Конспект урока по осетинскому языку на тему Числительное

Раздел Классному руководителю
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Нымæцон (Фæлхат кæнын)

Урочы нысан: 1 Ныффидар кæнын рацыд æрмæг нымæцонтæй.

2 Бакусын скъоладзауты

ныхасы рæзтыл.

3 Уарзын кæнын

Райгуырæн бæстæ.



Цæстуынгæ æрмæг: 1 Фæйнæг

2 Цæстуынгæ æрмæг

3 Карточкæтæ

4 Чингуытæ ирон æвзаг

6 къл.

Урочы цыд

  1. Организацион хай.

2 -Уǽ бон хорз, скъоладзаутæ! Абон нæм уазджытæ ис, уазæг та Хуыцауы уазæг у, фæзæгъынц Ирыстоны æмæ сын æгас цæут зæрдиагæй зæгъæм.

3 -Скъоладзаутæ уæ тетрæдтæ бакæнут æмæ ныффысут абоны нымæц.

Æртхъирæны мæйы 18-æм бон

Къласы куыст.

Темæ: Нымæцон.

4. Зæгъын урочы нысан.

Скъоладзаутæ абон нæ урочы ныффидар кæндзыстæм нымǽцоны тыххǽй цы базыдтам, уый.

Бакусдзыстǽм нǽ ныхасы рǽзтыл.

- Цы хонǽм нымǽцон?

(Предметты нымǽц кǽнǽ предметты рǽнхъǽвǽрд цы ныхасы хай ǽвдисы, уый хуыйны нымǽцон)

-Сǽ нысаниуǽгмǽ гǽсгǽ цавǽртǽ вǽййынц нымǽцонтǽ?

Бǽрцон ным. Фондз, ссǽдз.

Рǽнхъон ным фǽндзǽм дǽсǽм

Дихон ным фǽндзгай дǽсгай мингай

Мурон ным Фондз дǽсǽм хайы (5/10)

-Нымǽцонтǽ сǽ арǽзтмǽ гǽсгǽ цавǽртǽ вǽййынц?

А) Хуымǽтǽг ным ( сты иугай уидǽгтǽй) иу,дыууǽ

Б) Вазыгджын ным (сты дыгай кǽнǽ ǽртыгай уидǽгтǽй) иуǽндǽс , дыууадǽс.

В)Амад ным (арсты цалдǽргай хицǽн дзырдтǽй) дыууын иу , ǽртын фондз.

5 Хǽдзармǽ куыст сбǽрǽг кǽнын.

(Ныффыссын хæдзары бинонты тыххæй нымæцонтæй пайдагæнгæйæ.)

6 (дыууǽ хуызы нымадǽй ныффыссын нымǽцонтǽ)

52, 60, 65, 70, 74, 95, 200.

Дзырдуатон куыст.

7 Хǽс: (Дзырдтǽн сраст кǽнын сǽ рǽдыдтытǽ.)

Дыуǽ, сǽдз, ǽвдтǽс, фындтǽс, цыпǽрдǽс, сǽдǽфǽндзайиу

тǽс, дыгкаг, дыуиссǽдз, фарастссǽдзы.

8. Ныффыссын нымǽцонтǽ ǽртǽ къордǽй.

Хуымǽтǽг ным. Вазыгджын ным. Амад ным.

Дыууǽ(х), ǽвдай(х), иуǽндǽс(в), ǽртын фондз(а), дыууадǽс(в), мин(х) дыууын иу(а), ǽвдай авд(а), ссǽдз(х), цыппǽрдǽс(в), сǽдǽ цыппар(а), сǽдǽ ǽртын фондз(а), ǽртиссǽдз(в).

9. Дзырды хǽйттǽм гǽсгǽ равзарын дзырд

(Дǽсазыккон)



10. Урочы нысан ахуырдзаутǽн бамбарын кǽнын.

Абон нǽ урочы нысан у хуыздǽр базонын кǽм цǽрут, кǽм рǽзут уыцы горǽты, хъæуы тыххǽй. (Ах. кǽсы эпигрǽф)



Ды дǽ мǽ цин , мǽ цардамонд,

Фыдыбǽстǽ, дǽуǽй

Мǽнǽн зынаргъдǽр, адджындǽр

Нǽ уыди ǽмǽ нǽй.

(Кочысаты М)











11 Беседǽ:

Цы зǽгъынмǽ хъавы лирикон хъайтар ацы рǽнхъыты?

(Лирикон хъайтар ацы рǽнхъыты ǽргом кǽны уарзондзинад Фыдыбǽстǽмǽ).

Райгуырǽн бǽстǽ! Фыдыбǽстǽ! Цавǽр нысаниуǽг ис ацы дзырдтǽн?

(Алы адǽймаг дǽр райгуыры искǽцы хъǽуы,

горǽты. Уый хоны йǽ Райгуырǽн бǽстǽ,

Фыдыбǽстǽ.)



Уǽдǽ ма мын зǽгъут, цавǽр ǽмбисǽндтǽ зонут Райгуырǽн бǽстǽйы тыххǽй?

1 Райгуырǽн бǽстǽ ныййарǽг мадау адджын у.

2 Райгуырǽн бǽстǽйы чи нǽ цǽры, уый царды ад нǽ зоны.

3 Райгуырǽн бǽстǽйǽн йе взǽр дǽр адджын у.


