Нæртон фæткъуы, мæ мадæлон æвзаг. Мероприятие на День осетинского языка

Раздел Классному руководителю
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Нæртон фæткъуы- нæ мадæлон æвзаг.

Хъисфæндыр.

Амонæг. Æвдисæм музыкалон-литературон композиции «Нæртон фæткъуы-нæ мадæлон æвзаг».

Кæсæг : Нæртон фæткъуы-нæ мадæлон æвзаг ,

Йæ къалиутыл та мин-мин дыргъы хуртау.

Уæрхæджы фырттау хъахъхъæнджытæ- мах?

Фырхъалæй уæд фынæй цы кæнæм дуртау?

Хуыцауы лæвар-диссаг дзырдты хуртуан.

Фæлтæрты бурæмæдз, сæ зæрин таг.

Кæд ма нын исты баззади æлутон,

Уæд иунæг уый- нæ мадæлон æвзаг.

Нæ удтæ дзы æрвон быркуытау дзаг

Куы уой, кæндзыстæм царддугъы фыццаг!

Амонæг:О, стыр хæзна кæддæриддæр хъахъхъæнинаг вæййы цæсты гагуыйау. Куыд нæ хъуамæ хъахъхъæнæм мах дæр нæ мадæлон æвзаг, кæд æмæ Нарты фæткъуыйау йæ дыргътæ æлутон сты! Кæд æмæ æвзаг у адæмæн сæ кувæндон, сæ уд, сæ ивгъуыд, сæ царды уаг æвдисæг, сæ развæдамонæг.

Кæсæг: Цы удвидар басгуыхт нæ дзырдты фарн уастæн! -

Мæ уарзт мын , Мæ маст мын æнусты фæхаста,

Фыстой йæ сæрмæттæ, уæд скифтæ сæ фæттæй.

Сæ бæхты цæфхæдтæн сæ цъæхснаг цæхæртæй.

Йæ дардыл хæтæнтæ-Дон, Днепры гуылфæнтæ.

Йæ фарны кæлæнтæ-Донбеттырты сæнттæ.

Æвæрдтой йыл цъутта æрцæуæг хæддзутæ.

Цыфыддæр фыдгултæ: агуыр уа, фыдгунтæ.

Рæхуыстой йæ арцæй, фæлвæрдтой йæ артæй .

Æхстой йæ мæнгардæй гадзрахаты фатæй.

Æппæрстой йæ хъоргъы-куыд баззайа рохы.

Йæ цот æй фыдохы ныууагътой-иу рохы.

Нæ басаст ирон дзырд- куырыхонæй номдзыд,

Тыхы бон хæстон уыд: нæ фегад нæртон цыт.

Æхсыстифæтыгау,куы буц уыд æрвыгау.

Уый ме лгъыст, мæ ард у, мæ денджыз, мæ арв у.

Хъæуы мæ йæ арфæ йæ фæтæн йæ арфы.

Куысты уа ,фæдисы -мæ монц мын,мæ рис мын

Æвзæгты цæдисы бæрзонд фарнмæ сисы.

Амонæг: Цæмæй райдайы райгуырæн бæстæ ?

Райгуырæн бæстæ райдайы авдæны зарæгæй, мады алолайæ. Адæймаг цы бæстæйы,цы зæххыл райгуыры,уый фæхоны фыдыбæстæ,Фыдызæхх. Уымæн æмæ фыд у райгуырæн зæхх- хъахъæнæг æмæ амалгæнæг. Хъуамæ уа фидар зæрдæйы , стыр ныфсы хицау. Æмæ кувы Уастырджимæ.

Фæлæ адæймаг сабийы бонтæй фæстæмæ цы взагыл фæдзуры,уый та фæхоны мадæлон. Уымæн æмæ йæ райсы йæ мады æхсыримæ. Уымæн æмæкъонайы тавс фыццаджыдæр мады зæрдæйæ цæуы , артдзæст уый хъахъхъæны. Бынаты Хицауæн мады архайд фылдæр ахъаз у.

Æмæ иугар афтæ у,уæд мадæлон æвзаг ис схонæн адæмы бынаты хицау , йæ Сафайы рæхыс,йæ къонайы тавс.

Фæлмæн,авдæны зарæджы хуызæн музыкæ.

Кæсæг: О, мæ ахсджиаг, о, ме взаг о, мæфыдæлты хъæлæс!

Дæу лæджы ном æмæ фарнау хизын сæфты къахæй æз!

