Конспект урока Цей (8 класс)

Раздел Иностранные языки
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон æвзаджы урок 8 -æм къласы.

Конспект урока Цей(8 класс)

Конспект урока Цей(8 класс)

Конспект урока Цей(8 класс)

Конспект урока Цей(8 класс)



Урочы нысан : 1. иувæрсыг хъуыдыйæдты хицæндзинæдтæ бамбарын кæнын.

2. Ирон адæмон æмбисæндты æвзаджы хъæздыгдзинад, сæ арф хъуыды - урочы хъомыладон хæс.

3. Ирыстоны æрдзмæ уарзон цæстæнгас æвзæрын кæнын

4. Ныхасы рæзтыл кусын амонын

Урочы эпигрæф: …Абон хур æрбакаст коммæ,

Арвыл хъазы хуры тын.

Абон дунемæ бæрзондæй

Цъæй йæ ирд цæстæй кæсы…

Гæдиаты Ц. «Райсомæй»

Урочы цыд:

Ахуыргæнæджы разныхас урокмæ

Зæхх… Цы нæ федтай, цы нæ бавзæрстай. Арф фæдтæ, судзгæ хъæдгæмттæ, тугахст æрхæмттæ… Чи сæ банымайдзæн, чи сæ равзардзæн? Цард дæр дæуæй рантыст, ном дæр ын ды радтай. Цал хиды æртахы баурæдтай, цал цæссыджы аныхъуырдтай.

Æвæццæгæн, цæхджын дæр уымæн дæ, не схæссæг, нæ дарæг зæхх!

Хæхтæ дæр дын уæз нæ кæнынц, денджызты дæхи найыс, лæджы къахæн бумбулийау фæлмæн дæ, лæджы фæзындыл æгæрон цин кæныс. Иу ран дæ диссаджы дидинджытæй тæмæнтæ калыс, иннæ ран та каконсындзæй æмæхгæд дæ. Кæм дыл булæмæргъ тъæллангæй зары, кæм та дæм æнæкæрон арвы тыгъдадæй цæргæстæ кæсынц.

Зарæг «Цæргæс» Сохъуырты В.

Адæймаг райгуырæн бæстæмæ, æрдзмæ уарзондзинад равдисыны тыххæй спайда кæны алыхуызон мадзалтæй. Кæмæндæр йæ эмоцитæ, мæнæ куыд фехъуыстам, афтæмæй зарæджы руаджы райхæлынц, кæмæн къамтæ исгæйæ… æмæ афтæ дарддæр.

Фарст : Зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрди зарæгмæ хъусгæйæ.

Дзуапп:

Ахуыргæнæг: Уæ хъуыдыйы дарут ацы ныхæстæ, æнкъарæнтæ, хъуыдытæ.Уæдæ нæ абоны урочы темæ у: «Иувæрсыг хъ-тæ. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Нæ темæ бабæтдзыстæм Ирыстоны кæмттимæ, бæлвырддæр та - Цъæйы комимæ.

Нæ урочы бафидар кæндзыстæм уæ зонындзинæдтæ иувæрсыг хъуыдыйæдты хуызты тыххæй. Ахуыр кæндзыстæм тексты мидæг иувæрсыг хъуыдыйæдтæ агурын.

Эпигрæфæн нæ урокмæ райстон Гæдиаты Ц. æмдзæвгæ «Райсомæй»-йæ скъуыддзаг

…Абон хур æрбакаст коммæ,

Арвыл хъазы хуры тын.

Абон дунемæ бæрзондæй

Цъæй йæ ирд цæстæй кæсы…



Ахуыргæнæг: Урочы кæрон зæгъдзыстæм, раст равзæрстам эпигрæф, æви нæ…

Фарстатæ:

Зæгъут-ма, цавæр мыртæ зонут?

Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ куы баиу вæййынц, уæд…

Уæнгтæй та аразæм…

Дзырдтæй та аразт цæуы…

Æмæ хъуыдыйад та цы хонæм?

Цы хонæм хуымæтæг хъуыдыйад?

Цы хонæм вазыгджын хъуыдыйад?

Цы хонæм дывæрсыг хъуыдыйад?

