Урок по теме УАРЗОНДЗИНАД

Раздел Иностранные языки
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Учитель осетинского языка

Хабаева М.М.

МБОУ СОШ №33 им. З. Калоева

Урочы темæ: «Уарзондзинад цардæн у йæ музæ» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон!»-мæ гæсгæ).

Урочы эпиграф: «Уарзондзинад зоны æрмæст уый, æмæ æнæ зæрдæдаргæйæ чи уарзы» (Миллер)

Урочы нысан: 1. Бæлвырд, нывæфтыд фæлгонцты æххуысæй æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын.

2. Æмдзæвгæйы бастдзинад авторы цардимæ.

3. Лирикон хъайтары фæлгонц æмæ авторы уды рæсугъдзинад, гуманизмыл рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын


Урочы цыд

Хъуысы зарæг «Уарзт æцæг у!» (Галуанты Людæ)

Компьютерæй æвдыст цæуы Къостайы презентации (текст фæлгонцгонд æрцыд къамтæ, портреттæ, нывтæй).

«Къостайы зæрдæйы æмæ зонды сæмбырд сты ирон дзыллæйы рæсугъддæр æнкъарæнтæ æмæ бæрзонддæр хъуыдытæ. Ирон адæм æнусты дæргъы цы уды æмæ зонды хæзнатæ сфæлдыстой æмæ фембырд кодтой, уыдон иууылдæр рæдауæй схай кодтой Къостайæн».

Ахуыргæнæг. Хетæгкаты Къоста йæ царды алы хъуыддаджы дæр уыд æмæ уыдзæн фæзминаг, цæвиттойнаг, уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæрæн. Цымæ куыд аргъ кодта Къоста царды рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр æнкъарæн, уарзондзинадæн та?

Скъоладзау кæсы Къостайы фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ. «Мæ царды нысантæ, мæ домæнтæ æмæ мæ принциптæ афтæ æндæрхуызон сты, æмæ уыдон ныртæккæйы уавæрты хъомылгæндтæй искæмæн хъарын у æгъатыр ми, фыдзæрдæ адæймаджы ми. О, фæлæ æз уарзгæ кæнын, уарзгæ, 40 мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут, йæ уындæй мæхи рæвдауон, йæ фæлмæн улæфтæй мæхи æфсадон, йæ царды алы уысм дæр ын æнæвгъауæй дæттон. Дæ царды æппæт уыцы уысмтæ дæ уарзон адæймагæн цы ратдзысты? Ау, куыд цы! Уарзондзинад, ме 'хсидгæ, æнæсивгæ уарзондзинад. Ноджы ма æнæзæрдæхудт куыст, сыгъдæг зæрдæ, тырнындзинад, ссæст æмæ æфхæрд кæстæр æфсымæрыл аудын, ноджыдæр ма нывкæнынад, музыкæ, поэзи».

-Цавæр уæм фæкаст Къоста уарзондзинады (фыстæгмæ байхъусгæйæ)

Ахуыргæнæг. Къостайæн йе 'нæхин æмæ сыгъдæг уарзты æнкъарæнтæ æвдыст цæуынц, йæ уарзон сылгоймагтæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны дæр.

Скъоладзаутæ кæсынц, Аннæ Попова æмæ Цæлыккаты Аннæйæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон.


  1. Тяжело…

Опять к тебе, любимая подруга.

Высокий барский дом…

Я отживаю век…

Простите.

Да, я уж стар.

Я не пророк.

  1. Да я люблю тебя,

Благодарю тебя за искреннее слово.

Я отживаю век, ты жить лишь начинаешь.

Предчувствие.

Не верь, что я забыл родные наши горы.

Тяжело.

Прощай.

Я не пророк.


Скъоладзаутæ радзырдтой Цæлыккаты Аннæ æмæ Попова Аннæйы тыххæй цы æрмæг бацæттæ кодтой, уыд дæр.

