Ныхасы темæ: «Лæджы ном зынаргъ æмæ кадджын у» (æмбисонд)

Ныхасы темæ: «Лæджы ном зынаргъ æмæ кадджын у» (æмбисонд). Грамматикон темæ: Мивдисæг (рацыд æрмæг бафидар кæнын). Урочы нысан: 1. Сывæллæтты зонындзинæдтæ ныффидар кæнын мивдисæгæй, рацыд æрмæгæй.          2. Адæймаг йæ номæн йæхæдæг кадгæнæг кæй у, уый раргом кæнын.          3.Ныхасы рæзтыл бакусын Урочы эпиграф: Лæджы фарн зæххы цард йæ уæхсчытыл уромы, Лæджы ном дунейæн – йæ ныфс æмæ йæ уарзт,                                                                     Хостыхъоты Зинæ   Ном æвзаджы...
Раздел Физика
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ныхасы темæ: «Лæджы ном зынаргъ æмæ кадджын у» (æмбисонд).

Грамматикон темæ: Мивдисæг (рацыд æрмæг бафидар кæнын).

Урочы нысан:

1. Сывæллæтты зонындзинæдтæ ныффидар кæнын мивдисæгæй, рацыд æрмæгæй.

2. Адæймаг йæ номæн йæхæдæг кадгæнæг кæй у, уый раргом кæнын.

3.Ныхасы рæзтыл бакусын

Урочы эпиграф:

Лæджы фарн зæххы цард йæ уæхсчытыл уромы,

Лæджы ном дунейæн - йæ ныфс æмæ йæ уарзт,

Хостыхъоты Зинæ

Ном æвзаджы хай у, уымæн æмæ уый дæр дзырд у. Адæймаджы нæмттæ дæр æвзагзонынады хауынц лексикæмæ, хонынц сæ «антропонимтæ». Антропоним арæзт у дыууæ бердзенаг дзырдæй: «антропос» амоны адæймаг, «онима» - та ном. Антропонимтæм хауынц æрмæст хи нæмттæ нæ, фæлæ фæсномыгтæ, мыггæгтæ дæр.

Уæдæ лæджы ном зынаргъ æмæ кадджын кæй у, уый у абон нæ урочы ныхасы темæ. Нæ грамматикон темæ та уын уыци-уыцийы хуызы зæгъдзынæн, чи йæ базона уымæн иу балл бафтаудзынæн йæ бæрæггæнæнмæ.

Фæйнæгыл:

Архайд æмæ ми æвдисын,

Мæнæн у алкæддæр мæ хæс,

Зивæг кæнын æз нæ зонын,

Дæн сымахæн коммæгæс.

(Мивдисæг).

- Раст у, уæдæ абон нæ урочы дзурдзыстæм тынг асхсджиаг, тынг хъæздыг ныхасы хай мивдисæгыл. Уырыссагау та куыд хуыйны?

Зындгонд уырыссаг поэт Пушкин дзырдта «… Глаголом жечь сердца людей».

«Глаголить» рагон уырыссаг æвзагыл нысан кæны говорить, дзурын.

- Фыссæм абоны нымæц æмæ нæ урочы темæ. Цæмæй нæ куыст рæвдздæр ацæуа, уый тыххæй кусдзыстæм текстыл.

Текст 1-аг.

Ном æвзаджы хай у, уымæн æмæ уый дæр дзырд у. Æнæ номæй ничи у. Ном вæййы хорз лæгæн дæр æмæ ницæйагæн дæр. Алкæмæн дæр - иу ном, кæд æнæ аргъ у, æмæ йæ агурын нæ хъæуы, уæддæр.

Ном, дам, фæкæсынмæ у. Афтæ-иу дзырдтой нæ фыдæлтæ. Фæлæ уый бынтон раст нæу. Номæн стыр нысаниуæг ис адæмы царды. Не стыр поэт Къоста йæхæдæг нал ис, фæлæ йæ ном цæры не 'хсæн.

Ном адæймаджы сæйраг минæвары хуызæн у. Гъе уымæн фæзæгъынц, уымæн йæ ном хъуыстгонд у, зæгъгæ. Адæймаг йæхæдæг нæ, йæ ном у хъуыстгонд.

Хорз лæгæн йæ ном цæры йæ амæлæты фæстæ дæр. Къоста æнæхъуаджы куы нæ загъта: «Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй, уæлæуыл баззайдзæн дæ ном».