Уǽдǽ махǽн не стыр Фыдыбǽстǽ куыд хуыйны?

(Махǽн не стыр Фыдыбǽстǽ у Уǽрǽсе, йǽ сǽйраг сахар-Мǽскуы)

Нǽ чысыл рагуырǽн бǽстǽ та куыд хуыйны?

(Нǽ чысыл Райгуырǽн бǽстǽ та у Цǽгат Ирыстон,йǽ сǽйраг сахар та у Дзǽуджыхъǽу.

Уæдæ сымах цы хъæуы рǽзут уый та куыд хуыйны?

(Кировыхъǽу. Цы зонут уǽ райгуырǽн хъǽуы тыххǽй?)



12 Радзурǽм уǽдǽ ǽмдзǽвгǽтǽ нǽ райгуырǽн зǽххы тыххǽй.

Мǽ зынаргъ уарзон хъǽу,

дǽ кадǽн мæ зарæг зардзынæн хъæрæй.

Цæмæй æппæт дунейы адæм

Мæнау сæрыстыр уой дæуæй.



Мǽ райгуырǽн бǽстǽ,

Дǽуыл у мǽ зарǽг,

Мǽ худт дǽр,мǽ хъазт дǽр,

Мǽ цин дǽр ды дǽ. (Датиты Дзантемыр)



О. ме схъомылгǽнǽг Ирыстон,

Ǽз дǽн дǽуǽн дǽ туг, дǽ хъǽстǽ.

Ды дǽ мǽ фыд, ды дǽ мǽ мад,

Ǽнǽ дǽу састбазыр цǽргǽс дǽн

Ǽнǽ дǽу циу мǽ цард, мǽ кад? (Плиты Х)

13 Нǽ зǽрдыл ма ǽрлǽууын кǽнǽм нǽ зындгонд адǽмы.

Хъазт. Ахуыргǽнǽг ǽххуыссǽн дзурдзǽн хъуыдыйǽдтǽ.

Фарст: Уый уыдис Ирыстоны зынгонд адǽймǽгтǽй иу.

1-аг ǽххуыс: Ирон ǽвзаг хуыздǽр чи зыдта уыцы адǽмǽй иу.

2-аг ǽххуыс: Нывгǽнǽг.

3-аг ǽххуыс: Публицист.

4-ǽм ǽххуыс: Поэт.

5-ǽм ǽххуыс: Райгуырди Нары хъǽуы.

(Хетǽгкаты Къ.)

Фарст: Йǽ зонындзинǽдтǽ ирон ǽвзаг ǽмǽ истори иртасынǽн нǽ бавгъау кодта

1-аг ǽххуыс: Нǽ цǽугǽ мǽсыг.

2-аг ǽххуыс: Академик.

3-аг ǽххуыс: Ныффыста ирон ǽвзаджы «Историон-Этимологон дзырдуат»

4-ǽм ǽххуыс: Йǽ мыггаг уыд Абайтǽй.(Абайты В)

Фарст: Уыд хъǽбатыр ǽмǽ ныфсхаст.

1-аг ǽххуыс: Зындгонд хǽстон.

2-аг ǽххуыс: Тох кодта нǽ Райгуырǽн бǽстǽйы знǽгты ныхмǽ.

3-аг ǽххуыс: Уыд инǽлар, Советон Цǽдисы дыууǽ хаты хъайтар.

4-ǽм ǽххуыс: Йǽ мыггаг уыд Плитǽй. (Плиты И)

Кǽй ма зонут Иры номдзыд хъǽбултǽй?

(Тǽбǽхсǽуты Б.), (Гергиты В), (Ǽлборты Б),( Андиаты Сослан).

Хъазт: «Цы уыд уǽд?»

1859 аз (Хетǽгкаты Къ-йы

гуырǽнбон), 1923 аз (рацыд г. «Рǽстдзинад»), 1764 аз (байгом 1-аг ирон скъола Мǽздǽджы), 1900 аз (Райгуырд Абайты В)

14 Номдартǽ раст кǽнын нымǽцонтимǽ.

15, лǽг 1, адǽймаг

69, аз 34, чиныг

157, фарс 5, ǽмбисонд

19,чызг 17, боныг



Хъуыдыйады уǽнгтǽм гǽсгǽ равзарын Хъуыдыйад.

Ǽз абон райстон фондз.

Кǽцы дзырд у ам нымǽцон? ---фондз

Пълан



  1. Райдайǽн формǽ.

  2. Бǽрцон, рǽнхъон,дихон у ǽви мурон?

  3. Хуымǽтǽг, вазыгджын,амад?

  4. Кǽцы хауǽны ис?

  5. Кǽцы нымǽцы ис?

  6. Хъ\ды уǽнгтǽй цы у?

15 Хатдзǽгтǽ.

Цǽуыл ныхас кодтам абон нǽ урочы?

(Нǽ урочы ныхас кодтам нымǽцоныл, нǽ Райгуырǽн бǽстǽйыл, нǽ Ирыстоны зындгонд адǽмыл.)



16 Уæдæ ма мын уыци-уыцитæ дæр базонут:

1 Иу лæгæн 12 фырты (афæдз)

2 Асиатыл 7 кæрцы (хъæдындз)

3 Æртæ æфсымæрæн иу нымæт (фынг 3къ)

4 Нарты Уырызмæгæн фондзыссæдз кæрцы (къабуска)



© 2010-2022