Конспект урока Путешествие в страну Нартов (8 класс)

Раздел Иностранные языки
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон æвзаджы урок 6 -æм къласы.

Ирон къорд.



Конспект урока Путешествие в страну Нартов(8 класс)


Конспект урока Путешествие в страну Нартов(8 класс)

Конспект урока Путешествие в страну Нартов(8 класс)


Конспект урока Путешествие в страну Нартов(8 класс)



Конспект урока Путешествие в страну Нартов(8 класс)


Ныхасы темæ: Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз - Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

Грамматикон темæ: Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ

(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын).

Урочы нысан: Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдарты тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ бафидар кæнын;

Хъомыладон куыст бакæнын: Адæмон сфæлдыстадæн аккаг аргъ кæныныл ахуыр кæнын; Нарты кадджытæм, нарты хъайтартæм уарзон цæстæнгас гуырын кæнын;

Цæстуынгæ æрмæг: Интерактивон фæйнæг слайдтимæ, фæйнæг.

Эпиграф урокмæ: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн - æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.



Урочы цыд.

1. Орг. хай



2.Ах-г: Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ!

Кæддæр Ирыстонæй скъоладзаутæ уыдысты экскурсийы Латвийы. Фæцæйцыдысты горæттæй иуы уынгты, кæрæдзиимæ дзырдтой иронау. Бынæттон цæрджытæй сæ чидæр баурæдта æмæ сæ фæрсы, кæцон стут, зæгъгæ. Скъоладзаутæ сæхи бацамыдтой. Уæд сын сылгоймаг (чи сæ баурæдта, уый та сылгоймаг уыди) афтæ фæкодта:

-О, уæдæ Нарты кадджытæ сымах адæмы эпос сты? Иу таурæгъ-ма мын дзы радзурут. Ныфсæрмы сты лæппутæ æмæ чызджытæ. Уæд сæ иу райдыдта дзурын. Куы фæци дзырд, уæд сылгоймаг иу цъус алæууыд æнæдзургæйæ, стæй загъта: «Диссаджы таурæгъ. Уый æнхъæл нæ уыдтæн. Сымах стут тынг амондджын адæм, ахæм эпос кæмæ ис. Æмæ сæ уæхи мадæлон æвзагыл базондзыстут радзурын?

-О! Уæдæ! Æнæмæнгæй! - зæгъгæ та фæкодтой скъоладзаутæ.

- Гъемæ, хъахъхъæнут уе взаг дæр æмæ уæ адæмы диссаджы хæзна. Ахæм стыр хъæздыг культурæйы хицау уæвын! Амондджын стут!..

Цавæр таурæгъ ракодтой скъоладзаутæ сылгоймагæн? Уый уын фæстæдæр зæгъдзынæн.

Ацы цау мын радзырдта мæ ахуыргæнæг, æвæццæгæн, ма сымах карæн куы уыдтæн, уæд. Æмæ мæ зæрдæйы арф ныххызт, нæ мæ рох кæны.

Абон та цæмæн æрлæууыд мæ зæрдæйыл?

Ракæсут-ма цы фыстæг æрбацыд не скъоламæ:

Кæсæм: Дзæуджыхъæуы лицейы 5 «А» къласы ахуырдзаутæн Зондабийæ.

Уæ бон хорз, мæ зынаргъ хæлæрттæ!

Хъыг мын у, сымах зонындзинæдтæм зæрдиагæй кæй нал тырнут, уый.

Нал фæзонут бахъуаджы рæстæг цы хауы адæмон сфæлдыстадмæ, кæм æмæ цы уавæры хъæуы пайда кæнын сæрмагонд номдартæй, иумæйаг номдартæй, комкоммæ ныхасæй.

Раст куы нæ разыниккой ацы ныхæстæ, уæд мын тынг æхсызгон уаид.

Зæрдиагæй уын æнхъæлмæ кæсын уæ дзуаппмæ.

Уæхи ЗОНДАБИ.


Цæй, æмæ абон афтæ бакусæм æмæ нын Зондабийæ худинаг куыд нæ уа. Дзуаппæн та йын арвитдзыстæм диск нæ урокимæ.

Ах-г: Уæдæ райдайæм кусын.

Куыд уæм кæсы, цæуыл цæудзæн ныхас абон нæ урочы?

Дзуапп:

Ах-г: Раст зæгъут.

