Cценарии к школьным праздникам

Сборник сценариев к различным школьным праздникам. В том числе есть сценарии и для учителей, а не только для учеников. Возрастных ограничений нет. В разработках используются осетинские пословицы, поговорки, прибаутки... Главными действующими лицами являются знакомые всем, взятые из фольклора, персонажи. Целью данных сценариев, праздников, является привитие детям уважительного отношения к окружающим нас людям, семье, родному языку, к Отчему дому. Игра на сцене благотворно влияет как на развитие л...
Раздел Классному руководителю
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

МУНИЦИПАЛЬНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ

ШКОЛА №3 г.АЛАГИРА



СКЪОЛАЙЫ БÆРÆГБÆТТÆМ ФЫСТ ЧЫСЫЛ РАВДЫСТЫТЫ ÆМБЫРДГОНД







Автор: Сокаты Ф.З.





Ахуырæгæнæг арфæйы аккаг у!

(ахуыргæнджыты бæрæгæбоны чысыл равдыст)

Хæдзары дуармæ бадынц Хъазбег æмæ Симон. Сабыр ныхас кæнынц. Рбацæуы æрыгон сылгоймаг, йæ къухы тетрæдтæ. Бæрæг у ахуырæгæнæг кæй у, уый. Схæццæ лæгты размæ. Рлæууыд, аракæс - бакæс кодта.

Сылгоймаг: Уæ бонтæ хорз!

Хъазбег: Æгас нæм цу!

Симон: Арфæгонд у!

Сылгоймаг: Мырзгатæ ам цæрынц?

Хъазбег: Ам стæм.

Сылгоймаг: Æмæ ды Зауыры фыд дæ?

Хъазбег: Æз

Сылгоймаг: Æз Зауыры ахуыргæнæг дæн. Зауыр æвзæр сывæллон нæу, фæлæ йæм…

Хъазбег: (йæ къух фелвасгæйæ) Скъолайы хъуыддæгтæ мæнмæ нæ хауынц. (мидæмæ хъæр кæны). Не фсин, уæ не фсин, æддæмæ ма ракæс.

Сылгоймаг: (дисгæнгæйæ) Ды Зауыры фыд дæ?

Хъазбег: Æмæ цы? Æз адæмимæ кусын æмæ мæн скъолайы хабæрттæм не вдæлы.

(хæдзарæй рахызт æфсин)

Æфсин: Цæуыл та дæ сæрыл бæстæ систай?

Хъазбег: Мæнæ дæ агуырдæуы. Ахиз мидæмæ, мæ хур, уым аныхас кæнут.

(ахуыргæнæг фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ бацыд)

Æфсин: Цом мидæмæ, мæ къона, цом.

Симон æмæ Хъазыбег æнæдзургæйæ абадтысты. Сæ иу лæдзæджы фындзæй цыдæртæ хæххытæ кæны. Иннæ йæ къухтæм ракæс-бакæс кæны.

Симон: Цымæ нæ цот афтæ фыдуаг цæмæн сты? Æппындæр дзырдмæ нæ хъусынц.

Хъазбег: Æмæ уый кæй аххос у?

Симон: Æмæ-гъа!

Хъазбег: Цæй. Лæппу тæлфаг вæййы. Фембаргæ уыдзысты махонтæ дæр.

Симон: Кæд ма фембаргæ уыдзысты? Уæлæ Сасинкъайæн чысылдæртæ куы сты æмæ ма сæм бакæс. Кусаг, бонзонгæ, уæздан. Скъолайы дæр сæ æппæлынц.

Хъазбег: Омæ Сасинкъа сидзæргæс у.

Симон: Æмæ ныр мæхи амарон, цæмæй мæ цот адæмыхъæр бамбарой, уый тыххæй?

Хъазбег: Хъус-ма! (йæхи бахæстæг кодта Симонмæ) Уый мах аххос нæу. Уый скъолайы аххос у. Æнхъæлыс цæмæн æрбацыд ахуыргæнæг йæхи къахæй?

Йæ аххос æмбары æмæ тыхсы. Сæ тъæпп уайтагъд ныййарджытыл фæцæуы. Мах кусгæ кæнæм, уыдон та скъолайы хъуамæ сæхи ирхæфсой нæ сабитимæ.

Симон: Цæй, бынтондæр нæ цоты ахуыргæнджыты æккойы куыд сæвæрæм? Уым дзы дæс æмæ ссæдз ис. Махмæ дзы фæйнæ æртæйы куы ис, æмæ сыл нæ бон куы нæ цæуы, уæд сын ахуыргæнæг иунæгæй цы акæна уалæн?.

Хъазбег: Ахуыргæнæгæн паддзахад дзыппы дзаг ахца фиды. Дæуæн та чи цы фиды? Паддзахад адæмæй тыхджын у æмæ йын лæгтæ мах амал кæндзыстæм, ахуыр та сæ йæхæдæг кæнæд.

- Йе-афтæ-йе.

Æз мæ лæппуты рæвдзæй, æ фсæстæй скъоламæ æрвитын, дарддæр мæнмæ нал хауы.

Симон: Æфсæст фермæйы родтæ дæр сты. Адæймаджы цард та æрмæст гуыбынæй нæу. Ахуыргæнæгæн æххуыс хъæуы æмæ уæд нæ цотæй исты хур фендзыстæ м.

Хъазбег: Æххуыс?! Кæмæн?!

Иубон мæ кæстæр скъолайæ æрбацыд æмæ мын зонд амоны - тамако, дам, ма дым. Кæннод , дам, дæхи æмæ мах рæуджытæ дæр халыс.

