Воспитательное мероприятие. Мама-нежное слово

Кабинеты фæлыст: сылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы ныхæстимæ, магнитофон, музыкæ,къултыл ауыгъд сывœллœтты конд нывтœ ,сœ мадœлты сурœттœ.Бœрœгбоны фœстœ алы ныййарœг дœр хъуамœ ссара йœ сурœт. Æз – сылгоймаг – цардаразæг фарн дæн, Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн. Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн, Æз цъæх уалдзæг, цины зар...
Раздел Классному руководителю
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Хетœгкаты Къоста …Нœ лœугœ хох ,нœ цœугœ мœсыг

Уœдœ йын œндœр куыд схонœн ис ?Уый у ирон адœмы ныфс,нœ литературœйы астœуккаг цœджындз.Къостайы саджы фисынтыл амад поэзии райгуырдис Ирыстоны сагъœстœй.Уый поэты зœрдœйы арфœй рагуылф кодта Къасарайы нарœг комыл, анхъœвзт œгас бœстœйыл,дунейыл…

Хетœджы фырты сфœлдыстад у аргъœутты œнœбын цадау. Цас œм арфдœр ленк кœнай,уыйас ноджы цымыдиссагдœр у. Адœймаджы раз байгом вœййы поэзийы œбœрœг дуне…Œмœ уый хуымœтджы нœу.Поэты уацмыстœ уœле - исгœ ,бынœй-ахадгœ сты.Цал фœнды хатты сœ бакœс,-фендзынœ сœ ногдзинад,кœй никуы фехъуыстай ,ахœм диссаг.

Œмœ куыннœ!Сабийœ сœ чи бакœсы,уымœн зœронды бонтœм йœ туг,йœ зонды баззайынц.Нœй сын ферохгœнœн.Ирыстоны къуымты ахœм адœймаг не ссардзыстœм œмœ поэты уацмыстœй чи нœ зоны.Ома йын сœ исчи ахуыр скœнын кодта ,уый тыххœй нœ -зарджытœ сœхœдœг ссарынц зœрдœмœ фœндаг.Уым ис сœ тых,уым ис Къостайы œнœрцœф курдиаты сусœгдзинад.

Хетœгкаты Къоста у ирон литературœйы œмœ литературон œвзаджы бындурœвœрœг.Йе сфœлдыстадон œмœ œхсœнадон куыст кодта бирœ хуызты.Уый уыдис поэт,прозаик,драматург, театры кусœг,нывгœнœг,публицист œмœ œхсœнадон кусœг.Дзœгъœл-хуымœтœджы йœ нœ хонынц ирон адœмы Леонардо да Винчи.

Къоста райгуырдис 1859 азы 15-œм октябры,цœгат ирыстоны Нары хъœуы,хохаг ирон лœджы хœдзары.Уœззау фыдвадœтты арвыста йœ сывœллоны бонтœ.Хœрз чысылœй баззадис сидзœрœй,œнахъомœй бавзœрста маст œмœ хъуагдзинад.Къоста исдуг ахуыр кодта хъœууон скъолайы,стœй бацыд Стъараполы гимназмœ.

1881азы,бирœ фыдœбœтты фœстœ бацыд Бетъырбухы Аивœдты академимœ ,фœлœ йœ каст нœ фœцис йœ царды зынвадœтты тыххœй.Ирыстонмœ сыздœхт 1885 азы. Къоста сарœхстаид паддзахадон куыстмœ дœр ,фœлœ официалон бюрократи адœймагœн йœ куриат,йœ зонд œмœ ахуырдзинадмœ нœ кœсы .

Уый кœсы лœгœн йœ гœххœттытœ œмœ йœ коммœгœсдзинадмœ.

Кœддœр иу паддзахœн загътой иу стыр композиторы тыххœй,Ома уый музыкœйы гени у œмœ йын баххуыс кœнын хъœуы .Паддзах дзуапп радта:

"Мœн гени композитортœ ницœмœн хъœуынц,мœн хъœуынц коммœгœс дœлбар адœм!".

Афтœ уыд Къостайы хабар дœр.Йœ сœр хъуыд œрмœстдœр йœ адœмы,стœй Кавказы œфхœрд дзыллœтœн се ппœты дœр ,фœлœ хицœуттœн та уыд œрмœстдœр хъыгдарыны хос.Уымœ гœсгœ цалдœр хаты дœр хаст œрцыдис йœ райгуырœн бœстœй.Бирœ фœрахау-бахау кодта,бирœ хъизœмœрттœ бавзœрста.