Иувæрсыг хъуыдыйад та цы у? Йæ хуызтæ

Ах-г: Дзургæ хорз кæнут, фæлæ уын мæнæ хибарæй хæслæвæрдтæ куы авæрон, уæд нæ фæтæрсдзыстут? Кæд æмæ нæ урочы фылдæр пайда кæнæм ног технологитæй, уæддæр нæ нæ хъæуы рох кæнын традицион куысты хуызтæ (Алы дзуаппæн дæр йемæ раиртæст радзурын)

Карточкæтимæ куыст

в) ног куысты хуыз

III. Ах-г. сымах дæнцæгтимæ уæ зæрдыл æрлæууын кодтат рацыд æрмæг. Ныр, компьютеры руаджы, хуыздæр бахъуыды кæнынæн, æрмæг фенæм экраныл.

  1. Хъ-д

  2. Хуымæтæг хъ-д

  3. Вазыгджын хъ-д

  4. Дывæрсыг хъ-д

  5. Иувæрсыг хъ-д

  6. Схемæ (хуым.хъ-д)

  7. Бæлвырдцæсгомон хъ-д

  8. Æбæлвырдцæсгомон хъ-д

  9. Æнæцæсгомон хъ-д

10.Номхуындон хъ-тæ

Ах-г. Мæнмæ гæсгæ, ныр уæ зæрдыл хуыздæр лæудзысты иувæрсыг хъуыдыйæдты хуызтæ.

Ныр та уæ хонын бакæсын æмæ байхъусынмæ.

(Комы нывтæ æмæ музыкæ)

Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ. Экраныл æмдз. иу хай , ссарын дзы иувæрсыг хъ-тæ.

Цæгæраты М. æмдз. «Мæ уд хæхты!»


Мæ уд хæхты.

Кæсынц та худæндзастæй хæхтæ,

Мæ уд сæ баззади мæнæн.

Сæ цъуппытыл хæрдгæ æндæхтæ

Нывæнды хур - йæ тын фæлмæн.


Рæсугъддæр ницы ис нæ Иры хæхтæй,

Хæлæгæй сæм куы мæлы лæг.

Фæлгæсынц алырдæм бæрзондæй,

Æркувын сын æз дæр ныллæг.


Фырцинæй цъититы цæссыгтæ

Цыхцырæг фестынц ам æваст,

Сæнтурс дзæнхъа дæтты пырхæнтæ

Ыскæнынц арф кæмтты сæ хъазт.


Сæрсæфæн айнæджы хæдсæрмæ

Ыстынг дзæбидыртæн сæ тох.

Ныййазæлынц, ныннæрынц кæмттæ,

Кæцæйдæр ракалд цыма хох.


Ах-г. Цæгæраты Михалæн йæ бон ссис йæ уарзондзинад хæхтæм поэтикон уацмысы равдисын. Æвæджиауы рæсугъд бынат цæрæнбынатæн балæвар кодта Хуыцау Ирон адæмæн. Йæ кæмттæй иу иннæмæй диссагдæр, рæсугъддæр. Йæ алы ком дæр хицæн кæны адæймаджы æнгуылдзы фæдау. Бынтон диссаг та у Цъæйы ком.

Лæмбынæгдæр ма бакæсут нывтæм. Ист сты Цъæйы.

(скъоладзау дзуры таурæгъ)

Хæхтæ. Цъæйы ком. Гуылфгæнгæ цæугæдæттæ. Рагон хъæу. Ирон æгъдæуттæ. Дзуары бон.

Мæнæ диссаджы фæз. Хистæртæ сæ кувинæгтæ хуыцауыл фæдзæхсынц. Кæстæртæ сын лæггад кæнынц. Чысыл æддæдæрæй хъуысынц ирон фæндыры зæлтæ, къæрццæмдзæгъд. Æвиппайды фæндыры цагъд æрбайсæфт, адæм сдзолгъо-молгъо сты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй сæ хъæуккаг дыууæ лæппуйы фæбыцæу сты…

Æрбаталыг. Бæстæ ныссау. Комы дзуæрттæ, æрдз нæ ныххатыр кодтой æнæрхъуыды адæмæн сæ æвирхъау ми. Аздæхта комы дзуар йе ргом адæмæй. Хур дæр нал уагъта йæ зæрин тынтæ коммæ. Сæ комы цæугæдæтты дон зæххы бынмæ афардæг ис, кæрдæг æмæ зайæгхалтæ æнæ дон æмæ хурæй фесæфтысты, цъиутæ æмæ сырдтæ сæхи æндæр кæмттæм айстой. Кæддæры амондджын адæм хуыздæр цардагур ацыдысты, ныууагътой сæ фыдæлты уæзæг.

