Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)

Интерактивон фæйнæгыл куыст.     / Плиты Г. æмдзæвгæ «Æртхутæгдон» - мæ гæсгæ./             Урочы нысан:     1. Базонгæ кæнын скъоладзауты поэт Плиты Грисы цард æмæ                                                                                                                                                                                         сфæлдыстадимæ.        2. Плиты Иссæйы сгуыхтдзинæдтыл æрдзурын.     3. Бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ «Æртхутæгдон».   Хъомыладон куыст: 1. Сывæллæтты зæрдæты æвзæрын кæнын                                     сæрыстырдзинад Ирыстоны х... (Хæстон музыкæ)   Æппæт адæмæн дæр иу уыд сæ маст æмæ хъыг, æмæ цыдысты стырæй – чысылæй, лæппуйæ – чызгæй Райгуырæны сæрвæлтау тохмæ. Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уыдон зæрдæйæ уарзтой æмæ аргъ кодтой сæ Фыдыбæстæйæн. Сæ хæс уыд сæ бæстæйы раз – цыфыддæр знаг хъуамæ æрцæуа ссæст! Иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Уымæн æмæ тохы зарæджы зæлтæ ирон лæг йæ мады æхсыримæ банкъары.   (Хъуысы «Тохы зарæг») Равдисын слайдтæ ...                       2. Ахуыргæнæг дзуры аив æмдзæвгæ наизусть.   3. 1 – 2 ахуыргæнинаджы кæсынц æмдзæвгæ.   4. Строфагай æмдзæвгæ равзарын.   5. Саразын беседа.     - Цавæр рæстæг æвдыст цæуы æмдзæвгæйы?     - Цавæр хæс сæвæрдта фыссæг йæ размæ æмдзæвгæ фысгæйæ?     - Цæвæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта фыссæг Иссæйы фæлгонц æххæстдæрæй равдисыны  тыххæй? (Эпитеттæ, метафорæтæ, барæнтæ).   Ахуыргæнæджы ныхас: Ацы æмдзæвгæ у аив литературон уацмыс. Ныффыста йæ бæрæг адæймаг, фыссæг Плиты Грис. ... Дзуапп: «Зæлимхан», «Къостайы сабийы бонтæ», «Нарты кадджытæ». Фарст: Цавæр ирон æгъдæуттæ зонут бæхимæ баст?   Дзуапп: 1) Мады `фсымæры бæх давын.        2)  Бæхты дугъ.        3)  Бæх фæлдисын.   Ахуыргæнæг: Бæх уыд алкæддæр кадджын лæвар. Нæ зындгонд профессор Абайты Васойæн йæ 90 азмæ балæвар кодтой бæх. Уæдæ Александр Македонскийы тыххæй дæр историйы урокты фехъуыстаиккат. Уый та йæ бæхы номæй – Буцефал – схуыдта горæт. ХЪАнтемыраты сагсур лæппуты къорд «Ирон барджытæ» бæхтыл цы диссæгтæ æв...     Ø  Хорз бæх лæджы аргъ. Ø  Хорз бæхы ехс нæ хъæуы. Ø  Хорз бæх бирæ нæ цæры. Ø  Бæхæй уарзондæр фос нæй. Ø  Дæ бæхы ехсæй ма цæв, фæлæ йæ еууæй цæв.                     Хатдзæгтæ скæнын.   - Нæ урочы эпигрæфы ис ахæм ныхæстæ: «Нæ цæуынц ахæмтæ мæрдтæм?» Зæгъут – ма, цæуылнæ цæуынц Иссæйы хуызон адæм мæрдтæм?   Кæронбæттæн.   1). Бæрæггæнæнтæ сæвæрын, раппæлын активондæр скъоладзауты. 2). Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнын.    
Раздел Иностранные языки
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Интерактивон фæйнæгыл куыст.

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)


/ Плиты Г. æмдзæвгæ «Æртхутæгдон» - мæ гæсгæ./


Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)



Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты поэт Плиты Грисы цард æмæ

сфæлдыстадимæ.

2. Плиты Иссæйы сгуыхтдзинæдтыл æрдзурын.

3. Бакæсын æмæ равзарын æмдзæвгæ «Æртхутæгдон».

Хъомыладон куыст: 1. Сывæллæтты зæрдæты æвзæрын кæнын

сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыртæй

2. Райгуырæн бæстæ мадау уарзын, цæттæ уæвын

йæ сæраппонд сгуыхтдзинæдтæм.