Стых ыл сты низтœ дœр.Œхсœз мœйы дœргъы Къоста фœхуыссыд Стъараполы рынчындоны.,фœлœ рынчынœй дœр нœ ныууагъта йе сфœлдыстадон куыст.Уыцы рœстœг фыста Андухъапармœ :

"Боныгон уаты нал фœхуыссын.Мœ рынчыны бонты дœргъы бынтон бœстон бакуыстон мœ ирон œмдзœвгœтыл œмœ дзы иуœй-иутœ,œппœлынмœ мын œй ма айс,œмбисонды хорз сты.Ныр сын, цыма, мыхуыры рауадзынœн афон œрцыд,афтœ мœм кœсы"

Къоста хорз зыдта ,йе мдзœвгœтœ цы сты ирон дзырдаивадœн,

уый,фœлœ уœддœр нœ тагъд кодта сœ рауадзыныл.Œрмœст иу афœдз куы рацыд йœ ныхœстыл,уœд фœзынд œмдзœвгœты фыццаг сыгъдœг къухфыст хицœн чиныджы хуызы.Йœ ном ын схуыдта "Ирон фœндыр" .

"26 мая в свет вышла в высшей степени интересная книга-сборник стихотворений на осетинском языке известного на Кавказе поэта-осетина Коста.Коста несомненно даровитый поэт,и это отразилось на его осетинских стихотворениях более,чем на русских,изданных два года тому назад редакцией газеты"Северный Кавказ".Книга издана изящно и стоит недорого,всего 90коп.

Желаем от души ей успеха"

Газет "Казбек"1-œм июны 1899 азы

"Ирон фœндыр" зынтœй райгуырд,Къоста йœхœдœг куыд зынтœй райгуырд,афтœ.Стœй тынг редакцитœœгондœй.Систой дзы"Додой","Азар","Катай","Салдат","Œхсины лœг",Уый стыр маст бауагъта Къостайы,œмœ уыцы мœстœлгъœдœй ныффыста фыстœг чиныджы рацыдыл армдарœг,йœ хœлар Байаты Гаппомœ.Фыстœджы Къоста œргомœй,хъœддыхœй зœгъы ,йе сфœлдыстадмœ цы цœстœй кœсы ,уый.

Байаты Гаппомœ

1889 азы 19 июль

Кœс-ма, Гаппо,дœумœ,чи зоны,œмœ уый хœрз чысыл хъуыддаг кœсы,фœлœ уымœй ды ,нœ дыууœйы œхсœн цы хорз зœрдœйы ахаст ис,уый фехалдзынœ.Œз дын иу хатт œмœ дыууœ хаты нœ загътон тынг зœрдиагœй,цœмœй мœ œмдзœвгœтœ мыхуыры уадзгœйœ,мœ къухфыстытœ œппындœр мацы хуызы ивай,куыд сты раст сœ афтœ аудзай,суанг сœ орфографийы онг дœр.Œз искœцы дзырд куы фœфыссын,уœд œй œндœр хуызы нœ ,фœлœ афтœ фœфыссын зонгœ -зонын ,œз ыл мœ сœр бирœ фœхостон,œмœ бар нœ дœттын нœдœр дœуœн,нœдœр œндœр искœмœн ме 'вастœй уыдон œндœрхуызœттœ кœнынœн,уœлдайдœр та œмдзœвгœтœ,иунœг мыр дœр уœлдай кœнœ хъуаг кœм хъуамœ ма уа,стœй алы дамгъœ дœр авторы снысангод бынаты кœм œвœрд ис,уымŒмдзœвгœ газеты уацхъуыд нœу,иу мскœцы хœппуд œмœ ницымбарœг редактор,куыд œй бафœнда ,афтœ ныххœххытœ кœны.Œ дын лœгъстœ кодтон ,цœмœй мын чиныг рауадзыны агъоммœ фенын кодтаис фœстаг карикатурœ.Ды уый нœ бакодтай,уœвгœ зын гœнœн дœр уыдис.Фœлœ мœ курдиат-къухфыст куыддœриддœр у,афтœ йœ ныууадз,-уый хъуамœ сœххœст кодтаис,œмœ œз куы зыдтаин,мœ орфографии мын афтœ œнœфсарм сœндœрхуызœттœ кœндзынœ œмœ иуœй-иу дзырдтœ та œндœр дзырдтœй баивдзынœ,уый,уœд,ард дын хœрын,мœ къцхфыст дœумœ радтыныл ницы хуызы сразы уыдаин…мœ чиныг райсынмœ œз œнхъœлмœ кастœн стыр цингœнгœйœ,фœлœ мын ды уыцы цин фенад кодтай.Ныртœккœ дœр мын фадат куы уаид,уœд œрœмбырд кœнин чинджыты œппœт экземпляртœ дœр œмœ ,сœ фœд дœр куыд никуыуал баззайа,афтœ сœ басудзин.

