Урок. Чермен-мæгуыр адæмы сæрхъуызой (10 кл.)

Раздел Иностранные языки
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темæ: Чермен-мæгуыр адæмы сæрхъуызой

Урочы нысан: 1. Равзарын Чермены фæлгонц, адæмы сæрхъуызой кæй у, уый раргом кæнын.

2. Скъоладзауты ахуыр кæнын сæрибар, кад æмæ намыс хъахъхъæныныл.

3. Бæлвырд хатдзæгтæ скæнын трагедийы цы социалон фарстатæ æрæвæрдта Грис, уыдоны. Трагедийы цы проблеммæтæ æвæрд ис, уыдон бабæтты нæ адæмы абоны цардимæ.

Эпиграф: Фыдæлтæ нæм цы гъдау æрцыд, цы гъдау.

Нæ куыдтой уыдон хорз лæгæн йæ мардыл

Ыстæй-иу ыл нæ дардтой никуы сау

Ыскодтой-иу ын зарджытæ йæ кадыл

Ситохаты С.

Урочы цæстуынгæ æрмæг: 1. Плиты Грис къам

2.Чермены зарæг (магнитофон)

3.Чермены ныв стыр плакатыл

4. Тухгæ чиныг Грисы сфæлдыстадæй.

5. Чингуыты равдыст

6. Тæбæхсæуты Бало æмæ Уататы Бимболаты къамтæ Чермены роль хъазгæйæ.

7. Спектакль «Чермены афишæ»

Урочы цыд:

1. Чермены зарæг магнитофоныл!

2. Ахуыргæнæджы разныхас

Ирон адæмы сфæлдыстад хъæздыг у æхсар æмæ лæгдзинады зарджытæй. Сæ фылдæр нæм æрхызтысты æнусы сæрты. Ис сæ нæ дард фыдæлты нæргæ кад, сæ зæрдæйы уаг, сæ дзыхы фæрныг ныхас.

Фыдæлтæ сæ фарн семæ нæ ахастой, уæлæуыл æй ныууагътой сæ кæстæртæ сæ кæрæдзийы фылдæр уарзынæн, æмбарынæн, амондджындæр уæвынæн.

Фыдæлтæ -иу дзырдтой: «хъæд æмæ дурр дæр æнусон не сты». Уæдæ цы у æнусон?

Раджы кæддæр лæгæвзарæн тохы хъæбаты рæй фæмард Иры æфсады балхон. Зæрдæрыст адæм тæрхæттæ кодтой, йæ ном куыннæ ферох уа, уæлæуыл цæргæйæ цæмæй баззайа, ууыл. Уæд иу зæронд лæг адæмы ныссабыр кодта æмæ загъта:

«Уæдæмæ йыл, мæ хуртæ, зарæг скæнæм! Зарæг немæ цæрдзæн æмæ цæудзæн кæдæмдæриддæр. Мах фæстæ та цы кæстæртæ рахъомыл уа, уыдонимæ цæрдзæн».

Адæм фыдæй фыртмæ сæ рæсугъд зæрдæты стыр уарзондзинадæй цы сфæлдисой, уымæн райгурæн бон ис, фæлæ адзалы бон-никуы, дзыллæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ хуыздæр хъæбултыл кады æмæ лæгдзинады зарджытæ фæкодтой, æмæ уыцы фæрнæйдзаг æгъдау абон цытимæ цæры. Кадæджы зарæджы йæ ном цæргæйæ баззад, феодалон царды бындур йæ домбай цæнгтæй чи нызмæлын кодта, знæгтимæ тохы йе ′хсарджын зæрдæйæ цæхæр кæмæн калд, уыцы хъæбатыр Черменæн.

3. Историон справкæ Тлаттаты мыггаджы тыххæй (Ахуыргæнинæгты хъусынгæнинæгтæ).

