Литературный монтаж к 9 мая

Раздел Классному руководителю
Класс 6 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

МКОУ СОШ С. ХУМАЛАГ ПРАВОБЕРЕЖНОГО РАЙОНА РСО-АЛАНИЯЛитературный монтаж к 9 мая

Учитель русского языка и литературы Караева М,Ч.

Сценари "Нæ зынгхуыст фæсивæды цыртдзæвæныл". (хъуысы сабыр музыкæ)

  1. Нæ сабыр хъæубæстæ сæ кæрæдзи уарзтой,

Уалынмæ райдыдта тугкалæн хæст. (зарæг "Священная война")

Нæ ирон фæсивæд æмхъæлæсæй загътой-

Цомут, знагæн скъахæм йæ цæст.

  1. Лæгдзинад кæм хъæуа, æхсармæ,æгъдаумæ

Ирон лæг нæ раласдзæн уымæй йæхи.

Уæд хæсты быдыры йæ риуæмбæрц размæ -

Ирон лæг знаджы пырхгæнгæ цыди.

  1. Цыппар азы хæстæй стыхстысты адæм,

Ныййарджыты цæстысыг донау мысти

Ӕмӕ сӕ куы цыдысты сау телтӕ ардӕм,

Уӕд сидзӕрты уындӕй зӕрдӕ рысти

  1. Ӕнахъом сабитӕ «нӕй» уый не мбӕрстой,

Бӕгънӕг-бæгæввадӕй кӕрдзыныл куыдтой,

Хӕсты азарӕй фыдбонтӕ куыд ӕвзӕрстой,

Сӕ сылгоймӕгтӕ та лӕгты мбӕрц куыстой ( зарӕг "Мадæлты фӕдзæхст")

  1. Дӕлдзӕх фӕуӕд хӕст,нӕ бӕркад нын ахаста,

Зӕронд лӕгтӕ-иу мӕстыйӕ дзырдтой:

Германы фашисттӕн сӕ хъару куыд басӕтта,

Сӕ худтӕ сисгӕйӕ Хуыцауӕй куырдтой.

  1. Зынвадат уыдысты уӕ хӕстон фӕндӕгтӕ,

Лӕгмар фашисттӕн скодтат кӕрон.

Хъаруйӕ ныссастат знагӕн йӕ фидӕрттӕ

Хъыгагӕн нӕ федтат Уӕлахизы бон.

  1. Уӕ кӕстӕртӕ абон лӕджы рӕттӕ рбабастой,

Сӕ хъазуат фӕллойӕ исынц бӕркад.

Сырх дурӕй хӕдзӕрттӕ нӕ уынгты ӕрцарӕзтой,

Хъӕубӕсты ӕхсӕн бӕрзонд у сӕ кад.

  1. Ныр абон нӕ хъӕуастӕу, нӕ рӕсугъд уӕзӕгыл,

Нӕ зынгхуыст фӕсивӕдӕн сарӕзтам цырт, ( сывӕллæттӕ иуварс ацыдысты)

Зынаргъ дамгъӕтӕй айнӕг фӕйнӕгыл-

Сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм ӕрцыдысты фыст.

  1. Фыдыбӕстӕйы хӕсты уӕ хъуыддаг уыд рахиз,

Нывондӕн уӕ алчи ӕрхаста йӕ уд,

Уӕ зынаргъ тугӕй балхӕдтат Уӕлахиз

Ӕмӕ уын зӕгъӕм мӕрдты рухсаг ут! (хъуысы зарæг)

Литературный монтаж к 9 мая



© 2010-2022