Œз куыд фыссын ,уый раст кœй у ,ууыл дзурын мœ бон у кœддœриддœр ,œмœ дœуœн дœр œмœ,мœ орфографийыл разы чи нœу,уыдонœн се ппœтœн дœр œмбœлдис мœ орфографии ме вастœй ивыны агъоммœ мœн бауырнын кœнын ,ды куыд фыссыс ,афтœ œнœмœнг раст у ,уый.Œ та дœу ,бахатыр кœн,фœл ирон œвзаджы œгъдауœй нœ нымайын нœдœр Пушкиныл,нœдœр Гротыл.Уымœ гœсгœ мœм ацы ран дœ ми фыдракœнонд кœсы юридикон œгъдауœй дœр œмœ œфсармы œгъдауœй дœр…Адœттœ дын œз дзурын тынг зœрдиагœй,мœ маст тыххœйты уромгœйœ.Œз мœ дзырдтœй базар никуы кодтон,мœ фыстытœй иу рœнхъœн дœр œхца никуы никœмœй райстон.Œмœ фысгœ дœр ,фыссон œмœ сœ мыхуыр кœнон ,зœгъгœ,ахœм зондœй нœ кœнын,бирœ чидœртœ куыд кœнынц ,афтœ .-Нœ!Ахœм фыстытœн мœ сœ кад дœр нœ хъœуы œмœ йœ пайда дœр …Œ фыссынуый œмœ мœ рыст зœрдœйы мœ бон уромын кœй нал фœфœразын ,œмœ кœд œз ,мœ"хœлœрттœ"мœ куы нал фœуадзынц , уœд сœ коммœ бакœсын œсœ сын се вджид бакœнын мœ сагъœстœ ,уœд уыдонœй дœр домын ,цœмœй кœд сœ мбаргœ нœ кœнынц ,мœ хъуыдытыл œмœ мœ зœрдœйы ахастыл нœ разы кœнынц ,уœддœр сœ œз куыд ныффыстон ,уымœ хъуамœ кœсой уœздан,кад кœныны цœстœнгасœй ,ма сœ ивой сœхимœ гœсгœ œмœ сœ афтœмœй ма œвдисой цыма мœ уацмыстœ сты,афтœ…Дœ джиппœй уагъд чиныджы ме мдзœвгœтœй ,œппындœр œвнœлд кœмœ не рцыд ,ахœмтœ баззад œрмœсдтœр "Тœхуды","Рувас œмœ зыгъарœг" œмœ "Зымœг".Дœ цœсгом дыл œрлœбырœд !Œмœ зон цас дыл œууœндыдтœн уымœн йœ 99% кœй фесœфтай…

Къоста

Къостайы "Ирон фœндыр" идейон œмœ аивадон œгъдауœй афтœ бœрзонд лœууы ,œмœ абоны онг дœр ирон национ культурœйы кусджытœн фœзминаг у..Уыцы чиныджы аивдзинад,œвзаджы сыгъдœг œмœ хъœздыгдзинад,йœ мидисы адœмондзинад,йœ идейœты прогрессивондзинад œмœ революцион демократизм цœвиттойнаг систы ирон культурœйы дарддœры историйœн.

Къоста "Ирон фœндыры" равдыста хœххон мœгуыр адœмы цард,адœмы бœллицтœ œмœ хъуыдытœ ,хœххон œрдзы тызмœг нывтœ:сарœзта диссаджы цардœгас обрœзтœ.Œрмœст йœ иунœг

хатт чи бакœса,уымй дœр никуыуал ферох уыдзысты хœххон мœгуыр адœмы царды нывтœ.

Къоста уыдис реалист,царды œцœгад типикон обрœзты œмœ нывты чи œвдыста ,ахœм фыссœг.Царды œцœгад œвдисгœйœ,архайдта ,йœ уацмысты цы адœймœгтœ œвдыст цœуынц,уыдон цœмœй сœхœдœг типикон уыдаиккой œмœ типикон уавœрты архайдтаиккой.