1. Чермен уыд Тлаттатæй. Уыдон цардысты Хъобаны. Тлаттаты уæздæттæ нымад уыдысты Тæгиатыл. Сæ мыггаг дих кодта æртæ къабузыл- Бытъатæ, Аспиатæ æмæ Алыккатыл.

Чермен уыди кæвдæсард. Йæ фыд Тæгиаты уæздан, Тлаттаты Бестолæн ус ракурын нæма бантыст , уыдис ын æрмæст номылус-зæхкусæг бинонты чызг . Бестол куы амард, уæд ма Чермен хæрз саби уыд. Йæ фыды амарды фæстæ йæ хъомыл кæнынмæ райста се′рвад Бытъæты Мырзабег.

2. Лæппуйы хорз миниуджытæ зынын райдыдтой, гыццыл ма куы уыд, уæд.

Фæстæдæр йе стыр хъару, йæ ныфс, йæ арæхстдзинад æмæ парахат зæрдæйы руаджы Чермен йæ фæстæ фæуагъта.

Тлаттаты уæздæтты тæккæ сæрæндæрты дæр. Фæстон хъуыддæгты, хъæбысхæсты, бæхыл бадынмæ, кусынмæ йын æмбал нæ уыди.

Фæлæ йæ уæздæттæ сæхицæй дæлдæр кæй кодтой, æгады ном ыл кæй æвæрдтой, уый йæ уæлдай тынгдæр мардта.

Иугæр дыл ном «уæздан» сбадти, уæд алкæмæй дæр уæлдæр дæ. Кæд кæвдæсарды ном хæссыс, уæд та дæ бынаит зон. Чермен та ууыл разы нæ кодта. Æмæ схæцыд уæздæтты ныхмæ. Лæгæн йæ миниуджытæм гæсгæ кæй нæ кодтой аргъ, уый уыд йæ масты ратæдзæн. Адæмы зæрдæйы дæр йæ фæлгонц уымæн баззад.

Куыд уынæм, афтæмæй Чермен уыд хайджын адæмы хуыздæр миниуджытæй, нæ бон æй у схонæн националон герой! Ахæмтæн са ном баззайы æрмæст зарджытæ нæ, фæлæ таурæгьты дæр:

4. 1-2 таурæгъы дзурынц ахуырдзаутæ.

5. Афтæ æвдыст æрцыд Чермены фæлгонц адæмон сфæлдыстады. Адæмон сфæлдыстады бындурыл фыст æрцыд бирæ литературрон уацмыстæ: Гæдиаты Секъайы æмдзæвгæ «Чермен». Трагедии ныффысгæйæ, Грис сæнусон кодта адæмы хъайтары намыс.

«Бирæ фæлварæнтæ уыд ирон литературæйы алы жанрты Чермены сгуыхт равдисыныл, фæлæ геройы тых аивады бæр зæндмæ систа æрмæст Грисы» курдиат фыссы Джыккайты Шамил.

Стыр уацмыс райгуыры стыр уарзт æмæ мастæй. Дæсгай азты дæрагъы Ирон театр ног æмæ ног фæлгъауы Грисы Чермены трагедии, фæлвары зæрдæтæ. Æмæ æнуст размæ æрцæуæг фыдракæндæн ирон театр дзау тæрхон хæссы цæссыгтæй…

6. Абон нæ урочы нысан у Чермены фæлгонц равзарын, Чермен-мæгуыр, æнæбар адæмы сæрхъуызой кæй уыд, уый раргом кæнын, бæлвырд хатдзæнтæ скæнын трагедийы цы социалон фарстатæ æрæвæрдта Грис, уыдоныл æмæ сæ сбæттын нæ абоны цардимæ.

Цæмæй нын æнцондæр уа Чермены миддуне, йæ удыхъæд, бамбарын, уый тыххæй бæстондæр бакусдзыстæм текстимæ.

7. тексты анализ

-Чермен цавæр адæймагæй æрлæууы нæ разы трагедии бакæсгæйæ

-Кæм рабæрæг йæ хъæбатырдзинад

-Бынæттон æлдæртты ныхмæ тохы куы бацыд, мæгуыр адæмы кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ, уæд.