Узта цадæггай мæ авдæн , зарыд алолай мæ мад.

Хъуыстон й аргъæуттæн æнайæн- æз уæд бамбæрстон дæ ад.

О мæ ахсджиаг,мæ уидаг! Удæн диссагдæр цы ис!

Зонын, сонтæй нырмæ зонын, æз дæцин æмæ дæ рис.

Мысын,зонгуытыл фыццаг хатт æз зæрдæбынæй куывтон:

Де вджид о, Хуыцау нæ сæртæ , знагæн мацы уæд йæ бон!

Мадæлон æвзаг-дзыллæйы ахсджиагдæр тугдадзин.

Мадæлон æвзаг-уæле исгæ, бынæй ахадгæ къæбиц.

Æвæрд дзы нæ дзыллæйы историон æмæ культурон бынтæ.

Арвы айдæнау дзы зынынц нæфыдæлты цин æмæ маст, нæ адæмы национ удыхъæд.

Ныфсдаттаг музыка.

Кæсæг: Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай,мæ арт!

Æрттив ,æхсид æнус бонтæм æдасай.

Дæ цæрайа,дæ рухс æмæ дæ тавсæй.

Цардзынан аз ама хардзынан ард..

Да норст цахарай равзардысты нарт,

Ахсидавта архастой Анахарсай.

Да фарны хъар, да маст ама да уарзтай

Нахи Къостайан санусон йа цард.

О ме намонд!Герарийы быдартæй

Кæнынц фæдисхъæр удисгæ нæ дзырдтæ.

Мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.

Дæу чи хъыгдара-урс уæрыкк дын фестæд!

Дæ фыдæлтæ -санскрит æмæ авестæ.

Цæр се рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис!

Музыкæ:

Амонæг: Æвæдза, цал буц номы сæвæрдтам не взагыл! «Нæ хæзнадон, нæ быркуы. Цыкурайы фæрдыг. Нæ зынджы хай хуыцауы лæвар æмæ бирæ æндæртæ. Фæлæ ном сæвæрын диссаг нæу. Стæй номæвæрæгыл йæхиуыл дæр хæс кæй ис, уый нæ рох кæнын куы райдыдта. Æндæра, æцæгдæр буц дариккам нæ мадæлон æвзаг æмæ ахæм уавæрмæ не рхаудаид. Æндæра йæ сыгъдæг хъомыс æнкъариккам зæрдæйæ.

Уæвгæ нын уый æрмæст абоны низ нæу.

Мæнæ куыд уайдзæф кодта 20-æм æнусы тæккæ райдиан Иры фæсивæдæн Гæдиаты Секъа.

Кæсæг. Худинаг уæм куыд нæ кæсы

Æнцад бадын фыддæрадæн?

Иу уæ лæгау куыд нæ тæрсы

Фесæфынæй Иры взагæн!

Паузæ

Ирон адæм цытæ сысты?!

Чи гуырдзиаг,чи- уырыссаг.

Чи тæтæйраг, чи-кæсгон.

Никуы федтон ахам диссаг

Ныр куыд сæфы Ирыстон.

Амонæг: Æмæ 80-ам азмæ уавæр ноджы фæфыддæр. Ууыл не мдугон поэты маст:

Ирон æвзаг, ирон кæрдзын

Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут!

Дзæбæх мын ут ,фæлæ тыхстæй

Иронау дæр куы нал хъæрзут.

Йæхи дурæй , йæ бындурæй

Æргъæу мæсыг цæмæн кæлы?

Мæ сау нымæт ,мæ сау саргъыл

Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?

Кæсæг: О, мах фæстаг рæстæг тынг арæх дзурæм ирон æвзаг сæфы, зæгъгæ. Уыимæ уыцы ныхас фылдæр фæкæнæм уырыссагау. Хъыгагæн ,рæзы, мадæлон æвзаг кæмæй ферох æмæ уырыссаг æвзаг , йе та гуырдзиаг æвзаг дæр хуызæнæн чи нæма базыдта, уыцы ирæтты нымæц. Уыдонмæ байхъусын диссаг вæййы, афтæмæй сæ мæгуырдзинад не мбарынц.

Бæргæ, бæргæ мæнæ ацы ныхæстæ алы ироны бон дæр зæгъын куы уаид:

-Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,

Нæ дзы взарын хæстæг æмæ дæрддаг.

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды,мæ мадæлон æвзаг.