Хетœгкаты Къостайы уацмысты œвдыст œрцыдысты ирон адœмы хуыздœр миниуджытœ:Фыдыбœстœйы уарзын, цагъаргœнджыты ныхмœ хœцын,ахуырадмœ бœллын,œфхœрд

адœмыл œнувыд уœвын фœллойгœнœг дзыллœты сфœлдыстадон тыхтыл зœрдœ дарын.

Кœд Къостайы уацмысты мœгуыр хœххон адœмы царды нывтœ сœйраг бынат ахсынц,уœддœр уыдон зœрдœйы нœ гуырын кœнынц œнœныфсдзинад œмœ œрхœндœгдзинад.Къостайы поэзии у цардуарзынгœнœг,цардыл тохгœнœгпоэзи.Къостайы уацмысты архайджытœ кœд цыфœнды зынддзинœдтœ œвзœрстой,уœддœр уыдон зœрдœсастнœ уыдысты ,нœ фœлладысты сœ зын цард œмœ куыстœй,сœ каст уыдис размœ ,рухсдœр фидœнмœ.Хœххон царды нывтœ œвдисы се цœг хуызы ,Къосты уыдис мœгуыр адœмы фарс.

Уый фœндыдис цœмœй фœллойгœнœг адœмы цард фœхуыздœр уа,œмœ йе ппœт тыхтœ дœр радта уымœн.Уыцы царды нывтœ œвдисгœйœ Къоста сидтис фœллойгœнœг адœммœ œхсœнадон социалон бындур аивыны тыххœй.

"Додой",,"Œнœ фыййау","Ракœс","Катай" œмœ œндœр œмдзœвгœты Къоста œвдисы фœллойгœнœг дзыллœты социалон œмœ моралон œфхœрд ,сиды уыцы талынг царды ныхмœ тох кœнынмœ .Уый œвдисы Къостайы революцион ахастдзинад.

"Додой",зœгъгœ ,уыцы œмдзœвгœйы поэт œвдисы фœллойгœнджыты œфхœрддзинад œмœ зын уавœр ,экономикон œмœ полтитикон уавœр :

Фидар рœхыстœй нын не уœнгтœ сбастой,

Рухс кувœндœттœй хынджылœг кœнынц,

Мард нын нœ уадзынц,нœ хœхтœ нынбайстой,

Стырœй, чысылœй нœ уистœй нœмынц…

Иугай ныйистœм ,ныууагътам нœ бœстœ,

Фос дœр ма афтœ ныппырх кœны сырд,-

Рауай-ма,рауай нœ фыййау нœ фœстœ,

Иумœ нœ рамбырд кœн арфœйы дзырд!

"Додой" -йы тохы пафос у стыр.Поэт йе œмдзœвгœйы бавœрдта мœтœйдзаг ныхœстœ;адœмы тœрхон йœхимœ чи райста œмœ йœ чи не ххœст кœны ,дзыллœйы мœстœй чи нœ фœриссы,адœмы хъыг кœмœ нœ хъары,уыцы лœгтœм поэт уайдзœфгœнгœ сиды:

Зœй уœ фœласа ,нœ тœрхоны лœгтœ ,-

Иу ма уœ фезмœлœд искуы лœгау!..

Уыцы тœрхоны лœгтœ сœхи адœмы сœрхъуызой хуыдтой,фœлœ уымœй адœмы сайгœ кодтой,уыдон адœмы хъысмœтыл œппындœр нœ мœт кодтой,нœ сœм хъардта адœмы рисс.Уыдон нœ уыдысты Къостайы хœлœрттœ ,кœд сœхи ахœмты хуызы œвдыстой,уœддœр.Уыцы хъуыддаг Къоста хорз œмбœрста ,œмœ ма сын кœд "Додой" се фсарм œрыхъал кœнынмœ хъавыдис,уœд фœстœдœр уырыссагау цы œмдзœвгœ ныффыста"Друзьям-приятелям и всем,кто надоедает мне слезоточивыми советами",зœгъгœ,уым поэт комкоммœ дзуры ,сымах цардœй

хъазœнхъул скодтат,уе фсарм кадыл уœй кœнут,сымах œдзухдœр уыдыстут лœгмартœ ,адœмы бартœ œмœ сœрибардзинад ссœнджытœ .

