МАДЫ СУРÆТ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ÆМДЗÆВГÆ «А -ЛОЛ - ЛАЙ » - Ы. (5 къл.)

Раздел Иностранные языки
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

2. Т Е М Æ : МАДЫ СУРÆТ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ÆМДЗÆВГÆ « А -ЛОЛ - ЛАЙ » - Ы. (5 къл.)

НЫСАН : 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .

2. Авдæны зарджытимæ базонгæ кæнын скъоладзауты .

3. Ныййарæг æмæ Фыдыбæстæн иу аргъ кæй ис , уый

бамбарын кæнын у урочы сæйраг хъомыладон хæс.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ : Чиныг , нывтæ , магнитофон .

УРОЧЫ ЭПИГРÆФ : …Уарз нæ бæстæ ,

Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,

Ма сæ бафæллай!

А- лол- лай !...

Дзырдтæ дзырдуатон куыстæн : Æрчъитæ - цармæй хуыд дзабыртæ ,

Æргъомæй- æккойæ

Зындон - мæрдты бæсты тæригъæдджын

адæмы бынат .

Ахургæнæг бæрæг кæны 5 къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстадæй.

АХУЫРГÆНÆГ: Цы хонæм , аргъæуттæ?

АХУЫРДЗАУ: Аргъæуттæ æвзæрыдысты мингай азты дæргъы . Æвдыст сæ фæцæуы адæмы цард йæ алы хузты суанг незамантæй нæ рæстæгмæ . Адæм сæ æрхъуыды кæнынц сæхæдæг . Аргъæуттæн хауынц адæмон сфæлдыстадмæ.

АХУЫРГÆНÆГ : Адæмон сфæлдыстады кой скодтат æмæ ма мын зæгъут : цы хонæм адæмон сфæлдыстад ?

АХУЫРДЗАУ : Адæм сæ царды хабæрттæ кæрæдзийæн дзырдтой . Уыцы цаутæ иу иннæмæн дзырдта , фыд йæ фыртæн , фырт йæ фыртæн . Афтæ иу фæлтæрæй иннæмæ цы хабæрттæ цыдысты дзыхæй дзыхмæ , уыдон систы адæмон сфæлдыстад .

АХУЫРГÆНÆГ : Аргъæуттæ адæмон сфæлдыстады иу хуыз кæй сты , уый сымах загътат .

Цавæр хуызтæ ма зонут адæмон сфæлдыстадæн ?

АХУЫРДЗАУ : Мах зонæм адæмон сфæлдыстадæн цалдæр хуызы .

Сæ иу - аргъæуттæ . Иннæтæ сты : кадджытæ , таурæгътæ , зарджытæ , æмбисæндтæ , уыци - уыцитæ .

АХУЫРГÆНÆГ : Адæмон сфæлдыстады дихдзинад сбæрæг кодтам , ныр та аргъæутты дихдзинадыл æрдзурæм .

Аргъæуттæ сæ хъуыдымæ гæсгæ куыд дих кæнынц , цал къордыл ?

АХУЫРДЗАУ : Аргъæуттæ сæ хъуыдымæ гæсгæ дих кæнынц æртæ къордыл :

  1. Цæрæгойты тыххæй аргъæуттæ .

  2. Цардуаджы аргъæуттæ .

  3. Алæмæты аргъæуттæ .

Хæссынц дæнцæгтæ , æвзарынц сæ .

АХУЫРГÆНÆГ : Аргъау адæймаджы цæуыл ахуыр кæны , цавæр хъуыдытыл нæ бафтауы , нæхицæн дзы цы райсæм .

АХУЫРДЗАУ : Аргъау мах ахуыр кæны , сæрибарыл æмæ рæстдзинадыл куыд тох кæнын хъæуы , ууыл. Аргъауы тохы бацæуынц хорздзинад æмæ æвзæрдзинад . Æнæмæнг фæуæлахиз вæййы хорздзинад .

Аргъауы зæрдæхæлардзинад бацахсы ахсджиаг бынат .

Царды дæр хъуамæ уымæ тырнæм , уымæн æмæ цард æнæ сæрибар , æнæ рæстдзинад , æнæ зæрдæхæлардзинад цард нæу .