Урочы сфæлыст: 1. Плиты Грисы къам.

2. Æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ.

3. Хæсты нывтæ.

4. Бæхы ныв.

Эпигрæф урокмæ: Нæ уырны мæн, Иссæ нæ амард.

Нæ цæуынц ахæмттæ мæрттæм.

Йæ цард зæххыл, цырагъау баззад,

Кæцы нæ рухс цардмæ кæндзæн.

Урочы метод: 1. Урок - беседæ.

2. Урок - лекци.

Фæйнæгыл:

- Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, -

Циу цард æнæ сымых? - Ингæн.

«Бæх у, адæймаджы зæрдæ æппæтæй хуыздæр чи æнкъары æмæ æмбары, ахæм цæрæгой, æмæ йæ зæрдæхудты макуы бацæут.»

(Хъантемыраты Алыбег)










Урочы цыд.


АФæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)хуыргæнæджы ныхас: Сывæллæттæ, нæ абоны урочы нæ размæ ис нысан: базонгæ уыдзыстæм нæ литерæтурæйы зæрингуырдтæй иуимæ - Плиты Грисимæ; йæ цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурдзыстæм æмæ бæстондæр æрлæудзыстæм йæ æмдзæвгæ «Æртхутæгдон» - ыл. Нæ урокмæ райстон эпигрæфæн Плиты Грисы ныхæстæ:

- Зæххыл рæсугъд уарынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбыстæ æмæ сæрибар, -

Циу цард æнæ сымах? - Ингæн.

Ногъайты Хазбийы ныхæстæ: Нæ уырны мæн, Иссæ нæ амард.

Нæ цæуынц ахæмтæ мæрдтæм,

Йæ цард зæххыл, цырагъау, баззад,

Кæцы нæ рухс цардмæ кæндзæн.

Фарст: Зæгъут-ма, куыд æмбарут ацы ныхæстæ?

Ахуыргæнинæгтæ дзурынц сæ хъуыдытæ.


Ахуыргæнæг: Адæймагæн Фыдыбæстæ куы нæ уа, стæй сарибар куы нæ уа йæ райгуырæн зæххыл, уæд ахæм цардæй мæлæт хуыздæр у. Фыдыбæстæйы сæрибардзинады тыххæй бирæ туг ныккалд нæ уарзон Ирыстоны зæххыл. Нырма нæ зæххы хъæдгæмттæ нæма бадзæбæх сты, нæ адæмы цæссыгтæ нæма бахус сты.

1941 аз. Ацы аз нæ историйы баззад сау фыстæй. Ныннæрыд арв. Райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст.

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)

(Хæстон музыкæ)


Æппæт адæмæн дæр иу уыд сæ маст æмæ хъыг, æмæ цыдысты стырæй - чысылæй, лæппуйæ - чызгæй Райгуырæны сæрвæлтау тохмæ. Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уыдон зæрдæйæ уарзтой æмæ аргъ кодтой сæ Фыдыбæстæйæн. Сæ хæс уыд сæ бæстæйы раз - цыфыддæр знаг хъуамæ æрцæуа ссæст! Иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Уымæн æмæ тохы зарæджы зæлтæ ирон лæг йæ мады æхсыримæ банкъары.

(Хъуысы «Тохы зарæг»)

Равдисын слайдтæ компьютерæй.


Зноны скъоладзаутæ ралæгтæ сты тохы зарæгимæ æмæ цыдысты тохы цæхæрмæ. Тохы зарæг систой Иры поэттæ дæр æмæ цыдысты хæстмæ бархи, барвæндонæй. Уыдонимæ Баситы Дзаххот, Асаты Реуаз, Гулуты Андрей, Дзадтиаты Тотырбег, Дарчиты Дауыт, Плиты Грис, Цæгæраты Гиго, Джусойты Нафи, Кочысаты Мухарбег, Калоты Хазби. Уыдон сæ фыссæн систæ раивтой хæцæнгæрзтæй.

(Æнкъард ирон цагъд хъуысы)


Калоты Хазби фыста: «Æз цæуын…Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы. Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзæй баззай,

мæ райгуырæн Ир! Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын! Бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадай. О, цас уарзын!.».

БФæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)ирæ æрыгон фæсивад нал сыздæхтысты хæсты быдырæй, се'нæфыст зарджытæ ахастой семæ. Тохвæлладæй фыдыуазæгмæ чи рыздæхт, уыдон адæмы æмрæнхъ æрлæууыдысты ног цард аразынмæ, куыстой адæмы удварнæн. Уыдонæй иу у Плиты Грис. Йæ царды хабæрттимæ нæ базонгæ кæндзæн

Хъазыбег.

Ахуыргæнинаг: Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Иростоны Ручъы хъæуы. 20 æзты Плиты Грисы бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Райдиан скъолайы фæстæ Грис ахуыр кодта педагогон техникумы, дарддæр та - Маскуыйы театралон аивады институты. 1935 азæй фæстæмæ куыста ирон театры артистæй. Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг йæхи равдыста хъæбатырæй. Уый команды кодта бæхджын эскадронæн, æхсæг ротæйæн. Йæ хæстон фæндæгтæ ахæццæ сты Сталинградæй Румынмæ, Болгаримæ, Венгримæ. Райста майоры цин. Хæсты фæстæ дæр бирæ фæлæггад кодта нæ адæмæн. Грис уыд йæ бæстæйы патриот. Йæ царды фæстаг бонтæм уыд æцæг ирон лæг. Грис амард 1999 азы.

Ахуыргæнæг: Бузныг, Хъазыбег, цыбырæй нын радзырдтай Грисы цардыл. Æз та йе'сфæлдыстадыл сараздзынæн цыбыр афæлгæст.

Плиты Грис хæсты цаутыл акъоппыты цы уацмыстæ ныффыста, уыдон рацыдысты хицæн чиныгæй «Салдат» , зæгъгæ, 1948 азы. Уыцы æмдзæвгæты равдыста адæмы патриотизм æмæ хъæбатырдзинад хæсты быдыры. Хæсты темæ рохуаты никуы уагъта сабыр царды дæр. Зынгæдæр уацмыстæ сты «Авд цухъхъайы», «Фæндзæм хъæма», «Æртхутæгдон», «Мады фæдзæхст». Ирон театры рæзтæн тынг феххуыс сты Грисы уацмыстæ «Чермен», «Къоста», «Сослан-Цæрæзон». Шекспиры уацмыстæ райхъуыстысты иронау Грисы тæлмацæй. Грис 70 азы фæкодта сфæлдыстадон куыст. Йæ чингуытæ «Салдат», «Базырджын азтæ», «Авд цухъхъайы», «Уæлахизы кадæг» адæмы зæрдæты арф бынат ссардтой. Ирыстоны адæм алкæддæр зæрдиагæй кæсдзысты Грисы уацмыстæ. Ирон аивады ныууагъта стыр фарн. Абон мах бакæсдзыстæм Грисы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон» æмæ йыл æрдзурдзыстæм. Æмдзæвгæ фыст æрцыд хæсты азты фæстæ. Ныффыста йæ Плиты Иссæйыл.Ацы æмдзæвгæйы ныффыстæн ис истори.

Иссæйы мад йæ райгуырæн бонмæ сцæттæ кодта хуын æмæ йемæ

Грисы акодта.Куы бацыдысты хæдзармæ,уæд Иссæйы баййæфтой стъолы уæлхъус бадгæ æмæ цæмæдæр æдзынæг кæсгæ.Стъолыл æвæрд уыд æртхутæгдон.Уазджытæ дис кодтой,цæмæн бафтыдта ацы дзаума ахæм сагъæсты Инæлары.Иссæ уазджыты куы бафиппайдта,уæд фефсæрмы.Фæстæдæр радзырдта, æртхутæгдон кæй уыд йæ бæхы цæфхадæй конд.

Саразын беседæ.


1). Цы зонут Плиты Иссайы тыххæй?

2). Кæй уынут нывы?

3). Цавæр лæггад бакодта адæмæн?

4). Плиты Исса цæмæй у хъуыстгонд?

Цæмæй хуыздæр базонгæ уæм Иссæйы цард æмæ сгуыхтдзинæдтимæ, уый тыххæй байхъусдзыстæм Давидмæ. Уый бацæттæ кодта æрмæг.