-Куыд дары Чермен йæхи сывæллæттимæ, йæ уарзон чызгимæ, йæ мадимæ, мыггаджы хистæртимæ?

-Сывæллæттимæ кæны рæвдауæн ныхас балца æрыздæхт æмæ сæ йе ккой рахæс-бахæс кæны. Чермен йæхæдæг дæр зæрдæйæ саби у, æргом æмæ æууæну

-Азау кæнæ нанимæ куы фæдзуры, цæу йæ ныхас вæййы зæрдæбын, фæлмæн, рæвдаугæ, буары хизаг, уæздан.

Фæлæ знæгтимæ, мыггаджы хистæртимæ дзургæйæ, йæ дзыхы ныхас фендæрхуызон вæййы, свæййы хъæддых, уæндон, цыргъ, йæ хъæлæсыаг-фидар.

-Инсценировкæ: Чермены быцæу Даккоимæ (диалог хрестоматийы 182-184 фæрстыл)

-Æгæр къæйных уæм нæ фæкаст Чермен

-Нæ, уымæн æмæ дзуры рæстдзинадыл

-Цæуылнæ кад кæны Чермен Даккоиæн

-Дакко у хин æмæ дзырдарæхст. Хин дæр зонды мыггагæй у. фæлæ хины хинæй архайын Чермены удыхъæды нæй. Уый бæгъатыр у æмæ хинтæ кæлæнтæ йæ сæрмæ нæ хæссы.

-Чермен Даккойы адæмы цæсты худæджы хал фæкодта. Цыма йæ сындзы къалиуæй нæмы, уыйау фехъиу-фестхъæлф кæны, йæ бон зæгъын ницуыуал у æмæ хылы сæрыл ныллæууыд.

-Цавæр проблемæ лыггонд цæуы трагедийы

-Хистæр хъуамæ уа хистæр

-Зондджын

-Зæрдæхæлар

-Уæздан

-Кады аккаг

8. Ам æмбисæндтæ хистæр æмæ кæстæры тыххæй.

Иу хъæуы цард бирæ зондджын хистæртæ, уыдон сæ куырыхон зондæй хъæуы æппæт цæрджыты дæр ахæм раст фæндагыл арæзтой, æмæ хъæубæстæ цардæй тъæпп хаудтой. Фæлæ, дам, æгæргæнæг æгæр кæны. Хъæубæсты фæсивæд сæ цардæй фæбухъ сты, куыстмæ сæ хъус нал дардтой, æнæгъдау митæ кæнын райдыдтой. Хистæртæ уыдæттæ уынгæйæ стыр мæты бацыдысты, сагъæс кодтой, сæ кæстæрты раст фæндагмæ куыд раздахой. Фæлæ кæстæртæм хистæрты уайдзæфтæ нал хъардтой.

-Хъыгдарыны хос сты. Нæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг цард нын се нæкæрон уайдзæфтæй æнæзæрдæмæдзæугæ кæнынц. Кæдмæ сын хъуамæ быхсæм. Цæй æмæ кæрон скæнæм ацы хъуыддæгтæн. Алкæмæн дæр йæ хæдзары цы хистæртæ ис, уыдон хъуамæ амары æмæ сæ йæ цæхæрадоны кæрон баныгæна, -загъта сæ налатдæр.

Дыууæ боны фæстæ хъæуы фæсивæд сæххæст кодтой сæ иумæйаг фæнд. Иу лæппутæ фæстæмæ. Уымæн уыдис куырм зæронд фыд, фæлæ стыр куырыхон зонды хицау. Лæппуйæн йæ зæрдæ нæ бакуымдта йæ амарын. Сæ цæхæрадоны кæрон ын ныккæна скъахта æмæ йæ фыды уым бамбæхста. Уырдæм ын хаста хæринаг æмæ дон.