Ахуыргæнæг, дам, нын дзырдта. Уый та куыд? Мæ цоты мын мæ ныхмæ ардауыс? Æмæ æз мæ лæппуты скъоламæ куы нæ арвитон, уæд ахуыргæнæгæн куыст кæм уыдзæн? И? Æз дæр æй æрдæрæн кодтон.

Симон: (фесхъиудта) Кæй? Ахуыргæнæджы?

Хъазбег: Цæмæн? Лæппуйы. Ахуыргæнæгмæ дæр мæхи тыххæй баурæдтон.

Симон: Нæ цот нын ницы аргъ кæнынц. Айфыццаг мæ астæуккаг кæугæ æрбацыд. Чидæр æй къуприйы фырт рахуыдта. Æз фыццаг рамæсты дæн. Стæй ахъуыды кодтон- уæдæ йæ хъуамæ цы рахоной? Хорз бакусын, уымæй хуыздæр та ныххырхын... Эхх... Уыдæттæ цотæн кад не сты.

Хъазбег: Чи зоны раст дæ. Мæныл мæ хистæр адæмы астæу куы амбæлы, уæд йæхи иннæрдæм кæсæг скæны.

Симон: Ахуыргæнæг арфæйы, кадæджы аккаг у. Уый нын нæ цотыл нæхицæй тынгдæр тыхсы, мах та йын фыдуаг лæппуты хуызæн къахкъуырæнтæ æвæрæм.

Хъазбег: Нæ зонын куыд цардæуа? Уæд та нæхæдæг дæр скъолайы æрбадиккам?!





Бæтти - скъоладзауты бæрæгбоны (1 сентябрь).

(чысыл равдыст)

Бæтти чингуыты астæу бады, цыдæртæ фæлдахы. Йæ фындзы бын гуым-гуым кæны.

- Тъангес, къотъангес, икæс, игæрек. Цавæрдæр игæры кой дзы цæуы.

Иг-рек! А-гъа!

Уф! (Йæ ных асæрфта. Исы æндæр чиныг)

- Би-о-ло-ги-я-я А-гъа! (фæлдахы йæ)

Скъæ-лæт, Ске-лет. Цы у , æмæ -гъа. (кæсы йæм)

Цы тынг фыдхуыз у! Цымæ ахæм скъæлет кæмæн ис? Æппын хор æмæ донæй дæр нæ цæры.

Æрбацæуы Сæтти. Аракæс-бакæс кодта. Уыны Бæттийы.

Сæтти: Ай нæхи Бæтти куы у. Цымæ йæхи чингуыты бын цы баныгæдта? Бæтти, о Бæтти! Чингуыты дукани байгом кодтай? (Бæтти æнæкæсгæйæ йæ къух ауыгъта) А-а-а. (Ныггуыбыр та ис)

Сæтти: (йæ уæхск ын басхуыста)

Бæтти: Нал мæ ныууадздзынæ?! Кусын ма мæ бауадз!

Сæтти: Йæ сæрызонд бынтондæр фæцыд. Уæд ус курын нæ куымдта, ныр та чингуыты астæу нынныгъуылд. (райста чиныг)

- Би-ло-ги та цы у, æмæ-гъа?

- Ма-ти-ма-та- ка - цавæр дæр мутаканы кой дзы цæуы

Бæтти: ( йæ къухтæй йын чингуытæ радыгай исы) Би-ло-ги нæ фæлæ

биологи-я-я.

Сæтти: Цæй, цыфæнды дæр фæуæд. Цæуыл мæсты кæныс? (æрбадт йæ

фарсмæ). Дзур, цы та ныхъхъуыды кодтай?

Бæтти: (арф ныуулæфыд, йæ сæр аныхта) Мæнæ скъоладзаутæ скъола каст фесты æмæ бæрæгбон кæнынц.

Æмæ, дам, Бæтти, ды, кадджын лæг, хорз кусæг-исты радзур бæрæгбоны.

Хуынд сæм дæн. Æмæ сын цы радзурон? Уыдон ахуыргонд - 11 къласмæ бахызтысты. Æз та - 3 къласы тыххæй фæдæн - мæ уавæртæ мæ нæ бауагътой, зоныс дæхæдæг.

Æз дæр мæнæ скъоладзауты чингуытæ æрæмбырд кодтон.

Сæтти: Æмæ сæ цы кæныс адонæй та? Цы дзы ис?

Бæтти: О- о - о! Диссаг дзуринæгтæ. Зæгъ-ма дæ хорзæхæй, цы у тъангес?

Сæтти: Æмæ-гъа! Никуы фехъуыстон ахæмæй.

Бæтти: Уæдæ къотангес та?

Сæтти: Гъеныр уыцы æдылы ныхæстыл кæм фæхæст дæ?

Бæтти: Ахуырадон æвзагæй тъангес у лыстæг тъанг, къотъангес та - куырм тъанг. Гъе, афтæ, гъе, мæ хæлар Сæтти!

Эх, куыд бирæ цыдæртæ базыдтаин æмæ мын куыд нæ бантыстысты.

(йæ арм чингуытыл æрхаста)

Сæтти: (фæхъус) Æз дæр скъоламæ бауайгæйæ, кады фæйнæг куы фенын, уæд хæлæгæй фæцæймæлын. Чи зоны, йæ рæстæджы æз дæр уыдонæй фæстæдæр неʼ рлæууыдаин.

Бæтти, зæгъ-ма, сывæллæтты бæрæгбоны дæ тъæнгты кой цæмæн бахъуыд? Исты тъæнгты дохтыр дæ, æви гуыбыннизтæ дзæбæх кæныс?

