Республиканский семинар учителей осетинского языка и литературы

Скъоладзауты сфæлдыстадон рæзт ирон æвзаг æмæ литературæйы фæрцы.  ПЪЛАН 1. 10.00. Ǽгас цæут уазджытæ. 2. 10.10-10.50. урок 5къласы – дæтты Таймазты Иринæ. 3. 11.05-12.00. Литературон - музыкалон композици «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд.» Бацæттæ кодтой Токаты Жаннæ æмæ Байцаты Элитæ. 4.12.00 - 13.00. Тымбыл стъол амоны Кцойты Мæринæ –Цæгат Ирыстоны –Аланийы кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты минæвар.
Раздел Иностранные языки
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сценкæ. Чындзæхсæв.

1 амонæг. Мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы дыууын дыккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ бæстæмæ. Фехæлдтой Советон адæмы сабыр цард.

Советон адæм стырæй, чысылæй сыстадысты æцæгæлон тыхгæнджыты ныхмæ, сæ уарзон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Советон адæмтæ, кæрæдзимæ ноджы æнгомдæр æрбалæугæйæ, ард бахордтой: нæ туг фæстаг æртахы онг ныккалдзыстæм, уæддæр басæтдзыстæм знаджы.

«Вставай страна огоромная..»

Салдат. Фёææстаг хæстмæ сыстут, Советон фæлтæртæ,

Мах бахъуыд нæ бæстæйæн раттын æхсар!

Мах Гитлеры бандæйæн стонæм йæ зæрдæ;

Мах акъуырæм уымæн йæ бирæгъы сæр!

2 амонæг. Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Советон Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстой Советон адæмы тых æмæ хъару. Советон адæм æмæ йæ Сырх Æфсад хъæддыхæй-хъæддыхдæр кодтой, карз хæстыты æхсыстысты. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

1 амонæг. Нæ республикæйы цæрджытæй нæуæдз мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Лæгæвзарæн хæстыты хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй не 'мзæххонтæй æхсай мины бæрц хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, æвдай фондзæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном, иуæндæсæй та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.

2 амонæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæбатыры ном чи райста, уыдоны 'хсæн ис æртын æхсæз ироны. Цæрджыты иумёйаг бæрцмæ гæсгæ нæ чысыл Ирыстон Хъæбатырты нымæцæй ис фыццаг бынаты.

1 амонæг. Адæймагмæ сæрыстырдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ гуырын кæнынц, Петр Павленкойы уыцы фыдæвзарæнты рæстæг загъд ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Мæнæ куыд фыста газет «Правдæ» та мин фарастсæдæ цыппор цыппæрæм азы æстæм июны «Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захватчиками показали образцы героизма и мужества».

1 амонæг. Тугкалæн хæстыты стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын бантыст бирæ ирыстойнæгтæн. Ирон адæм кады зарджытæ скодтой Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыртыл: Плиты Иссæйыл, Æхсараты Энверыл, Сæлбиты Верæйыл, Дзусаты Ибрагимыл æмæ æндæр номдзыд гуырдтыл. (Плиты Иссёæйы зарæг)

Плиты Иссæ «Æртхутæгдон»-æй скъуыддзаг.

Æрыгон нæу, нæма дæр у зæронд
Ирон инæлар, йе стъолы цур бады,
Йæ разы та - бæхы сæфтæгæй конд
Хуымæтæджы æртхутæгдон цæфхадыл.

Æдзард сæфтæгмæ инæлар ныккаст,
Цыма дзы ивгъуыд тохы мыртæм хъуыста...
Кæсы æмæ йæм фæздæгæй æваст,
Мырмыргæнгæ, йæ саулохаг бæх сыстад.

Уæд саулохагыл инæлар ысбадт,
Йæ дадзинты хæстон туг ногæй схъазыд, -
Цыма йын уыд хæцæн быдыр йæ уат
Æмæ - фæбырсы йе 'фсæдтæн сæ разæй.

Зæй нæ ракалди уæлвæзтæй,
Уымæй не змæлынц а бæстæ, -
Уый фæхоны йæ цæргæсты
Иры инæлар сау хæстмæ.

Нымæт дымгæмæ спака и,
Уæнтыл фестади базыртæ:
Уый фæтæхынц атакæйы
Иры сагсур бæгъатыртæ.

- Размæ, размæ, мæхи 'мгæрттæ! -
Хъусынц йе 'фсæдтæ Плионæй,
Æмæ се 'лвæст фæринк кæрдтæ
Хурмæ судзынц сырх пиллонæй...

Æваст... фæцæф и саулохаг... Æваст
Йæ саргъæй атахт балхонæг хъæбатыр;
Фæстаг хатт бæх йæ барæгмæ фæкаст.
Ныууасыди, æрхауд, ныррызт, ныссабыр.

«Бæх мын! - фæдзырдта инæлар, - бæх, тагъд!»
Æмæ та судзгæ хæцæны фæтæхы...
Куы фæци хæст, ингæн æрцыд уæд къахт,
Сæфтæгцухæй дзы баныгæдтой бæхы...

Æрыгон - нал, нæма дæр у зæронд.
Ирон инæлар, йе стъолы цур бады,
Йæ разы та - бæхы сæфтæгæй конд
Хуымæтæджы æртхутæгдон цæфхадыл.

2 амонæг. Фыдыбæстæйы стыр хæст куы райдыдта, уæд ирон фысджытæй бирæтæ сæ уæлæ скодтой æфсæддоны дарæс, сæ пъеротæй уæлдай ма сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ ацыдысты хæцæг æфсады рæнхъытæм.


Сценка. Зарæг «В землянке» (Калоты Х., Кочасаты М.)

