Мамсуров Дабе ( 7 класс)

Раздел Классному руководителю
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Адœймаджы ном
зынаргъ ӕмᴂ кадджын у

(Мамсыраты Д. радзырд

«Хъӕндил»-ма гӕсгӕ)




5-ӕм гимназы ирон ᴂвзаг

ӕмᴂ лит.ахуыргӕнᴂг

Бутаты Ф.Б.

Гом урочы пълан

Зонӕны нысан : 1.Бамбарын кӕнын , адӕймаджы ном зынаргь ӕмӕ

кадджын цӕмӕй у , уый .

2.Бакусын сывӕллӕтты ныхасы рӕзтыл. Ахуыр

кӕнын адӕмон сфӕлтыстадӕй пайда кӕныныл.

3.Адӕймаджы кад ӕмӕ намыс ,лᴂгдзинад ᴂмᴂ хъару

цай мидӕг сты , уый ӕмбарын кӕнын.

Зонӕны хуыз: Зонӕн-беседӕ .


Зонӕны эпиграф: Нӕу сусӕг хорзӕн йе' цӕг ном , Налатан та-йᴂ

фӕсномыг.

Къоста

Æнцойгӕнӕн дзырдтӕ : номдзыд-кадджын,зынгӕ,хъуыстгонд
номарӕн-нывонд дзырд (посвящение)
номхӕссӕн-ном хӕссы ӕрмӕст

фӕсномыг-мӕнгном


Дзырдуатон дзырдтӕ : сӕрмагонд,худинаггӕнӕг ,дӕлдзӕх .


Æмбисӕндт ӕ ӕмӕ базырджын ныхӕстӕ:
-Йӕхицӕн ном скодта.
-Номдзыд лӕг зынаргъ у.
-Ном зынаргъ ӕмӕ кадджын у.
-Номӕй лӕгмӕ дзурынц.
-Ном лӕггӕнӕг нӕу.

Текст : Алы адӕймаӕгн дар ис сӕрмагонд ном. Æнӕ ном ничи у.Ном вӕййы хорз лӕгӕн дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕн дӕр.Ном ,дам,фӕкӕсынмӕ у .Афтӕ-иу дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ.

Фӕлӕ уый бынтон раст ну.Хорз лӕгӕн йӕ ном нӕ сӕфы : цӕргӕйӕ йын баззайы йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр,сӕдӕгай,мингай азты дӕргъы.Ахӕм адӕймагӕй фӕзӕгъынц : йӕхицӕн скодта ном.
Фӕлӕ айхъуысы худинаггӕнӕджы ном дӕр.Уымӕй та фӕзӕгъынц йӕ ном фесӕфӕд , ис та йӕ ном авд дӕлдзӕхы, зӕгъгӕ.

Зонӕны цыд.

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг .
    1. Фонетикон зарядка.

  2. Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

Сабитӕ , абон мах нӕ ныхас дарддӕр кӕндзыстӕм Мамсыраты Дӕбейы радзырд «Хъӕндил»-ыл.
Нӕ зӕрдыл ма цыбыртӕй ӕрлӕууын кӕнӕм.


Æвзаргӕ каст : -Чи уыдис Хъӕндил?
-Цавӕр цард ын уыд?

-Цӕмӕн рауад Хъӕндилӕй магуса?
-Цӕмӕй тӕрсы Хъӕндил ӕппӕтӕй тынгдӕр?
-Цы у,цымӕ адӕймаджы царды насан?

Зӕгъут-ма мын ,цӕмӕн ис нӕ уацмысы хъайтарыл «Хъӕндил» ном?
Уый адӕймаджы ном у ави цы у?(Фӕсномыг)
Уœдœ цы хуындис йе'цœг ном та? Чермен.


Æвзаргӕ каст : тексты ссарын ӕмӕ бакӕсын,ном ыл куыд ӕвӕрдтой , уыцы бынат.

3.Ног ӕрмӕгыл бакусын.
Сывӕллӕттӕ , сымах никуы ахъуыды кодтат,цымœ цӕмӕн ӕрхъуыды кодтой адӕм кӕрӕдзийӕн нӕмттӕ дӕттын?

Байхъусӕм ма таурӕгъмӕ (Хъусӕм таурӕгъмӕ ӕмӕ дзуапп дӕттӕм уӕлдӕр лӕвӕрд фарстӕн)
Бакӕсӕм-ма фӕйнӕгӕй нӕ текст дӕр .Цымӕ нын уым та загъд цӕуы адӕймаджы номы тыххӕй(кӕсӕм текст, ӕвзарӕм ,кӕнӕм лексикон ӕмӕ фонетикон куст).