Бæтти: Æмæ-гъа!

Сæтти: Ды сын хъуамæ арфæ ракæнай. Чингуытæ сæхæдæг махæй хуыздæр бакæсдзысты.

Фæлæ сæ ды та царды даргъ фæндагыл афæндараст кæн.

Бæтти: (сыстад) Æцæг, æцæг! Мæхи сæр та йæ куыд неʼ рцахста:

(КУВЫ)

Мæнæ рæсугъд фæсивæд!

Суинаг фæлтæр стут æмæ ахуыры фæндагыл фидар къахдзæфтæ акæнут! Хуыцау уын стыр ныфс æмæ хъару раттæд уæ дарддæры царды! Уæ дзæбæхдзинæдтыл уын мах та цин куыд кæнæм!

Сæтти: Уастырджи уеʼ мбал!

Музыкалон педагогон æмбырд

Ахуыргæнджытæ бадынц. Æнхъæлмæ кæсынц директормæ.

Директор

(зарæг "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Абон дзурдзыстæм бæстон,

Кæд æмæ куыдæй

Сзондджын уыдзысты нæ цот

Схицæн уæм мæтæй.

Куысты пълан æрфыссæм ныр

Фарсттæ сæвæрæм

Фыццаг дзырды бар дæттын

Кадджын хистæрæн.

Иууылдæр иумæ

(припев "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Æрдзурæм иумæ, æрныхас кæнæм

Нæ пъланыл абон хъæлæс ыскæнæм.

Хистæр

("Вихри враждебные)

Æнæмæлгæ Ленины фæдзæхстыл абон

Мах хъæуы сразы уæвын æнæмæнгæй

Ахуырмæ, ахуырмæ, ахуырмæ размæ

Цомут нæ куыстытæм æнæзивæгæй.

(фæцæуæг, фæлæ йыл иннæ ахуыргæнджытæ фæхæцыдысты æмæ йæ абадын колтой)

Иумæ(припев "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Тынг хорз у уый дæр, фæлæ уал æрбад

Уыдзæн куыстæн дæр нæ пъланы бынат!

Директор

(зарæг "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Дзырды бар ныр дæттын

Нæ ног кусджытæн.

Куысты пълан бабæттæнт

Нæй æндæр гæнæн

Лæппу, чызг

(зарæг " Нотердам де пари- ы музыкæмæ гæсгæ)

Лæппу: Нæ, мæ мызд мæ куы нæ уадзы ыстæлфын

Нæ, нæу мæ бон чындзæхсæв дæр ыскæнын

Чызг: Мæ къаба цæмæй раивон уый мын куы нæй

Уæд афтæмæй мæхи куыд амарон куыстæ1

Припев иумæ

(Сæхи кæрæдзиуыл бакъул кодтой)

Ох, уарзты арты басыгъдыстæм мах бынтон

Лæппу

(чызгмæ фæзмынгæйæ)

Фæлæ æнæ хæдзарæй демæ кæм цæрон?

Чызг

Нæ, уæдæ æнхъæлмæ æз дæумæ кæдмæ кæсон?

Фæлæ æнæ дæуæй дæр æз кæдмæ цæрон?

Лæппу

Мæ мызд куы не суыдзæн иу кæркдоны фаг.

Припев иумæ

(Сæхи кæрæдзиуыл бакъул кодтой)

Æвæццæгæн фæуыдзæни нæ уарзонад

Иууылдæр иумæ фестадысты æмæ сæ æрбадын кодтой

Иууылдæр иумæ

(припев "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Уæхи ныртæккæ æрсабыр кæнут.

(кæрæдзимæ)

Нæ пъланы фарстæн сæ уарзт æвæрут.

Хистæр

("Вихри враждебные)

(Тынг тызмæгæй кæсы уыдæттæм, фæгæпп кодта)

Æнæмæлгæ Ленины фæдзæхстыл абон

Мах хъæуы сразы уæвын æнæмæнгæй

Ахуырмæ, ахуырмæ, ахуырмæ размæ

Цомут нæ куыстытæм æнæзивæгæй.

Иууылдæр та йæ абадын колтой

Иумæ(припев "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Тынг хорз у уый дæр, фæлæ уал æрбад

Уыдзæн куыстæн дæр нæ пъланы бынат!

Директор

(зарæг "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Чи ма зæгъдзæн?

Лæмæгъ нервыты

хицау

(солнышко лесное)

Мæн дæр ма фæнды зæгъын (сыстад)

Сабиты уындæй мæ зæрдæ бынтондæр фæцъæх.

Сабиты змæлдæй бынтондæр куы бахуыс мæ зонд.

Ручкæйыл хæцынæй цонг ныффæллад, ныллæмæгъ.

Ох, куы нæ уал у мæ бон, цы кæнон куыд цæрон?

Припев

Нал бæззын куыстæн?

Нервытæй фæрыстæн (директормæ)

Иу хос мын ыскæн

Бафтау мын мæ мыздыл. (фæцæйхауæгау кæны. Йе мбæлттæ йæ абадын кодтой, дымгæ йын кæнынц, сабыр æй кæнынц)

Иууылдæр иумæ

(припев "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Дæ зын æмбарæм, фæлæ уал æрбад.

Уыдзæн дæ низæн нæ пъланы бынат.

Директор

(зарæг "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Чи ма зæгъдзæн?

Мызды кой мауал скæнут æцæг.

Модæтæ æвдисæг

(Есть только миг)

Кусыны кой æз куы хъусын æппынæдзух

Афтæмæй саразын хæсæй мæхи.