Куыд диссаг у; адæймаг нал ис, фæлæ йæ ном цæры не'хсæн. Цæры сæдæгай, мингай азты…

(Гæбæраты Н .)

- Чи у Гæбæраты Никъала?

Хæслæвæрдтæ:

1. Цæуыл дзуры ацы текст? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

- Адæймаг йæ хъуыддæгтæй ном кæны йæхицæн.

2. Тексты рæнхъытæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцытæ фæцыдысты? Цæмæн?

- Хорз лæгæн йæ ном цæры йæ амæлæты фæстæ дæр.

3. Ссарут тексты фæстаг абзацы мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнут сæ цæсгом, нымæц æмæ афон.

- нал ис - 3 ц. иу.н., ив. аф.

- цæры - зц иу.н, н.аф.

Æмдзæвгæ «Ном» кæсы скъоладзау.

- Мивдисæг цы хонæм, цал здæхæны йын ис? Цавæр архайд æвдисы?

2-аг текст

Ирон таурæгъмæ гæсгæ адæмы нæмттæ кæд фæзындысты, уый базонын. (Скъоладзау кæсы таурæгъ)

Хуыцау куы федта, адæм зæххыл сбирæ сты, уæд сæ сфæнд кодта къордтыл ныддихтæ кæнын, цæмæй хæларæй цæрой, кæрæдзи хуыздæр æмбарой. Сарæзта номхыгъд æмæ уымæ гæсгæ адæмæн лæвæрдта нæмттæ: уырыссæгтæ, немыцæгтæ, сомихæгтæ, французæгтæ, грекъæгтæ. Адæмæн кæрон нал уыди - абонæй фæстæмæ сæм нæмттæй дзурдзысты!

Фæстæмæ здæхгæйæ, Хуыцауæн йæ размæ фæци иу гыццыл адæмы къорд.

- Хуыцау, ном нын ратт, ма дæумæ куы 'нхъæлмæ кастыстæм.

- Сымах цыдæр талынг адæм стут, кæм уыдыстут нырмæ?! Мæ номхыгъды ном нал баззад, ацæут, æмæ уæ, чи зоны, исчи йæхимæ бауадза, - уыди Хуыцауы дзуапп.

Æмæ фæцæуынц æнæном адæм æнкъард æмæ сæргуыбырæй. Бирæ фæзылдысты бæстæтыл, бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой, фæлæ сæ йæхимæ ничи бауагъта. Афæдзы фæстæ æнæном адæм тынг ныллæгъзтæ кодтой:

- Хуыцау, ном нын радт, æнæ номæй тынг зын у зæххыл.

Æмæ сын Хуыцау цавæрдæр ном радта.

Афтæ алы адæмæн дæр ис ном, алы адæм дæр дзурынц с мадæлон æвзагыл. Æмæ дæ мадæлон æвзаг куы нæ зонай, уæд дæм цы номæй дзурдзысты?

(Таурæгъмæ гæсгæ)

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

1.Цавæр у йæ хуызмæ гæсгæ ацы текст?

- таурæгъон, ис дзы мивдис

2. Цæмæй бæрæг у ?

- Цаутæ кæрæдзийы ивынц

3. Цал абзацæй арæзт у текст?

- Текст арæз у 5 абзацæй

4. Цæуыл цæуы ныхас 1,2,3,4,5 абзацы?

5. Куыд хицæн кæнын хъæуы кæрæдзийæ абзацтæ?

6. Дыккаг абзацæй мивдисджытæ здæхæнтæм гæсгæ хицæн къордтæй ныффыссут

7. Æртыккаг абзацæй рафыссут мивдисджытæ разæфтуантимæ.

8. Равзарут морфемикон æгъдауæй: сарæзта, сæргуыбырæй,номхыгъд, ныддихтæ.

9.Ссарут тексты æнгом дзырдбæстытæ æмæ сæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.

Саразын номхыгъд - составить список

Ныллæгъстæ кæнын - умолять

Æнхъæлмæ кæсын - ждать

Хатдзæг: ирон æвзаджы вазыгджын мивдисджытæ сты, уырыссагау та - хуымæтæг.