Фӕлӕ фесӕфт ном. Номӕн кад скӕнын чи бафӕразы ,уымӕн та уӕлӕуыл баззайы йӕ кадджын ном мыггагмӕ.


-Зӕгъут-ма мын,сабитӕ,уырыссаг номдзыд адӕмӕй та кӕй зонут?
Кӕсут-ма,зонӕм сӕ мыггӕгтӕй.
-Ныр та ма мын ӕзгъут,Ирыстоны номдзыд адӕмӕй та кӕй зонут?
-Цӕмӕй номдзыд сты?Цы зонӕм,цӕмӕй зындгонд сты?

Сабитӕ, кӕсут-ма, ӕрмӕст сӕ нӕмттӕ сын куы зӕгъӕм,уӕддӕр йӕ бамбарӕм,кӕй кой кӕнӕм ,уый.
Уый та , ӕвӕццӕгӕн дзурӕг у ууыл ӕмӕ ирон адӕммӕ царды стырдӕр банат ахсы ном.


-Уӕдӕ ма мын зӕгъут, уӕлдӕр цы номдзыд адӕмы кой кодтам,уыдон кӕд цардысты?Зӕгъӕм Ос-Багъатр ,Чермен.
-Æмӕ кӕд раздӕр цардысты,уӕд цымӕ цы хуызы ӕрхӕццӕ сты сӕ нӕмттӕ абоны онг?
-Куыд кад кодтой ирон адӕм сœ национ хъайтартӕн?(Бабӕттын ирон адӕмон сфӕлдыстадимӕ: таурӕгътимӕ, хъайтарон зарджытимӕ).
-Цымœ- иу цы зӕгъинаг уыдысты номӕвӕрджытӕ та ахӕм кадджын адӕмы нӕмттӕ ноггуырдтыл ӕвӕргӕйӕ.Уӕмӕ-иу ӕнхъӕлмӕ кастыты фидӕны лӕгмӕ ?

ᴁвӕццӕгӕн иу сӕ фӕндыд,уыцы номдзыд адӕймаджы хорз миниуджытӕй,ныфсӕй,зондӕй лӕгдзинадӕй хайджын куыд фауа ,йӕ ном ын цы чысыл сабийыл ӕвӕрынц ,уый.


Мӕнӕ ма бакӕсӕм на фыдӕлтӕм адӕймаджы ном куыд бӕрзонд ӕвӕрд уыд ӕмӕ йӕм цы домӕнтӕ уыд,уыма.
(кӕсӕм фӕйнӕгӕй ӕмб. ӕмӕ баз.ных. , ӕмбарын сӕ кӕнӕм)


-Фӕлӕ мӕнӕ диссаг.Уӕдӕ кӕд ӕмӕ ном ахӕм кадджын уыд ӕмӕ у нӕ адӕммӕ,уӕд ма нӕ уӕмӕн бахъӕуы цымӕ фӕсномыг та?
-Цавӕр ӕууӕлтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕмӕ ӕвӕрд ӕрцӕуы?


4.Зонӕнӕй хатдзӕгтӕ скӕнын.
1.Сабитӕ,нӕ абоны зонӕны сӕйраг ныхас цӕима баст уыдис?
2.Цы базыдтам ногӕй номы тыххӕй?

3.Адӕмон сфӕлдыстадӕй та цы базыдтам ногӕй номы тыххӕй!
4.Уӕдӕ ма мын зӕгъут,уымӕ цы у растдӕр :ном лӕггӕнӕг у , ӕви адӕймаг йӕ цардӕй йӕ митӕй скӕны йӕхицан ном?
Бакӕсӕм-ма нӕ зонӕны эпиграф.Цы зӕгъы на Иры номдзыддӕр лӕг Къоста номы тыххӕй?
5.Лӕг хъуамӕ йӕ номы аккаг уа?
Уӕдӕ кӕд нӕ радзырды сӕйрӕг хъайтарыл дӕр фӕсномыс йӕ номы аккаг нӕй нӕ уыд,уый тыххӕй ӕвӕрд ӕрцыд нӕ уӕм кӕсы афтӕ?


5. Х/к

1)Лит.-йы тетр. хӕдзары ныффыссын цыбыр нывӕцӕн:йӕ номы аккаг у. 2)Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.




© 2010-2022