АХУЫРГÆНÆГ : Аргъæуттæ нæ цардмæ кæд æрбацæуынц ?

АХУЫРДЗАУ : Аргъæуттимæ базонгæ вæййæм нæ сабибонтæй фæстæмæ .

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС :

Аргъæуттимæ базонгæ вæййæм нæ сабийы бонты . Аргъау нын ратты фыццаг бæллицтæ , фыццаг царды нысæнттæ , фыццаг æнæуынондзинад , фыццаг уарзондзинад … Фæлæ адæмон сфæлдыстады ис ахæм фæзынд , ахæм хуыз , кæцы нæ цардмæ æрбацæуы царды фыццаг бонæй …

Нæ цардмæ та нын æй бахæссы ныййарæг мад .

( ам ахуыргæнæг æвдисы « Мадоннæ Литæйы »)

Ныййарæг йæ хъæбулы йæ къухмæ куы райсы , уæд зæрдæйы цы æгæрон уарзт райгуыры , уый уды дадзинтыл ныццæгъды диссаджы мелоди æмæ дунемæ райхъуысы сабыр зæрдæйы зарæг .

Чи нæ хъуыды кæны йæ мады хъарм хъæбыс , фæлмæн хъæлæс , уарзæгой къухтæ æмæ зарæг …

Зæгъæм :

Ацу , гица , ма рбацу …

Нæхи бæппу фынæй у…

А-а-а

А- лол - лай …

Ацу , бирæгъ , ма 'рбацу …

Нæхи бæппу тыхджын у …

А-а-а…

А - лол - лай …

Афтæ зарыдысты æмæ зарынц ирæттæ .

Афтæ зарыдысты æмæ зарынц æппæт дунейы адæм …

( Скъоладзаутæ хъусынц зарæг « Спи , моя радость , усни …»)

Ахæм зарджытæ хуыйнынц « Авдæны зарджытæ » .

Нæ фидæны цардмæ нын дæттынц тых , ныфс , хъару , уарзондзинад , лæгдзинадыл нæ ахуыр кæнынц … Царды фæндагмæ нын æдасдзинад лæвар кæнынц, уымæн æмæ уыцы лæвары хæзнадон у ныййарæджы уарзт .

Хъыгагæн афтæ вæййы , æмæ мады уарзты стыр хæзнайæ чидæр цухгонд æрцæуы …

Ахæм хъысмæт æнхъæлмæ каст Хетæгкаты Къостамæ дæр .

Цард - цæрæнбонты нæ номдзыд фыссæг агуырдта уды хъарм . Æххуыс кодта мæгуыр адæмæн , йæ цард сын нывондæн æрхаста …

Фæлæ уыд Иунæг .

Адæймаджы зæрдæйы мад цы къуым батавы , схус кæны , йæ уарзтæй цы къуым байдзаг кæны , уыцы къуым Къостайæн уымæлæй баззад . Мад æй никуы æрбахъæбыс кодта , мад æй никуы барæвдыдта реалон царды , афтиддæр йæ сæнтты ардта нæ гени ацы хæзна .

( хъуысы Сагкаты Валерийы зарæг Къостайы « Сидзæргæс»-ыл фыст , хъусынц фыццаг куплетмæ .)

Ахæм æхсæв райгуырд Хетæгкаты Леуаны хæдзары лæппу . Цины хъуыддаг .

Рагæй цы хабармæ æнхъæлмæ кастысты , уый æрцыд … Фæлæ сывæллоны мад Гуыбаты Марго ( Марийæ ) æнæнхъæлæджы амард.

Хетæгкаты Нафирæт æмæ Хæблиаты Сафар сæ роман « Къостайы кадæг » - ы фыстой , зæгъгæ , уыцы æхсæв æрдз йæхиуыл дæр æмæ адæмыл дæр гадзрахатæй рацыд . Дæттæ раивылдысты , æмæ сылгоймагæн афоныл æххуыс нæ фæцис .

Сывæллон сидзæрæй баззад . Марго куы мард , уæд æй бафæдзæхста

Чендзейæн.

Чендзе йын нæ бавгъау кодта йæ зæрдæйы уарзт , йæ уды хъарм , йæ дадзинты зарæг .