Модæты фæдыл лæф-лæфгæнгæ уадзын дугъ

Уæд æз фыркуыстæй куыд калон мæ хид.

Модæты фæдыл лæф-лæфгæнгæ уадзын дугъ

Уæд æз фыркуыстæй куыд калон мæ хид.

Иууылдæр сæхимæ æркастысты. Иумæ: Ох!

Хистæр та рагæпп кодта

("Вихри враждебные)

Æнæмæлгæ Ленины фæдзæхстыл абон

Мах хъæуы сразы уæвын æнæмæнгæй

(Иууылдæр фæгæппытæ кодтой)

Иууылдæр иумæ

Дæ Ленины фæдзæхстæй зæрдæ куы фæцъæх

Хистæр тæргайæ ацыд

Директор

(зарæг "Если б я был султан"-ы музыкæмæ гæсгæ)

Мин - мин хатты уын фылдæр

Скæндзынæн уæ мызд

Æмбис къаддæр та уыдзæн

Сабиты нымæц (Иууылдæр цин кæнынц)

Фæлæ æнæ уыдонæй

Циу - цы - у нæ мызд

Цы цæсгомæй исдзыстæм

Афтæмæй нæ мызд?!

Припевы цагъдмæ гæсгæ педсовет фæцис.













Замирæт - депутат.

(чысыл равдыст)

Уынджы æрцæуы аив сылгоймаг. Йæ фæстæ кæсынц 2 лæджы.

1 лæг: Уый дын сылгоймаг! Уæртæ Замирæтæй зæгъын, Хъауырбеджы бинойнагæй.

2 лæг: Цы кæны?

1 лæг: Куыд цы? Депутат, горæты сæйраг æххæсткомы уæнг. Скъолайы куыста, ныр æй министрадмæ сивтой.

2 лæг: "Депутат"! Йæ хæдзармæ ма йын бацу.

Айфыццаг сæм бауадтæн, Хъауырбег мæ хъуыд. Сывæллæттæ æнæхсад, хæдзар æдзæллаг. Хъауырбег цъылынимæ цыдæртæ архайдта. Мæн куы федта, уæд фефсæрмы. Неʼфсин, дам, депутат куы сси, уæд æй æппындæр нал æвдæлы. Æниу ахуыргæнæгæй куы куыста, уæддæр хуыздæр уавæры нæ уыдысты.

1 лæг: Хорз ахуыргæнæг æй хуыдтой. Сабитыл æнувыд уыд. Ныр дæр йæ ног бынаты адæмы хъуыддæгтæ æхсæры къæрцц кæны. Кæмæн пенсийыл зилы, кæмæн- фатерыл. Гъæйтт-мардзæ лæгты бон цы нæ баци, уыдæттæ йын æнтысы.

2 лæг: Уый мæ уырны. Сылгоймаг куы сфæнд кæна, уæд хæйрæгыл дæр саргъ афтæ сæвæрдзæн, æмæ йæ зонгæ дæр нæ бакæндзæн.

Хъус-ма, зæгъæм, гъе-ныр дæ Фаризæт депутат сси. Ды уазал хæдзармæ цæуыс. Хæдзары хъуыддæгтæ фæскуыст иууылдæр деʼккойы. Уæд куыд? Хæринаг кæнын, æфснайын, цотмæ зилын - кæсынц дæумæ.

1 лæг: Æмæ-гъа! Ууыл ахъуыды хъæуы. Хæринаг æнæуи дæр акæнын. Фæлæ Фаризæт нæхимæ куы нæ вæййы, уæд мæ мæ къах нæхимæ дæр нæ фæхæссы. Хæринаг дæр мын ницы ад фæкæны.

2 лæг: Федтай! Дæхи дзыхæй йæ зæгъыс. Депутат-сылгоймагæн ордентæ йæ бинонтæн йæхицæй раздæр дæттын хъæуы.

Фæлæ мæ нæ хъæуы нæдæр орден, нæдæр депутат-бинойнаг. Афтæ-гъе!

1 лæг: М-да-а!

Арфæ мæн - æлгъыст дæхи.

(фембæлдысты дыууæ зонгæ сылгоймаджы)

1-аг: Дæ бон хорз, Надинка.

2-аг: Хорз хъуыддæгты фæдыл цу, Сасинкъа!

1-аг: Куыд дæ, куыд цæрыс? Фехъуыстон, рынчын, дам, уыдтæ?

2-аг: Бузныг, Хуыцауæй афтæ æнæрыст у, æз ныртæккæ куыд дæн.

1-аг: Фехъуыстон, ног сыхæгтæ дын ис.

2-аг: Æмæ хуымæтæджы сыхæгæтæ сты, алы бон дæр сыл ног хорздзинæдтæ цæуа! Хи бинонты хуызæн мæ рæвдауынц, Хуыцауæй рæвдыд уой!

1-аг: Уагæры цавæртæ сты?

2-аг: Тынг дзæбæх мæм кæсынц, сæ дзæбæхдзинæдтæм сын фæкæсон!

1-аг: Бирæ бинонтæ сты?

2-аг: Лæг, ус æмæ дыууæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы, сæ мад сæ хуртæй бафсæда. Уыцы æнæзивæг, цæрдæг, бирæ цæрой.

Дуканимæ мын уыцы æнæзивæг уайынц, сæ уайаг къæхтæ макуы бафæллайой. Тынг зæрдиагæй мыл бацин кæнынц, куы мæ фенынц, уæд, мæ зæрдæ мын бахæрой.

1-аг: Уæдæ æз мæ сыхæгтæн цы кодтон, сау туг сыл ныууара æмæ сæ кæнонтæ фæуой! Залиаг калмæй мæ куы тонынц, сæ фæрстæ атоной. Кæд ма мæ бон æддæмæ ракæсын у, сæ кæсæнтæ ахгæной!