Æрмæст ма иу хæдзары баззадысты мад æмæ чызг. Мад йæ къæхтыл нæ лæууыд, æмæ чызг та æнæ ныййарæг нæ акуымдта. Мад бонæй-бон æвзæрдæр йæхи æнкъардта. Чызг зыдта мады бæллицц:

-Искуы ма дæхи хуры тынтæм атав!- дзырдта -иу мад.

Бавдæлыд чызг æмæ бæрзонддæр къуыбырæн йæ тæккæ цъуппмæ схызт. Йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ скуывта:

-О, Хурты Хур! Хурзæрин! Курын дæ, сæххæст кæн мæ рынчын ныййарæджы бæллицц. Разы дæн уый тыххæй мæ цард раттыныл.

Бæстæ ныррухс. Хур йæ тынтæ дзагармæй балæвар кодта зæххæн. Фæлæ чызг йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Æнхъæлмæ каст. Уæд æм уæларвæй æрдзырдæуыд:

-Цу, дæ мад дæм æнхъæлмæ кæсы…

Комы фæстæмæ хъуысын райдыдтой цæугæдæтты хæл-хæл æмæ æхсæрдзæнты хъæлдзæг нæрын, цъиуты цъыбар-цъыбур, сывæллоны худын…

Уæдæй нырмæ Цъæйы ком фæсномыгæй хонынц Хуры ком. Хур та уæдæй абонмæ зæрдиагæй лæвар кæны йæ тынтæ æрмæст Цъæйы комæн нæ, фæлæ ма сыхаг гыццыл кæмттæн дæр .

Ах-г. Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы таурæгъ?

Тексты мидæг уыд иувæрсыг хъуыдыйæдтæ. Иу цалдæр дзы компьютеры æххуысæй фенæм.

Зæгъут, цавæр иувæрсыг хъ-тæ сты

Ах-г. Цъæйы комы ис Ирыстоны кадджындæр дзуæрттæй иу - Реком.

( радзурын таурæгъ)

Ах-г. Дарддæр та нæ куыст цæудзæн ноджыдæр иу текстимæ. Йæ бакæсыны размæ уал бакусдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ.

Ног дзырдтæ

Æрхъуыды кæнын семæ хъуыдыйæдтæ

Ссæуон рæстæг - сæумæрайсом; тынг раджы; бон куы æрбарухс вæййы, уæд;

Сомбоны цард - райсомы цард, дарддæры цард;

Дойнаг дуртæ - хæххон цæугæдæтты был цы дуртæ вæййы, уыдон; афтæ ма фæхонынц хохы æндæр стыр дурты дæр;

Абайты В. этимологион дзырдуаты сомбон амынд цæуы куыд, завтра, завтрашний день, будущее. Амынд æрцыд дыууæ бындурæй.

Сом-бон (т.3, ф.96)

Дзырд сæууон арæзт æрцыд бындур сæу- мæ фæсæфтуан -он æфтаугæйæ.

Сæуæхсид - утренняя заря

Сæудар - рассвет

Æрцыд нæм ирайнаг дзырдуатæй, уым амыдта райсом, райсомæй. Уæдæ ма йæ бындурмæ гæсгæ авестаг, ведаг дзырдуæтты ацы дзырд амоны арв - рухс - арт. (т.3, ф.96)

Дойнаг дуртæ - бæлвырдæй: речной камень - кварц (т.1, ф.366)

Текст: « Ды дæ мæ дыккаг зæрдæ»

Сæууон рæстæг. Хуры тынтæ. Трамвайтæ, машинæтæ. Иугай цæуджытæ. Æвиппайды мæ зæрдыл мæ фæнд æрбалæууыд. Абон мæ фыдыуæзæгмæ, мæхи Цъæйгоммæ , мæхи Цъæймæ цæуын!

Хохаг фæндаг. Хохаг къæдз-мæдзы фæндаг. Фыдæлтæй нырмæ ацы фæндагыл цæуæм. Чи фистæгæй, чи уæрдонæй, ныр та ма машинæтæй дæр. Хъуыдытæ сæры сæ кæрæдзи ивынц. Куыд уæлдæр кæнын, афтæ æрдзы рæсугъддзинæдтæ дидинджытау хæлынц. Сыгъдæг дæттæ. Дидинæгджын фæзтæ. Сойджын уыгæрдæнтæ. Дзæбидыртæ. Сагтæ. Цæргæстæ…

Фæсте аззадысты Уынал, Мызур, Нузал, Бурон. Мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп тынгдæр кæны. Æрбахæццæ дæн. Мæ улæфæнтæ ахгæдтой, зæрдæ риуæй æддæмæ ратонын æввонг сси. Комы куыд арфдæр цæуын мæ хæдтулгæйыл, афтæ мæ сабибонтæм хæстæгдæр кæнын. Райгуырæн хъæу… Фыццаг хатт дæ дойнаг дуртыл ныффыстон абетæ. Дæ къуылдымтыл гом къахæй хæрзæггурæггаг згъордтон абонмæ.