Ралæууыд уалдзæг. Хуым кæнын, тауын хъæуы, фæлæ сæм тауинаг иу гага дæр нал баззад. Сагъæс æмæ мæты бацыдысты. Æххоримаг мæлæтæй куыд фервæзой, уымæн ницы уыд сæ бон æрхъуыды кæнын.

Йæ зæронд фыды ныккæнды чи бамбахста, уыцы лæппу радзырдта йæ фыдæн хъæубæсты хабæрттæ кæрæй кæронмæ. Зæронд лæг басагъæс кодта, æмæ фæстæгмæ йæ фыртæн загъта: «Бывдæлут æмæ фæззæджы быдыртæй уæрдæтты хор цы фæндæгтыл ластой уыдон бахуымкæнут». Лæппуйы уынаффæма гæсгæ цæгдæр афтæ бакодтой. Рæстæг рацыд. Кæсынц æмæ фæндæгтыл мæнæуы æвзартæ сæвзæрдысты.

Ралæууыд фæззæг. Бонай кодтой сæ хорæмæ йæ бафснæйдтой. Сæ цинæн кæрон нал уыди. Лæппу радзырдта йе мбæлттæн, йæ зæронд куырм фыды кæй нæ амардта. Фæндæгтæ дæр уый уынаффæма гæсгæ бахуым кодтой.

Фæсивад бамбæрстой стыр рæцыд кæй æрцагътой. Уынджы дæллаг кæронæй зæронд лæгмæ сæ зонгуытыл бацыдысты æмæ дзы хатыртæ фæкуырдтой. Бæргæ, Дакко дæр уыцы хистæры хуызæн куы уыдаид, уæд æм Чермен дæр афтæ къæйныхæй нæ дзырдтаид. Фæлæ Дакко æдзух æфхæрæн ныхас кæны Черменæн. Байхъусутмæ цы йын зæгъы:

Цы нæ хъæуы дæуæй?-

Æрмæстдæр иу: цæмæй дæ зæрдыл дарай,

Нæ кæвдæсард, нæ сау цагъар кæй дæ,

Æмæ дæумæ кæй нæ хауы лæджы ном!

-Раст у Дакко?

-Нæ, уымæн æмæ кæд исчи хæссы лæджы ном, уæд уый у Чермен. Уый у уæздан, фæлмæнзæрдæ, уæндон. Тохы бон æвæст фæдисон. Мæгуыр адæмы сæрхъуызой. Сæ цæугæ хох, сæ лæугæ мæсыг.

-Æцæг лæгдзинад, уæздандзинад та куыд æмбары Чермен? Тексты ма йæ бакæсут.

-Разы стут йемæ?

-Стæм. Чермен æрмæст йæхи мæт нæ кæны Чермен. Чермен уымæн у, æмæ æдзух цæттæ кæй у, искæй сæрыл хæцынмæ.

-Сæ конфликты сæр цы у хъаздгуытæ æлы Черменæн?

-зæхх. Чермен куры йæхицæн зæхх, уый зоны æнæ зæххæй нæй сæрибар æмæ амонд ссарæн.

10. Ахуыргæнæг: Ирыстоны хæхбæсты раздæр уый бæрц бирæ адæм куыдтæ цардысты цы амæлттæ кодтой уыдоныл абон алы ахъуыды кæнæм, уæд нæ фыдæлтæн иуæм тæригъæд фæкæнæм, иннæмæй сæ сæрыс стыр вæййæм. Куыд фæрæзтой ахæм зындзинæдтæн! Нæ фаг кодта хуымзæхх, хосгæрст, сæрвæттæ. Фæлæ удæгас адæймаг æдзухдæр цардæн фæрæз агуры æмæ архайдтой хуымæн, хосгæрстæн бæзгæ алы чысыл зæххы гæппæлæй дæр спайда кæныныл.