Ахуыргæнæг. Къостайæн уарзондзинадмæ цы цæстæнгас уыд, цы аргъ ын кодта, уый бæрæгæй зыны Цæлыккаты Аннæйæн цы æмдзæвгæ ныффыста, уым дæр.

Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Хæрзбон!»

Ахуыргæнæг. Æмдзæвгæ фыст æрцыд 1891 азы, уалдзæджы. Фыссæг «Хæрзбон!» зæгъы йæ уарзон чызг Цæлыккаты Аннæйæн. Сывæллæттæ, уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут Къостайы царды хабæрттæ æмæ зæгъут, цавæр цау æрцыд Къостайы царды уыцы аз.

Скъоладзау 1891 азы Къоста фыццаг хатт хаст æрцыд 5 азы æмгъуыдмæ Ирыстонæй.

Ахуыргæнæг. Цæмæн?

Скъоладзау. 1862 азы Колыты Аксо цы ирон скъола байгом кодта чызджытæн, уый зымæджы каникулты сæхгæдтой. Къоста æрбамбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæрты æмæ иумæ ныффыстой гæххæтт хицаугæнæн Синодмæ. Скъола баззад, фæлæ Терчы бæсты хицау йæхи фæндонæй Къостайы Ирыстонæй фæсырдта, куыд «змæнтæг элемент».

ÆМДЗÆВГÆЙЫ АНАЛИЗ КОМПЬЮТЕРЫ АМЫНДДЗИНÆДТÆМ ГÆСГÆ

Лирикон герой

Автор (Хетæгкаты Къоста)

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй…

«Ирон кусæг лæг уæвгæйæ æз æнæкæрон бирæ уарзын дæу - мæхи хуызæн фæллойгæнæг ирон сылгоймаджы».

(Цæлыккаты Аннæмæ)

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры…

«Мæн ма сæрибарæй ацæрын фæнды, æз нырма гимназ æрæджы каст фæдæн»,-фехъуыстон дын дæ ныхас.

Гъе ныр хæрзбон, мæ хур!..

Нал мæ уындзынæ.

«Чысыл фæстæдæр æз базыдтон чындз кæй дæ».

Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,

Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

«Бетъырбухы уæззау рынчынæй мын фехъусын кодтой, æрыгон афицер Дз. хорзау кæй нал у, уый. Тынг зын мын уыди уыцы хабар. Мæн фæндыд дæуæн де стыр зыны сахат дæ уæлхъус балæууын…

Æз уæд нæ фæфæстиат уыдаин мæхи тæссаг цард дæр дæуæн иу дзæбæх ныхас зæгъыны сæраппонд раттыныл».

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ…

«Ард дын хæрын, дæ хъуыдытæ мын æргомæй куы зæгъай, уæд цыфæнды зын бауромæн куы уой, уæддæр дæ бузныгæй уæлдай хъаст нæ ракæндзынæн».

Ахуыргæнæг. Лирикон герой æмæ авторы миддуне, удыхъæд æмæ зондахаст цæмæй сты æмхуызон?

Скъоладзаутæ хатдзæгтæй: Къостайæн нæ баххуыс кодтой йæ уарзон поэт Шиллеры ныхæстæ дæр.

«Будь доволен и тем, что любишь безнадежно»

Сценкæ: «Къоста æмæ Аннæйы фæстаг фембæлд» (Дзаттиаты Т.)

Аннæ. - О, Къоста, æз хуымæтæджы не 'рцыдтæн. Мæн хъæуы демæ аныхас кæнын.

Къоста. - Уый хорз у Аннæ! Æз дæуырдыгæй ахæм сгуыхтдзинадмæ не 'нхъæлмæ кастæн.

Аннæ. - Сгуыхтдзинадмæ? Цæй сгуыхтдзинад у уый? Мæн æнæуый фæндыд дæу фенын.

