Урок по осетинскому языку на тему Планета Марс (11 класс дифф. гр.)

Раздел Иностранные языки
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: «Планетæ Марс»

Урочы нысантæ: 1. Тексты бакусын.

2. Сфæлхат кæнын нымæцонтæ.

3. скъоладзауты зонындзинæдтæ хуры системæйы тыххæй фæхъæздыгдæр кæнын.

Урочы æрмæг: презентативон æрмæг, видео равдыст.

Ахуыры цыд:

1. Организацион хай

2. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

3. Сӕйраг хай:

Бакæсын видеоравдыстмæ æмæ фæрстытæн дзуапп раттын.

- Цæуыл уыд видео?

- Хуры системæйыл, планетæтыл.

- Ранымайæм сæ, цавæртæ сты?

- Плутон, Нептун, Уран, Сатурн, Юпитер, Марс, Зæхх, Бонвæрнон (Венерæ), Меркурий (равдисын презентаци).

- Мах кæцы планетæйы цæрæм?

- Зæххыл.

- Цавæр у нæ планетæ?

- Нæ планетæ у хуры системæйы æртыккаг, зилы йæ сæмæны алыварс 24 сахаты, хуры алыварс та - 365(6) боны.

- Зæххыл ис 4 афæдзы афоны: сæрд, фæззæг, зымæг æмæ уалдзæг.

Зæгъут-ма, 4, 24, 365 цы сты?

- Нымæцонтæ.

- Æмæ нымæцон та цы у?

- Нымæцон нысан кæны предметы бæрц, рæнхъæвæрд, хыгъд, къордтыл дих.

Скъоладзаутæ кæсынц текст æмæ йæ тæлмац кæнынц.

1. Тексты мидисыл куыст: ссарын ӕмӕ бакӕсын:

а) бынтон ног информаци ӕвдисӕг бынӕттӕ;

ӕ) зындгонд факттыл дзурӕг бынӕттӕ;

б) фӕцухгӕнӕн кӕмӕн ис, тексты мидис ӕнӕ бахъыгдаргӕйӕ, ахӕм бынӕттӕ;

в) Зӕххы тыххӕй зонындзинӕдтӕ ӕвдисӕг хъуыдыйӕдтӕ.

2. Рафыссын текстӕй:

а) интернационалон дзырдтӕ;

ӕ) миногонтӕ ӕмӕ фӕрсдзырдтӕ барӕн ӕмӕ уӕлахизон бӕрцыты.

3. Ссарын тексты ӕмӕ бакӕсын дзуӕппытӕ фӕрстытӕн:

Цы уырнындта адӕмы бирӕ рӕстӕджыв дӕргъы?

Цавӕр атмосферӕ ис, Зӕххӕй фӕстӕмӕ, иннӕ планетӕтыл?

Цы хонӕм Хуры системӕ?

Цы у Седнӕ?

Цал боны ис Меркурийы иу азы?

Цы ис фенӕн Марсыл телескопы ӕххуысӕй?

5. Хӕдзармӕ куыст:

1. Ныффыссын текстæн пълан.

2. Радзурын тексты мидис.

6. Кӕронбӕттӕн. Ахуырӕн хатдзӕгтӕ скӕнын.


© 2010-2022