Ахуыргæнинаг: Фыдыбæсты стыр хæсты рæстæг йæхи арæхстджын æмæ æхсарджын разамонæгæй чи равдыста, уыдонæй иу фыццаг ирон инæлар, Советон Цæдисы 2 хатты хъæбатыр Монголы Адæмы Республикæйы хъæбатыр, Чехословакийы горæттæ Брно æмæ Братиславæйы кадджын гражданин Плиты Алыксандры фырт Исса. Райгуырд 1903 азы Бæтæхъойы хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Иссæ уыд цоты хистæр, æмæ уымæ гæсгæ раджы банкъардта царды уæз. Бирæ куыст æм хауд хæдзары. Лæппу уарзта бæхтæ, бæхыл бадынæй хуыздæр æм ницы каст.1918 азы фæци Дзæуджыхъæуы реалон училище. 1922 азы комиссар Николаевы æххуысæй бацыд Дзæуджыхъæуы хицæн сæрмагонд Кавказаг æфсады къордмæ. Къаманды кодта æфсæддон къордтæн. 1936 азы æрвыст æрцыд службæмæ Монголмæ. 1941 - 1945 азты рабæрæг сты йæ хæстон арæхстдзинад æмæ йæ зонд. Цы бирæ хæстон операциты архайдта, уым равдыста æхсар æмæ стыр лæгдзинад. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Хæсты фæстæ æрвыст æрцыд Дард Хурыскæсæнмæ. Ам дæр та равдыста йæ арæхстдзинад япойнаг æфсæдты ныхмæ. Дыккаг хатт ын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. 1962 азы та йын лæвæрд æрцыд Æфсады Инæлары ном. Иссæ уарзта Уæрæсе, уæлдайдæр та- Ирыстон.

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)Иссæ амард 1979 азы. Ныгæд у Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы. Иссæйы ном хъуыстгонд у куыд Ирыстоны, афтæ Кавказы иннæ адæмты астæу дæр. ныффыста 9 чиныджы. Уыдон æххуыс сты хæстон традицитыл хъомыл кæныны хъуыддаджы. Иссæйы хъæбатырдзинад никуы уыдзæн рох ирон адæмæй. Уый кады ном скодта нæ адæмæн.

Ахуыргæнæг: Бузныг, Давид, хорз баццæттæ кодтай. Уæдæ мах байхъуыстам Иссæйы царды хабæрттæм, йе' сгуыхтдзинæдтæ йын хуыздæр базыдтам, æмæ, æвæццæгæн, алкæмæ дæр фæзынд сæрыстырдзинад, ахæм гуырдтæ кæй ис Ирыстоны, уымæй. Мах дæр хъуамæ Иссæйау уарзæм Ирыстон.

Ирон адæм кад кæнынц сæ хъæбатыртæн. Нæу рох Иссæйы ном. Йæ ном ын хæссынц горæтты æмæ хъæуты уынгтæ, Хуымæллæджы колхоз, йæ хæдзары арæзт æрцыд музей. Ис ыл æмдзæвгæтæ, зарджытæ… Горæты астæу ын ис цыртдзæвæн.

(Равдисын сын сæ къамтæ)

Ныр та бакæсдзыстæм æмæ равзардзыстæм Грисы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон».

II. Æмдзæвгæмæ рахизын.

  1. Интерактивон фæйнæгыл дзырдуатон куыст

Инæлар - генерал,

æртхутæгдон - пепельница,

сæфтæг - копыто,

саулохаг бæх - высоко ценимая порода лошадей,

дадзинтæ - сосуды (кровеносные),

фæринк - вид сабли, шашки.



2. Ахуыргæнæг дзуры аив æмдзæвгæ наизусть.

3. 1 - 2 ахуыргæнинаджы кæсынц æмдзæвгæ.

4. Строфагай æмдзæвгæ равзарын.

5. Саразын беседа.

- Цавæр рæстæг æвдыст цæуы æмдзæвгæйы?

- Цавæр хæс сæвæрдта фыссæг йæ размæ æмдзæвгæ фысгæйæ?

- Цæвæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта фыссæг Иссæйы фæлгонц æххæстдæрæй равдисыны тыххæй? (Эпитеттæ, метафорæтæ, барæнтæ).

Ахуыргæнæджы ныхас: Ацы æмдзæвгæ у аив литературон уацмыс. Ныффыста йæ бæрæг адæймаг, фыссæг Плиты Грис. Куыд зонæм, афтæмæй адæм алкæд кæсын, фыссын нæ зыдтой.

  • Куыд æвдыстой уæд та сæ зæрдæйы уаг, сæ хъуыдытæ?