2-аг: Оу-уа! Уый цавæр карз æлгъыст кæныс, карз æфхæрд макуы баййафай. Уагæры сын цы кодтай?

1-аг: Ницы, ницæййаг цард фæкæной! Æрмæст сæм сывæллæтты тыххæй сдзурын, сæ дзурæнтæ фегуыппæг уой.

Мæ рудзгуыты бын хъæр- хъæлæбайæ байдзаг кæнынц, адæмы хъæр макуы бамбарой. Уæддæр ма дзы иутæ алыгъдысты æндæр бынатмæ, бынтæ дзы ма скæной æмæ бындурхæлд кæной.

2-аг: Омæ, мæ хур, сабиты хъæрæй цæмæй тыхсыс, æдыхстбонтæ дыл кæна.

1-аг: О, хæдæгай, ам кæмдæр цæрынц, цæрдхъом дзы ма бауой, æмæ сæ дæхи бахъахъхъæн, хъахъхъæнинаг фæуой. Сæ мыггаг Богазтæй, сæ лæджы ном Хъуыдæберд, макуы макæй бахъæуа.

2-аг: Уæу-уа, деʼлгъыстытæй хызт уæнт! Уыдон мæ ног сыхæгтæ куы сты, бирæ цæрой!











Мах фыддæр уыдыстæм.

Уынджы бадынц Хату æмæ Хъамбол. Кæдзимæ бакæсынц. Арф ныуулæфынц. Уалынмæ цæхгæрмæйы фæзынд иу æрыгон лæппулæг. Сивгъуыдта. Лæгтæ йæм кæсынц.

Хату: (йæхи банкъуыста) Ахмæтæн цы фырт ис, цы! Сахуыр кодта, хорз бынаты кусы.

Хъамбол: Махмæ дæр дзы ис лæппутæ. Къупритæ.

Хату: Бон - изæрмæ лекка кæнынц. Кæм бануазынц, уым - хыл.

Хъамбол: Ныр дæр та кæдæмдæр цæуинаг уыдысты. Хистмæ æви авдæнбæттæнмæ, мæ-гъа.

(Хъуысы расыг зард. Иу уырыссагау "Шумел камыш", иннæ - "Урс доны былыл сау фæрдыг". Æрбахаудтой кæрæдзийы æнцой дыууæ лæппулæджы. Сæ сыкъатæ дзыппытæй зынынц.)

1-аг: (æрлæууыд). Афтæ- нæ, æдылы.

"Урс доны былыл сау фæрдыг

Бирæ æз уымæй банызтон"

2-аг: Цæй, цы уæлдай у. Цом уыйбæсты дæлæсыхмæ авдæнбæттæнмæ.

1-аг: Æдылы къоппа. Авдæнбæттæны уыдыстæм. Ныр та уæлæсыхмæ афæдзы хистмæ цæуæм.

2-аг: Цы уæлдай у. Мах та уым дæр хорз ныххырхдзыстæм. (бакъуырцц кодтой сæ сыкъатæ). Заргæ, цудгæ фæцæуынц.

Хату æмæ Хъамбол сæ фæстæ кæсынц.

Хату: Ахæм хæдхалдихтæ хæрз æфсымæртæ дæр нæ вæййынц.

Хъамбол: Цымæ афтæ æвзæр цæмæн сты? Мах дæр æрыгонæй ахæмтæ уыдыстæ?

Хату: Мах фыддæр уыдыстæм. Æндæр нæ цот афтæ ницæййаг нæ уаиккой.



МАД ЙÆ ФЫРТЫ ФÆНДАРАСТ КÆНЫ ÆФСАДМÆ

(чысыл равдыст)

Æфснайд хæдзар. Къуымыдзаумæттæамад. Бадысылгоймаг. Йæ цæссыг асæрф-асæрф кæны. Чызджытæрауай-бауайкæнынц. Цыдæрдзæкъултæрадав-бадавкæнынц. Амайынцсæкæрийыл.

Мад: Марадзут,чызджытæ,фезмæлут! Хъармдзаумæттæуæмаферохуæнт.

1-аг чызг: Ох, мамæ! Цыкæныайбæрцдзаумæттæй?

2-аг чызг: Æцæг, æцæг, амайгæ та сæ кæм скæндзысты. Сæхæдæгмашинæйыдзагкуысты?

Мад: Сабырут. Иу боны балцы, миййаг, куынæцæуы. Бахъæудзысты йæ.(чызджытæацыдысты)Æрбауадæрыгонлæппулæг. Уыныдзаумæттæ.

Сослан:Мамæ, ацыдзаумæттæцысты?

Мад: Уыдон? Уыдондемææфсадмæайсдзынæ

Сослан:(ныппырыкккодта) Ацыкæри?

Мад:Уæдæбæгънæгæйцæуынмæхъавыс?

Сослан:Æмæутæппæтполчы фаг куысты! Уагæрыдзыцытæсамадтай?(Иугайсæуыны.)Бæзджын мидæггаг хæлаф. Айбабайынæу?

Мад:(Исыйæ. Фæстæмæ йææвæры)Æмæцы? Хъæдмæ - иукуыцыд, уæд-иуæйхъармæнакодта. Дæудæрницыбахъыгдардзæн. Алцыдæрдынæрцæттæкодтон: сæрдыгонфæлыстæйзымæгоныонг.