Калоты Хазби. Азæ! Куыд цæрыс, уый ма мын зæгъ. Кæд дзæбæх цæрыс, уæд уый хорз. Æз дæм иронау барæй фыссын. Уадз æмæ дæ кæсæнцæстытæ райсай æмæ мыргай кæсай. Цæуылнæ зоныс иронау?,,,

Знать надо свой родной язык. Стыдно не знать. Неужели тебя не интересует история нашего народа и литература наша? Если я еще вернусь, то попытаюсь заставить тебя…

Аза. Я нахожусь сейчас в Сталинградской области в городе Камышине. Учусь в автобронетанковом училище. Через три месяца окончу и - лейтенант. Я не избирал себе военную карьеру, но сейчас не такое время - надо быть человеком и не дремать… Твой племянник Хазби.

Кочысаты Мухарбег. Ацы хæст фесæфта бæстæ, фæсыкк сты мæ фæндтæ, мæ хъуыры фæбадтысты. Фæлæ мын кæд литературæйы хорзæй ницы бантыст, бирæ ныфсытæ мæм уыд, афтæмæй, уæд мæ ам та мæ командиртæ нымайынц хорз хæстоныл. Æрæджы мын лæвæрд æрцыд майдан «За отвагу», бавдыстой мæ ног хорзæхмæ. Иу ныхасæй, кæд мæлон, уæд кадимæ, нæ фæхудинаг кæндзынён ирон адæмы фырты сæрыстыр ном. Зинæ, Туаты Оляйы ку фенай, уæд ын мæ номæй салам ратт, зæгъ-иу ын, иæ фæдзæхст ын æххæст кæнын: хорзæх райстон. Уæдæ, зæгъ, уæлахизæй дæр æрыздæхдзынæн рæхджы,- йæ зæрдæ мыл дарæд!

1 амонæг. Алы адæймагæн дæр йæ цардæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ Фыдыбæстæйы карз хæсты уæлахизы сæраппонд се 'дзард удтæ нæ бавгъау кодтой ирон адæм.

Сценкæ. Журавли. Баллада «Авд цухъхъа»- йæ скъуыддзаг.

Ныййарæг мад! Цæй фидар у дæ уд! Туг дыл ныууарыд, ныййарæг мад! Цæй фидар фæрстæ дын ис, ныййарæг. Дæ риуыл авд цæфы куы сæмбæлд, уæддæр ма сæм æнхъæлмæ кæсы мад. Мауал сæм æнхъæлмæ кæс! Фæтæргай сыл у! Фæлæ зæрдæ уый нæ комы! Ныййарæг мад, куыд бауромдзæн авд цæфы дæ зæрдæ…

1 амонæг.

Уыцы уалдзæг.. Уыцы Уæлахиз… Цас сæм фæцыдыстæм! Цас туг сыл ныккалдтам! 1418 боны æмæ æхсæвы. Иу бон иннæмæй карздæр. Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр.

2 амонæг. Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йе 'мгъуыдæй бирæ раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, зæрæдитæ сæ зæрондыл куынæуал састысты, суанг ма нæ чызджытæ дæр салдаты цинелтæ куы скодтой æмæ сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ куы райстой, уыцы хъæбатыры бонтæ.

1 амонæг. Райгуырæн бæстæ, фыды зæхх… Уыдон сысты нæ тырысатæ. Уыдон сæрвæлтау æвгъау нæ кодтам нæ рæзгæ цард, нæ удтæ. Советон æфсымæрон адæмтæ ёмхъёлёсёй хъёддыхёй загътой, - Кёнё мёлёт, кёнё сёрибар!

2 амонёг. Аргъæутты уæйгуытау сыстад Советон салдат, ссæндгæ, дæрæнгæнгæ ацыд цасфыддæр знаджы, йæ лæгдзинад, йæ хъæбатырдзинадмæ æркæсын кодта дунеты. Знаг мысты хуынкъ агуырдта, йæ уд систа йæхи зæххыл.


Сценка.

Советон Салдат

Цыдтæ æдæрсгæ карды комыл,

Æвдылдта туджы знаг нæ амонд…

Дæу хаста здыйы уад - æгъатыр,

Сыгътæ уæлахизы сæраппонд,

Ды дуне бахызтай малæтæй,

Дæуæн æнусон уарзт æрвыста…

Салдат, дæ ном дын рæстæг арвыл

Сыгъзæрин дамгъæтёй ныффыста!..

1 амонæг. Стæй æрцыд уалдзæг. Уæлахизы Уалдзæг. Адёæмты, сабырдзинады Уалдзæг. Фыдбоны хæст чи ракъахта, уыдонæн хæсты арты басыгъдысты сæхи сæртæ.

2 амонæг. Йæ цæфтæн хохау фидар чи уыди, йæ рыстыл цæстысыг чи никуы æркалдта, уыцы салдат куыдта йæ уæлахизы цинæй. Кудтой нæ бæстæйы адæмты минæвæрттæ сæ иумæйаг Уæлахизы цинæй, хæлардзинад, æфсымæрдзинад кæй фæуæлахиз, уый цинæй.

1 амонæг. Уæлахиздзаутæ… Ирвæзынгæнджытæ… Мæлæтæй… Цагъары къæлæтæй… Æнусты худинагæй… Афтæ хуыдтой Советон адæмы уыцы бонты æппæт дунейы дзыллæтæ. Уæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ.

Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты! Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты! Цал милуан мадæлтæ калдтой цæссыг?

Цал чызджы æвзонгæй куырдуаты-иу баззадысты. Цал милуан цæссыджы сæ уадултыл уадысты. Цал милуан цæсты уыдысты рæсыд!

Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæззау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн!

Симд.


© 2010-2022