  • Кæуыл- иу сарæзтой Кады зарæг?

  • Цавæр адæмон зарджытæ зонут?

Ахуыргæнæг: Хъуысы абон дæр кадгæнæг ирон зарæг Иры хæхтыл. Адæмы уарзондæр фырттыл æй снывæстæуыд. Уый хæхтау сæрыстыр æмæ домбай, тызмæг æмæ æхцон у. Намысыл æй скодтой адæм. Намысæн та мæлæн нæй.

Ныр та байхъусæм,Иссæйыл цы зарæг сарæзтой адæм ,уымæ.

(«Иссæйы зарæг» - мæ байхъусын)

Ахуыргæнæг: Иссæйы æмбал йæ бирæ хæстон балцыты уыд йæ бæх. Æмбал, æрдхорд. Дзырд «æрдхорд» æвзаргæйæ уынæм, мивдисæг ард хæрынæй кæй равзæрд, уый. Ард иу бахордтой æмбæлттæ, кæрæдзийы кæй никуы ауæй кæндзысты, се` мбалдзинад кæй никуы фесæфдзæн. Кæрæдзийы тыххæй иу сæ цард дæр радтой.

Адæймагæн æмбал æрмæст адæймаг нæ вæййы. Цæрæгойтæй дæр ис, æмбал кæй æмбæлы схонын, ахæмтæ.

Хæсты рæстæджы цæрæгойгæй уæлдай уаргъ æруайы бæхыл. Бæхæй уарзондæр, æмбаргæдæр, кадджындæр цæрæгой нæй. Уый йæ хицауы æмбары йæ цæстæнгасæй дæр. Хæстыты дæр бæх адæймагау æвдыста стыр хъару æмæ хъæбатырдзинад, уый дæр сыгъд пиллон арты, калдта йæ туг. Йæ хицау - иу куы фæцæф, уæд - иу æй рахаста адас ранмæ, куы - иу амард, уæд та - иу йæ разы сæркъулæй бирæ фæлæууыд. Хæсты нæ, фæлæ сабыр царды дæр бирæ у йæ пайда. Æрмæст йæ рæсугъддзинад та!

Ис бирæ таурæгътæ, аргъæутæ, нывтæ, кæцыты æвдыст цæуынц йæ рæсугъддзинад æмæ йæ диссаджы миниуджытæ. Куырттаты комы бæхæн ис цыртдзæвæн. Йæ автор у Цорæты Дауырбег.

Фарст: Зæгъут - ма, цавæр уацмысты ма æмбæлæм бæхимæ?

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! (6 кълас)

Дзуапп: «Зæлимхан», «Къостайы сабийы бонтæ», «Нарты кадджытæ».

Фарст: Цавæр ирон æгъдæуттæ зонут бæхимæ баст?

Дзуапп: 1) Мады `фсымæры бæх давын.

2) Бæхты дугъ.

3) Бæх фæлдисын.

Ахуыргæнæг: Бæх уыд алкæддæр кадджын лæвар. Нæ зындгонд профессор Абайты Васойæн йæ 90 азмæ балæвар кодтой бæх. Уæдæ Александр Македонскийы тыххæй дæр историйы урокты фехъуыстаиккат. Уый та йæ бæхы номæй - Буцефал - схуыдта горæт. ХЪАнтемыраты сагсур лæппуты къорд «Ирон барджытæ» бæхтыл цы диссæгтæ æвдыстой, уый та! Зæгъæн ис уый, æмæ бæх у диссаджы цæрæгой. Ис ыл бирæ æмбисæндтæ дæр.

Интерактивон фæйнæгыл æмбисæндтæ:


  • Хорз бæх лæджы аргъ.

  • Хорз бæхы ехс нæ хъæуы.

  • Хорз бæх бирæ нæ цæры.

  • Бæхæй уарзондæр фос нæй.

  • Дæ бæхы ехсæй ма цæв, фæлæ йæ еууæй цæв.



Хатдзæгтæ скæнын.

- Нæ урочы эпигрæфы ис ахæм ныхæстæ: «Нæ цæуынц ахæмтæ мæрдтæм?» Зæгъут - ма, цæуылнæ цæуынц Иссæйы хуызон адæм мæрдтæм?

Кæронбæттæн.


1). Бæрæггæнæнтæ сæвæрын, раппæлын активондæр скъоладзауты.

2). Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнын.


© 2010-2022