Сослан: (мадыæрбахъæбыскодта) Мамæ, махæнæфсадыалцыдæрратдзысты.(Æрбадт дзуццæджы)

Мад:( йæцæссыг та сæрфы)Уæдæ, уæдæ, мадыхуызæнуылчи батыхсдзæн? О, хæдæгай. Писмомæм-иуарæхфысс!

Сослан:Хорз!

Мад:Стæймæмдæкъамдæрарæхæрвит.

Сослан:Хорз!

Мад:Стæй -иуафицерæнмæномæйтынгзæгъæмæ-иудæмæйиухаттнæхимæрауадза!

Сослан:(сусæсæгæй худы)Хорз!

Мад:Дæумæалцыдæрхудæг кæсы! Алы изæрдæрмæм-иутелефонæйдзур!

Сослан:Хорз!Цыбырныхасæй, мемæцом æмæ хуыздæр уыдзæн.

Мад:Æмæцыкæны?( фестад, йæсæрбæттæнадзæбæхтæкодта).Уый та мынраздæркуыднæскойкодтай? Æмæ мæхизæрды та куыд не рыфтыд? Уыйтыххæйкæмæнзæгъын хъæуы? Ау, хæрæндоны сæ картофстигъæг уæддæр нæ хъæуы?Йæ та дзаумæттæ æхсæг?

Сослан:Мамæ, чидæуадзыуырдæм? Уыйæфсад у! Стæймæмембæлттыæхсæнфæхудинагкæнынмæхъавыс?

Мад:Ау, мадхудинаггæнæг у?

Сослан:Нæу. Фæлæхæрзагмамазæгъой, æнæйæмадæфсадмæдæрнæ цæуы. Лæгдæнæвицы?

Мад:(Лæппуйысæрæрлæгъзытæкодта) Лæгдæ, лæг, мæ хъæбул!

Машинæйыуасын. Æрбакалдысты лæппутæ.

1-аг лæппу: Цæй, Сослан, кæм дæ, нæма срæвдз дæ?

Сослан:Куыннæ. Æрмæст мамæ дæр мемæ цæуы. Йæхи арæвдз кæна.

1-аг лæппу: (кæсыйæм)Æмæцыкæны? Цон, æздæрУæлгайымемæрахонон. Дыууæйæ сын хъæлдзæгдæр-мауыдзæн.(иууылдæрхудынц)

Мад:Сымахмæалцыдæрхудæгау кæсы…

Сослан:Цæй, æз цæуон. (схæцыд рог хызыныл)

Мад:Афтæтагъд? Æмææндæрницыхæссыс?

Сослан:Ницы. Хæрзбонуал, мамæ.(фæцæуы)Тагъддæмзындзынæн.

( фæстæмæ фæкаст)Орденимæ.

(Ногæй та машинæйыуасын)

Мад:Фæндарасткæнут, лæппутæ! Уæхиуазалæйхъахъхъæнут!Тæвдæйуазал дон мабануазут!Æхсæвталынджыдардмакуыдæмцæут!Хурыцæстæйуæсæртæхъахъхъæнут!

Фыдбылызæй та уæсыгъдæглæгтыдзуархъахъхъæндзæн.

Цасфæдзæхсинæгтæисмадмæ йæ хъæбулæн.

О,иунæгцытджынХуыцау! Ирыстонæнаккаггуырдтæуæнт! Иронлæджы ном куыдникуыфæчъизикæной, уыцыхъаруйæсæхайджын скæн! Кæмфæндыкуыуой, уæддæрсæ райгуырæн зæхх æмæ сæмадæлонæвзаджыфарнкуыдникуыферох кæной!









Ирон ӕмбисӕндтӕй конд ныв-равдыст.

Лӕппу(зивӕггӕнаг): Нана афтӕ фӕзӕгъы: «Куыстӕн афон , улӕфтӕн-рӕстӕг»

Чызг: Змӕлгӕ чи кӕны, цӕргӕ дӕр уый кӕны. Куыстӕй адӕймаг рӕзгӕ кӕны.

Лӕппу: Ӕз та цыма хуыссӕны тагъддӕр рӕзын. Цыдӕр даргъ фӕкӕсын мӕхимӕ.

Чызг: Даргъ уаллон дӕр у, йӕхи куы аивазы, уӕд.

Нана: Цӕуыл та у уӕ быцӕу? Райсомӕй дӕ бон куыд сӕвӕрай, изӕрмӕ дӕр афтӕ уыдзӕн.

Лӕппу: Омӕ мӕ уӕд хуыссын цӕуылнӕ бауагътат?

Чызг: Нана куыд фӕзӕгъы, уый нӕ зоныс! «Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад.»

Лӕппу: Омӕ йӕ мӕнӕн нана сфыцдзӕн. Лӕппуйӕн йӕ къӕхтыл дӕр губын ис. Никуы фехъъуыстай: «Лӕппуджын нӕ хӕры, чызджын нӕ дары.»

Нана: Нӕ, мӕ къона, хӕргӕ уый бӕрц дӕр кӕн, фӕлӕ зивӕг- нӕ! Зивӕггӕнаджы мад мӕгуыр у! Цӕй цомут, цалынмӕ тӕвд нӕма у. Раджыстаг- бирӕнтыссаг. Бирӕнтыссаг- фӕрнӕйдзаг.

/Кусынц. Лӕппу иу ран бады./

Нана/фӕстӕмӕ йӕм ракаст/Акусут! Куыст ӕмгъуыд нӕ зоны. Куыст- цардӕн фӕрӕз.

Лӕппу:Омӕ кусын зын иу!

Нана: Куыстӕн йӕ сӕр сындз, йӕ бын-сой. Абон акусдзыстӕм, сом та ахӕрдзыстӕм.