Къоста хъомыл кодта æгъдауджынæй , æфсармджынæй , фæлæ лæппуйæн куыд æмбæлы , афтæ фыдуаггондæй дæр . Йæ фыдуагдзинады æдзæсгом æмæ æнæгъдаудзинад никуы уыд . Йæ бон цас уыд , афтæ сывæллонæй лæггад кодта адæмæн . Зыдта хистæрæн æгъдау скæнын , лæмæгъæн баххуыс кæнын , æмбалæн йæ рæдыд зæгъын . Йæ уд сыгъдæгæй дардта . Тырныдта ахуырмæ . Йæ сабидуджы нæ уыд æрмæст мад .

Бирæ азты фæстæ Къоста сныв кæндзæн , йæ бæллицты - иу кæй уыдта, уыцы сылгоймаджы - йæ мады . Ныв схондзæн « Донхæссæг »

( ахуыргæнæг æвдисы ныв )

Йæ мад Марго йы чи хъуыды кодта , уыдон загътой , зæгъгæ , Къоста сныв кодта йæ мады сурæт .

Ныр ауайын кæнæм нæ цæстытыл уазал зымæгон æхсæв , дымгæ æддейæ нынниуы , æххормаг бирæгъау . Лæппу нымæты бын хуыссы , йæхи ныннуæрста … Тæрсы . Зонæм æй иууылдæр , ахæм фыдæхсæв мады хъарм хъæбысы атымбылтæ уæвынæй ницы ис хуыздæр , уый .

Къоста хуыссы иунæгæй , йæ хъуыдыты ацыд дард кæдæмдæр , йæ хъустыл уайы кæйдæр фæлмæн ныхас …

АХУЫРГÆНÆГ : Кæуыл хъуыды кæны Къоста , кæй хъæлæс уайы йæ хъустыл?

АХУЫРДЗАУ : Къоста хъуыды кæны йæ мадыл , йæ хъустыл уайы Маргойы хъæлæс .

( хъуысы зарæг « А - лол - лай » , ахуыргæнæг зарæг сæвæрдта сабыр , хъус æй куыд ахса , афтæ ,)

АХУЫРГÆНÆГ : Раст загътат , уый хъуысы йæ мады зард . О , фæлæ , цыма, цавæр у уыцы зарæг ?

АХУЫРДЗАУ : Йæ хъустыл уайы æнкъард зарæг , уымæн æмæ йын у зын . Фæнды йæ , цæмæй йæ исчи барæвдауа .

АХУЫРГÆНÆГ : Афтæ у . Æнкъард зарæг ауад йæ хъустыл .

Фæллад у . Абондæргъы миттæ фæсæрфта , фæлæ йыл уæддæр хуыссæг нæ хæцы . Райсом раджы йæ сугмæ цæуын хъæуы , йæ рад у скъоламæ артæн суг хæссын.

Зарæджы зæлтæм хъусгæйæ баззад . Æвиппайды дымгæ йæ ниуынæй фенцад , бæстæ ныссабыр . Лæппу сыстад , æддæмæ рацыд æмæ йæ фырцинæй сулæфын дæр айрох : Мæнæ куыд рæсугъд у … Бæстæ ныййирд. Мæй уæлиау арвыл стылд æмæ цалхыдзагæй æрттывта . Стъалытæ йæ алыварс симд кафæгау æртымбыл сты , зæхмæ сæ цæстытæй сыгъдæг рухс æрвитынц . Рухсмæ , мæйы рухсмæ , дуне æмæрттывд кæны .

О , уæлæ стъалы æрдзы рæсугъддзинадмæ нал фæлæууыд , æмæ йæхи ам дæлæмæ рауагъта , ирд фæд уадзгæйæ …

Æмæ ныронг Готтайы зæрдæйы цы æнкъарддзинад уыд , уый цыдæр фæци , хъустыл ауад :

…Уарз дæ бæстæ ,

Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,

Ма сæ бафæллай !

А - лол - лай !...

Уæнгрогæй бахызт фæстæмæ мидæмæ æмæ бафынæй . Фыны уыдта уарзон ныййарæджы . Уый йæ рæвдыдта , тæригъæд ын кодта , зарыдис ын зарæг , авдæны зарæг .

