонды хабар дæр афтæ. Ирон лæг Хуыцауæй нæ сомы кæны, фæлæ йæ номæй. Ноджы мА цъæх арвы цæсгомæй, зынгæй, фынгæй, зæххæй.

Ирон лæг кусгæ куыд кæны, адæмимæ дæр афтæ цæрын æййафы. Æнæ æрдхорд æмæ хæлар, æнæ æмгарæй, уый хуры цæст не ндавы.

Ирон лæг уазæджы хай уæлвæйнæгыл дары. Æрбацæуæгæн йæ цæхх, йæ кæрдзынæй æгъдау раттын фæразы.

Ирон лæг йæ райгуырæн зæхх ныййарæгау бирæ уарзы. Уый сæрвæлтау хæсты быдыры лæгдзинады фæд ныууадзы.

Фæнды мæ, ирон йæхи чи хоны, уыцы чызджытæн æмæ лæппутæн зæгъын: « Зæрдиагæй куыд тырнæм нæ хистæртæн баллæггад кæнынмæ. Аудæм сыл, хъахъхъæнæм сæ, аргъ сын кæнæм кæй нын сты, уый тыххæй æмæ ма бауадзæм фесафын фæлтæрæй-фæлтæрмæ нын цы гъдæуттæ ныууагътой, уыдон.

Ирон фыссæг афтæ зæгъы:

_ Ирон æгъдау нæ ирвæзынгæнæг,

Йæ фæрцы сахаддзæн йæ фидæн

Лæппу дæр нæм æгъдауæй кæны лæг,

Чызгæн дæр уымæй у йæ фидауц.

Æфсарм, уæздандзинад, æгъдау-

Нæ фарнæн рагæй дæр тæрæзау.

Тымбыл æртæкъахыг фынгау

Æмæ сæ ххæст кæнын фæраз.

1 Иу бæлас базæронд æмæ загъта: « О, адæм! Æз зæххыл хæцынæй бафæлладтæн æмæ фæлдæхын, фæлæ- иу мæ æгады æппæрст мА акæнут, мæ аууоны уæ æз бирæ куы фæдардтон.»

Бæлас хаугæ-хауын дæр йæ кады мæт кодта. Адæймаг дæр уыцы бæласау хъуамæ кæддæриддæр йæ кады мæт кæна.

2 Бæласæн йæ къалиутæ цас бæрзонддæр цæуой, уый бæрц тынгдæр хæцы йæ уидæгтыл. Æмæ цымæ адæм дæр афтæ сты? Адæймаг дæр хъуамæ фидар хæца йæ уидæгтыл, йæ райгуырæн зæххыл, фыдæлты хорз æгъдæуттыл, йæ мадæлон æвзагыл, йæ адæмы сфæлдыстадыл.

3 Адæмы хъæздыгдзинад мулкæй баргæ нæу. Мулк у адæймаджы царды рæстæгмæйы ныфс æмæ разæнгарддзинады хос, фæлæ æнусон нæу. Æнусон сты æрмæстдæр, нæ адæм йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы сфæлдыста, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, зарджытæ, таурæгътæ æмæ нæ фыдæлты зæхх.

Абон ирон хæдзары ноггуырд куы фæзыны, уæд ын фæкувынц хистæртæ, цæмæй нæртон лæг суа, нæртон лæгау кадджын æмæ æхсарджын уа. Фæлæ йын никуы фæкувынц хъæздыг лæг суа, исбон æмæ мулкыл фæхæст уа, зæгъгæ. Ирон адæм мæгуырæй уæзданмæ бæллыдысты.

Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй,

Ирон йæ сæрмæ не рхæсдзæн æгад

Дæ хæрзтæ, Ир, нæ бафиддзыстæм донæй,

Дæуæй зонæм ныййарæг мады ад.

Мах дзурдзыстæм кæддæриддæр иронау,

Нæ ферох уыдзæн мадæлон æвзаг

Дзæбæх рæстæг ныл адаргъ уыдзæн ронау,

Нæ къæхты бын йæ уд иса ызнаг.

Ирон æвзаг, мæ зæнджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй

Дæ цæрайы, дæ рухс æмæ тавсæй

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

Ирон зæлланг ныхас, дæу айс мæнæй,

Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй,

Нæ арв, нæ зæххæн нал уынин сæ хуызтæ,

Æнæ дæр мын мæ къæхтыл ацæуæн дæр нæй.

5 Арæх хъусæм абон мах: Нæртон симд. Нæртон зард, нæртон дзырд.

Нарты адæм стырæй-чысылæй, зæрондæй ногæй, сылгомагæй-нæлгомагæй уарзтой кафын, симын, зарын, аив дзурын, рæсугъддзинад, æрдзы аивдзинад.

Абон ирон адæм стыр аргъ кæнынц зарæг æмæ кафтæн, бæрзонд æвæрд нæм у фæндыр æмæ фæндырдзæгъдæг, бæллæм аив дзырдмæ.

Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй,

У махæн та хæзнаты хуыздæр.

Ирон фæндыр… Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй

Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр.

Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон,

Æнæ фæндыр мæгуырдæр кæны зæхх.

Фæндырдзæгъдæг, дæ цагъдмæ дын ныхъхъуыстон,

О, исты мын йæ цины зæлтæй зæгъ.











© 2010-2022