Иу лæг, зæгъы таурæгъ, хохы фахсмæ быдырæй чыргъæды зæхх фæхаста. Бирæ фæфыдæбон кодта, гыццыл та-иу зæхх куы бамбырд кодта, уæд та-иу ын æй къæвда æрæхсадта. Фæлæ мæнæ тыхтæ-амæлттæй йæ къухы бафтыд гыццыл зæххы гæппæл саразын. Иу бон æм рацыд, истытæ дзы акусон, зæгъгæ. Иæ нымæт раласта, æрæппæрста йæ агуры йæ зæххы гæппæл, фæлæ-йæ нал ссардта. Куыд нæ фæхъыг кодтаид, фæлæ цы йæ бон уыд. Дисы дæр бацыд, уæдæ цы фæудаид, зæгъгæ.

Сфæнд кодта сæхимæ раздæхын, йæ нымæт куысиста, уæд кæсы æмæ йæ быны йæ зæххы гæппæл.

Нæ зæрдыл нæ дарын хъæуы уый, æмæ трагедии архайд Хъобаны, хæхбæсты кæй цæуы. Цы зæххы хæйттæ сæм уыд, уыдон сын фыдæл тæй баззадысты æмæ сæ мæнæн байуæртой, фæлæ дзы Черменæн хай нæ бакодтой. Чермен нæ разы кæны дæлбары бынатыл æмæ йæ уæздан æрвадæлтимæ бацæуы кардз тохы.

-Цы сфæнд кодтой йæ «уæздан æрвадæлтæ» Чермен. Сæ мæнгардзинад кæм рабæрæг.

Текст 188 ф.

-Цæуылнæ йын дæттынц иу гыццыл зæххы гæбаз?

-Æмбарынц æй, уымæн куы радтой, уæд иннæ адæмæн дæр домдзæн.

Текст 188 ф.

-Чермен зæхх адæмæн кæй домы, уый тынгдæр кæцы ран сбæрæг? Бакæсут текст.

Текст 192 фарс.

-Цы бауынаффæ кодтой Тлаттаты уæздæттæ? Текст 188 ф.

-Æмæ æрмæст зæхх у сæ конфликты сæр, æви ма дзы æндæр проблемæ æвæрдис

-Нæ Черменæн йæ нысан у бæрзонддæр уый агуры «ладжы бынат зæххыл».

Чермены фæнды сæрибар уæвын, æхсæны царды архайын. Йæхицæн ном æмæ кад скæнын.

-Чермен æлдæртты уынаффæлмæ разынæу, уый кæцы эпизоды сбæрæг вæййы?

Текст 192 фарс.

-Черменæн мы йæ кæцы миниуæг рабæрæг ацы эпизоды?

-У ныфджын æмæ уæндон

-Цæмæй у ныфджын Чермен?

-Уый рацыд адæмы æхсæнæ æмæ хæцыд уыдоны сæрыл.

-Цавæр аргъ кæнынц мæгуыр адæм Черменæн? Тексты йæ бакæсут

-Цæмæ зæгъы йæ фыдæй: «Цы фыд мын фæци цы, йæ уынд мын фестад калмы басæй мастдæр?»

-Уымæн æмæ йæ никуы æмбæрста, йæ сæрыл никуы рахæцыд, зæххытæ куы байуæрстой, уæд ын баххуыс кæныны бæсты уайдзæфтæ кодта.

-Цавæр миниуджыты хицау у Нана, Чермены мад. Цæуыл ахуыр кæны йæ фырты?

-Нана у фæлмæнзæрдæ, фæлæ фидарзонд адæймаг. Уый æмбары йæ фырты тохы бæрзонд нысан. Ахуыр кæны йæ хъæбулы адæймаджы ном, йæ кад æмæ намыс сыгъдæгæй хæссын.

-Цæуылнæ бахастой сæ ныфс уæздæттæ Черменмæ?

-Æргомæй амарынмæ йæм нæ бауæндыдысты, уымæн æмæ зыдтой тыхджын, ныфсхаст кæй у.