Уыцы тœрхоны лœгтыл йœ зœрдœ кœй нœ дардта ,разамонœг "фыййаумœ" дœр,уый тыххœй фыста:

Иумœ нœ рамбырд кœн ,арфœйы дзырд !-

Уымœн фœци йœ œмдзœвгœ мастифтыгъд ныхœстœй:

Адœмы фарнœй къœдзœх дœр ныннœры,-

Гъе,мардзœ исчи !-бвнтони сœфт кœнœм!...

"Додойы"хъуыдытœ сты мœгуыр,œнœзœхх œмœ œфхœрд адœмы хъуыдытœ .Йœ масты цœхœр арœзт у ,дзыллœты ахœм уавœрмœ

чи ртардта,уыдоны ныхмœ.Уый та уыд царизм.

Адœм Къостайы сфœлдыстады ахсынц сœраг бынат.Фœлœ Къоста цы адœммœ дзуры ,уыдон кœрœдзи нœма фаг нœма œмбœрстой,фосы бирœгъ куыд ныппырх кœны ,афтœ ныппырх œмœ ныййигœйттœ сты .Къостайы фœндыдис ,цœмœй ирон фœсивœд,фœллойгœнœг адœм бамбœрстаиккой се фхœрœг œмœ сœ марœджы,цœмœй се мбарынад фœтыхджындœр уа.Цœмœй сœ бартыл сдзурой œмœ ссœрибар уой.

Къоста хорз œмбœрста ,адœмы тых,адœмы хъару иудзинады кœй ис,уый.Фœлœ уыцы иудзинад нœ уыдта хохœгты œхсœн. Уœззау рœстœг пъœззыйау бадт уыдоны зонд œмœ бœллицтыл,иугай дœр уымœн ныйисты.Фœлœ Хетœджы -фырт зындзинœдтœй чи фœтœрса ,ахœм нœ уыди - ныццœлхъ кодта адœмы иугœнœг зарœг:

Цœйут ,œфсымœртау,

Радтœм нœ къухтœ

Абон кœрœдзимœ ,

Иры лœппутœ!

Поэты ацы œмдзœвгœ "Балцы зарœг" тырысайау цœры абон дœр ирон адœмы зœрдœты.Уый у сœ уды рœсугъддœр бœллиц,сœ туджы фœдисхъœр.

Къоста тохгœнœг поэт ,тохгœнœг зарœггœнœг уыдис.Къоста бирœ зынтœ,бирœ бœллœхтœ бавзœрста йœ цардвœндœгтыл,бтрœ фœрахау-бахау кодта … Кœд поэзийы бœрзонддœр цъуппытœм схызт,уœддœр ын œнœ Ирыстон ,œнœ йœхи адœм цард ад никуы кодта:

Фœхœссон-ма, загътон,уœддœр,

Фœстœмœ мœ иунœджы сœр

Мœ Ирмœ , мœ райгуырœн бœстœм…

Œнкъард уыд поэты зарœг.Уый не вдœлди хъœлдзœг зарджытœ фыссынмœ,уый судзгœ кодта адœмы мастœй:

Ныббар мын,кœд-иу дœм мœ зарœг

Кœуœгау фœкœса ,мыййаг,

Кœй зœрдœ нœ агуры хъарœг

Уый зарœд йœхи фœндиаг …

Ахœм бирœ ,алыхуызон œмœ аивадон œгъдауœй иттœг тыхджын у ирон литературœйы бындурœвœрœг œмœ корифей Хетœгкаты Къостайы сфœлдыстад;йœ ахадындзинад у иттœг стыр ирон литературœйы историйы,уыдис œмœ ныр дœр у нœ фысджытœн идейон œмœ поэтикон дœсныйады скъола.

Хетœгкаты Къостайы уацмысты œвдыст œрцыдысты ирон адœмы хуыздœр миниуджытœ:Фыдыбœстœйы уарзын, цагъаргœнджыты ныхмœ хœцын,ахуырадмœ бœллын,œфхœрд

адœмыл œнувыд уœвын фœллойгœнœг дзыллœты сфœлдыстадон тыхтыл зœрдœ дарын.




Воспитательное мероприятие .Мама-нежное слово...

тЕМœ:

"Нœ лœугœ хох хох,нœ цœугœ мœсыг"

Сœххœст œй кодта

8"в" къласы 18-œм

скъолайы ахуырдзау

Хуыгаты Сюзанœ

Наукон разамонœг :

Нœкуысаты И. А.


Дзœуджыхъœу 2009 аз.

9

© 2010-2022