Путешествие в страну нартов (5класс)

Раздел Классному руководителю
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урок -бæрæгбон.

НÆ ДУГ ÆМÆ НАРТЫ ХЪАЙТАРТÆ.

Нарт нарт уæд уыдысты æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йедтæмæ куы ницы ирвæзти.

Нигер .

Путешествие в страну нартов (5класс)

Дзæуджыхъæу 2015 аз.

Урок-бæрæгбоны нысан :

1.Нарты кадджытæм гæсгæ скæнын иумæйаг зонадон бæрæгбон.

2.Рæзын кæнын зонд, курдиат, лæджыхъæд .

3.Рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ, нæ райгуырæн бæстæмæ.

Урок -бæрæгбоны цыд:

1-аг архайæг дзуры: æмдзæвгæ Хаджеты Таймураз «Ме 'взаг»

У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,

Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!..

Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,

Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?!

Ды незаманӕй ацы боны онг

Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс.

Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд

Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгӕйы ныхмӕ

Лӕхурдта Скиф йӕ тызмӕджы ныхӕстӕ,

«Тох!.. Тох!..» - сӕрмӕттаг сабийы дзыхӕй

Ысхаудта дзырд - лӕг у; ӕрцыд йӕ рӕстӕг!

Фӕлӕ дӕ рӕстӕг а фарнӕй хызта,

Дӕ сыгъзӕрин ӕй ракалын нӕ фӕндыд…

Ныззарыд уӕд ирон лӕппу - Къоста -

Ӕмӕ дӕ тулдз йӕ уидӕгтӕм нызмӕлыд.

Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг, -

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ызнаг), -

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!

1-аг амонæг: -Зынаргъ уазджытæ! Мах бацæттæ кодтам цыбыр равдыст ирон æвзагыл.

2-аг амонæг: - Æвæдза, мах, ирон адæм , цы хъæздыг стæм!

1-аг :-Цæмæй? Цæмæй, Дауыт?

2-аг: - Куыд цæмæй ,Руслан? Уый дын нæ рагфыдæлты историйæ,нæ хъæздыг культурæйæ, кæнæ, дзырдæн зæгъæм, цас зындгонд адæмы балæвар кодта нæ чысыл Ирыстон æнæхъæн дунейæн !Руслан, ды сæ зоныс?.

1-аг: -Дауыт, цымæ чи сты уыцы зындгонд адæм? Зынаргъ уазджытæ ,сымах сæ зонут?

Зал: - Абайты Васо ,Гергиты Валерий, Хъантемыраты Алибек, Андиаты Сослан, Дудараты Вероникæ, Хетæгкаты Къоста!!! (презентаци Ирыстоны зындгонд адæмимæ).

1-аг:- Дауыт, уый адыл нæ хъæздыгдзинæдты нымæц фæцис?

1-аг лæппу(2 арх.): - Мæнмæ -та кæсы, хорз адæм,æмæ нæ хъæздыгдзинад ис уый мидæг, æмæ нæм æгъдау æмæ æфсарм кæй ис ,уый !(презентаци )

1-аг чызг:- Æз -та афтæ хъуыды кæнын ,æмæ нæ хъæздыгдзинад -ма уый мидæг дæр ис æмæ уазæгуарзон кæй стæм!Æмæ уый гыццыл нæу, хорз адæм!(æнгуылдзæй амоны).(презентаци)

2-аг амонæг:- Руслан,æмæ ды уый зоныс ,ирон адæм-ма цæмæй сты сæрыстыр?! Уый сæ рæсугъд тырыса æмæ сæ гербæй.(презентаци)

1-аг амонæг: - Герб-та цы нысан кæны,Дауыт?

2-аг чызг: - Руслан, ды уай зоныс æмæ дзыр «герб» немыцаг æвзагæй ист у -«ербе»-нысан кæны бындур æмæ исбон. Дзæуджыхъæуы герб фидаргонд æрцыд 1873 -æм азы ,тæргæйтты мæйы 1-æм боны,Уæрæсейы Паддзахадæй.

2-аг лæппу: - Ракæс-ма ,Руслан!(æвдисы йын гербмæ).Нæ гербы алыварс цæй рæсугъд дидтнбыд ис тулдзы сыфтæй. Йæ сæрмæ цæхæртæ калы Уæрæсейы Паддзахады худ,уый ууыл дзурæг у, æмæ мах æнгом баст стæм кæрæдзиимæ. Худы бын та ис сабырдзинады арв.Бындæр бæрзондæй фæлгæсынц Ирыстоны хæхтæ :Мады хох æмæ Хъазыбеджы хох. Сæ бынмæ кæрдæгхуызæй зынынц нæ уæрæх быдыртæ,хъæдтæ æмæ æнæкæрон фæзтæ. Уыдоны астæу лæууынц фидарæхгæд дуæрттæ . Дæлдæр сырх уартыл сызгъæрин дæгъæл, йе 'цъуппыл чырыстон дзуар. Руслан, рæсугъд нæу нæ герб?(презентаци)

3-аг чызг: Дауыт,о,Дауыт! Мæн дæр фæнды нæ иннæ хъæздыгдзинады тыххæй Русланæн радзурын . Уый у нæ тырыса! Ууыл ис æртæ хуызы : урс, сырх æмæ бур. Урс - нысан кæны уды æмæ моралон сыгъдæгдзинад. Сырх- нысан кæны - равдисын лæгдзинад. Уæдæ бур -та нысан кæны - фарн!(Залмæ æрзылд)- Фæрнæйдзаг ут, хорз адæм !