О, мæ зынаргъ урссæрр хæхтæ! Сымах мын бауагътат мæ рæзгæ уæнгты стыр ныфс æмæ хъару. Сымах руаджы ссардтон уæрæх фæндаг мæ рухс фидæнмæ.

Бонтæ мæ хастой сæ тæхгæ базыртыл. Агуырдтон æмæ тындзыдтон мæ царды нысанмæ. О, мæ фыдæлты дзаджджын зæхх! Куыд æй зæгъон, цавæр дзырдтæ ссарон йæ зæгъынæн?

Мæ зæрдæйы дæ хæссын дыккаг зæрдæйау!

Туаты Сергеймæ гæсгæ

Текстимæ куыст

Фарстатæ: Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы текст?

Тексты сæйраг темæ куыд сбæрæг кæндзыстæм?

Йæ сæйраг хъуыды йын кæцы хъуыдыйæдты къорд æвдисы? (дыууæ бынаты)

Текст кæрæдзиуыл æнгомдæр цы дзырдтæ, дзырдбæстытæ бæттынц, уыдонæй иу цалдæр зæгъут.

Нæ текст хуыйны «Ды дæ мæ дыккаг зæрдæ»,зæгъгæ. Цавæр сæргонд ма йын ис æрхъуыдыгæнæн.

Тексты хуызтæй йæ цавæрмæ ахæссæн ис?

(таурæгъон, æрфыстон, хъуыды-тæрхæттæ)

Ссарут тексты иувæрсыг хъуыдыйæдтæ. Бацамонут сын сæ хуызтæ. Æмæ сын тексты та цавæр нысаниуæг ис?

Иувæрсыг хъуыдыйæдтæй дывæрсыг хъуыдыйæдтæ саразын

Ныр нæ зæрдæйыл æрлæууын кæнæм, хатдзæгтæ скæнæм нæ абоны куыстæн:

  • Иувæрсыг хъуыдыйад, йæ хуызтæ

  • Ирыстоны æрдз, Цъæйы ком

  • Куыд уæм кæсы, нæ урокæн йæ эпигрæф раст æвзæрст æрцыд?

  • Хæдзармæ уын уыдзæн ныффыссын нывæцæн: «Цъæйы ком, нæй дæуæй рæсугъддæр!»

Фыссын æй райдайдзыстæм ам, цæмæй уын æнцондæр уа. Феххуыс уын уыдзысты мæнæ ацы дзырдтæ: …


  • Бакæсут-ма уæ хъуыдыйæдтæ

  • Уæдæ хæдзармæ куыст бæрæггонд у

  • Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

  • Бузныг нæ уазджытæн!

Кæронбæттæн.

Зæххыл цæрæгойæ цыдæриддæр змæлы, уыдонæй алкæмæндæр йæ райгуырæн уæзæг вæййы царды æппæт хæрзтæй зынаргъдæр æмæ уарзондæр. Мæргътæй бирæтæ афæдзы дæргъы зæххы алыварс æрзилынц цардагурæй, фæлæ сын алы уалдзæджы цъæхыл райгуырæн уæзæгмæ æнæртæхгæ нæ вæййы. Адæймаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн алы райдзаст, хъæздыг бæстæтыл фæхæты цæргæ-цæрæнбонты, уæддæр зæронды бонты йæ цæстытыл фæуайынц бæллиццаг æмæ æхсызгонæй райгуырæн уæзæг, фыдæлты къона , фыды зæхх…

Туг авд фæлтæры хæссы, æмæ, искуы иу æнамондæй фæстæмæ, хæрзаудæн адæмæй алчидæр агуры фыдæлты уæзæг, фыды къона, райгуырæн зæхх. Йæ рагфыдæлты уæзæг кæмæй ферох, хуыздæр бæстæтыл зилгæйæ, уымæн нæдæр мысинаг ивгъуыд ис, нæдæр бæллиццаг абон, нæдæр тæхудиаджы фидæн…

Æмхасæнтæ урокмæ

Карточкæтæ

№1

  1. (æбæлв) Бакастысты сын сæ чингуытæ, базыдтой сын се гъдæуттæ.(Къоста)

  2. (бæлв) Знон хохæй æрыздæхтæн мæ хорз хæстæджытæй.