Амонæг: Ирон æвзаг абон ахæм æмвæзадыл цæмæн ис, уый аххосæгтыл: паддзахадон функцитæ йын нæй, бинонты хсæн ыл нæ дзурæм, рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты йæ æмбæлгæ хуызы нæ амонæм рæзгæ фæлтæрæн. Ирон равдыстыты нымæц тынг гыццыл у нæ телеуынынады-æмæ иннæ аххосæгтыл арæх фæцæуы ныхас. Фæлæ махæн абон æндæр у нæ нысан-сымахмæ фæхæццæ кæнын, ирон æвзагæн табу чи кодта æмæ кæны,уыдоны хъуыдытæ.

Кæсæг: Цард афтæ у-иутæ сæхи артмæ дæр сугтæ нæ фæхæссынц,суанг мА разыны хæмтæ дæр,æмæ йыл дон чи ауадзы. Иннæтæм та уыйбæрц хъару разыны,æмæ искæй артмæ дæр фæхæссынц сугтæ, фæархайынц цæмæй цыренæй судза,ууыл. Гъемæ французаг ахуыргонд Жорж Дюмезиль дæр хауди уыцы куырыхон адæймæгтæм.

Амонæг: Жорж зыдта 30 æвзаджы: галлаг æмæ санскритæй ироны онг. Нарты кадджытæм йе ргом аздæхта кавказаг æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ æмæ сын банкъардта сæ ратæдзæн. Уымæн ын стыр ахъаз фесты йæ арф зонындзинæдтæ историйы, философийы,мифологийы.

Йе взаг æмæ йæ фольклор æнусты фыдæвзарæнты чи бахъахъхъæдта, уыцы адæмтыл дзургæйæ,Дюмезиль фыста:

Кæсæг: Ирæттæн сæ къухы бафтыд дывæр æнтыст: уыдон абоны онг канд се взаг нæ бахъахъхъæдтой , куыд культурон мидис хæссæг агъуд, фæлæ уыцы мидисæн йæхи дæр. Уыцы мидисы айдæнау зыны скифты цивилизацийы уавæр йæ рæзты фæстаг къæпхæнты. Сæйрагдæр та-цæрынц, аргъ кæмæн нæй , ивгъуыдæй се мыдзаг чи у, уыцы кадджытæ. Æмæ уыцы дзыхæй дзургæ уацмыстæ алы рæстæджыты райстой сыхаг адæмтæ,бæгуыдæр,скифаг æмæ дзы ирон цы уыд, уый фендæрхуызон кодтой, афтæмæй.

Музыкæ.

Амонæг: Ирон нывæфтыд ныхас , ирон литературæ куы фæзæгъæм,уæд нæ цæстытыл фыццаджыдæр ауайы Къоста. Куыд бирæвæрсыг уыд йæ курдиат, куыд сахадыдта йæ алы дзырд дæр. Хетæджы-фырты уацмыстæ бацыдысты дунеон культурæйы хæзнадонмæ,кæсынц сæ дæсгай фæсарæйнаг æвзæгтыл.

Къоста ирон литературæйæн радта базыртæ, бацамыдта йын кæдæм тæхгæу,уый. Поэт æппæты уæлдæр æвæрдта Сæрибар,йæ адæмы амонд,ирон дзырды фарн. Æмæ йæ бон уыдис зæгъын:

Кæсæг : Нæ мæлæм кæд фыдызæхх æмæ кадыл,

Хуырым галау цагъары фсондз хæссæм.

Кæд сагъуыдыстæм исбоныл, бынатыл .

Гуыбыны цæстæй алцæмæ кæсæм.

Хæдмæл бæхæн дæр чи лвыны йæ барц.

Хъуынахор зулкъау чи алæст йæ хъузджы.

Фæхатынц мæм, цæмæй кæнон æмбалц

Æз ахæмтимæ…

Хилын нæй мæ туджы!

Фæлтау мæ хонæнт зондæй цух-

Быдзæу.

Фæлывд, бийæг, козбаугæнæг нæ уыдтæн.

Мæ дзыллæйы сæр аппарон!

Фæлæуу!

Фæлтау мæ зæрдæ аппардзынæн куыйтæн.

Æз зарыдтæн-нæ агуырдтон хæрзиуæг.

Нæдæр цыт,ном…

Æз зардзынæн уæддæр.

Иронау ма куы дзура рмæстдæр иу лæг.

Кæд уыцы иу мæхæдæг уон ,

Уæддæр.