-Тарстысты сау адæм куы сыстой, уæд сын сæ мыггаг кæй сыскъуындзæн, уымæй.

-Куыд æй амардтой Чермены?

-Чермен уыд уæзан, сыгъдæгзæрдæ æмбал.

Уыцы сыгъдæгзæрдæйæ фæпайда кодтой йе знæгтæ дæр, йæ амарыны фæнд скæнгæйæ. Йæ фыд Бестол æмæ йæ йе схæнгæ æфсымæр Дзандары руаджы басайдтой хъæдмæ. Уым ыл æртымбыл сты æмæ йæ марынвæнд скодтой. Фæлæ сæ хъуыддагæй ницы рауад. Чермен се ппæты дæр ныццагъта æмæ йæхæдæг дæр хъæбатырæй фæмард.

11. -Ахуыргæнæджы хатдзæг:

Чермен фæмард, фæлæ нæ ферох йæ ном, уымæн æмæ нæм фыдæлтæй баззад æмбисонды æгъдау. Бакæсæм ма нæ урочы эпиграф.

Фыдæстæй нæм цы гъдау æрцыд, цы гъдау!

Нæ куыдтой уыдон хорз лæгæн йæмардыл,

Ыстæй -иу ыл нæ дардтой никуы сау

Ыскодтой -иу ын зарджытæ йæ кадыл.

Тлаттаты Чермены ном баззад зарджытæ æмæ таурæгъты. Уый равдыста стыр хъæбатырдзинад, бынæттон æлдæртты ныхмæ тохы, мæгуыр адæмы кад æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ.

Уыцы кады хъуыддагæн йæ цард снывонд кодта æмæ йæ адæм нæ ферох кодтой, кады зарджытæ йыл скодтой.

12. -Уæдæ цæмæн у Тлаттаты Чермен адæмы идеал, ниционалон герой, цавæр миниуджытæй уыд хайджын?

-хæлар æмæ рæстзæрдæ

-ныфсджын æмæ уæндон

Тыхджын æмæ фæразон

-зондджын æмæ дзырдарæст

-тохы бон æвæстиат фæдисон

-мæгуыр, æнæбар адæмы сæрыл тохгæнæг.

-Чермен фæмард, фæлæ йæ тохы идейæ кæмæн бафадзæхста?

-Чермен фæмард, фæлæ нæ амард йæ тохы идейæ, уымæн æмæ йæ бафæдзæхста адæмæн. Мæнæ куыд зæгъы йæхæдæг:

Фæдзæхсын уын мæ кард æмæ мæ фæндаг:

Æфхæрддзинад куы ныббарат, уæд не 'хсæн

Цы 'фсымæрад фæдардтам, уый сыгъдæг ард

Адзалмæ уæд сымах фæдыл æфтыд!..

- Трагедийæн йæ сæйраг конфликт цы у?

- Чермены тох æлдæртты хæрам æмæ æфхæрды ныхмæ.

Ирон литературæйы, ирон адæмы культурон царды Плиты Грисы трагедии «Чермен» ахсы стыр бынат.

Æвæдза диссаг у аивады тых. 50 азы рацыд Тæбæхсæуты Болайы æвæджиауы гении Чермены хуызы куы бацыд, уæдæй нырмæ. Фæлæ та Ирон театр ног æмæ ног фæлгъауы Грисы трагедии. Цымæ цæмæн? Уыцы фарст æз радтон Цæгат Иры Тæбæхсæуты Болайы номыл паддзахадон академион ирон театры аивадон разамонæг, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Уататы Бимболатмæ.

Бало æмæ Бибойы къамтæм сывæллæтты æргом аздахын (киноныв «Чермен» æмæ спектакль).

Байхъусут ма цы зæгъы уымæ:

«Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ æз дзырд радтон Плиты Грисы ингæны уæлхъус трагедии ногæй сценæйыл кæй сывæрдзынæн.