Лӕппу:Хӕргӕ уал акӕнӕм. Афтид голлаг хъен нӕ лӕууы. Аууоны уал абадӕм.

Нана:Сӕрды аууӕтты чи бады, уый зымӕг йӕ гуыбынмӕ хъусы.

Чызг:Кусгӕ чи нӕ кӕны, уый хӕргӕ дӕр нӕ кӕны.

Лӕппу:Ӕмӕ цы, кусӕ чи нӕ кӕны, уымӕ хӕрын нӕ цӕуы? Гуыбынтӕ ӕфсымӕртӕ сты. Ӕмсӕр адӕм ис, ӕмгуыбын-нӕм нӕй.

Нана:Ӕниу цы мӕнг зӕгъут. Аулӕфӕм.

/Ӕрбадтысты хӕрынмӕ, лӕппу фӕлӕбур-фӕлӕбур кӕны/

Чызг: Зыд ма кӕн, дӕ хъуыры фӕбаддзӕн.

Нана:Фыдхӕрд-фыдрын. Зыдхӕрд бирӕгъӕн дӕр нӕ тайы.

Чызг: Гуыбын дӕ куыд фегад кӕна, афтӕ- ницы.

Лӕппу: Никуы фехъуыстай: «Хӕрынӕй бафсад дӕхи!..»

Чызг: Ӕмӕ дарддӕр та? «Куысты рауадз лӕ хид!»

/Бахордтой/

Лӕппу:Оф-оф,ӕфсӕст гуыбын куыст нӕ уарзы. Нана райсом ӕй фӕуыдзыстӕм. Бирӕ дзы куы нал ис.

Нана:Абон бакӕнӕн цӕмӕн ис, уый райсоммӕ ма уадз.

Чызг:Кард гал бастъыгъта ӕмӕ йӕ къӕдзилыл асаст. Фӕуын ӕй хъӕуы.

Лӕппу:Хорз, разы дӕн! Ӕмзонд, ӕмвӕнд адӕммӕ хох дӕр нӕ лӕууы. Февналӕм иумӕ.

Нана: Ӕнгом цуанонтӕ саг марынц, ӕнгом бинонтӕ цард арынц. /Йӕ сывӕллӕттӕ куыд рӕвдз кусынц,уымӕ кӕсгӕйӕ/ Бинонты фарн- фӕллойуарзаг кӕстӕртӕ.





Театры бон.

- Театр. Аивады тыхджын фæрæз. Раздæр уыд бæрæгбонты хъæлдзæг равдыстытæ. Уый фæстæ та - æххæст профессионалон театр.

(Нывтæ: ирон театр, Брытъиаты Елбыздыхъо)

Йæ бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо .

- Ирон профессионалон театры равзæрд хауы 1935 азмæ. Курдиатджын фæсивæды къорд æрвыст æрцыдысты Мæскуымæ аивадон дæсныдзинадыл ахуыр кæнынмæ.

-Æвзыгъд кафынмæ, фæндырæй цæгъдынмæ, зарынмæ, рæсугъд лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи равдыстой иттæг арæхстджынæй.

- Афтæ нæ чысыл республикæйы фæзындысты:Таутиаты Солæман, Тотраты Бесæ,Саламты Къола,

- Цыбыр рæстæгмæ æгас дунейыл айхъуыст Кавказаг Отелло- Тæбæхсæуты Балойы ном.

(Нывтæ: Отелло, Бало)

- Балойы Отелло æрлæууыд номдзыд Отеллоты æмрæнхъ. Дунейыл зындгонд актерты æмрæнхъ - хуымæтæг æрыдойнаг лæппу - ирон драмон театры артист. Тæбæхсæуты Бало - Отелло. нывтæ

Отелло-æппæт дунеон актертæ.

- Фæстæдæр ног рольтæ, ног архайджытæ

Режиссертæ

Артисттæ

Драматургтæ

Драматург Туаты Дауыт литературæ æмæ аивадмæ æмхиц уыд йæ чысылæй. Уарзта хъусын таурæгътæм, адæмон зарджытæм.

Фæстæдæр сахуыр кодта гидроарæзтады инженерыл æмæ сарæзта хæхты чысыл гидростанцæ, кæцы бира азты дæргъы лæвæрдта электрон рухс Дауыты райгуырæн хъæу Сатъаты хъæу æмæ хæстæг хъæутæм.(Сатъаты хъᴂуы ныв).

Дæсны инженер уæвгæйæ Дауыт аивадыл стырзæрдæ нæ кодта. Фыста драмон уацмыстæ, пьесæтæ.

Ирон театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Зды», «Сидзæргæс», «Хистхортæ».(къамтᴂ).

Уæлдай фылдæр ирон театры сценæйыл бацахста пьесæ «Пæсæйы фæндон». Уый 4 азтæй ныры онг æвдыст æрцыд 300 хаттæй фылдæр.

(Нывтæ)

Дауыты пьесæты архайджытæ сты хуымæтæг æнæхин, зæрдæмæдзæугæ. Сюжет - адæмæн хæстæг, æмбæрстгонд .

Æвæццæгæн, уымæн нæ фæллайы зритель Дауыты равдыстытæм кæсын.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Туаты Дауыты хистæр чызг Теминæ дæр сси режиссёр. Адæм ын зонынц йæ историон документалон кинонывтæ:

-«Кто ты, король Артур?»

-«Венгерские аланы», æмæ æндæртæ.

2003 азы Алагиры 3æм скъола хуынд æрцыд Туаты Дауыты номæй.