Фæйнæгмæ-ма ракæсут æмæ нæ урочы темæтæ бакæсæм:

Ныхасы темæ: Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз - Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

Грамматикон темæ: Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ (Рацыд æрмæг фæлхат кæнын).

Æцæгæйдæр, абон мах сымахимæ хъуамæ сфæлхат кæнæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ, балцы ацæуæм Нарты бæстæм.

Ах-г: Ныр та уал афыссут уæ тетрæдты абоны нымæц.

Фæйнæгыл уынæм дзырдтæ. Сæ иутæ фыст сты стыр дамгъæйæ иннæтæ та гыццыл дамгъæйæ.

Цымæ цæмæн?

Балц, хистæртæ, Сырдон, хох, Сау хох, Сатана, хæзна, уалдзæг, сырдтæ, мæргътæ,бæхтæ, Уырызмæг.

Ах-г: Зæгъут, цы хонæм номдар?

Дз.

Ах-г: Сæрмагонд номд.?

Дз.

Ах-г:Иумæйаг номд.?

Дз.

О, хæдæгай, мæнæ ма фæйнæгмæ ракæсут. Цы æнахуыр мæсыг нæм ис, уымæ. Ацы мæсыг у


ЗОНЫНДЗИНÆДТЫ МÆСЫГ.


Уынут, афтид бынæттæ дзы ис. Уыдонæй цалдæр баххæст кæндзыстæм абон. Æмæ дзы фыццаг цы дур сæвæрдзыстæм, уымæн йæ ном -НОМДАр.

Ныр та ма мын зæгъут, цы у адæмон сфæлдыстад?

Дз.

Ах-г: Нарты кадджыты кой ракодтат. Бакæсæм-ма фæйнæгыл эпиграф нæ урокмæ.

(кæсæм эпиграф: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн - æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.)

Ф.: Цымæ цæмæн æрцыд æвзæрст ацы эпиграф нæ урокмæ

Дзуапп:

Фарст: Зæгъут Нарты кадджытæ, зæгъгæ. Цымæ базондзыстут нывты Нарты хъайтарты

( фæйнæгыл Сатана, Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сырдоны къам

Нарты кадджыты ацы хъайтарты тыххæй фехъуыстаиккат кæстæр кълæсты дæр æмæ ма дарддæр дæр зонгæ кæндзыстæм семæ, фæлæ ма ацы аз базонгæ стæм ноджыдæр иу нæртон лæппулæгимæ

æмæ фæстагмæ Ацæмæзы къам)

Ацæмæзы ном баст у йе стырдæр хæзна, йæ уадындзимæ. Ахæм зæрдæмæдзæугæ сты дыууæйæ дæр æмæ сын сæ ныв бирæ алыхуызон нывгæнджытæ скодтой, фæлæ сæ æппæтæй зындгонддæр у Тугъанты Махарбеджы конд ныв.

Тугъанты Сафары фырт Махарбек

( 1881 - 1952)

Уыд зындгонд нывгæнæг, график, ирон адæмы сфæлдыстад чи æмбырд кодта, уыдонæй иу. Скодта иллюстрацитæ НАРТЫ КАДДЖЫТÆМ.

Мæнæ ма мæм ис ацы мотивы руаджы цавæрдæр зæрингуырды зæрдæйы цы ныв сæвзæрд, уый дæр.( Æвдисын чеканкæ)

Раздæр уын цы цау дзырдтон, уый дæр баст уыд ацы таурæгъимæ.

Фæстаг слайдыл нæмттæ хицæнæй:

Сатана

Уырызмæг

Сослан

Батрадз

Сырдон

Ацæмæз

Ах-г: Зæгъут, адон цавæр ныхасы хаймæ хауынц

Дз.

Ах-г:Цæмæн сты фыст стыр дамгъæйæ? Æви рæдыд у?

Дз.

Ах-г: Лæвæрд уын сты дзырдтæ дыууæ рæнхъæй. Саразын сæ хъæуы дзырдбæстытæ. Цымæ сæ кæмæ цы миниуæг ахæсдзыстут

(кусынц скъоладзаутæ)

Сатана, Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сырдон, Ацæмæз.

Тыхджын, бæркадкъух, хинæйдзаг, хъæбатыр, чысыл, куырыхон.

Ах-г: Афыссæм-ма сæ нæ тетрæдты

1. Ах-г: Фæсурокты кастыстæм таурæгъ «Ацæмæз æмæ Агуындæ - рæсугъд». Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм цыбырæй йæ мидис.