Сæрыстыр музыкæ.

Амонæг: Ирон æвзаг куы фæзæгъæм,уæд нæ цæстытыл фыццаджыдæр ауайы Васо. Зын фæнымайæн сты, Абайты Васо æвзагзонынадæн цы хæрзты бацыд,уыдон. Йæ наукон куыстытæй иу иннæмæй ахадгæдæр,иу иннæмæй нæртондæр.

Кæсæг: Уасо. Ныййирд йæ цæсгом уарзт æмæ хъуыдытæй.

Уый махæн судзы знæт тары цырагъ.

Йæ хъуыды -арт , йæ зæрдæ та-гæнах.

Кæсы сыгъдæг уд цæстыты æрфытæй…

Уый рухс ыссыгъта сау дугъы фыстытæй,

Уый райхæлдта къуыбылойы æндах…

Фæрныг адæмы Стыр Ныхасмæ мах

Хæссæм нæ дзырд историйы цъæссытæй.

Уым мах дзыхъхъы нæ лæудзыстæм уырдыг:

Нæ фыдæлтæ сæ удты рухс кæм сыгътой.

Ыстæм ныр уыцы уаз бынтæй хъæздыг.

Нæ саукусæг, нæ хæстон лæг.! Æвзыгъдæй.

Ды иугай дуртæ арф кæмтты фæуыгътай

Æмæ сæ рындзыл амадтай мæсыг.

Амонæг:

Зæххы цъарыл ис тынг бирæ æвзæгтæ æмæ алы æвзаг дæр у æнæхъæн дуне. Алы адæмæн дæр йæ царды сæйраг нысан у национ хæдбындурдзинад агурын. Адæмы культурон хæдбындурдзинад æнцайы æртæцæджындзыл- историон, æвзаджы æмæ психологон факторыл. Æмæ кæд уыцы æртæйæ алкæцы дæр тынг ахсджиаг у, уæддæр дзы æвзаджы æууæлæй вазыгджындæр нæй, уый дзыккубыдау йæхимæ райста иннæ дыууа дæр.

Цалынмæ адæм нæ фесæфтой се взаг,уæдмæ йæ фарн цæры, уæдмæ ис æууæнк.

Хион,дам,цæсты нæ ахады, фæлæ нын дзæнæты бадинаг Уарзиаты Вилены загъдау, у бамбарын афон нæ мадæлон æвзаг кæй у фæстаг цардæгас индоирайнаг æвзаг. Уый нæ кæй иу кæны европаг скифтæ æмæ сæрмæттимæ,азиаг сактæ æмæ массагеттимæ æмæ æппынфæстаг нæ фыдæлтæ алантимæ. Æмæ нын кæд нæхицæн уæлдай уæзы хос у, уæддæр æй цæсты гагуыйау хъахъæнæм дунеон цивилизацийæн, хъахъхъæнæм æй иунæг æвæджиау хæзнайау.

Кæсæг:

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,

Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл.

Мæлæн дын нæй,мæ мæ мадæлон æвзаг

Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды не замантæй ацы боны онг

Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс,дæ намыс.

Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд

Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быбдыры дыл дымгæйы ныхмæ

Лæхурдта скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.

Тох.. тох… -сæрмæттаг сабийы дзыхæй

Ысхаудта дзырд-лæг у,æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп.. мыхъхъ.. тъæпп… дæнг…-

Ныффæсус и дæ хъуыр.

Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг.

Фæразон дæ ,æнхъæлмæгæс,мæгуыр.

Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта.

Дæ сыгъзæрин æй ракалын нæ фæндыд.

Ныззарыд уæд ирон лæппу-Къоста.

Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд

Мæлæн дын нæй,мæ мадæлон æвзаг.

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори.

Æмæ куы сæфай ,ма зæгъæд ызнаг,-

Дæуимæ сæфы дунейы истории.

Музыкæ.

Мадæлон взаджы тыххæй дзургæйæ куыннæ хъуамæ рахиза нæ ныхас чиныгмæ! Чиныг у ахæм æвидигæ мигæнæн æмæ нын æхцонæн сæтты нæ уды дойны, афтæмæй йæ æлутон къаддæр нæ кæны. Ирон мыхуырæй,ирон чиныгæй цæуынц уды хъомысы хæрзтæ.







Ирон чиныг.

Ирон чиныг,сыгъзæрин фестай,уастæн!

Ды басгуыхтæ Ирыстонæн мæсыг.