Не скъолайы рагæй дæр ис бирæ чысыл, хæдахуыр артисттæ. Уыдон абон, театры бæрæгбоны, равдисдзысты сæ дæсныдзинад скъолайы чысыл сценайыл.

Чысыл сценæ - фыццаг къахдзæф стыр аивадмæ.

Сценæйыл -скъуыддзаг ирон профессионалон театры бындурæвæрæг Брытьиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы»-йæ. Дыууæ сидзæр чызджы схаста сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъан. Ныр сын агуры хъæздыг усгуртæ, фæлæ чызджытæ Тæтæрхъаны фæндтимæ разы нæ кæнынц.

Дыууæ хойы».(Уат. Стьол,фæндыр.Рацæуы Х-т æнкъардæй.)

Х-т. Æнамонд дуне! Сылгоймаджы æнамонд цард! Мæ хоимæ сидзæртæй баззадыстæм. Фæхъомыл кодтам нæ фыдыфсымæр Тæтæрхъаны хъæдзары æмæ нæ ныр уый хъæздыг усгуртæн зынаргъæй уæй кæны. (Æрбадт, æнкъард цагъд кæны).

Асиат: (арбауад) Æнкъард цагъд ма ма кæ, Хансиат. Куы нæ дæ бафæнда, уæд дын Тæтæрхъаны бон ницы бауыдзæн .

Х-т. 8 азы размæ ме вастæй бафидыдтой Касалаты мыггагимæ. Ныр мæм уал азы хатынц:сразы, дам, у. Касалатæ ,дам,нæ цæрын нал уадзынц.

Асиат: Ма йын баком! Касалы - фырт, дам, абырæг у. Фос давы æмæ уымæй хъæздыг кæны.

Х-т: Бæргæй йæ фехъуыстон. Налат лæг у. Æз, дам, банхъæлмæ кæсдзынæн. Æз ын комгæ нæ кæнын, уый та мæм æндæр курæг хæстæг нæ уадзы. Хансиат, дам, мах чындз у (аивæзта фæндыр).

(Æддейы куыйты рæйын.)

Лæппу: Хансиат, уартæ дæм чидæр дзуры :рудзынгæй, дам, ма мæм ракæсæд.(Асиат рудзынгæй ракаст).

А-т: (Тарст хуызæй) Уый уыцы абрæг у, Касалы-фырт.

Х-т (лаппумæ): Цу, мæ къона. Куыйты йыл сардау. Уый æфзæр лæг у, исты нæ адавдзæн. Æз дын гуыл ратдзынæн.

Лæппу: Афтæ у? Уæдæ-ма ныртæккæ йæхимæ фæкæсæд (азгъордта, куыйты рæйын).Уст! Уст!

( Чызджытæ йæ фæстæ акастысты, иннæрдыгæй хъуызгæ æрбацыд Касалы - фырт)

К.ф. (æрлæууыд, схуыфыд, чызджытæ фестъæлфыдысты, фæкастысты)

Х-т. ( йæхи фæныфсджын кодта): Хъуызгæ куы рбацыдтæ. Абырæг исты дæ?

К.ф. М-хы! Мæнæ дæ зæгъын абæрæг кæнон, афæрсон дæ, хуыздæр зонд дæм нæма æрцыд? Чындзæхсæв скæнын афон бæргæ у!

Х-т. Нæма! Бамбар. Æз дæу аккаг нæ дæн, бацагур æндæр чызджы.

К.ф. Уæд цæмæй нæ дæ мæн аккаг?

Х-т. Æз æрчъитæ рæхсын нæ зонын.

К.ф. Сахуыр уыдзынæ (хæстæгдæр æм бацыд).

(Х-т йыл йæ былтæ асчъил кодта, йæхи дзы раиуварс кодта)

К.ф. (фæмæсты) Цы? Нæ мыл æрвæсыс? Æз дæуæн æрчъирæхсæнæй цалынмæ дæ рæсугъд былтæ нæ фæнæмон, уæдмæ дæ афтæ нæ ныууаддзынæн!

Х-т. Ацу мæ разæй! Стæй - ма байхъус, ды цæмæй лæг дæ? Хæрзæхсадæй æмгæрттимæ балцы цал хаты ацыдтæ? Чи дæ зоны? Кæй зоныс? Адæмы æхсæн цал зондджын ныхасы ракодтай? Æдзух давæггаг фосы смаг кæныс, давæггаг фæллойæ цæрыс. Адæм дæ абырæгæй амонынц æмæ…

К.ф. (лæбуры йæм) Æз дын дæ къубал стондзынæн. (Х-т ныхъхъыллист кодта)

Асиат (æрбазгъордта, иргъæвы сæ. Хъæр кæны): Амардта йæ! Амардта йæ! Ацу ардыгæй, кæннод Хылцъыхъомæ бадзурдзынæн!.

К.ф. (фæцæуы): Нæ уын тæрсын уæ мады æфсымæрæй.Фæкæсут уæдæ, кæй ныхас уыдзæн. Сымах ма мæн базондзыстут! (Фæцæуы)

Х-т: Нæ дæ тæрсын!

Асиат: Ма дзы тæрс, кæд абырæг у, уæддæр дæм нæ бауæнддзæн!

Х-т: Æз мæхи былæй дæр аппардзынæн, зæронды бонмæ куырдуаты фæбаддзынæн, уæддæр Кæсалатæм не смой кæндзынæн. Стæй мæ æвдæлгæ дæр нæ кæны. Æз дын дæ амонд хъуамæ саразон, мæ гыццыл хо. Уый фæстæ бон цæуы æмæ фарн хæссы.

(хъæбыс ын кæны).



© 2010-2022