ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ УРОК. КОЦОЙТЫ АРСЕН – ИРОН ПРОЗÆЙЫ ЗÆРИНГУЫРД

Раздел Иностранные языки
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:










ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ УРОК.

ТЕМÆ:

КОЦОЙТЫ АРСЕН - ИРОН ПРОЗÆЙЫ ЗÆРИНГУЫРД.




























25-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг Цæрикъаты Р.

ХÆС. 1. Зæрдыл æрлæууын кæнын Арсены биографи æмæ йе сфæлдыстадæй рацыд æрмæг.

2. Ахуырдзаутæн æмбарын кæнын цæмæн хонынц Коцойты Арсены ирон критиктæ æмдзыхæй ирон аив дзырды дæсны.

3.Арсены уацмысты архайджыты фæлгонцтæ иртасгæйæ ахуырдзаутæн амонын царды бирæвæрсыг миниуджытæ. Раст æмбарын кæнын цы у «хорз» æмæ цы у «æвзæр». Адæймаджы хæстæ æмæ бартæ куыд æххæст хъæуы царды, ууыл бæстон хъуыды кæй хъæуы, уый амбарын кæнын.

Урочы хæс сæххæст кæнынæн æххуысгæнæн æрмæг.


  1. Коцойты Арсены уацмыстæ.

  2. Коцойты Арсены карикатурæтæ.

  3. Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстадыл фыст æрмæг.

  4. Зындгонд адæмы хъуыдытæ К. Арсены сфæлдыстады тыххæй.

  5. Ахуырдзауты конд нывтæ Арсены уацмысты сюжеттæм гæсгæ; докладтæ, рефераттæ, сочиненитæ.

  6. Проффессионалон нывгæнджыты куыстытæ К. Арсены уацмысты фæдыл.

  7. Фыссæджы портрет.

УРОЧЫ ЦЫД.


АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАЗНЫХАС.


Коцойты Арсен у ирон прозæ аразджытæй иу, ирон фысджыты хистæртæй. Йе сфалдыстадон куыст райдыдта Хетæгкаты Къостайы рæстæджы (1895 - 1906 азты) æмæ куыста 1940 - æм азты онг. Арсенæн йæ къухы бафтыд ныффыссын бирæ хорз уацмыстæ, кæцытæ «æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл æрæвæрдтой зынаргъ дур. Йæ радзырдтæ ирон хуымæтæг æвзаг рæсугъд амадæй равдыста йæ цæсгом, алырдæм дæр тасы, цыфæнды арф хъуыдытæ радзурын дæр фæразы». Нæ литературон æвзаг саразынæн Коцойты А. аив æвзаг æмæ бæркадджын ныхас стыр æххуыс фесты. Абон мах Коцойты фырты сæрыстырæй хонæм ирон прозæйы бындурæвæрджыты хуыздæртæй иу. Арсены царды æмæ сфæлдыстадон фæндæгтæ æнцонтæй нæ уыдысты. Уый куыста вазыгджын историон рæстæджы. Арсен федта æмæ бавзæрста æртæ революцийы; Японы хæст, мидхæст, дыууæ дунеон хæсты. Йæ заманы уыд НЭП, индустриализаци, колхозты арæзтад, культурон революци. Ацы хабарттæй Арсен нывæфтыд кодта, хуыздæр цы зыдта, йæ зæрдæмæ арфдæр цы хъардта, уыцы хабæрттæ. Арсен уыд намысджын фыссæг æмæ фыста, йæ зæрдæ йæм цы дзырдта, уый. Фыста йæ раст æмæ аив, фыста йæ рæстдзинад æмæ Адæмы фарны сæраппонд.

Фæлæ уал фыццаг Арсенæн йæхи царды хабæрттыл афæлгæст.

Арсены биографи цыбыртæй дзуры рагацау йæхи чи бацаттæ кодта ахæм ахуырдзау. Æххæст æй кæнынц иннæ ахуырдзаутæ.

Бæлвырд кæнæм ахæм хабæрттæ: Арсены фембæлд Къостаимæ; Арсен аивадон журнал «Ӕфсир»-ы редактор; Арсен хицауады хæрзиуаг - «Кады Нысан»-ы орденæй хорзæхджын.



АХУЫРГÆНÆДЖЫ НЫХАС.

Алы фыссæг дæр йæ уацмысты иу цасдæр равдисы йæхи хабæрттæй цыдæртæ, кæнæ ахæм цаутæ, кæцыты йæхæдæг уыд активон архайæг.

Цыма Арсенмæ дæр уыд ахæм уацмыстæ?

Бæлвырд ныхас кæнæм радзырдтыл «Æнæном радзырд» æмæ «Æнхъæл нæ уыдысты». Ахуыргæнæджы æххуысæй ахуырдзаутæ хи хатдзæгтæ кæнынц Тегойы хъысмæты тыххæй; æнувыд куыст æмæ цардыл хъуыды чи кæны, ахæм адæймаг кæй свæййы рæстдзинадыл тохгæнæг æмæ рухстауæг ахуыргæнæг йæ Адæмы æхсæн. (Ахуыргæнæджы фæлгонц радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты»-йы. )

Цавæр уацмысты равдыста Арсен йæ рæстæджы фалгонцтæ?

Ǽвзарæм уацмыстæ «Хæлæрттæ», Мырзæджы карьерæ». Æрцæуæм хатдзæгмæ-царды æвзæрдзинад исты хуызы уæддæр æнæмæнг æфхæрд æрцæуы.

Коцойты Арсен царды хабæрттæ афтæ хорз æмбæрста æмæ зыдта, æмæ сæ æвдыста æрмæст дзырды фæрцы нæ, фæлæ сæ нывтæ дæр кодта.

Ахуырдзаутæ рольтæм гæсгæ кæнынц Арсены карикатурæты архайджыты ныхæстæ.

Арсен у цыбыр радзырды дæсны.

Ǽвзарæм «Саломи», «Гигойы куадзæн».

Ахуыргæнæджы ныхас Арсены уацмысты æвзаджы тыххæй.

Коцойты А. уацмысты æвзаджы хатт æдæмон æвзагæй ахицæн кæнæн нæй. Йæ хъуыдыйад у цыбыр, хуымæтæг. Нæ халы ирон æвзаджы нормæтæ, æмæ йæ уацмыс рауайы аив, æнцон кæсæн. Йæ алы хъуыдыйад дæр ваййы æнæхъæн ныв, кæцы чиныгкæсæджы цæстытыл ауайы ирд æмæ бæлвырдæй.

Арсен тынг хорз арæхсы портрет аразынмæ, йæ геройы æддаг сурæт цалдæр дзырдæй сныв каны.

(Беседæ Арсены уацмысты æвзаджы фæдыл; дæнцæгтæ).




Ахуырдзаутæ кæсынц Коцойты А. тыххæй зындгонд адæймæгты хъуыдытæ.

(Гадиаты Ц., Тыбылты А., Джусойты Н., Джыккайты Ш., Савва Донгулов, Мамсыраты Д., Дзугаты Г., Ардасеты Х.).

АХУЫРГÆНÆДЖЫ КÆРОНБÆТТÆН НЫХАС.

ХǼДЗАРМÆ КУЫСТ.

Бацæттæ канын раныхас ахæм темæйыл: «Коцойты А. уацмысты архайджытæ абоны царды».

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.











© 2010-2022