  1. Текстæй рафыссут дзырдтæ ахæм орфограммæтæм гæсгæ:

- дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад;

- æмхъæлæсонты ивынад;

- вазыгджын дзырдты растфыссынад;

- Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты фембæлд.

Фæйнæгыл:

  1. Мивдисæг дзурын -мæ бафтауын разæфтуантæ æмæ зæгъын куыд фæивы дзырды нысаниуæг.

- а-дзурын - архайд дзурæджы цурæй ацыд.

- ба-дзурын - мидæмæ бацыд.

- ра-дзурын - æддæмæ .

- с-дзурын - уæлæмæ схызт

-ны-дздзурын бынмæ здæхт кæй у разæфтуан «ны»-йы фæстæ æмхъæлæсон мыр фæдывæр вæййы.

- фæ-дзурын - дзурæджы цурæй иувæрсырдæм.

Ныр та иугыццыл ахъазæм (Музыкæ)

  1. Æрмæст мивдисджытæй пайда кæнгæйæ юморы хуызы радзурут райсомæй скъоламæ куыд фæцæут, уый.

Кълас дихгонд цæуы дыууæ къордыл, кæцы къорд дзырдарæхстдæр разына уый рамбулдзæн:

- Фехъал дæн. Фестадтæн. Ахсадтон. Ахордтон. Акодтон. Фæцæуæг дæн. Æрбадтæн. Дзуапп радтон.

Хатдзæг:

-Уæдæ цавæр ныхасы хай у мивдисæг?

- Мивдисæг у тынг хъæздыг æмæ рагон ныхасы хай. Зæгъæн ис æмæ алы мивдисæг дæр у хъуыдыйад.

- Цал здæхæны ис мивдисæгæн?

- Мивдисæгæн ис цыппар здæхæны.

- Цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджыты цæмæй хицæн кæнут кæрæдзийæ?

- Цæугæ мивдисæгæн йæ дæлбар дзырд дзуапп фæдæтты æрмæст дыууæ фарстæн Кæй? Цы?

- Равзарæм мивдисæг федта морфологон æвзæрст.

Мивдисæджы морфологон æвзæрсты схемæ:

1. Райдайæн формæ.

2. Хуымæтæг æви вазыгджын?

3. Æххæст хуыз æви æнæххæст?

4. Цæугæ у æви æдзæугæ?

5. Кæцы здæхæны ис?

6. Йæ афон.

7. Йæ цæсгом.

8. Йæ нымæц.

Хæдзармæ куыст Мивдисжытæй пайда кæнгæйæ ныффыссут цыбыр сочинени «Уый лæджы ном кадимæ хæссы».

Уæлæмхасæн æрмæг урокмæ.

- Бакæсæм ма нæ урочы эпиграфæн цы æмдзæвгæйы скъуыддзаг райстам уый рæнхъытæ дарддæр:

Лæджы ном зæххы цард фыдгæнæгæй дæр зоны,

Дунейы стыр фыдтæ - лæджы номимæ баст.

- Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? Æцæгæйдæр уыдис ахæм фыдгæнджытæ, сæ ном историйы æвзæрæн кæмæн баззад, ранымайут ма сæ.

Радзурын таурæгъ

Сæрмагонд номæн æхсæнадон царды йæ ахадындзинад иттæг егъау у. Дины чингуытæм гæсгæ раджы кæддæр Хуыцауы фырт Йесо Чырыстийыл гадзрахатæй рацыд къазнадар Иудæ Искариот. Уымæн йæ гадзрахаты тыххæй Чырыстийы знæгтæ бафыстой 30 æвзист æхцайы. Иудæ ауæй кодта йæ зондамонæг, йæ ахуыргæнæджы. Уæдæй абонмæ Иудæйы ном баст уыдис æмæ фидæны дæр уыдзæн уæййагцъар, гадзрахатимæ. Ныр ацы ном, Иудæ, æвæрынц æрмæст æлгъаг адæймагыл фæсномыгæн.

(Гуыриаты Тамерлан)

Рагон Бердзены цæрæг Геростратмæ ницы курдиат уыдис; фæлæ уый ницæмæ даргæйæ, уый сфæнд кодта йæ ном адæмы 'хсæн ныууадзын æмæ басыгъта Артемидæйы храм;

- Куыд уæм кæсы, цавæр номмæ хъуамæ тырна адæймаг.

7

© 2010-2022