3-аг лæппу: - Æмæ сымах уый зонут,æмæ нæ тырысайы æртæ хуыузы æнгом нæртон кадджын мыггæгтимæ баст кæй сты ,уый? Зæгъæм,урс- удысыгъдæгдзинад æвдисы æмæ ахæмтæ уыдысты Алæгаты кадджын мыггаг! Сырх -Амоны лæгдзинад равдисын æмæ ахæм æхсарæй хайджын уыдысты Æхсæртæггатæ. Уæдæ бур-та у фарн -фæрнæйдзаг уыдысты Борæтæ.

1-аг амонæг : - Дауыт, Нарт -та чи сты ?

2-аг амонæг : - Уыдон уыдысты нæ мифон рагфыдæлтæ .Зæгъæм, Уырызмæг!(сценæмæ рацыд)

Уырызмæг :- Æз дæн Нарт Уырызмæг ! Мæ фыд - Æхсæртæг , мæ мад - Дзерассæйы рæсугъд! Нарты фæсивæд мæ хонынц уæздан æмæ куырыхон хистæр! (Рацæуы Сослан).

Сослан : - Æз дæн Нарт Сослан! Дæн тыхæй тыхджындæр,Дурау -фидар!(Дарддæр дзуры кæуæгау)- Фæлæ мæ уæрджытæ ,мæ уæрджытæ!!Адоны тыхх»й мæ байсæфта Бацæджы цалх!(хойы йæ уæрджытæ).(Рацæуы Батрадз).

Батрадз:- Æз -та дæн Нарт Батрадз - Хæмыцы фырт ! Нарт мæ хонынц алцæмæйдæр æххæст. Тохы дæн æхсарджын . Сылгоймагимæ дæн æгъдауджын. Хæрд æмæ нозтæн зонын бæрц! Ирыстоны адæм,фæзмут нæхæрзты!!!( Рацыд хин кæстытæ кæнгæйæ фæйнæрдæм Сырдон)

Сырдон: - Уæдæ æз -та, зонут чи дæн? Арвы хин ,зæххы кæлæн!

Зал(иумæ):- Сырдон!

Сырдон :- Фæлæ бынтон æвзæр нæ дæн . Æз Нартæн балæвар кодтон æнусон лæвар -мæ фæндыр!Цалынмæ уæ къухты уа ,уæдмæ зондзыстут мæн дæр- Сырдоны.(Сценæмæ рацæуы Нарты Сатана).

Сатана:-Æз дæн уæнгрог ,гуырвидауц, цæхæрцæст сылгоймаг-мæ ном- Сатана.(дзуры хъазгæ-худгæйæ). Æз Нартæн уыдтæн стыр æххуыс куыд мæ куырыхон зондæй, афтæ мæ бæркадджын къæбицæй. Сымахмæ мæм ис иу фарст.Чи 'рхъуыды кодта бæгæны?

Зал:- Ды ,Сатана!(фыццаг дзуаппдæттæгæн дæтты йæ лæвар)

1-аг лæппу : - Зæгъут-ма ,Нарты лæгтæй кæй ном тæлмац кæны «бирæгъ»? ( Залмæ).

Зал :- Уæрхæг!(фыццаг дзуаппдæттæгæн дæттынц лæвар).

1-аг чызг:-КУыд хуыйнынц фазæтты нæмттæ?(залмæ)

Зал: - Æхсар æмæ Æхсæртæг; Уырызмæг æмæ хæмыц!( фыццаг дзуаппдæттæгæн дæттынц лæвар)

2-аг лæппу:- Мæргътæй Нартæн уарзондæр кæцы уыд?

Зал :- Зæрватыкк!( фыццаг дзуаппдæттæгæн дæттынц лæвар)

2-аг чызг:- Къуырийы бонтæй Нарты уарзондæр бон кæцы уыд?

Зал: - Майрæмбон!( фыццаг дзуаппдæттæгæн дæттынц лæвар).

1-аг амонæг + 2-аг амонæг : - Нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ ! Æмæ уын лæвар кæнæм рæсæгъд уæздан кафт -«Хонгæ» (кафынц «Хонгæ).

(Сатана рахаста йæ къæбицæй кувинæгтæ æмæ адджын бæгæны )

Сабиты къордæй иу кæны рефлекси:

Абон æз базыдтон…( ноджы хуыздæр цæмæй стæм хъæздыг);

Мæ бон суыдзæн …(сæрыстыр уæвын нæ культурæйы хъæздыгдзинæдтæй);

Мæ зæрдæмæ фæцыд...(абоны урок-бæрæгбон);

Нæ бамбæрстон…(алцыдæр бамбæрстон)





© 2010-2022