- Рагæй сдæ ахæм æнæуæндаг, Къоста? Æз дæ нал æмбарын, афтæ тынг аивтай…

Къоста. - О, Аннæ! Æз тынг аивтон. Фæлæ ды дæр раздæры хуызæн нал дæ. Мах хатгæ дæр нæ фæкодтам, не 'хсæн уазалдзинад кæй фæзынд.

Аннæ. - Къоста, ныхас цæуыл у? Нæ дæ æмбарын.

Къоста. - Ууыл, дæуæн рагæй зындгонд чи у. Ды уыныс, æз куыд цæуын, мæ бакаст куыд у? Кæй хъæуын ахæмæй? Искæй фенамонд кæнын, мæнырдыгæй, уаид æгъатырдзинад. Ды мæ ныр бамбæрстай?

Аннæ. - Нæ, нæ! Ды хъуамæ уай ныфсхаст. Ды ма уыдзынæ амондджын. Ды хъуамæ уарзай… Уарзай раздæрау… Æви ды….

Къоста. - Аннæ аулæфæм, бафæлладтæн.

Аннæ. - Къоста, куыд ницы дзурыс? Нæ амондыл нал æууæндыс? Æз дæу раст æмбарын?

Къоста. - Бынтон афтæ нæу, мæ хур! Мæнæн мæ бон нæу дæу фенамонд кæнын.

Ды мæнæн хионæй æввахсдæр дæ. Фæлæ æз кæддæриддæр дæн æмæ уыдзынæн мæхи зондыл хæст.

Аннæ. - Къоста, дæу ныртæккæ тынг хъæуы æмбал! Æмæ æз алцæуылдæр разы дæн.

Къоста. - Аннæ, стыр бузныг дын дæ хорздзинæдтæн. Æмæ дæ курын, цæмæй дын дæ зæрдыл æрдæууын кæнон мæхи фыст рæнхъытæ

Я отживаю век, ты жить лишь начинаешь, -

Я выбился из сил под бременем труда,

Борьбы и нищеты; ты весело срываешь

Весенние цветы…! Я стар, ты молода.

Аннæ. - Цæй зæронд дæ. Цыппор æртæ азы йеддæмæ дыл куы нæма цæуы. Ды мæнæ рынчын дæ æмæ хъуыды кæныс алы диссæгтæ. Мæн уырны, ды сдзæбæх уыдзынæ, æмæ уæд…

Къоста. - «Ударю я по струнам дрожащею рукою и миру возвещу бессмертье и любовь?» (бахудт)

Аннæ. - Гъе уый дын æцæг Къостайы ныхæстæ.

Къоста. - Æмæ ма иу хабар. Мæ бон æй нæу дæуæй басусæг кæнын. Мæнæн ма баззадис æрмæстдæр иу: тагъддæр ацæуын Дзæуджыхъæуæй Лабæмæ, цæмæй макæй уал уынон, цалынмæ мыл лæппутæ мæ фæстæ дуртæ æхсын нæ райдыдтой æмæ мæ фæстæ хъæр кæнын: «Кæсут-ма! Кæсут-ма! Цæлыккаты хъал рæсугъд чызг фæцæуы æрра поэтимæ».

Аннæ. - Уый гæнæн куыд ис, Къоста?

Къоста. - Хæрзбон, Аннæ! Чи зоны мах кæрæдзийыл макуыуал фембæлæм.

Аннæ. - Фæлæуу, фæлæуу!!!

Ахуыргæнæг. Цæлыккаты Аннæмæ сыгъдæг уарзондзинад арф фæд ныууагъта Къостайы зæрдæйы, йе сфæлдыстады.

Йæ портрет ын сарæзта 1897 азы. Аннæйæн æй балæвæр кодта йæ гуырæнбонмæ 3 февралы.

Скъоладзау кæсы Плиты Грисы æмдзæвгæ «Аннæйы нывы раз»

Урочы кæрон хъуысы Галуанты Людæйы зарæг «Уарзт æцæг у»

© 2010-2022