Фæйнæгыл уынæм ацæргæ нæлгоймаджы къам, уый у

Саламты Къола

(1922 - 2003) - ирон кино æмæ театры актер, режиссер, драматург, ахуыргæнæг. Хъыгагæн, абон немæ нал и, фæлæ махимæ баззад йæ хъæлæс. Байхъусæм-ма.

(Фыстмæ хъусæм 1мин.30 сек.)


Фарст: Ацæмæзы цагъдмæ йæ алыварс цавæр ивддзинæдтæ æрцыдис?

Дзуапп:

Ах-г:Ссарут-ма тексты Ацæмæз уадындзæй кæм цæгъды, уыцы бынæттæй иу. Райдайы…

Гæмæх быдырты…

Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуывгуывгæнгæ ратæх-батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ Сау хъæд сæ сæрыл куы сисынц æмæ Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы байдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахъхъытæ æмæ сау совахъхъытæ кафын куы райдайынц.

Ах-г: Ссарут-ма ацы скъуыддзаджы иу цалдæр иумæйаг номдары

Быдырты, дидинджытæ, гæлæбутæ, мыдыбындзытæ, мæргътæ, сæрыл, хъæлæстæй, дудахъхъытæ, совахъхъытæ.

Ах-г: Байхъусæм æмæ ма бакæсæм скъуыддзагмæ мультипликацион ныв «Волшебная свирель»- æй

(кæсæм скъуыддзагмæ)

Фарст: Чи ма нæ фæлæууыд Ацæмæзы зардмæ?

Дзуапп :

Фарст: Цы бацагуырдта чызг лæварæн?

Дзуапп:

Фарст: Радта Ацæмæз Агуындæйæн уадындз? Цæуылнæ?

Дзуапп:

Фарст: Дарддæр цы æрцыд?

Дзуапп: Таурæгъ фæвæййы стыр чындзæхсæвæй.



4. Ах-г: Куыд бахъуыды кодтат текст, уый базоныны тыххæй ныртæккæ скæндзыстæм цыбыр кроссворд

1.








2.







3.









4.







Фæрсырдæм:

2. Зæронд Ацæйы фырты ном;

3. Лæгтыдзуары æндæр ном;

4. Чи балæвар кодта Ацæмæзы фыд Ацæйæн æнусон уадындз?

Бынмæ:

1. … (чи?) æмæ Уастырджи сæ бæхтыл æрбацæйцыдысты. Фæндагыл амбæлдысты Ацæмæзыл.

2. Ацæмæз курынмæ цыд Сайнæг -æлдары чызг …

3. Ацæмæз Сау хохы тигъыл асаста сызгъæрин (цы?) …

5. Ах-г: Хорз, скодтам кроссворд. Æрныхас кæнæм ном «Ацæмæзы» этимологийыл.

Ном «Ацæмæз»-ы этимологи.

Профессор Гуыриаты Тамерлан Алыксандры фырт йæ чиныг «Проблемы Нартиады»- йы куыд зæгъы, афтæмæй: «Æнæмæнгæй бæрæггонд у уый, æмæ ацы ном фæзынд мах эрæйы фыццаг æнусты. Дæллаг Дон æмæ Сау денджызы былыл.

Скифаг-алайнаг æвзæгты æмбæлы куыд Atamaz (Атамаз). Афтæ йæ дзырдтой уымæн, æмæ грекъаг дамгъуаты нæ уыд мыр ц æмæ йæ бацамонынæн æндæр æвзагæй ист дзырдты ц -йы бæсты фыстой t . ( скифты историйы уыд ахæм легендарон хъайтар Атей. Уый уыд скифаг паддзах. Фæмард тохы быдыры. Уæд ыл цыд 90 азы. Æхæм адæймаг уыд таурæгъты хъайтар суæвыны аккаг.

6. Ах-г: Хорз, скодтам кроссворд, базыдтам ном Ацæмæзы этимологи. Ныр та мæ фæнды базонын тексты цауты цыд (хронологи) раст хъуыды кæнут, æви нæ.

1. (4)Ацæмæзæн баззад йæ зæронд фыд Ацæйæ сызгъæрин уадындз.

2. (2) Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ йæ уадындзимæ.

3. (6)Ацæмæзы зардмæ æрдз райхъал, хъæддаг цæрæгойтæ кафын райдыдтой.