Къоста йæ лæджы кары куы бацæуа , уæддæр æй , æвæццæгæн , нæ ферох уыдзæн ацы æхсæв .

Ныффысдзæн уыцы æхсæв зарæг . Уый уыдзæн « А - лол - лай !...»

( ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ , аив , зæрдæмæдзæугæ , наизусть . )

Æмдзæвгæ æвзæрст цæуы строфагай .

Йæ композицимæ гæсгæ дих кæны æртæ хайыл .

Фыццаг : Бахизæн , ис дзы дыууæ строфайы .

Къух дæ аузын фæразы …

Мæй дæ авдæнимæ хъазы .

Стыр лæг мын æсуай !...

А - лол - лай !...

Ракæндзынæн дын мæ зарæг …

Искуы кæд æсуис мæ дарæг ,

Урс уæрыкк дын уон !...

О , мæ бон !...

Ам мад йæ хъæбулыл авдæнмæ цин кæны . Зарæг зарын ын райдайдзæнис .

Фæлæ цы фехъусдзыстæм уый зарæг уыдзæн æви …

Бакæсут-ма мын мад йæ лæппумæ куыд дзуры , уый .

АХУЫРДЗАУ : Мад дзуры : …Стыр лæг мын æсуай …

Урс уæрыкк дын уон …

АХУЫРГÆНÆГ : Уыдон рæвдауæн ныхæстæ сты , кæй зæгъын æй хъæуы , нæ поэт сæ фаг нæ бафсæст сабийæ .

Дыккаг хайы ис зарæг йæхæдæг . Авдæны зарæг у , фæлæ ма йæ ис схонæн куыд ?

АХУЫРДЗАУ : Ис ма йæ хъарæг схонæн , уымæн æмæ дзы цæссыг ис , зæрдæтæ риссын кæны .

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн …

Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн

Сау хæххон куыстæй …

Ахуысс, цæй !...

Искуы мын куы схъомыл уаис ,

Уæд ды дæр дзы цух нæ заис ,

Бирæ мын цæрай !...

А - лол - лай ! …

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ ,

Къахис митбынæй мæхъитæ ,

Стонг æмæ сыдæй …

Ахуысс , цæй ! …

Сугтæ мын хæссис æргъомæй …

Бадзурин дæм уæд æргомæй :

Мады зæрдæ зон ,

О , мæ бон !..

АХУЫРГÆНÆГ:

Ууыл æмдзæвгæйы дыккаг хай фæцис . Цæуыл æрдзырдта мад ?

АХУЫРДЗАУ : Мад дзуры абоны цардыл . Зын уымæй у , æмæ фидæны цард дæр ахæм ахорæнтæй сныв кодта .

АХУЫРГÆНÆГ : Цавæр ахорæнтæй ныв æрцыд фидæн ?

АХУЫРДЗАУ: Фидæн ныв æрцыд тар , æгъуыз ахорæнтæй . Уæззауу адæймагæн ахæм нывмæ кæсын , уымæн æмæ дзы цæст нæ исы циндзинад .

( ахуыргæнæг æнæмбæрст дзырдтæ æмбарын кæны )

АХУЫРГÆНÆГ : Æмæ кæд цыфæнды зын цард æнхъæлмæ кæсы нæ хъайтармæ , уæддæр æмдзæвгæйæн йæ æртыккаг хай у æппæт зарæджы кульминаци . Уый у фæдзæхст .

Бадзурин дæм : уарз нæ бæстæ ,

Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,

Ма сæ бафæллай !...

А - лол - лай ! …

Фæстаг строфа нын зæгъы :

Фыдыбæстæн æмæ Ныййарæгæн ис иу уæз , иу аргъ кæй ис, уый. Цæмæн ?

АХУЫРДЗАУ : Уымæн æмæ нын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад фыццаг балæвар кæны мад . Ныййарæджы куы уарзай , уæд Фыдыбæстæ дæр хъахъхъæд уыдзæн .

АХУЫРГÆНÆГ : Хæдзары æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнут .

Æмдзæвгæ сныв кæнут .


© 2010-2022