Дыккаджы та «Чермен» у классикон уацмыс. Классикæ та зæронд нæ кæны, уарзт, фыдæх, лæгдзинад, намыс куыд нæ зæронд кæнынц, афтæ.

Грисы йæ трагедийы цы проблемæтæ æрæвæрдта: ирон лæджы кад æмæ намыс бæрзонд хæссын, социалон æбардзинады ныхмæ тох кæнын, уыдон ныртæккæ дæр ма сты тынг актуалон. Мæн фæнды, цæмæй ирон фæсивæд феной спектакль æмæ бамбарой Чермены хуызæн хъæбатыр, хæдæфсарм, уæздан лæппутæ тынг кæй хъæуынц, уый. Æмæ мæн уырны, Чермены хуызæттæ уыдысты, сты æмæ уыдзысты Иры уæзæгыл».

Æвæццæгæн, раст у Бимболат. Чермены фарн сæфт нæу. Баззад уæлæуыл поэты загъдау:

Чысыл ыстæм, фæлæ æнæтых не стæм .

Æнæныфсæй нæ бахизæд Хуыцау.

Нырма Сослантæ сты нæ фæйнæгфæрстæ

Нæма курæм Батрадзтæ дæр æфстау.

Ир не лхæны æндæр рæтты Иссæтæ, Хæстон лæг нæм кæддæриддæр цæттæ…

Гъе=ей, фыдгул, фæсайдзæн дæ дæ зæрдæ!

Фыды фарн Иры н ацæуы мæрдтæм

Хостыхъоты З.

Ацы рæнхъытæ ахæссæн ис цалдæр азы размæ мæхъæлон фыдгæнджытæ куы рбабырстой, уæд сæ фыдæлты зæхх, сæ Райгуырæн бæстæ чи бахъахъхъæдта, уыдонмæ. Уыдон æцæгæйдæр Черментæ æмæ Бегатæ басгуыхтыст Тахтысты Чермены хъæумæ, Тарскæмæ, Карцамæ, Южныймæ. Ирон лæппутæ æнгом æрбалæууыдысты кæрæдзимæ зын сахат æмæ сæ цард снывонд кодтой сæ чысыл Ирыстоны сæраппонд. Ирон лæджы кад æмæ намыс нæ фæчъизи кодтой.

Уыдонæн сæ номхыгъд стыр у: Сланты æртæ æфсымæры, Гæззаты Рафик, Сагиты Таймураз, Сихъоты Хъазбег æмæ бирæ цæрынхъуаг лæппутæ.

Нæ поэттæ æмæ фысджытæ сыл ныффыстой уацмыстæ æмæ æмдзæвгæтæ. Нæ республикæйы хицауад сын скодта. Кады аллейæ, сæ бинонтæн сын æххуыс кæны æхцайы фæрæзтæй. Фæлæ адæм та æппæты стырдæр хæрзиуæгыл нымадтой нæдæр æхцатæ, нæдæр цинтæ, фæлæ зарæг, кады хъæбатыры зарæг.

Зарæджы зæлтæ иу айхъуыстысты Ирыстоны къуымты, дзыхæй-дзыхмæ, зæрдæйæ-зæрдæмæ, иу æнус иннæ æнусмæ æмæ-иу хъæбатыры ном баззад æнусты. Афтæ уыд Кодзырты Таймураз, Алыккаты Хазби, Коцты Бега, Тлаттаты Чермен æмæ æндæртæ.

Нæ урок мæ фæнды фæуын Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ скъуыддзагæй:

Мæ тыхсты дæр æнхъæлцау зæрдæ хаты

Фæрнджын дæ ды-нæ дын тæрсын мæгуырæй

Дæ уæрагыл дæ урс риуы æхсырæй

Хæсдзынæ та Черментæ мæ Бегатæ!

Чермены зарæг магнитофоныл

Скъоладзауты дзуæппытæн аргъ скæнын

Хадзары-ныффыссын сочинени «Чермен-мæгуыр адæмы сæрхъуызой».

© 2010-2022