Гом урок Фæндагсар Уастырджи (11 класс)

  Темæ: Фæндагсар Уастырджи Нысан: 1). Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын                   2). Уацауы сæргæндты мидис лæмбынæг бацамонын.   Хъомыладон хæс: 1. Фыдæлты цард зæрдыл æрлæууын кæнын. 2. Нæ адæмы æфхæрджыты зонын.                         УРОЧЫ ЦЫД: 1.     Организацион хай 2.     Рацыд æрмæгæй бафæрсын, бафидар кæнын фæрстытæм гæсгæ. 3.     Цавæр у уацауы темæ? 4.     Равзарут фæзминаг колхозонты фæлгонцтæ. 5.     Æрдзурут Æхсар æмæ Зæлинæйы рæсугъд уарзондзинадыл. 1.       Ног ц...
Раздел Классному руководителю
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Гом урочы пълан

Ахуыргæнæг Гуытъиаты Индирæ

24.10.2010 аз.

Темæ: Фæндагсар Уастырджи

Нысан: 1). Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын

2). Уацауы сæргæндты мидис лæмбынæг бацамонын.

Хъомыладон хæс: 1. Фыдæлты цард зæрдыл æрлæууын кæнын.

2. Нæ адæмы æфхæрджыты зонын.

УРОЧЫ ЦЫД:

  1. Организацион хай

  2. Рацыд æрмæгæй бафæрсын, бафидар кæнын фæрстытæм гæсгæ.

  3. Цавæр у уацауы темæ?

  4. Равзарут фæзминаг колхозонты фæлгонцтæ.

  5. Æрдзурут Æхсар æмæ Зæлинæйы рæсугъд уарзондзинадыл.

    1. Ног цардагур фæцыдысты Дзахо йæ усимæ ног бæстæм, цæмæн?

Куыд суазæг кодтой Æхсæйнаг хъæу сæ уазджыты?

Куыд иста Дзахо йæ мызд адæмæй?

2 хай

Фыццаг зымæгыл куыд сæмбæлдысты ног бæсты. Дзахо куыд цæттæ кодта фæндагмæ?

Куыд дардта йæхи Дзитта? Цы куыст кодта, адæмæн куыд æххуыс кодта?

Дзахо арæх маст кодта сæ цардыл æмæ та иу бон Дзиттайæн йæ хъуыдытæ райхæлдта.

Цы бæрæг ис, не ' фсины кæдмæ нæ бахъæудзæн ам бамбæхсын? Кæм цардыстæм, уым нæ къона хæлд у. Кæд ма лæппу æгас у, уæд! Гуырысхо нæ кæнын, бацагурдзæн нæ æмæ нæ цæйнæфæлтау искæй фæсдуар æрæййафа, фæлтау нæ мæлæт хуыздæр. Уæд та нæхицæн иу къуым самал кæниккам.

Бирæ хъуыдыйы фæстæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: Дзахо хъуамæ сараза хæдзар.


  1. Дардбæстаг уазджытæ.

1). Геологты æрбацыд хæхбæстæм стыр цины хабар уыд се 'рбацыд, уæлдайдæр æм исты æрзæт куы разына, уæд æм уæрдонвæндаг кæй скæндзысты.

Куыд хуыдта геологты хистæр Никъала Дзахойы?

Дзахо у цивилизации æмæ горæттаг сæудæджеры зыд кæй зондахастмæ нæ бахæццæ, ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ зондджын адæймаг. Дзахо Никъалайæн раргом кодта, сæ иунæгмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, кæм ис уый зонгæ дæр кæй нæ кæнынц.

Никъала зæрдылдарæнæн ныууагъта бинокль.

  1. Фæндагсар Уастырджи

  1. Зымæг йæ тæккæ карзы бацыд. Дзахо хаты йæ зæрдæйæ, бæлцæттæ тыхст уавæры кæй сты, сæ размæ суайын сфæнд кæны. Дзитта уæлдай ницыуал зæгъы. Канд ацы иу хатт нæу Дзиттайы мæт æмæ сагъæс.

  2. Дзахо куыд фервæзын кæны бæлцæтты?

  1. Фæрнджын лæг æнамонд никæд вæййы.

Фæрнджын адæм сты Дзахо æмæ йæ ус. Хуыцау сыл уый тыххæй ауды æмæ цасдæр рæстæг цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый сæ баййæфта. Фæзынд сæ хъæбул: æрцыд сæм, нæ йæ базыдта Дзахо, фæлæ Дзитта, уый нæ рæдийы, мады зæрдæ никуы сайы, ацы хатт дæр та уый раздæр базыдта йæ фырты.

«Фæндагсар Уастырджи»-йы сюжет.

Зæхкусæг ирон лæг Дзахойы фырт йæхи æфхæрын нæ бауагъта, æлдары фыртимæ бацæуы æмæ йæ амардта. Мæгуыр лæппу йæ фыды уæзæгæй фæхауæггаг. Дарддæр ахæстон, сыбыры каторгæ.

Цы баисты йæ ныййарджытæ. Дзæгъæл ныууагътой сæ хæдзар æмæ алыгъдысты. Кæдæм, уый зонгæ дæр нæ кæнынц.

Лигъдæттæ æрбафтыдысты Ручъы коммæ.

Æхсæйнаг хъæу сыл зæрдиагæй бацин кодта. Дзахо æмæ Дзитта сæхæдæг дæр тынг хорз равдыстой сæхи адæмы 'хсæн.

Дзахо ныллæууыд фæндагаразæгæй. Дзитта кодта къуымбилы куыст.

Дзахо æмæ Дзитта лидзинаг фесты сæ бæстæй. Сæ фырт æлдары лæппуйы куы амардта, уæд æрæфтыдысты Хуссар Ирыстонмæ Ручъы коммæ. Æхсæйнаг хъæу сæ хорз суазæг кодта. Æрцардысты Гæвдийы хæдзары. Фысымтæн радзырдта йæ ралыгъды хабар. Тынг сæ сбуц кодтой æгасхъæубæстæ, уæлдайдæр та фæндагаразæгæй куы ныллæууыд, уæд.

Кæронбæттæн.

Фæрстытæм гæсгæ бафидар кæнын роман.

  1. Цæмæн фæхауæггаг сты сæ райгуырæн бæстæйæ Дзахо æмæ Дзитта?

  2. Куыд сæ суазæг кодтой Æхсæйнаг хъæу?

  3. Куыд фембæлдысты геологтыл, цы агуырдтой хæхтыл?

  4. Цавæр уацмысы мА æвдисы хæхбæсты æвадат цард? Дзесты куыдзæг «Хорхæссæг».

  5. Куыд æмæ сæм кæд æрцыд сæ лæппу?

  6. Куыд сæ арвыстой Æхсæйнаг хъæу сæ райгуырæн бæстæм?

  7. Кæм арвыста йæ цард сæ лæппу æлдары фырты амарды фæстæ?



© 2010-2022