Клубный час. «Здоровые дети в здоровой семье»

 «Здоровые дети  в здоровой семье»   Цель проведения:  - учиться быть здоровым душой и телом; - стремиться творить своё здоровье (сохранять и укреплять здоровье); - расширение кругозора учащихся.     Ход мероприятия:     «Я введу тебя в мир того, каким надо быть, чтобы быть Человеком - Умным, Красивым и Здоровым»   (Эммануил Кант)   В настоящее время остро встала проблема болезненности населения. Все чаще и чаще мы узнаем о болезнях, которые добавляет нам экология, загрязненность воды, ненатурал...
Раздел Классному руководителю
Класс -
Тип Видеоуроки
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

1-аг амонæг: Зондабитæ, Зондабитæ!

Нæ бæрæгбон æрцыд!

Нæртон æвзаджы байбынтæ -

Цыкурайы фæрдыг.

2-аг амонæг:

Сæ бæрæгбон Зондабитæн

Дæумæ дæр сиды ног.

Нæртон æвзаджы байбынтæ

Ныр арвы дуарау гом.

1-аг амонæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Алы боны 'гас нæм цæут!

2-аг амонæг: Хистæрæй, кæстæрæй! Дунейы фарн уыл узæлæд æмæ уе 'ппæты дæр нæ бæрæгбоны хорзæх уæд!

(Къухæмдзæгъд )

1-аг амонæг: нæ абоны интеллектуалон хъазт арæзт æрцыд нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы кадæн, нæрæмон Къостайы номыл.

2-аг амонæг: Нæ зынаргъ Зондабитæ! Равдисут уæ зонындзинæдтæ æмæ уæ арæхстдзинад нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ! Абоны хъазты чи амбула, уый уæлдай кад æмæ буцы аккаг у. Уымæн æмæ йæ уæлахиз, Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ хорз кæй зоны, ууыл дзурæг уыдзæн. Къоста та нæ Ирæн у йæ лæугæ хох, йæ цæугæ мæсыг!


1-аг амонæг:

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, нæ фыдæлты æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!


2-аг амонæг:

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд…
Ныззарыд уæд Ирон лæппу - Къоста -
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

2-аг амонæг: Къоста æмæ ирон æвзаг. Ирон æвзаг æмæ Къоста. Куыд æнгом баст сты, куыд адджын сты ироны зæрдæйæн!

Цымæ уæ чи хуыздæр зоны Къостайы сфæлдыстад, чи у арæхстджындæр æмæ æрхъуыдыджындæр? Чи уæ хуыздæр зоны «Ирон фæндыр»- Уый сбæрæг уыдзæн абон!

1-аг амонæг: Хъазты архайджытæ! Бавзарут уе 'ппæт дæр уæ хъару, равдисут уæ арæхстдзинад, уæ зонындзинæдтæ! Райдыдтам нæ хъазт!

Нæ хъазт арæзт у цыппар этапæй ,алы этапæн дæр аргъ кæндзысты нæ зынаргъ жюрийы уæнгтæ.Уыдон сты

______________________________
_______________________________
_______________________________

Нæ хъазты фыццаг хайы хъуамæ командæтæ бацамоной сæхи æмæ зæгъой сæ девиз. Жюрийы уæнгтæ хъусдзысты лæмбынæг æмæ æвæрдзыстæ командæтæн баллтæ.

Табуафси ныхасы бар нæ командæтæн

2-аг амонæг: Хъазты дыккаг хайы лæвæрд цæудзæнис фæрстытæ командæтæм,раст дзуапп чи ратта,уымæн лæвæрд æрцæудзæн 3 баллы. Раст дзуапп цы командæ ратта,уымæн бар лæвæрд æрцæудзæн иннæ фарстæн дзуапп раттын.дзуаппытæ уыдзæнис баххæст кæнæн дæр.Уый тыххæй дæр командæйæн лæвæрд æрцæудзæнис балл,жюрийы уæнгты цæстæнгасмæ гæсгæ.Дыккаг хайы фæстæ ныхасы бар ратдзыстæм жюрийы уæнгтæн æмæ нæ уыдон базонгæ кæндзысты командæты уавæримæ.

1-аг амонæг: 1-аг фарст. Кæй мысы Къоста ацы рæнхъыты:

Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.

2-аг амонæг: 2-аг фарст

Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.

1-аг амонæг: 3-аг фарст

Кæмæн фыст æрцыд поэмæ «Фатимæ»-йы бацæуæны акростих?

2-аг амонæг: 4-æм фарст

Цавæр зындгонд уырыссаг нывгæнджытæ ахуыр кодтой Къостаимæ Аивæдты академийы?

1-аг амонæг: 5-æм фарст

Кæй сывæллæтты сурæттæ равдыста Къоста йæ зындгонд нывы «Дурсæтджытæ»?

2-аг амонæг: 6-æм фарст

Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у æмдзæвгæ:

«О,о,! - бирæгъ загъта, -

Ма рох кæн дæ дзырд»,-

Арсы уым фæуагъта, -

Мехъ кæмдæр фæцыд…

1-аг амонæг: 7-æм фарст

Кæд рацыдис фыццаг хатт мыхуыры Къостайы «Ирон фæндыр»? Уырыссаг культурæйы царды цавæр цауимæ баст уыд йæ рацыд?

2-аг амонæг: 8-æм фарст

Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»?

1-аг амонæг: 9-æм фарст

Цæмæн у Къоста нымад ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы бындурæвæрæгыл?

2-аг амонæг: 10-æм фарст

Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд æрцыд?

1-аг амонæг: 11-æм фарст

Цавæр бастдзинад ис се 'хсæн: грекъаг - Эзоп, французаг - Лафантен, уырыссаг - Крылов, ирон - Къоста.

2-аг амонæг: 12-æм фарст

Ранымайут, Къоста цы литературон жанрты фыста, уыдон.

1-аг амонæг: 13-æм фарст

Куыд баст у Къостайы ном ирон чызджыты фыццаг скъолаимæ? Ирон чызджыты скъола цы бæстыхайы уыд, уый кæм ис?

2-аг амонæг: 14-æм фарст

Цавæр баснятæ ныффыста Къоста ирон æмбисæндты бындурыл?

2-аг амонæг: Уæ хорзæхæй, нæ кадджын жюри, чи хуыздæрæй равдыста йæхи ацы хъазты? (Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.)

1-аг амонæг: Нæ хъазты æртыккаг хайы архайджытæ равдисдзысты сæ дзырдаивады арæхстдзинад. Цымæ уæ чи хуыздæр радзурид Къостайы æмдзæвгæ?

( командæйæ рацæуы иу скъоладзау, кæсы æмдзæвгæ,жюри йын аргъ кæнынц)

2-аг амонæг: Нæ хъазты цыппæрæм хаймæ командæтæ хъуамæ бацæттæ кодтаиккой цыбыр сценкæтæ æмæ сæм мах ныртæккæ бакæсдзыстæм.Хъазты бæрзонддæр балл уыдзæн 10 баллы.

Командæтæ æвдисынц сæ сценкæтæ

8 «А»_____________________

8 «Б»________________________

2-аг амонæг: Куыд уæм кæсы, жюрийы уæнгтæ, чи амбылдта ацы хъазты ?

(Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.)

Нæ абоны хъазты æппæтæй хуыздæр зонындзинæдтæ равдыста командæ ____________________ Ацы командæ бацахста 1-аг бынат. Арфæ уын кæнæм.

2-аг бынат лæвæрд цæуы командæ ___________________

Арфæгонд ут, …..

Арфæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ командæйæн.

КÆРОНБÆТТÆН








© 2010-2022