Урок по осетинскому языку на тему Уалдзыгон нывта

Раздел Иностранные языки
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Уалдзыгон нывтæ.

Урочы нысан: 1. Диалогыл бакусын.

2. Сывæллæтты ныхасыхъæд фæхъæздыгдæр кæнын.

3. Уалдзыгон æрдз.

Урочы æрмæг: презентаци, карточкæтæ, дзырдуат.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

  2. Мотивации - равдисын презентаци (слайдтæ - уалдзыгон æрдз)

- Нывты цы æвдыст цæуы?

- нывты æвдыст цæуы мит куыд тайы, ранæй - рæтты цъæх кæрдæг куыд фæзынди, æрдз ивын райдыдта.

- Кæцы афæдзы афон æвдыст æрцыд?

- уалдзæг

- Ранымайут-ма афæдзы афонтæ, цал сты?

- уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг.

- уæ зæрдæмæ дзы кæцы афон цæуы? Цæмæн?

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

- Алы афæдзы афон дæр у сæйраг æмæ хъæугæ æрдзæн.

1. Раттæм - ма цыбыр характеристикæ алы афæдзы афонæн дæр.

- Зымæг - уазал афон, мит æруары æмæ сывæллæттæ хъазынц дзоныгътæй, бæстæ вæййы урс-урсид.

- Уалдзæг - æрдз райхъал вæййы зымæджы фæстæ, мит тайы, цъиутæ фæстæмæ æртæхынц, бон ивын райдайы.

- Сæрд - райдайы улæфты рæстæ, вæййы тæвд, найынмæ цæуыны рæстæг, бæлæстыл срæгъæд вæййы алыхуызон дыргътæ, хъæдты вæййы бирæ гагадыргътæ.

- Фæззæг - адæм æфсынайы райдайынц сæ цæхæрадæттæ, быдыртæ фæбур вæййынц, бон фæцыбыр æмæ фæуазал вæййы.

- Уæдæ алы афæдзы афон дæр у рæсугъд æмæ хъæздыг, алкæцыдæр дзы æрхæссы йæхи диссæгтæ.

2. Саразæм - ма диалог - дыууæ скъоладзауы аразынц диалог.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм уалдзæджы мæйтæ.

- Тæргæйтты мæй, хуымгæнæны мæй æмæ зæрдæвæрæны мæй.

- Цæмæн хуыйнынц афтæ?

- Тæргæйтты мæй - ацы мæйы боныхъæд йæхи фæдары ног чындзау, тæргæйттæ кæны.

- Хуымгæнæны мæй - ацы мæй райдайынц зæххы куыстытæ, быдыртæ хуым кæнынц, цæхæрадæтты тыллæг тауынц.

- Зæрдæвæрæны мæй - ацы мæй баст у марды кæндимæ.

3. Физминуткæ:

Æмдзæвгæ:

Денджызы уылæнтæ,

Ма кæнут хыл!

Ма калут уе 'ртæхтæ

Афтæ мæныл …

Денджызы уылæнтæ,

Ахуыссут, цæй!

Ма хæссут дурзæйтæ

Айнæгбылæй.

Денджызы уылæнтæ,

Ма ут, ма фыдуаг!

Зонут уæ фезмæлдæн

Рад æмæ уаг …

(Баситы М.)

4. Карточкæтимæ куыст:

Рафыссын уалдзæгимæ баст дзырдтæ:

Мартъи, мигъ, дзоныгъ, их, дидинæг, тæдзынæг, кæрдæг, тайын, сауцъиу.

Баххæст кæнæм 3-аг фæлтæрæн хъуыдыйæдты бавæрын миногонтæ æмæ фæрсдзырдтæ.

5. Хатдзæгтæ:

базыдтон …

Абон мæ зæрдæмæ фæцыд …

нæ фæцыд …

© 2010-2022