Дæу æз ыстыр хуыцауы фыстау кастæн.

Фырцинæй тагъд мæ уадултыл цæссыг…

Дæ фæрцы хохы базыдтон Къостайы.

Ыссыгътой мин ныфсы цырæгътæ нарт.

Ныр рыджы удау де стыр намыс тайы.

Ысласта дæм æгъатыр рæстæг кард.

Ирон лæджы дæр нал хъæуыс…йæ царды.

Зынаргъдæр уымæн уаз дзырдæй къæбæр.

Мæлы сындæггай н адæмы фар нарты,-

Нæ адзалыл нæма сæттæм уæддæр

Ирон чиныг, дæ сау марой,дæ фæдис

Æхсины лæгтæм нал хъуысы æппын.

Фыдæлты кад,фыдæлты фсарм цы фæцис?

Нæ лæгдæрты цæмæн ныххафы рын?

Ирон чиныг,сыгъзæрин фестай уастæн!

Ды басгуыхтæ Ирыстонæн мæсыг.

Дæу æз ыстыр хуыцауы фыстау кастæн.

фырцинæй тагъд мæ уадултыл цæссыг…

Музыкæ.

Амонæг:

Афтæ уæдæ. Кæд дзырд у кæй дзыхæй схауд, уый халдих,кæд лæгæн йæ ныхас йæ намысы æмсæр у, уæд адæмæн та йе взаг у йæ намыс, йæуд, йæ хъысмæт.

Дуне, дам,никæуыл банцад. Дæуан дæр иуырдыгæй сты дæ мад æмæ дæ фыд, иннæрдыгæй та дæ фырттæ æмæ дæ чызджытæ. Æмæ дæ мады гуыбынæй равзæрдтæ дæ мадæлон æвзагæн.

Кæсæг:

Нал ис мæ фыд, фæлæ ис фыдыбæстæ!

Нал ис мæ мад,фæлæ ис мадæлон æвзаг!

Æмæ искуы мах куынæуал уæм,

Уæддæр-иу уæнт нæ кæстæртæн,

Нæ кæстæртæн мыггагсæ

Фыдызæхх æмæ мадæлон æвзаг.

Музыкæ.

Гъе афтæ уæдæ-алы адæймаг дæр йе взаг фæзоны,цас æй уарзы,уыйбæрц.цы нæ схуыдтам нæ мадæлон æвзаг фырбуцæн,фæлæ цæмæй уыцы ныхæсты фарн уа, уый айдагъ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæй, айдагъ ахуыргæнджытæ æмæ журналисттæй аразгæ нæу. Уый аразгæ у не ппæтæй дæр,алы иронæй дæр. Æмæ ныууадзæм цъиувæдис,фæлæ скæнæм зиуцæдис нæ мадæлон æвзаджы,нæ фидæны сæраппонд. Æгъдæуттæ дæр æмæ рæсугъддзинад дæр иууылдæр æвзагæй цæуынц. Æмæ нæ мадæлон æвзаг, ирон æвзаг Елхотæй дарддæр нæ хъæуы, зæгъгæ, чи дзуры, уыдон не мбарынц сæ мæгуырдзинад.

Кæсæг:

Æрмæст Елхотмæ дæ кæмæндæр

Мæнæн та -хуры уазмæ.

Мæ уды азæлы тæмæнтæй

Дæ алы мыр хъувтазау.

Кæмæндæр дæ æрмæст Елхотмæ,

Мæнæн -зæххы кæрæттæм

Йæ ардхæрæн дæ хуры цотæн.

Дæу музеймæ нæ дæтты.

Елхоты онг дæ ды кæмæндæр,

Мæнæн та нарты бæстæм.

Сæрмæтты,аланты хæтæнтæм.

Уæнт арфæйаг сагъæстæ!

Кæмæндæр дæ æрмæст Елхотмæ,

Мæнæн та дæ парнасмæ.

Мæнæн та стъалытæн сæ кондмæ.

Къостайы дзырды тавсмæ.

Кæмæндæр дæ æрмæст дыууæмæ.

Мæнæн та дæ æрдзæмæ.

Æрмæст гуыбынмæ дæ кæмæндæр

Мæнæн та дæ зæрдæмæ .

Кæмæндæр дæ æрмæст къæсæрмæ.

Мæнæн та дæ Хуыцаумæ!

Кæмæндæр дæ айдагъ изæрмæ.

Мæнæн- тъымы-тъымамæ!

Музыкæ.

© 2010-2022