4. (1.)Ацæмæз Агуындæйы ныхæстæм смæсты ис æмæ уадындз Сау хохы тигъыл ныццавта.

5. (5)Агуындæ æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ.

6. (3)Ацæмæзыл амбæлдысты Ныккола æмæ Уастырджи.

1.Ацæмæз Агуындæйы ныхæстæм смæсты ис æмæ уадындз Сау хохы тигъыл ныццавта.

2.Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ йæ уадындзимæ.

3. Ацæмæзыл амбæлдысты Ныккола æмæ Уастырджи.

4.Ацæмæзæн баззад йæ зæронд фыд Ацæйæ сызгъæрин уадындз.

5.Агуындæ æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ.

6. Ацæмæзы зардмæ æрдз райхъал, хъæддаг цæрæгойтæ кафын райдыдтой.

Ах-г: Хорз, текст зонут. Ныр та уал ногæй фæйнæгмæ бакæсæм.

Фæйнæгыл уынæм дыууæ хъуыдыйады. Бакæсæм-ма сæ.куыд уæм кæсы, раст фыст сты? Цавæр æрхæцæн нысæнттæ дзы нæ фаг кæны? Ссарут-ма сæ сæрмагонд номдартæ

1. Ныхасы адæм дзырдтой Уæлæ фæсрагъæй Бонæвæрнон скасти.

2. Дæ фæндаг раст уа, чысыл Ацæмæз! Сдзырдтой дауджытæ Ацæмæзмæ.

Сраст сæ кæнæм. Интерактивон фæйнæгыл.

Æмæ та нæ мæсыджы ноджыдæр иу дур бавæрæм.

Ах-г: Уæдæ ахæм æрхæцæн нысæнттыл кæм æмбæлæм?

Дзуапп:

Ах-г: Æмæ та нæ мæсыджы ноджыдæр иу дур бавæрæм.

Ах-г: Ныр мах скæндзыстæм цыбыр куыст. Фæйнæгыл уынæм хъуыдыйæдтæ. Сраст ма кæнæм рæдыдтытæ.

Антидиктант.

Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз æрбамæсты ис уыцы дзырдтæм, Сау хохы тигъыл йæ сызгъæрин уадындз ныццавта, æмæ уадындз лыстæг муртæ баци. Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй, æмæ сæхимæ рараст ис.

(н,Н)арты (А,а)цæйы …(фыртчысыл, фырт чысыл) (а,А)цæмæз æрбамæсты ис уыцы дзыр(дт,тт)æм, (с,С)ау хохы тигъыл йæ сызгъæрин уадындз ныцца(в,ф)та, æмæ (У,у)адындз лыстæг муртæ баци. Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти, сæргуыбыр …(æмæ уæнтæхъилæй,æмæуæнтæхъилæй), æмæ сæхимæ рараст ис.

Ныхасы рæзтыл куыст


Ах-г: Ратдзынæн уын сыфтæ уыдоныл фыст нывæцæны раидиан. Сымах æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнат.

Цардис æмæ уыдис иу лæппу. Тынг цымыдис уыдис. Уарзта чингуытæ кæсын. Иу хатт йæ къухмæ бахауд чиныг «Нарты кадджытæ». Рафæлдæхта фыццаг чиныг æмæ …

Кусынц


Урокæн хатдзæгтæ скæнын

Ах-г: Фæстæмæ раздæхæм нæ урочы райдайæнмæ. Æмæ нæ эпиграф нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

(Кæсæм эпиграф)

Эпиграф урокмæ: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн - æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.

Ах-г: Куыд уæм кæсы, æцæгæйдæр раст равзæрстам эпиграф нæ урокмæ?

Дз.

Ах-г: Уæдæ абон нæ урочы ногæй цы базыдтат? Цæуыл цыд ныхас нæ урочы?

Дз.

Ах-г: Нарты персонажтæй уæ кæй хуызæн фæнды суæвын. Æмæ цæмæн?

Дз.:

Ах-г: Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ зонындзинæдты мæсыг уæлдæрæй уæлдæр куыд кæна. Нарты адæм нæ хастой сæ сæрмæ æгад митæ æмæ сæ сымах дæр ма кæнут. Уарзут сфæлдыстад: Нарты кадджытæ, нывкæнынад, музыкæ… Уыдон уын стыр æххуыс уыдзысты царды мидæг.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст. Кæронмæ ныффыссын нывæцæн, æрхъуыды йын кæнын сæргонд.



© 2010-2022