№2

1. (номх) Сæрдыгон бон. Хур ныккасти йæ зынг цæстæй дунемæ.(Гæдиаты Ц.)

2. (бæлв) Суайын æрхы, фæзилын комы.

№3

1. (номх) Диссаг райсом. Комы æфцæгыл хибарæй лæууыд ацы мæгуыр хæдзар.

2. (æбæлв) Не мбæрстой денджызæн йæ уылæнты æвзаг.(Барахъты Г.)

№4

1. (æбæлв) Ацы фæндагыл бирæ хæттыты лыгъдысты уæлбылтæм цуаны.(Гаглойты В.)

2. (номх) Хохаг рухс изæртæ… Нæзы сугтæй арт.

№5

1. (бæлв) Лæппуйæ базæрондмæ цардтæ

Мæстджынæй адæмы мæстæй. (Къоста)

2. (номх) Хæххон рындзтæ. Сæрсæфæн айнæг. Хæххон цæргæс бæрзонд къæдзæхыл æрбадт.

3. (бæлв) Майданы тыххæй нæ ахуыр кодтон. (Цæгæраты М.)

№6

1. (номх.,æбæлв.) Сæрдыгон изæр. Сатæг уæлдæф. Цæуынц хæххон фæндагыл.(Гæдиаты Ц.)

2. (бæлв) Акæс дæ алыварс æмæ дзы фендзынæ рæсугъд хæхтыл цъæх-цъæхид хъæдтæ.

№7

1. Æнæ бакусгæйæ ницы ис

2. Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæ бæстæ

№8

1. (бæлв) Цъититæ фенын мæ рагæй фæндыди

Рагæй сын кодтон, сæ уындмæ бæлгæ.(Гæдиаты Ц.)

2. Схæццæ дæн цъититыл цъити æфцæгмæ (Гæдиаты Ц.)

№9

1. (номх) Изæр. Иналдыхъойы хæдзар. Стыр артдзæст. Фыдæлтыккон тæрхæг (Хъуысаты Хъ.)

2. (номх) Мæгуыр адæм. Æнæбасæттон æлдæрттæ сыл стыр хъалон сæвæрдтой (таурæгъæй)

Райгуырæн уæзæг.

Зæххыл цæрæгойæ цыдæриддæр змæлы, уыдонæй алкæмæн дæр йæ райгуырæн уæзæг вæййы царды æппæт хæрзтæй зынаргъдæр æмæ уарзондæр. Мæргътæй бирæтæ афæдзы дæргъы зæххы алыварс æрзилынц цардагурæй, фæлæ сын алы уалдзæджы цъæхыл райгуырæн уæзæгмæ æнæртæхгæ нæ вæййы . Адæймаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн алы райдзаст, хъæздыг бæстæтыл фæхæты цæргæ-цæрæнбонты, уæддæр зæронды бонты йæ цæстытыл фæуайынц бæллиццаг æмæ æхсызгонæй райгуырæн уæзæг, фыды къона, фыды зæхх…

Æнæ мæлгæ дуне нæй, æмæ адæймаг йæ цардвæндаджы кæрон æрæнцайы фыдæлты уæлмæрды сыджытыл бæстагдæрæн, æхсызгондæрæн. Цæрыны, уæвыны æмæ рæзыны хаимæ фыды зæххыл вæййы лæгæн йæ сыджыты хай дæр стыр нымадæй…

Хæстæгæй - æцæгæлонæй, зонгæйæ - æнæзонгæйæ дзыллæты цæрыны уагыл цы фарны тæгтæ бæттынц хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй, уыдон хъомысджын свæййынц райгуырæн уæзæг, фыды къона æмæ фыды зæххы ныфсæй, тавсæй…

Туг авд фæлтæрмæ хæссы, мыггагхъæстæ бакастæй дæр зыны, æмæ, искуы иу æнамондæй, æнæзондæй фæстæмæ, хæрзаудæн адæмæй алчи дæр агуры фыдæлты уæзæг, фыды къона, райгуырæн зæхх. Йæ рагфыдæлты уæзæг кæмæй ферох, хуыздæр бæстæтыл зилгæйæ, уымæн нæдæр мысинаг ивгъуыд ис, нæдæр бæллиццаджы абон, нæдæр тæхудиаджы фидæн…

Айларты Измаил( М.д. №8, 2004 аз, ф 59)





© 2010-2022